СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урочы тем?: «Фыдыб?ст?, ды д? м? цардамонд!». Кочысаты Мухарбег.

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы нысан: 1. Бамбарын поэты сфæлдыстады мидис.

2.Равзарын æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»

3.Раиртасын Мухарбеджы сфæлдыстады ахадындзинад абоны                       царды.

4.Уацмысæн анализ скæнын.

              

Урочы цыд: ?. 1.Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ:(рог мелоди)

                                 «Зæххыл рæсугъд цæрынæн фидар

                                  Дыууæ стыр ныфсы ис лæгæн:

                                 Фыдыбæстæ æмæ сæрибар, -

                                 Циу цард æнæ сымах? – Ингæн».

   Йæ райгуырæн бæстæ удуæлдай уарзтæй чи уарзта, йæ сæрвæлтау кæддæриддæр йæхи нывондæн чи хаста, ахæм хъæбатыртæй нæ зæхх æвдæлон никуы уыд.

   Историйы дæргъы нæ адæман ахæм лæгæвзарæнтæ бирæ уыд. Уыдонæй иу у зæххыл цы стыр хæст æрцыд – Фыдыбæстæйы Стыр хæст.

   Сæрдыгон цыбыр æхсæв. Адæм сæ фæппад уадзынц Райсом уыдзæн хуыцаубон. Алчи йæм йæхи рагацау цæттæ кæны,фæлæ…

«Фæлæ сыстад æхситгæнгæ тымыгъ.

Ногæй райста йæ сау кард адзал.

Атылд карз тох уæззау цалхау хуымыл,

Оххай цалы фæкодта æдзард!»

 

 

 

2.  Хъуысы Юрий Левитаны хъæлæс (хæсты райдиан).

3.   Ахуыргæнæджы разныхас:

     Нæ  урок нывонд кæнæм,  Ирыстонæй хæсты быдыры чи фæмард, уыцы æдзард поэттæн.

Хæстытæ алыхуызон вæййынц:  иутæ – тыхтонайы хæстытæ, ома искæйы цард æмæ исбон исынвæнд куы скæнынц,уæд. Иннæтæ та – бархиад куы фæистæуы, уæд.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст  нæ адæмæн уыди сæрибардзинадыл тох цыфыддæр знаджы ныхмæ. Алы адæмыхæттытæ, куыд иу адæймаг, фидарæй æрлæууыдысты  немыцаг фæшизмы ныхмæ. Æвæццæгæн æмæ , Иры зындгонд поэт, хæсты архайæг Плиты Грисы зæрдæйы уымæн равзæрдысты мæнæ ацы рæнхъытæ:

«А дунейыл удæн йæ бархиад куы фæистæуы, уæд цæй хорз дæ, цæ, хæстмæ цæуын, цæй хорз!»

Хæсты быдырмæ Ирыстонæй  ацыд  85 521 хъæбулы.  Уыдонæй  46 900 нал сыздæхт сæ фыдæлты уæзæгмæ (сæ фылдæр). Уыдон æнустæм баззадысты Уæрæсейы æмæ Европæйы быдырты, хъæуты æмæ горæтты.

Иу ахæм хæдзар дæр нæ баззад нæ гыццыл Ирыстоны,  хæстмæ бæлццоны чи нæ афæндараст кодта. Уыдонимæ  Гæздæнты æмæ Кобеккаты авд æфсымæртæ.

7 хæдзармæ – 6-гæйттæй

36 хæдзармæ – 5-гæйттæй

92 хæдзармæ – 4-гæйттæй

100-гай хæдзæрттæм  - 4-гæйттæ

   Махæн сæрибар чи рхаста, уыдон хъуамæ æдзух  нæ зæрдыл лæууой.

   Фыдыбæстæйы стыр хæсты темæйыл дзæвгар уацмыстæ фыст ис ирон литературæйы.  Нæ бæстæйыл туджы зæйтæ куы рацыд, знаг нæ йæ къахы бын куы ссæста, пилон арты куы сыгъдысты нæ хъæутæ æмæ нæ горæттæ, уæд йæ фыссæн сис хæцæнгарзæй раивта Кочысаты Мухарбег. Фæлæ йæ хъысмæт разынд æгъатыр. Суинаг поэт, 24 аздзыд лæппу хъæбатырæй фæмард Украинаг горæт Ямполы. Хорзæхгонд æрцыд сырх стъалыйы орденæй….

 

?.  Ног æрмæг.

Ах.:  Уæдæ абон мах нæ урочы бакæсдзыстæм æмæ равзардзыстæм æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» æмæ базондзыстæм Мухарбеджы  æнкъарæнтæ  йæ райгуырæн бастæмæ. Æмдзæвгæ фыст æрцыд 1942 азы…….

Темæ – хæстон

 

  1. Æмдзæвгæйы сæмбæлдзыстæм ахæм дзырдтыл:

рæзгæ бонтæ – сабийы бонтæ

æдас – æнæтæрсгæйæ

мыггагмæ – æнусмæ, во веки

æвдадзы хос – æппæт низтæй хос

сæрвæлтау – ома дæу тыххæй, во имя.

А) Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ.

Фарст:  Зæгъæм,  кино исæм – нæхæдæг режиссёртæ стæм, уæд нæ цæстытыл цавæр нывтæ ауайдзæн æмдзæвгæ фехъусгæйæ? Ама уæдæ йæм лæмбынæгдæр æркæсæм.

Б) Кæсынц строфагай ахуырдзаутæ.

        В) Æмдзæвгæйы каст фæрстытæм гæсгæ.

 

1)Цы у поэтæн æппæтæй зынаргъдæр? Ссарут æмдзæвгæйы уыцы рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут.(ныййарæг зæхх)

2) Куыд уæм кæсы, цæмæн ныффыста Мухарбег æмдзæвгæ Фыдыбæстæйыл?

(уый тыххæй æмæ йæ тынг бирæ уарзы.)

3) Бакæсут 3-аг строфа æмæ дзы ссарут бæрæггæнæн дзырдтæ  сæ бæрæггæнинаг дзырдтимæ (интерактивон фæйнагыл) ./урс хæхтæ, тар хъæдтæ, хъал дæттæ, цъæх быдыртæ, дидинæгджын фæз/.

4) Цæимæ сбаста мыггагмæ поэт йæ зæрдæ? (4-æм строфа)

5). Бакæсут 5-æм строфайы фыццаг дыууæ рæнхъы. Куыд ын æмбарут йæ хъуыды?

      Цымæ ацы рæнхъытæ ахæссæн ис Мухарбегæн йæхимæ дæр?

      Уыцы хъуыды ма кæцы рæнхъыты  ахæццæ кодта? (фæстаг строфа)

(Сæйраг хъуыды, идея ацы рæнхъыты ис).

6). Цы у Фыдыбæстæ поэтæн? (текстæй)

  • йæ цин, йæ цардамонд, ныфс, æвдадзы хос/.

 

  • .Зæгъут ма уæдæ – æмдзæвгæ радзырдæй цæмæй хицæн кæны?

(æмдзæвгæйы вæййы рифмæ, фæлхатæнтæ, фæлхатæнтæ)

 

  • – рæнхъыты кæрæтты æмзæлд.

Фæлхатан – поэтикон ныхасы фæзилæн, иуæй-иу дзырдтæ æмæ ныхæстæ поэтикон уацмысы цалдæр хатты фыссын.

 

  • Ссарæм ма уæдæ рифмæ æмæ фæлхатæнтæ.

 

  • .    Нæ фыдæлтæ-иу афтæ дзырдтой:

    Хæстæй куы тæрсай, уæд дæхи хæстмæ цæттæ кæн.

    Хæсты фæнык не мбийы.

 

 

 

 

  1.  Музыкæ: (зарæг –Медойты Светланæ: «ФЫдыбæстæ»)

2.Сфæлдыстадон куыст.

 Сывæллæтты адих кæнын æртæ къордыл: нывгæнджытæ, уацхæсджытæ æмæ хатдзæгаразджытæ.

?I. Хатдзæгтæ:

  1. Зæгъут ма уæдæ, сывæллæттæ, нæ урочы цавæр историон цауы кой кодтам?
  2. Кæй æмæ цавæр æмдзæвгæимæ базонгæ стæм?
  3. Куыд уæм кæсы, цæмæн хоны поэт ныййарæг зæхх æппæтæй зынаргъдæр?  /Уымæн æмæ ныййарæг зæхх бары ныййарæг мадимæ. Адæймагæн та мадæй зынаргъдæр ницы ис ./

Ах.: Æвæццæгæн, уымæн зæгъы поэт:

«Æмæ дæ никуы раттдзынæн

Ызнагæн, зон уый ды.

Фæлтау мæлæт ссардзынæн

Дæ сæрвæлтау хæсты.»

  1. Уæдæ ма зæгъут – цавæр бæрæгбон æрхæццæ кæны?

(Уæлахизы 65 азы бон)

 

-Нæ æдзард хъæбатырты кой хъуамæ æрмæст бæрæгбонты ма кæнæм, фæлæ æрвылбон се сгуыхтдзинад нæ зæрдыл дарæм

Сымахæн та мæ зæрдæ зæгъы – сыгъдæг арвы бын рæзут!

Уæ ныййарджыты фæндиаг бахъомыл ут. Нæ æдзард поэттæн цы нæ бантыст царды, æппæт уыцы хорзæхтæй хайджын куыд уат!!!

 

   Кочысаты Мухарбег фæмард, фæлæ йæ зарæг баззад æнусты. Мухарбеджы æмдзæвгæйыл фыст  зарæгмæ байхъусæм.

 

  • . Хæдзармæ куыст:
  1. Сахуыр кæнын æмдзæвгæ наизусть.
  2. Ссарын т œмбисœндтœ œмœ сœ ныффыссын тетрœдты.