СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.

Нажмите, чтобы узнать подробности

 

I. Зонадон:      1. Сфæлхат кæнын фæсæвæрд.

                         2. Ахуырдзауты дзырдуат хъæздыгдæр кæнын.

                         3. Растфыссынадыл кусын.

II. Райрæзтон:  Скъоладзауты ахуыр кæнын:

                         1. Раиртæстытæй пайда кæнын.

                        2. Логикон  æгъдауæй хи хъуыдытæ раст дзурыныл.                                   3. Ног зонындзинæдтæй пайда кæнын.

                        4. Ахуыргæнæг æмæ æмбæлттимæ ахуырадон

                            æмгуыстад  кæнынмæ арæхсын.   

                        5. Хибарæй æмæ къордты кусын зонын.

                        6. Бакаст текстæн анализ кæнын.

III.Хъомыладон: 1. Хъомыл кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.

                            2. Къласы дзæбæх атмосферæ саразын: æмгуыстад,

                               кæрæдзиуыл аудындзинад.

                            3. Скъоладзаутæм патриотизмы æнкъарæнтæ                                                            æвзæрын кæнын: Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад                                 гуырын кæнын; Фыдыбæстæйæ сæрыстыр уæвыны                                        хъуыдытæ хъомыл кæнын.

Просмотр содержимого документа
«Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.»

Пълан

Урочы темæ: Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.

Грамматикон темæ: Фæсæвæрдты нысаниуджытæ.


Урочы нысан:

Скъоладзаутæн бацамонын, куыд дих кæнынц фæсæвæрдтæ сæ нысаниуджытæм гæсгæ.

Урочы дидактикон хæстæ:

I. Зонадон: 1. Сфæлхат кæнын фæсæвæрд.

2. Ахуырдзауты дзырдуат хъæздыгдæр кæнын.

3. Растфыссынадыл кусын.

II. Райрæзтон: Скъоладзауты ахуыр кæнын:

1. Раиртæстытæй пайда кæнын.

2. Логикон æгъдауæй хи хъуыдытæ раст дзурыныл. 3. Ног зонындзинæдтæй пайда кæнын.

4. Ахуыргæнæг æмæ æмбæлттимæ ахуырадон

æмгуыстад кæнынмæ арæхсын.

5. Хибарæй æмæ къордты кусын зонын.

6. Бакаст текстæн анализ кæнын.

III.Хъомыладон: 1. Хъомыл кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад.

2. Къласы дзæбæх атмосферæ саразын: æмгуыстад,

кæрæдзиуыл аудындзинад.

3. Скъоладзаутæм патриотизмы æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын: Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын; Фыдыбæстæйæ сæрыстыр уæвыны хъуыдытæ хъомыл кæнын.


Урочы тип: Ног æрмæг амоныны урок.

Урочы куысты хуызтæ: Фронталон æрфарст, къордты куыст, индивидуалон

хæстæ.

Урочы ифтонгад: компьютер, мультимедион проектор, нывтæ

лыггондæй (пазлтæ), зæрдæйы уаг æвдисыны мадзæлттæ

Дзырдуатон æрмæг: æфсадхон, къухы бафтыд, хæдæфсæддонтæ, ахсджиаг хъуыддæгтæ, сгуыхтдзинад, æгæрон иузæрдиондзинад,

инæлар, службæ кæнын кад æмæ радæй, саккаг кæнын,

къæмдзæстыг, æртхутæгдон, сæфтæг.

Методикон мадзæлттæ: теоретикон æрмæг монологон ныхасы хуызы

амонын, фæрстытæм гæсгæ арæзт беседæ, текст аивæй кæсын, фæлтæрæнтæ æххæст кæнын.


.


Йæхи уый радта Райгуырæнæн иууыл…

Æмæ куы бацыд знаджы ныхмæ хæсты,

Нæ бацауæрста ницæмæй йæхиуыл,

Нæ фæцис царды, зæххы раз къæмдзæстыг.

(Цæгæраты Гиго)


Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

1. Мотивацион уавæр.

Нæ уазджытæм фæстæмæ акæсæм.

Фæлмæн мидбылхудт сæм бакæнæм.

Тынг бирæ ис махæн абон куыст.

Алы урочы дæр æнтыстджын ут!


Сывæллæттæ, иумæ бацархайæм, цæмæй нæ урокæй зæрдæрухсæй ацæуæм, ууыл. Ныр та кæрæдзимæ бахудæм, æмæ уæ зæрдæйы уаг равдисут уæ цуры цы ……….. ис, уыдонæй.


Уæдæ рахизæм нæ урокмæ.

2. Равзарын эпиграф. (Бамбарын кæнын дзырд «къæмдзæстыг») Слайд 1

Йæхи уый радта Райгуырæнæн иууыл…

Æмæ куы бацыд знаджы ныхмæ хæсты,

Нæ бацауæрста ницæмæй йæхиуыл,

Нæ фæцис царды, зæххы раз къæмдзæстыг. (смущенный)

(Цæгæраты Гиго)

1. Кæй тыххæй дзуры поэт? (хæстоны)

2. Куыд хæцыдис знæгты ныхмæ? (хъæбатырæй, йæхиуыл нæ бацауæрста)

3. Куыд æмбарут ацы ныхæстæ «Нæ фæцис царды, зæххы раз къæмдзæстыг»?

(Йæ адæмы цур йæхи нæ фæхудинаг кодта, Фыдыбæстæйы сæраппонд радта йæ цард)


3. Дуар æрбахостæуыд. Фæзындис постхæссæг. (Телеграммæ).


Бæрæгбоны … (фæдыл) уын арфæтæ кæнæм. Нæлгоймаджы хæстæ бирæ сты, фæлæ сæ сæйрагдæр æмæ кадджындæр у Фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Нæ зæрдæ уын зæгъы, Райгуырæн бæстæйæн аккаг хъæбултæ куыд суат, хистæртæ уæ сæрыстыр куыд уой, æмæ уæ ныййарджыты фæндон куыд рæзат.


Фыццаг хъуыдыйад фæйнæгыл ныффыссын. Бамбарын кæнын, цавæр дзырд дзы цухгонд æрцыд, уый. Хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ йæ равзарын.


Скъоладзаутæ бæрæг кæнынц урочы темæ (цæуыл æмæ кæй тыххæй ныхас кæндзыстæм, уый). Слайд 2

4. Проектон куыст. (Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон). Слайд 3


Нæ бæстæйы адæм февралы мæйы 23-æм бон кадджынæй фæбæрæг кæнынц Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Уый у, æфсады лæггад чи кæны, йæ райгуырæн зæхх æмæ йæ адæмы чи бахъахъхъæдта æмæ сæ бахъахъхъæнынмæ æдзухдæр цæттæ чи у, уыцы нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты бæрæгбон. Бæрæгбон снысан кодтой гермайнаг лæбурджытæ 1918 азы Псков æмæ Нарвæйы бынмæ дæрæнгонд кæй æрцыдысты, уыцы цауы кадæн.

Бæрæгбон фыццаг хуындис Сырх Æфсады бон, мин фарастсæдæ цыппор æхсæзæм азæй (1946) фæстæмæ – Советон Æфсад æмæ Хæстон-Денджызон флоты бон, мин фарастсæдæ нæуæдз æртыккæгæм азæй (1993) нырмæ та хуыйны Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон.



II. Хæдзамæ куыст сбæрæг кæнын (Фæсæвæрдæй цы базыдтой, уымæй бафæрсын)

1. Цы хонæм фæсæвæрд?

2. Фæсæвæрд цавæр ныхасы хай у?

3. Цæмæй хицæн кæнынц аразгæ æмæ æнæаразгæ фæсæвæрдтæ?

4. Ранымайын æнæаразгæ фæсæвæрдтæ.

(онг, фæрцы, руаджы, цур, æрдæм, æрдыгæй, сæраппонд, агъоммæ, бæсты)

5. Цавæр ныхасы хæйттæй равзæрдысты аразгæ фæсæвæрдтæ?

6. Фæсæвæрдтæ хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц?

Скæнын хатдзæг.

Абоны урочы фæсæвæрдты тыххæй нæ зонындзинæдтæ фæхъæздыгдæр кæндзыстæм.


III. Урочы темæйыл куыст.

1. Сæххæст кæнын 1-аг фæлтæрæн. Зæгъын, цавæр фадæттæ æвдисынц ставддæрæй фыст дзырдбæстытæ. (Дзургæйæ)

Уæдæй фæстæмæ – афон

чызг æмæ лæппуйы алыварс – бынат

уый размæ – афон

Къостайы тыххæй – æфсон

йе ‘нгæс –абарст

Хатдзæг скæнын таблицæйы руаджы (слайд)

2. Экраныл нывтæ. Слайдтæ: 4, 5, 6, 7.

Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ фыссынц хъуыдыйæдтæ фæсæвæрдтимæ. Дзурынц, цавæртæ сты, уый.

(бынаты фæсæвæрдтæ: мигъты фæстæ, хърихъуппыты ’хсæн, мæнæуы сæрты, мæргъты фæстæ, дидинæджы алыварс, дидинæджы хуылфы, арвы астæумæ…).

Хатдзæг скæнын.

3. Фæсæвæдтæ фæхицæн сты сæ сæрмагонд дзырдтæй æмæ сæ бынæттæ раст не ссардтой. Аххуыс сын кæнæм. (Кæрæдзийы куыстытæ сбæрæг кæнын) Слайд 8

Петр Барбашов йе ‘рыгон цард радта нæ бæстæйы фæдыл.

Гитлеронтæ горæтмæ æрбаппæрстой дыууæсæдæ танкæй тыххæй.

Ирыстонæй хæстмæ ацыдис 83 мин адæймагмæ сæраппонд.

Уыдонæй алчидæр йæ хъæбатырдзинады æввахс райста орден кæнæ майдан.

Хæсты ветерантæ æмæ æфсæддонтæн уыдис кадджын æмбырд Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны фылдæр.


4. Къордты куыст. Слайд 9

Пазлтæй сæмбырд кæнын ныв, нывтæм гæсгæ хъуыдыйæдтæ ныффыссын.


Хæстонты сæрты(мæ) тæхынц хæдтæхджытæ.

Стъолы цур лæууы хæсты ветеран æмæ скъоладзаутæн дзуры цымыдисаг хабæрттæ.

Æфсæддонтæ сæ фæллад уадзынц тохы фæстæ. (бæласы бын)

Танктæ фæзылдысты хъæуы ’рдæм.

Æфсæддонтæ сæ командиры фæстæ атахтысты.


5. Лæвæрд дзырдбæстытæй 1 къорд фыссы архайды бынат æвдисæг фæсæвæрдтæ, дыккаг къорд – архайды афон æвдисæг фæсæвæрдтæ, æртыккаг къорд – архайды æфсон æвдисæг фæсæвæрдтæ.


Мæйы фæстæ, денджызы астæу, уый тыххæй, урокты размæ, стъолы бын, дæу фыдæнæн, хæдзары сæр, æмбырды агъоммæ, хъæуы сæрты, дохтырты аххосæй, доны ардыгæй, знаджы фыдæй, хъæуы фале, афæдзы размæ, сывæллæтты тыххæй, сыхæгты фæрцы, адæмы руаджы.


6. Улæфты минут


7. Текстыл куыст. Бакæсын текст абзацгай. Ссарын дзы фæсæвæрдтæ. Сл.10

1. Дзыруатон куыст бакæнын.

Æфсадхон - командир

Хæдæфсæддонтæ – ополченцы, добровольцы

къухы бафтыд - бантыст

ахсджиаг хъуыддæгтæ – важные дела

сгуыхтдзинад - долблесть

инæлар - генерал

службæ кæнын кад æмæ радæй – служить с честью и достоинством

æгæрон иузæрдиондзинад - безграничная верность, единодушие

саккаг кæнын - удостоить

æртхутæгдон - пепельница

цæфхад - подкова

2. Текст бакæсын, адих æй кæнын мидисон хæйттыл. Слайдтæ: 11-19

1. Уæрæсе хъахъхъæндджытæ.

2. Нæ рагфыдæлтæ – Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ.

3. Ирон адæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты.

4. Кад Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн.

3. Фæрстытæн дзуæппытæ раттын.

1) Абоны онг кæй нæ рох кæнынц Уæрæсейы адæм?

2) Цы хъайтарты нæмттæ ранымадтат, уыдонæй исчи баст у нæ фыдæлтимæ (алантимæ)?

Проектон куыст ( Мария Ясская-Александр Невский) (презент.)


Алайнаг адæмы истори рагæй фæстæмæ æнгом баст у Уæрæсейы историимæ. Х-XIII æнусты онг Алайнаг паддзахад уыдис тыхджындæртæй иуыл нымад. Бирæ паддзахæдты фæндыдис семæ хæларæй цæрын, хæстæгдзинад бакæнын. Кънйаз Юрий Долгорукийы фырт дæр Всеволод III йæхицæн бинойнагæн æрхаста алайнаг æлдары чыгз Марияйы. Фараст лæппуйы æмæ æртæ чызджы сын кæй райгуыд, уымæ гæсгæ кънйазы хуыдтой Всеволод Большое гнездо. Мария уыдис, чырыстон дин кæм æрфидар ис æмæ Зеленчукы аргъуантæ арæзт кæм æрцыдсты, уыцы бæстæйæ. Рухстауæн куыст кодта. Ацы фæндагыл ацыдысты йæ цот дæр. Александ Невский та уыдис сæ фырт Ярославы хъæбул.


3) Ирон адæм та сæхи куыдæй равдыстой хæсты?

4) Сæ лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинады тыххæй цавæр кадджын нысæнттæй хорзæхджынгонд æрцыдысты не ‘мзæххонтæ?

5) Рафыссын текстæй, фæсæвæрдтæ кæм ис, уыцы хъуыдыйæдтæ. Фæсæвæрдты фæстæ къæлæтты бæрæг кæнын сæ нысаниуджытæ.


Абоны онг , 100 мин адæймаджы бæрц, хъæбатырдзинады тыххæй.


7. Ссарын фæсæвæрдтæ, зæгъын, цавæр æмдзæвгæйæ ист сты ацы рæнхъытæ.

Кæй кой дзы кæнынц? (Плиты Иссæ) Слайд 20

Æрыгон нæу, нæма дæр у зæронд

Ирон инæлар, йе ‘стъолы … бады,

Йæ … та – бæхы сæфтæгæй конд

Хуымæтæджы æртхутæгдон цæфхадыл.

8. Скъоладзаутæ урочы темæмæ гæсгæ фыссынц синквейнтæ: Слайд 21

Плиты Иссæ– 1 къорд

Фыдыбæстæ - 2 къорд

Хъахъхъæнæг - 3 къорд

IV. Хатдзæгтæ.

1. Цы базыдтам абон ногæй?

2. Цавæр нысаниуджытæ ис фæсæвæрдæн?

3. Цæуыл ма ныхас кодтам нæ урочы?

4. Цавæр хъайтартимæ базонгæ стæм?

5. Цæмæй сæ стæм сæрыстыр?

6. Сымах дæр цæттæ стут Райгуырæн бæстæйы аккаг хъахъхъæнджытæ суæвынмæ?

7. Цы кæнын хъæуы уый тыххæй?

Ахуыргæнæг.

Æфсæддоны дæсныйад у тынг кадджын. Кæддæриддæр æфсадæн йæ сæйрагдæр хæс уыдис Райгуырæн бæстæ знæгтæй бахъахъхъæнын.

Бæргæ, куы нæ уаид хæст, бæргæ адæм хæларæй куы цæриккой. Фæлæ дунейы уавæр афтæ амоны, æмæ паддзахадæн хъуамæ йæ бон уа йæ арæнтæ, йæ адæмы бахъахъхъæнын.

Алы æрыгон лæппуйы хæс дæр у æфсады балæггад кæнын, цæмæй суа Фыдыбæстæйы æцæг хъахъхъæнæг. Мæн уырны, сымах дæр нæ Ирыстоны кад бæрзонд кæй хæсдзыстут, аккаг Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджытæ кæй уыдзыстут.

V. Рефлекси.

1. Урок мæм фæкаст…

2. Урочы мæ зæрдæмæ фæцыд…

3. Зын мæм фæкаст…

4. Хорз нæ бамбæрстон…

5. Цымыдисаг уыдысты…

VI. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

1. Мæ зæрдæмæ фæцыд куыд куыстой…

2. Активонæй архайдтой…

3. … хъæуы сæхиуыл бакусын.

VII. Хæдзармæ куыст.

Раиртæст сахуыр кæнын, сæххæст кæнын 4-æм фæлтæрæн.