Урочы темæ: Нымæцоны тыххæй рацыд æрмæг фæлхатын.
Нымæцонты æвзæрст.
Урочы нысан:
Фæарфдæр кæнын ахуырдзауты зонындзинæдтæ нымæцоны тыххæй адæмон сфæлдыстады бындурыл.
Тексты зонын нымæцонтæ агурын, раст сæ æвзарын , дзургæйæ сæ раст пайда кæнын.
Сывæллæттæм гуырын кæнын цымыдисдзинад адæмон сфæлдыстадмæ , ирон ныхасмæ.
Урочы хæйттæ:
1. Организацион хай.
2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
3. Ног темæ амонын.
4. Нымæцоны тыххæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын.
5. Рефлекси. Хатдзæгтæ скæнын.
6. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
7. Хæдзармæ куыст.
8. Урочы кæронбæттæн.
Урочы метод: комбинацигонд, урок – бесед.
Урочы фæлгонц : 1. Ныв «Ирон фынджы фарн».
2. «Уазджытæ» – Нымæцонтæ.
3. «Цецилия» , «Хонга кафт», «Аланты симд» -ы
мелодитæ.
4. Слайдтæ.
Урочы цыд
I. Орг. хай.
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, уæ бон хорз!
1,2. Слайды.
1-аг ахуырдзау: ( Хъуысы «Цецилия» мелоди).
- Абон нæм уазджытæ ис, ирон адæммæ та уазæг тынг кадджын у æмæ рагон ирон æмбисонд куыд зæгъы: « Уазæг - Хуыцауы уазæг», зæгъгæ, мах дæр нæ уазджытæн ацы ирон 3 чъирийæ зæрдиагæй зæгъæм :
2-аг ахуырдзау: «Æгас нæм цæут! Хорз, рæсугъд бонтæ уыл кæнæд! Цæстуарзонæй уын нæ зонындзинæдтæ равдисдзыстæм, æмæ , сымах дæр, кæд гæнæн ис, уæд нæ урокæн аргъ скæнут» .
II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Ахуыргæнæг: Раздæры урокты мах ахуыр кодтам нымæцон, йæ хуызтæ, йæ арæзт, йæ тасындзæг, йæ растфыссынад. Рацыд æрмæг нæ зæрдыл æрлæууын кæныны тыххæй мын дзуапп раттут ахæм фæрстытæн:
1. Цы хонæм нымæцон?
2. Цавæртæ вæййынц нымæцонтæ сæ нысаниуæгмæ гæсгæ?
3. Цавæртæ вæййынц нымæцонтæ сæ арæзтмæ гæсгæ?
4. Ирон æвзаджы цал нымады хуызы ис?
5. Куыд тасындзæг кæнынц нымæцонтæ?
6. Куыд фысгæ сты амад нымæцонтæ?
7. Куыд фыссын хъæуы нымæцон аст- ы бындурыл цы нымæцонтæ арæзт
æрцæуынц, уыдон?
- Раст. Бакæсæм фæйнæгмæ , сбæрæг кæнæм, раст дзуаппытæ радтам æви нæ?
3, 4. Слайдтæ
Урочы мотиваци .
Ахуыргæнæг: Раст дзуаппытæ радтат, бирæ зонындзинæдтæ райстам нымæцоны тыххæй, абон нæ урочы мах:
1) сфæлхат кæндзыстæм рацыд æрмæг, фæарфдæр кæндзыстæм нæ зонындзинæдтæ нымæцоны тыххæй адæмон сфæлдыстады бындурыл;
2) базондзыстæм, цæмæн хъæуынц нымæцонтæ;
3) куыд агургæ æмæ æвзаргæ сты контексты;
4) куыд сæ сæ раст пайда кæнын хъæуы ныхасы мидæг.
III. Ног æрмæг. (Тетрæдты куыст)
5, 6. Слайдтæ.
Ахуыргæнæг: Байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут абоны нымæц, нæ урочы темæ.
1. Диктант. Ныффысдзыстæм цыбыр диктант.
Уæ хæс у ахæм : фысгæйæ уæ хъус фæдарут логикон рæдыдтытæм æмæ сын сæ фæстæ раст дзуаппытæ ныффыссут.
1. Ралæууыд Ног 2018 аз.
2. Афæдзы дæс мæйы ис, къуырийы та - фондз боны.
3. Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн дыууæ лæджы цард.
4. Нартæ цардысты цыппар сыхæй .
(Сывæллæттæ раст хъуыдыйæдтæ кæсынц)
Ахуыргæнæг: Цавæр дзырдты ис рæдыдтытæ? Раст. Нымæцонты .
Æмæ нымæцонтæй раст пайда кæнын цæмæн хъæуы?
(Сывæллæтты дзуаппытæ - Нымæцты руаджы фæзонæм, кæцы аз у, цал азы ныл цæуы, цал сты нæ бинонтæ, цал сахатмæ нæ цæуын хъæуы искæдæм, дуканийы нæ цас фидын хъæудзæн æмæ а. д. )
Нымæцонтæ æвзаргæйæ абон мах ныхас кæндзыстæм адæймаджы хуыздæр миниуджытæй иуыл – хæлардзинадыл.
2. Фæйнæгыл куыст. (2 скъоладзауы радыгай рацæуынц æмæ фыссынц хъуыдыйадтæ) :
1. Дыууæ æфсымæрæй арс дæр тæрсы.
2. Адæймагыл - дыууæ цæсты, адæмыл – сæдæ цæсты .
Адæмон сфæлдыстады цавæр хуызмæ амонынц ацы хъуыдыйадтæ? Куыд æмбарут ацы æмбисæндты хъуыды? (Сывæллæтты хъуыдытæ).
Кæцы дзырдтæ сты нымæцонтæ?
Адæмон сфæлдыстадæн стыр аргъ кодтой нæ зындгонд фысджытæ, ахуыргæндтæ.
3. (Эпиграф) 7 Слайд.
Нæ урокæн эпиграфæн райстам зынгæ ирон поэт, ахуыргонд Джыккайты Шамилы ныхæстæ :
«Хъæздыг æмæ æвидийгæ у ирон адæмы сфæлдыстад.
Уый у нæ адæмы зонд æмæ зæрдæйы рухсæй нывæст…
Æцæгæйдæр, нæ фыдæлтæ сæ кадджыты, сæ таурæгъты, аргъæутты, æмбисæндты бауагътой сæ уд, сæ зонд, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма уыцы зонды къæбиц махæн у раст цæрдмæ раст фæндаг.
4. Дзырдуат. Нæ урочы фембæлдзыстæм зынæмбарæн дзырдтимæ, уымæ гæсгæ сын сæ нысаниуæг равзардзыстæм .
8. Слайд
Æртæтигъонтæ - кувинаг æртæкъуымон, «æртæдзыхон чъирийы.
Табугæнгæ - тынг арæхстджынæй, кувгæйæ
Уæрм – арф ныккæнд, погреб
Цымыдисаг – тынг диссаг
Хъæрмхуыпп - тæвд цыминаг (бас)
IV. Рацыд æрмæг бафидар кæнын.
1. Фæйнæгыл куыст. (Иу ахуырдзау фыссы фæйнæгыл, иннæтæ – сæ тетрæдты. (Фæстæдæр интерактивон фæйнæгыл раст дзуапп сб/к.)
…Фынг æртæкъахыг
Уазæгæн йæ фæллад сафы,
Зианджынæн - йæ хъыг.
Ахуыргæнæг:
Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? (Къоста. «Лæскъдзæрæн»)
- Кæцы дзырды хайы ис нымæцон?
-
Равзарæм æй дзырды хæйттæм гæсгæ. Хъуыдыйад та- хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ
Æ
ртæ + къахыг
9. Слайд . («Фынг æртæкъахыг»)
10. Слайд. (Æртæ алайнаджы ), ныв «Æртæ хистæры)
3. Ахуыргæнæг:
- Цымæ нæ фыдæлтæ сæ фынгæн 3 къахы та цæмæн скодтой? Цæмæн сын уыди тымбыл зылд?
Скъоладзауы хъусынгæнинаг: ( Хъуысы «Ханты цагъды» мелоди.
- 3 сæйраг тыхмæ, 3 хорзæхмæ амыдтой фынджы 3 къахы:
Фыццаг – Хурты Хурмæ
Дыккаг - Хуыцаумæ
Æртыккаг – Зæхмæ
Тымбыл дæр у Зæххау, Хурау
Æнæкæрон – Дунейау, нæдæр ын райдайæн ис, нæдæр –кæрон…
Ахуыргæнæг:
- Базонæм, куыд амоны дзырд «фынг» -ы этимологи, ома йæ равзæрд нæ
куырыхон ахуыргонд Абайты Васо.
Скъоладзауы хъусынгæнинаг:
11. Слайд. («Фынг» – дзырды этимологи.
fynd, findæ – небольшой треногий столик, входящий в инвентарь староосетинской сакли. Тип осетинского Fynd следует считать очень древним.
Ксенофонт, (великий древне-греческий писатель и историк, рассказывая о пиршестве фракийского князя, (фракийцы – группа индо-европейских племен, куда относились и наши предки скифо-сарматы), сообщает: «Во время еды они садились кругом. Затем для всех приносились треножники. Они были полны нарезанных кусков мяса. Такие столики были рассчитаны на 1-2 человека и приносились во время еды, после чего убирались».
V. Равдыст :
Ахуыргæнæг: - Цыма нæм чидæр хойы?
Уазджытæ: - Æмбæлы уæм? Уазджытæ мидæмæ уадзут?
Ахуыргæнæг: - Мидæмæ, мидæмæ! Уазæг – Хуыцауы уазæг!
- Бахатыр кæнут, фæлæ уæ, цыма, никуы федтам. Уæхи
нын бацамонут.
Уазджытæ: - О, о, раст стут! Цæсгомæй нæ никуы федтат,
фæлæ уæм нæ кой арæх рауайы, æмæ, зæгъæм,
бавдæлæм, æмæ уемæ базонгæ уæм!
-Мах æдзух кæнæм нымайгæ,
Тары - стъалытæ нымайæм,
Рæстæг сахатгай æвдисæм,
Суанг ма уасæгæй дæр домæм
Уасын, боныцъæхты - фондз сахатыл!
Базонут – нæ, чи стæм мах?»
Сывæллæттæ: Нымæцонтæ.
Нымæцонтæ: О, раст нæ базыдтат, нæ хуртæ! Куыд кæсæм, афтæмæй æмбаргæ сабитæ стут! Æмæ уæд ирон æмбисæндтæ æмæ уыци -уыцитæм та куыд стут? Куыд сæм арæхсут?
- Уарзæм сæ!
- Уæдæ кæд афтæ у, уæд, уæ хорзæхæй, кæронмæ ахæццæ кæнут ацы æмбисæндтæ.
12 . Слайд. (Æмбисæндтæ)
Иу мыдыбындз … чыргъæд нæ дзаг кæны.
Иунæгæй куывды бадын дæр зын у.
Дыууæ æфсымæрæй… арс дæр тæрсы.
Иу лæгæй æфсад… нæй.
Фондзыссæдз сомæй… фондзыссæдз лымæны хуыздæр.
Уазджытæ: Ай æцæг ирон сабитæ куы стут!
Уæдæ ма нын æххæст нæ уыци-уыцитæ дæр базонут!
13. Слайд. (Уыци- уыцитæ)
Иу лæгæн 12 фырты.
Асиатыл 7 кæрцы.
Æртæ æфсымæрæн иу нымæт.
Нарты Уырызмæгæн фондзыссæдз кæрцы.
Нæ зонды къуыдырæн авд дуары, цавæртæ?
Уазджытæ: Мæнæ куыд бирæ зонынц! Бирæ хъæлдзæг бонтæ уыл кæнæд! Скъолайы нæ нымæцты хуыздæр «5» у æмæ фондзыл ахуыр кæнут æмæ амондимæ байрæзут!
Ахуыргæнæг:
- Бузныг, нæ зынаргъ уазджытæ! Уæ арфæтæ ныл æрцæуæнт! Фæндараст!
Нæ уазджытæ нын диссаджы æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ бацамыдтой. Æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ, аргъæуттæ, кадджытæ, зарджытæ - уыдон иууылдæр ирон адæм сæ зæрдæйы хъармæй сфæлыстой. Сымах сæ хъуамæ бирæ уарзат, зонат дзы уæ ныхасы раст пайда кæнын. Уыдон уæ ахуыр кæндзысты фæзминаг æгъдæуттыл, рæстдзинадыл, æвзæрдзинадæй хи хъæхъхъæныныл.
VI . Хибарæй куыст. ( Къордтæй куыст карточкæтыл)
14. Слайд. 1. Хæс: Cкъоладзаутæ 3 къордыл дихгонд цæуынц, лæвæрд карточкæты хъуыдыйæдты нымæцонтæ ссарын, равзарын сæ пъланмæ гæсгæ , зæгъынц, цавæр уацмыстæй ист сты хъуыдыйæдтæ, чи у сæ автор.
1-аг къорд:
«Уæрм куы байдзаг ис, уæд дыууæйæ дæр скуывтой: «Гъе Хуыцау,
афæдзæй - афæдзмæ цы уазал кæныс, уый ацы æртæ боны ныккæ!»
2- аг къорд:
« Æртæ азы фæстæ та сын дыккаг лæппу райгуырд. Леуаны хæлæрттæ-
йæхи хуызæн мæгуыртæ - æрæмбырд сты, фæцин ыл кодтой æмæ йыл
ном сæвæрдтой Тугъан …»
3-аг къорд:
«Хъæрмхуыпп куы сцæттæ , уæд æвдæм кæрдзын та уыимæ бахордта» .
Пъланмæ гæсгæ æвзарынц нымæцон.
15. Слайд. (Пълан).
1. Райдайæн формæ.
2. Бæрцон,рæнхъон,дихон у æви мурон?
3. Хуымæтæг, вазыгджын, амад?
4. Кæцы хауæны ис?
5. Кæцы нымæцы ис?
6. Хъуыдыйады уæнгтæй цы у?
2. Карточкæтыл куыст сбæрæг кæнын. (Скъоладзаутæ кæсынц сæ хъуыдыйæдтæ, нымæцонтæ пъланмæ гæсгæ æвзарынц).
3. Улæфты рæстæг.
16 – 25 Слайдтæ (Хъуысы «Аланты симд» –ы мелоди)
Ахуыргæнæг: (Нымæцонтæ «3» , «7»)
- Ирон адæмон сфæлдыстады иуæй-иу нымæцонты æвæрд ис дины тæваг, дзурынц сæ нымдгæнгæ, ома æфсæрмыгæнгæйæ, табугæнгæ. Зæгъæм, нымæцон - 3 (æртæ). Ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, нымæцон 3 арæхдæр цавæр дзырдбæстыты фембæлы ирон царды?
( 3 чъирийы, 3 фæрсчы, æртæдзыхонтæ,
æртæкъахыг фынг, 3 хистæры, 3 Нарты).
4. Скъоладзауы хъусынгæнинаг:
- Нымæцон «7» - имæ дæр ис бирæ æнгом дзырдбæстытæ:
Зæгъæм: ирон мифологийы – авд дзуары, бæркæдтæ сты авд авды, аргъæутты – авд дуары, авд дæлдзæххы, авд уæлдзæххы, авд хохы сæрты, чындзæн авд фырты тыххæй фæкувынц, сывæллоны авдæн дæр у авд сабийæн конд.
26 Слайд .
5. ( Хъазт «Хъæлдзæг Нымæцон»).
Ахуыргæнæг:
- Ныртæккæ та иучысыл ахъаздзыстæм . Уæ хæс уыдзæн нымæцонтæ тагъд æмæ раст зæгъын, зæгъын, цавæртæ сты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ .
VI. Чиныгимæ куыст - с/к. 229– æм фæлтæрæн.
VII. РЕФЛЕКСИ.
27 Слайд.
Куыд нын бацамонид нымæцон йæхи?
Æз дæн ________________
Нысан кæнын _______________
Дзуапп дæтын фæрстытæн________
Хæларæй цæрын ______________
Хъуыдыйады вæййын ______________
Адæймаджы ныхас кæнын ____________
Ныхасы хай;
предметы нымæц;
номдаримæ
Цал? Цас?
Номдар. Æххæстгæнæн;
Бæлвырддæр, рæсугъддæр.
VIII. Хатдзæгтæ.
Ахуыргæнæг :
Уæ зæрдæмæ нæ урокæй цы фæцыди? Адæймаджы хорз миниуджытæй та тынгдæр цавæртæ цæуынц уæ зæрдæмæ , цавæр хорз миниуæг у тынг ахсджиаг царды мидæг, уемæ кæцыйы ахæссиккат царды фæндæгтыл фидар æмбалæн? (Сывæлæтты хъуыдытæ).
Ix. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ).
x. Хæдзармæ куыст.
28 Слайд
Ирон литературæйы чиныджы ссарын æмæ рафыссын 5 хъуыдыйады нымæцонтимæ æмæ нымæцонтæ пъланмæ гæсгæ равзарын.
29 Слайд (Бузныг!)
- Кæрон.