Урочы темæ: Уалдзæг.
Грамматикон темæ: Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.
Урочы нысан:
Скъоладзаутæн бацамонын хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, къæдзыг хъуыдыйады æмхуызон уæнгты.
Урочы дидактикон хæстæ:
I. Зонадон: 1. Сфæлхат кæнын иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.
2. Ахуырдзауты дзырдуат хъæздыгдæр кæнын.
3. Растфыссынадыл кусын.
II. Райрæзтон: Скъоладзауты ахуыр кæнын:
1. Раиртæстытæй пайда кæнын.
2. Логикон æгъдауæй хи хъуыдытæ раст дзурыныл. 3. Ног зонындзинæдтæй пайда кæнын.
4. Ахуыргæнæг æмæ æмбæлттимæ ахуырадон
æмгуыстад кæнынмæ арæхсын.
5. Хибарæй æмæ къордты кусын зонын.
6. Бакаст текстæн анализ кæнын.
III.Хъомыладон: 1. Хъомыл кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.
2. Къласы дзæбæх атмосферæ саразын: æмгуыстад,
кæрæдзиуыл аудындзинад.
3. Скъоладзаутæм уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын афæдзы афонты рæсугъддзинадмæ, æрдзмæ.
Урочы тип: Ног æрмæг амоныны урок.
Урочы куысты хуызтæ: Диалог. Фронталон æрфарст, къордты куыст, индивидуалон хæстæ.
Урочы ифтонгад: компьютер, мультимедион проектор.
Методикон мадзæлттæ: теоретикон æрмæг монологон æмæ диалогон ныхасы хуызы амонын, фæрстытæм гæсгæ арæзт беседæ, текст аивæй кæсын, фæлтæрæнтæ æххæст кæнын.
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
1. Мотивацион уавæр.
Нæ уазджытæм фæстæмæ акæсæм.
Фæлмæн мидбылхудт сæм бакæнæм.
Фæстæмæ та ног разилæм.
Тынг бирæ ис махæн абон куыст.
Алы урочы дæр æнтыстджын ут!
Сывæллæттæ, иумæ бацархайæм, цæмæй нæ урокæй зæрдæрухсæй ацæуæм, ууыл. Уый тыххæй та абон хъуамæ хæларзæрдæйæ, æнтыстджынæй бакусæм.
II. Рацыд ǣрмǣг сфǣлхат кǣнын.
1. Урок райдайы Зымæг æмæ Уалдзæджы диалогæй. Кæрæдзийы бакомкоммæ цæуынц, чи миты гæлæбутæ æппары, чи та – сыфтæ æмæ дидинджытæ.
- Дæ бон хорз. Ды та чи дæ?
- Зымæг .Тызмæг зымæг! Уый æз байдзаг кодтон быдыртæ æрттиваг урс митæй.
- Æз та – уалдзæг. Рæсугъд, райдзаст уалдзæг.
- Æз зымæг дæн!Уазал, хъызт зымæг! Хъæутæ, хъæдтæ миты бын фæкæндзынæн!
- Хур ракæсдзæн, æмæ дæ миттæ иууылдæр атайдзысты.
- Æз дæн нырма хицау æмæ дæ асурдзынæн ардыгæй.
- Æз та мæхи митæй цæхсдзынæн, кæрдæгæй, сыфтæртæй мæхиуыл рæсугъд дарæс скæндзынæн. Бæрзондæй бæстæтыл калдзынæн алыхуызон ахорæнтæ: цъæх, сырх, бур, урс. Ничиуал мæ асурдзæн ардыгæй.
- Уæдæ мæнæн ам бынат нал ис, тæхон мæ ихын уазал галуанмæ.
- Фæнда-а-а-р-а-аст! Дæ рæстæг куы æрцæуа, уæд дæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсдзысты.
Текстимæ куыст.
(Тексты бындурыл рацыд æрмæг сфæлхат кæнын).
1. Куыд схонæн ис ацы текстæн? (Диалог)
2. Цы хонæм диалог?
3. Раст бакодта зымæг, кæй ацыди, уымæй? (Алы афæдзы афонæн дæр ис йæхи рад).
3. Сарын тексты иувæрсыг хъуыдыйæдтæ:
- номхуындон (раиртæст); (Зымæг. Тызмæг зымæг. Рæсугъд, райдзаст уалдзæг. Уазал, хъызт зымæг);
- бæлвырдцæсгомон (раиртæст); (Хъæутæ, хъæдтæ миты бын фæкæндзынæн. Бæрзондæй бæстæтыл калдзынæн алыхуызон ахорæнтæ: цъæх, сырх, бур, урс. Уæдæ тæхон мæ ихын уазал галуанмæ.)
- æбæлвырдцæгсомон (раиртæст); (Дæ рæстæг куы æрцæуа, уæд дæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсдзысты.)
3.Цавæр иувæрсыг хъуыдыйад ныл нæ фембæлдис ацы диалоджы? (æнæцæсгомон)
4. Иувæрсыг хъуыдыйæдтæй иуварс чи лæууы, ахæм хъуыдыйæдтæ дзы цавæртæ ис? Куыд сæ схондзыстæм? (Æнæххæст хъуыдыйæдтæ). (Зымæг)
5. Рафыссын æмæ равзарын хъуыдыйад:
Хъæутæ, хъæдтæ миты бын фæкæндзынæн!
6. Скъоладзаутæ бæрæг кæнынц урочы темæ (цæуыл æмæ цæй тыххæй ныхас кæндзыстæм, уый).
III. Ног ǣрмǣг бамбарын кǣнын.
Равзарын хъуыдыйад (слайд)
Æз та мæхи митæй цæхсдзынæн, кæрдæгæй, сыфтæртæй мæхиуыл рæсугъд дарæс скæндзынæн.
6. Скæнын хатдзæг.
Цǣмǣй хицǣн кǣнынц кǣрǣдзийǣ хъуыдыйады ǣмхуызон уǣнгтǣ?
7. Чиныгимæкуыст. Бакæсын раиртæст.
8. Нывмæ гæсгæ куыст. (слайд: пазлтæ раст сæвæрын, цæмæй дзы ныв рауайа)
1. Цавæр афæдзы афон æвдыст цæуы нывы?
2. Боныхъæд цавæр у?
3.Раттын нывæн сæргонд.
4.Нывмæ гæсгæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнын хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.
5. Бафидаргæнæн фæлтæрæнтæ.
1) 4 фæлтæрæн сæххæст кæнын дзургæйæ.
2) Баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæй.
Зымæджы дæр, ….., ….. æмæ …. хъæд тынг рæсугъд вæййы.
Феликс, ….., ……, ….. хъæды æрæмбырд кодтой мæнæргъы, ….., …..
3) Ссарын хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, сæвæрын æрхæцæн нысæнттæ.
Мæргътæ алы æвзæгтæй зарынц, ахстæттæ кæнынц.
Дзæбидыртæн æмæ сычъитæн сæ сæныччытæ сæ разæй гæппытæ кæнынц.
Бон-изæрмæ æмæ æхсæв-бонмæ къæвда нæ банцад.
Къæдзæхты æмæ дурты сæрты гæппытæгæнгæ фезгъоры комы дон.
Бындзыты дыв-дыв, цъиуты цъыбар-цъыбур дзурынц дыргъдоны рæсугъддзинадыл.
Цъиутæ, дидинджытæ, кæрдæг æнхъæлмæ кæсынц хурмæ.
Дзаг уыди хъæд алыхуызон диссаджы дидинæгæй, хъæддаг дыргъæй, мæнæргъыйæ, дзедырæй, æрыскъæфæй.
Сырх, урс, цъæх, бур дидинджытæ хъулон дардтой уыгæрдæны.
Æртæхтæ зæхмæ хаудысты æмæ цъæх кæрдæджы ‘хсæн æмбæхстысты. Бахахх кæнын хъуыдыйады æмхуызон уæнгтты бын.
IV. Хатдзǣгтǣ.
V.Рефлекси.
1. Урок мæм фæкаст…
2. Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…
3. Зын мæм фæкаст…
4. Хорз нæ бамбæрстон…
5. Цымыдисаг уыдысты…
VI. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
VII. Хæдзармæ куыст.
Раиртæст сахуыр кæнын, сæххæст кæнын 7-æм фæлтæрæн.