СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Гом урочы пълан "Фарсдзырд".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Разработка урока по осетинскому языку. 

Просмотр содержимого документа
«Гом урочы пълан "Фарсдзырд".»


Фæрсдзырд. (Фæлхат кæныны урок)


Октябрыхъæуы 1-æм астæуккаг скъола

Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Ӕлборты Дзерассæ























Фæрсдзырд. (Фæлхат кæныны урок)

Урочы нысан:

1. Сфæлхат кæнын фæрсдзырды тыххæй зонындзинæдтæ.

2. Сбæлвырд кæнын , ахуырдзаутæ фæрсдзырдæй практикон æгъдауæй куыд пайда кæнынц, уый.

3. Ахуырдзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ.



Ахуырдзаутæ хъуамæ зоной:

-фæрсдзырдты миниуджытæ;

-фæрсдзырдты нысаниуджытæ;

-фæрсдзырдты дих;

-фæрсдзырдтæй ныхасы пайда кæнын.



Урочы тип: рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок.

Куысты хуызтæ: къордгæйттæй, иугæйттæй, фронталон.

Урочы æрмæг: карточкæтæ, презентации, дидактикон æрмæг, техникон фæрæзтæ.



Урочы арæзт:

1. Организацион хай.

2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

3. Хатдзæгтæ саразын.

4. Рефлекси.

5. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

6. Хæдзармæ куыст раттын.









Урочы эпиграф:

«Дæн фондз хистæрæн сæ кæстæр.

У архайдæн йæ æууæл

Иууыл равдисын мæ хæс дæр.

Цæй,æмæ мыл арæхдæр амбæл.»



Урочы цыд:

1. Организацион хай:

Ах. н. Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Абон нæ урокмæ æрбацыд уазджытæ. Ӕгас нæм цæут! Уазæг Хуыцауы уазæг.



2.Ахуыргæнаджы разныхас:

--Егъау планетæ Морфологийыл цæрынц алыхуызон ныхасы хайттæ. Уыдонæй бирæтимæ сымах зонгæ стут. Уыдон нын аразынц нæ ныхас, ирддæр æмæ йæ хъæздыгдæр кæнынц. Ранымайут ма мын сæ уæдæ.

Ахуырдзаутæ нымайынц (номдартæ, миногонтæ, мивдисджытæ, номивджытæ, нымæцонтæ, фæрсдзырдтæ).

Ах.н. Раст у. Уæдæ абон нæ ныхас уыдзæн уыдонæй иуыл. Ӕмæ уырыссаг лингвист Александр Александры фырт Шахматов афтæ фыста уыцы дзырдты тыххæй:

«Ацы дзырдтæ нын «рæсугъд» кæнынц нæ ныхас, дзуапп дæттынц нæ ныхасы æнтыстдзинадæн».

Уыдон февдисынц архайдæн йæ миниуæджы æууæлтæ, архайды уавæр.

Шахматов, кæй зæгъын æй хъæуы, уырыссаг æвзаджы тыххæй фыста, фæлæ ирон æвзаг дæр æнæ уыцы дзырдтæй уаид мæгуырдæр.

Зæгъæм, Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Хъуыбады»- йы дæр æмбæлынц. Зæгъут ма мын сæ.

«Сæрдæй, зымæгæй,

Гуыбыр, тызмæгæй

Йæ кæрцы мидæг

Ныхасы бады

Зæронд Хъуыбады,

Нæ фæндырдзæгъдæг…»

Фарст: Сывæллæттæ, зæгъут ма мын уæдæ, цавæр дзырдты кой кæны уый æмæ куыд хуыйнынц?

Дзуапп: ( фæрсдзырдтæ). (Слайд 1ныхасы хæйттæ).

Ах. н. Уæдæ, цæмæй нæ куыст райдайæм, уый тыххæй ахъазæм хъазт «Зонгæдзинад»-æй.

Алчи дæр дзуры йæ ном æмæ фæрсдзырд йæ номы фыццаг дамгъæйæ.

Зæгъæм: Азæмæт – асæрды;

Зæринæ – знон…

Ах. н. Хорз, базонгæ стæм.

3. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

Хæдзармæ уын уыд лæвæрд, цæмæй ныффыссат алыхуызон хъуыдыйæдтæ æмæ æмбисæндтæ фæрсдзырдтимæ. (Кæсынц сæ хъуыдыйæдтæ æмæ сæ æвзарынц).

Фарст. Уæдæ мын чи зæгъдзæн, цы у фæрсдзырд, уый?

Дзуапп: (фæрсдзырд у, архайды æууæл, архайды миниуæг чи æвдисы, ахæм ныхасы хай.Фæрсдзырдтæ домынц фарстытæ: куыд? кæд? кæдæм? кæм? цæмæн?)

Ах. н. Уæдæ, сывæллæттæ, нырыккон ирон æвзаджы лексикæйы цы бирæ дзырдтæ ис, уыдонæй иутæ сты æнæаивгæ дзырдтæ, ома нæдæр тасындзæг кæнынц, нæдæр ифтындзæг, афтæмæй февдисынц архайды миниуæджы æууæлтæ, архайды уавæр, æмæ хъуыдыйады арæхдæр феххæст кæнынц фадатон дзырдты функции.

Фарст: Цавæр ныхасы хаимæ баст вæййы фæрсдзырд ирон æвзаджы æмæ цы февдисы?

Дзуапп: Фæрсдзырд арæхдæр баст вæййы мивдисæгимæ æмæ февдисы архайдæн:

1)йæ хуыз, ома куыд цæуы, уый: хорз, сабыр, тагъд, æвиппайды æмæ афтæ д.

Зæгъæм: Сывæллæттæ хорз фæхъазыдысты. (куыд? арх. х.)

2) йæ бынат, ома кæм цæуы, кæдæм цæуы, кæцæй цæуы: дард, бынæй, фалейæ, кæмдæр.

Зæгъæм: Хъæуæн сæ куырой уыдис бынæй комы. (кæм?)

3) йæ афон, ома кæд цæуы: раджы, ибон, знон, фарон,кæддæриддæр.

Зæгъæм: Знон горæты уыд æмбырд.

4) йæ нысан æмæ йе ‘фсон, ома цæмæн, цы нысанæн цæуы: барæй, мæстæй, æфсæрмæй, фыдæнæн, дзæгъæлы.

Зæгъæм: Сыхаг хъæуы лæппутæ куы фехъусой хабар, уæд мæстæй мæлдзысты.

(Ахуырдзаутæ дзуапп дæттынц дидинсыфтæй).



Карточкæтимæ куыст.

Къордтæн райуарын карточкæтæ. Ныффидар кæнын фæрсдзырдты дих сæ нысаниджытæм гæсгæ.



Карточкæ №1.

Лæвæрд фæрсдзырдтæ рафыссут фондз цæджындзæй фæрстытæм гæсгæ: Кæм? Кæд? Куыд? Кæдæм? Кæцæй? Алы цæджындзæй дæр иу фæрсдзырдимæ æрхъуыды кæнут хъуыдыйад æмæ сæ ныффыстут.

Ныртæккæ, уæле, искуыдæм, сындæггай, æвиппайды, асæрды, никæд, никуы, кæддæр, куыддæриддæр, искæд, дæлиау, фалæмæ, тагъд, галиуæрдæм, фарон, бынæй, дард, æввахс, зымæгон, дæлæрдыгæй, æхсæвыгон, рæвдз, уыцырдæм, уæлиауæй, бæстон, кæддæр, уайтагъд.



Карточкæ №2.

Лæвæрд фæрсдзырдтæн сæ ныхмæ антонимтæ ныффыссут. Дыууæ цæджындзæй дæр фæйнæ иу фæрсдзырдимæ хъуыдыйæдтæ æрхъуыды кæнут æмæ сæ ныффыссут.

æнцон -- …

рæвдз -- …

хъæрæй -- …

дард -- …

рахизæрдыгæй -- …

æхсæвæй -- …

æддæмæ -- …

искуы -- …

райсомæй -- …

боныгон -- …

рагацау -- …



Карточкæ №3.

Хъуыдыйæдтæ рафыссут. Стъæлфыты бæсты хъæугæ фæрсдзырдтæ бафыссут. Фæрсдзырдтæн сæ нысаниуæг бацамонут.

Дзырдтæ баххæст кæнынæн: кæдæм, уым, раджы, тагъд, хъæрæй, райсомæй, кæронæй, кæмдæр, рагæй-æрæгмæ, никуы, æнæзивæг, дæлдæр, æнгомæй, рагæй, хæстæгмæ.

1. … нал фæци нæ гæды

Урссаджы хъæстæ.

2. Куыдз … хуыссы йæ цуры
Уынæргъы, хъæрзы.

3. Бирæгъмæ та …

Арс … хæцыд.

4. « О, о! – бирæгъ загъта, --

Ма рох кæн дæ дзырд»

Арсы … фæуагъта:

Мехъхъ … фæцыд.

5. Куыд .. фестыс,

Куыд … зарыс?

6. Цæттæ дæ хызын дар,

…. де скъоламæ уай!

7. Скæнæм нæтырыса

Дзыллæйы номæй

Рухсмæ …

Цомут … .

8. – Ай та цы диссаг?

… - …

… мæм бабæллыд

Бирæгъ …. .

9. Рухс цæуы ….

Бадынц ма …. .

10. Фест … лæгау,

Ныхс сапонæй дæхи.

11. …. –иу бафтыд,

… -иу фæкафыд.



Карточкæ №4.

Лæвæрд скъуыддзæгтæ рафыссут. Ссарут фæрсдзырдтæ æмæ сын сæ быны бахахх кæнут, сæ сæрмæ сын фæнысан кæнут сæ фæрстытæ.

1. Хъусы хъæддзау лæг

лæмбынæг,

Уæдæ цымæ уыцы тыхст уаст

Чердыгæй цæудзæнис, зæгъгæ.

(Нигер.)

2. Мæргътæ та тæхынц

фæстæмæ,

Зарынц зарджытæ: сæ зардæй

Бæстæ схъæлдзæг ис æгасæй.

(Нигер.)

3. Дарддæр хъусут, уæдæ цы!...

Чызг дæр уыцырдæм тындзы.

(Дарчиты Д.)



4. Фездæхти дын уæд Зæлинæ,

Уайтагъд бахæццæ сæхимæ.

Къуымы сагъдауæй лæууы, --

Уым хæкъуырццæгæй кæуы.

(Дарчиты Д.)

5. Даргъ æхсæв фыдбонæй

Цардудæн хуыздæр…

Рухс цæуы кæронæй,

Бадынц ма кæмдæр.

(Къоста.)

6. Раджы уæйыгмæ

лæскъдзæрæн

Иу мæгуыр лæг цард.

(Къоста.)

7. Ныр хуысс уым комы,

Ныххау дæлæмæ!

Хуыр, дур – дæ ингæн,

Ӕртæх – дæ мæрддзаг.

Ныххæрдзæн рувас

Дæ хъустæ ахсæв,

Дæ цæст дын сау сынт

Скъахдзæн райсом…

(Нигер.)



Ах. н. Хорз сывæллæттæ, хорз бакуыстат.



4. Фронталон фарст. (слайд 2)

Фарст. Уæдæ мын чи зæгъдзæн, фæрсдзырдтæ куыд равзæрдысты, ома фæрсдзырдты арæзт? Цавæр ныхасы хæйттæй?

Дзуапп: Фарсдзырд ирон æвзаджы, куыд ныхасы хай, афтæ арæхдæр арæзт цæуы æндæр ныхасы хæйттæй: номдартæй, миногонтæй, номивджытæй, нымæцонтæй, фæрсагмитæй æмæ фæрсдзырдтæн сæхицæй.

Фарст. Куыд арæзт цæуынц номдартæй фæрсдзырдтæ?

Дзуапп: Номдартæй фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц æртæ хуызы:

1)номдартæм æндæр ныхасы хæйттæ (арæхдæр номивджытæ) æфтаугæйæ: æндæр-æхсæв, а-фæззæджы, ал-аз, иннæ-бон, æндæр-аз, æндæр-æ-бон, æндæр-æхсæв.

2)номдары бындур фæлхат кæныны руаджы: дон-дон, хъус-хъус, хъæуи-хъæу, хæдзари-хæдзар.

3)бирæ номдартæ алыхуызон хауæнты æвæрдæй арæх рахизынц фæрсдзырдтæм æмæ вæййынц номдартæ дæр æмæ фæрсдзырдтæ дæр: хъæрæй дзурын, райсомæй сыстын, рæстæгылæрбацыд.

Фарст. Куыд арæзт цæуынц номивджытæй фæрсдзырдтæ?

Дзуапп. Номивджытæй цы фæрсдзырдтæ аразæм, уыдон сты дыууæхуызон:

1)фæрсдзырды нысаниуæг чи райста, уыдон номивджыты хуызæн нал сты: кæд, кæддæр, никуы, кæдæм, уæд, кæмдæр, искуыцæй…

2)фæрсдзырдтæн сæ арæзтæй бæрæг у, цавæр номивджытæй конд сты, уый: ауылты, ацырдæм, уыцырдыгæй, ацырдыгæй алыхатт.

Фарст. Куыд арæзт цæуынц миногонтæй фæрсдзырдтæ?

Дзуапп. Миногонтæй фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц дыууæ хуызы:

1)миниуæгæвдисæг миногонтæн сæ фылдæр хай , сæ формæтæ нæ ивгæйæ, вæййынц фæрсдзырдты нысаниуæджы: дзæбæх кусы, цырд лидзы, бæрзонд гæпп кæны, рæсугъд кафы.

2)миногонтæй бирæтæ иуæй-иу хауæнты æвæрдæй рахизынц фæрсдзырдтæм: хъæддыхæй лæууы(ирт. х.), хæстæгмæ нæ уыны (ар. х.), дардыл айхъуыст йæ ном (цæд. х.).

Фарст. Нымæцонтæй куыд арæзт цæуынц фæрсдзырдтæ?

Дзуапп: Иннæ ныхасы хæйттæй уæлдай ирон æвзаджы нымæцонтæй къаддæр фæрсдзырдтæ æвзæры. Цалдæр фæрсдзырды равзæрд бæрцон æмæ рæнхъон нымæцонтæй дæр. Уыдон арæзт цæуынц нымæцонмæ æндæр ныхасы хай кæнæ фæсæфтуантæ æмæ хауæнты кæрæттæ бафтауыны руаджы: Адæм фыццаг афтæ æнхъæлдтой; Иухатт сырдтыл емынæ сыстад; Иугай ныййистæм, ныууагътам нæ бæстæ; Дыууæрдæм рафт-бафт кæны.

Фарст. Куыд арæзт цæуынц фæрссагмитæй фæрсдзырдтæ?

Дзуапп: Фæрссагмитæй фæрсдзырдтæ арæзт цæуынц дыууæ хуызы:

1)фæрссагми фæлхат кæныны руаджы: бадгæ-бадгæ цыд, хъазгæ-хъазгæ, дзургæ-дзургæ.

2)фæрссагмимæ мивдисæджы æбæлвырд формæ бафтауыны руаджы: цæугæ-цæуын, худгæ-худын, дзургæ-дзурын.

Фарст. Куыд арæзт цæуынц фæрсдзырдтæй фæрсдзырдтæ та?

Дзуапп: Фæрсдзырдтæм фæсæфтуантæ кæнæ иуæй-иу хауæнты кæрæттæ куы бафтауæм, уæд сæ саразæн ис ног фæрсдзырдтæ: фалæ-рдыгæй, фалæ-ты, уæлæ-ты, уæлæ-мæ, дæлæ-мæ, æддæ-мæ, уæл-и-ау, дæл-и-ау, фал-и-ау.

Фарст. Цавæр бæрцбарæнтæ ис фæрсдзырдтæн?

Дзуапп: Фæрсдзырдтæн миногонтау ис æртæ бæрцбарæны:

1.Бындурон бæрц (Бæрзонд стахти хохмæ уари);

2.Барæн бæрц. Арæзт цæуы фæсæфтуан -дæр-ы руаджы (Сындæгдæр скъæр дæ машинæ);

3.Уæлахизон бæрц. Арæзт цæуы барæн бæрцы фæрсдзырдтæм дзырдтæ иууыл, æппæтæй, иттæг, æгæр, тынг…æфтауыны руаджы (Бæстæ уыд хæрз сабыр).

Ах. н. Хорз, сывæллæттæ, тынг хорз зонут фæрсдзырд.

Фарст. Уæдæ ма мын зæгъут, хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ та цæвæр уæнг вæййы?

Дзуапп: Фадатон дзырд.

Зæгъæм: Абон дунемæ бæрзондæй цъити ирд цæстæй кæсы.

Дардæй æрбайхъуыст барджыты уынæр. (фæйнæгыл сæ фыссынц)



Хорз сывæллæттæ. Бафæлладыстут æмæ физминуткæ саразæм.

Ха-ха-ха, хи-хи-хи

атилæм гыццыл нæхи.

Алчидæр фæхъæлдзæгдæр кæнæд йæхи,

Цæмæй урокмæ фæрæвдздæр кæнæм нæхи.

Ха-ха-ха, хи-хи-хи

атилæм гыццыл нæхи.

Фæрсдзырд нæм æлвасы йæхи,

æмæ йыл ма атигъ кæнæм нæхи.



Ах. н. Баулæфыдыстæм æмæ кусæм дарддæр.

Текст.

Бакæсын текст æмæ дзы ссарын фæрсдзырдтæ. Бацамонын сын сæ арæзт æмæ сæ нысаниуджытæм гæсгæ цы æвдисынц, уый.



Мыст æмæ нартхоры нæмыг.

Уалдзæг бацыди йæ рады. Миты тæпп никуыуал уыд. Мæргътæ хъарм бæстæй семæ æрбахастой ног, хъæлдзæг зарджытæ. Бæлæстæ сты дидинæг рафтауынæввонг. Сæ сæртæ, сæ къабæзтæ тынгдæр ивазынц арвмæ. Хур та бынтон рæдау нæма у йæ зæлдаг тынтыл.

Ацы афонмæ хоры къутутæ сафтид вæййынц. Баба дæр уисын кауæй нартхор равдæлон кодта сарайы гонмæ. Къутумæ хæстæг ничиуал цыд. Цы иугай гагатæ ма дзы баззад, уыдон сагъæс байдыдтой: «Цы уыдзæн дарддæр, цы фæуыдзыстæм?»

Стыр урс дæндаджы йас нартхоры нæмыг уæлгоммæ хуыссы æмæ иунæгæй æнкъард кæны. Йæ бирæ æмбæлттæй фæхицæн.

Цы уа уымæй зындæр! Ӕрæджы дæр ма-иу афтæ дзырдтой: «Кæд цæргæ – уæд иумæ, кæд мæлгæ – уæддæр иумæ».

Ӕвиппайды цыдæр сыбыртт ауад йæ хъустыл: «Цы уа,цымæ?» Нартхоры нæмыг фæкаст, уынæр кæцæй фехъуыст, уырдæм. Ӕнахуыр цæрæгой. Саудзарм, урсмукъуджын. Йæ лыстæг цæстытæ тыбар-тыбур кæнынц. Йæ хæмхудтæ зæххыл хафгæ æрбацæуы. Цы агуры? Цы йæ хъæуы? Гъе, гъе, цыдæр урс мур фелвæста йæ хъæбысмæ. Абадт йæ фæстæгтыл æмæ йæ хæры.





Фарст. Зæгъут ма мын, сывæллæттæ, фæрсдзырды растфыссынадæй та цы базыдтат?

Дзуапп: 1. Хайыгтæ ма-, ни-, ис-, -дæр, -дæриддæр, амонæн номивæг а æмæ фæсæвæрдтæ –æрдæм, -æрдыгæй фæрсдзырдтимæ фыссын хъæуы æмхæстæй: макуы, никæцæй, искæцæй…

2.Фæрсдзырдтæ: фале, уæле, дæле, фæсте-йы кæронæй фыссын хъæуы е.

3. Фæрсдзырдтæ: æрæджиау, дæлиау, уæлиау, фалиау, фæстиау-ы фæсæфтуан ау-ы разæй фыссын хъæуы хъæлæсон и.



5. Хатдзæгтæ.

Уæдæ, сывæллæттæ, фæрсдзырдæй цы базыдтат, уымæн хатдзæгтæ скæнæм тесты хуызы.



Тестытæ.

1. Фæрсдзырд у ахæм ныхасы хай, кæцы æвдисы:

1)ном;

2)архайды миниуæг;

3)предметы миниуæг.



2 Фæрсдзырдтæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ вæййынц:

1)бæрæггæнæн;

2)фадатон дзырдтæ;

3)зæгъинаг.



3.Цал бæрцбарæны ис фæрсдзырдæн?

1) иу;

2) æртæ;

3)фондз.



4.Цавæр бæрцбарæнтæ ис фæрсдзырдтæн?

1)барæн æмæ бындурон;

2)бындурон, барæн æмæ уæлахизон;

3)уæлахизон.

5.Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ фæрсдзырдтæ цал къордыл дих кæнынц?

1)цыппар;

2)фондз;

3)дыууæ.

6.Фæрсдзырдтæ арæзт нæ вæййынц :

1)миногонтæй;

2)æвастхъæрæй;

3)номдарæй.





6. Рефлекси. (таблицæйы хуызы æххæст кæнынц)

1.Урок мæ зæрдæмæ фæцыд.

2.Урочы æз архайдтон активон/пассивон.

3.Урок мæм фæкаст цыбыр/даргъ.

4. Урокæн æвæрын … .



7. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.



8. Хæдзармæ куыст раттын.

Ныффыссын чысыл аргъау «фæрсдзырды» тыххæй. (Йæ пайда нæ ныхасы).