ПАДДЗАХАДОН БЮДЖЕТОН ÆППÆТ АХУЫРАДОН
УАГДОН СКЪОЛА-ИНТЕРНАТ «АЛАЙНАГ ГИМНАЗ»
С. ДЗÆУДЖЫХЪÆУ
ÆРГОМ НЫХАС
«Фӕндараст, 1-æм кълас!».
ХЪОМЫЛГÆНÆГ:
Г УЫРИАТЫ АРИНÆ
Мероприятийы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Уæ бон хорз сывæллæттæ!
- Абон бӕрӕг кӕндзыстӕм вазыгджын цау- нӕ фыццаг ахуыры азы кӕрон. Бамбæрстат куыд æнæнхъæлæджы атахтысты уæ ахуыры бонтæ? Смах дæр уæдæ айрæзтыстут, базыдтат бирæ ног цыдæртæ, цымæ цытæ уыдон та мын сымах ранымайут. (сывæллæтты дзуæппытæ).
-Ӕнцон нӕ уыд ацы ахуыры аз, урокты хъуыд фыссын, нымайын, кӕсын, ахуыргӕнджытӕм лӕмбынӕг хъусын, кӕм-иу фӕллайгӕ акодтат, кӕм-иу уӕ хуыссӕг ахста, кӕм-иу уын ӕххормаг уыд, ӕмӕ мын фылдӕр, ӕвӕццӕгӕн ме’рбацыдмӕ уымӕн ӕнхъӕлмӕ кастыстут, цӕмӕй уӕ хӕрӕндонмӕ акӕнон афтæ уы? Ам ахуыр кодтат хӕларзӕрдӕ уӕвын уӕ къласӕгтимӕ, кӕд-иу арӕх гыццыл хылтӕ рауади, уӕддӕр.
Нæ дуары къæсæрмæ та уæм æнхъæлмæ кæсы сæрд, уыимæ та уæ улæфæн бонтæ, кæцытæм смах зæрдиагæй æнхъæлмæ кастыстут. Уæдæ абон иумæ загъæм: «Æгас цу сæрд».
Æмдзœвгœ бакœсдзæн: Дзугаты Алана
СӔРД
Хур судзы... Уырыдзы
Хæрынæн бæззы...
Чи хъæдæй рæгъæдæй
Сырх мæнæргъ хæссы,
Чи халсарæй кæмтты
Æргъæмттæ бæтты...
Хуыскъæлæй, æхсæрæй
Кæм цæуынц рæтты!
Цæвæгæй, мæхъитæй,
Æхсырфæй цæттæ,
Хорз байрай, мæ бæстон,
Кæмдæриддæр дæ!
Уыци-уыци:
Четыре ковра рукодельницы ткут,
Один за другим их на землю кладут.
Белый, зеленый, пестрый и желтый.
Ответ здесь мудреный. Его нашел ты?
(Времена года)
Цавæр афæдзы афонтæ ма зонут? Ранымайæм сæ.
- Цавæр афæдзы афон у?
- Йæ разæй та цавæр афæдзы афон уыди?
- Уалдзæджы фæстæ та цавæр афæдзы афон ралæудзæн?
Тынг хорз!
Æмдзœвгœ бакœсдзæн: Дзгойты Батраз
Жду я с нетерпеньем лета
Жду я с нетерпеньем лета,
Потому что в нем тепло
Травка хорошо прогрета
Все в округе расцвело.
И по всей земной планете
Веселиться ребятня…
И еще за то, что летом
День рожденье у меня!
Ныр та ма нывтæм гæсгæ абарæм афæдзы афонтæ, райсæм уалдзæг æмæ сæрд, цавæр хицæндзинад сæ ис иу иннæйæ?
Уæдæ бæстæ цъæх рæсугъд фæлыст куы вæййы, уæд та райдайынц сывæллæтты каникултæ сæрды мæйты. Тынг уарзæм мах сæрды мæйтæ. Цал мæйæ аразт у сæрд: (июнь, июль, август), иронау та сæ зонут куыд хуыйнынц?
- Уæдæ базонæм: Хурхæны мæй – июнь, Сусæны мæй - июль, Майрæмы мæй - август.
Байхъусут чысыл радзырдма:
Кæддæр зæххыл зымæг нæ уыд. Æдзухæй дæр уыд сæрд. Æвæдза, уый диссаджы рæстæг уыд: зæхх-бумбулийау фæлмæн, дон-хъарм, бæлæстæ афæдзы дæргъы цъæх-цъæхид дардтой. Афтæ уыд, цалынмæ иу хатт зымæг нæ фæтæргай, уæдмæ.
-Ай цы хабар у! Æппынæдзух сæрд æмæ сæрд! Цæсгом дæр дзы хъæуы! Æмæ уæд зымæг сæрдыл æддæмæ хæцын райдыдта. Цы фæуа сæрд? Йæхи зæххмæ æрæппæрста, фæлæ уый та их цъар сæвæрдта.
- Сæфын, -дзуры сæрд, цы ма фæуон, зымæг мæ мары. Уалынмæ йæм бæлæсты къуыбæрттæ бадзырдтой:
-Махмæ рацу, мах дæ бамбæхсдзыстæм. Æмæ æцæгæйдæр сæрд бæлæсты къуыбары бамбæхст, зымæгæй йæ сæр уым бафснæйдта. Зымæг аивгъуыдта. Хур йæ зынг цæстæй ныккасти дунемæ. Цæугæдæттæ хæлхæлгæнгæ згъорынц. Бæлæстæ къуыбар рафтыдтой. Сæрд дæр феуæгъд, ссæрибар ис. Уæдæй фæстæмæ сæрд зымæгæй йæхи бæлæсты къуыбары бамбæхсы. Æмæ куыддæр уалдзæг ралæууы, бæлæстыл ног сыфтæр фæзыны, афтæ адæм фæзæгъынц:
- Сæрд ралæууыд!
Сæрды вæййы хъарм. Алы цымыдисаг хъæзтытæй фæхъазут, цæугæдæтты уæхи фæнайут. Бæлæстыл вæййы алыхуызон адджын дыргътæ.
Сæрдыгон викторинæ.
Ацы бæлæстæй бумбули чи уадзы?
- бæрз - гæдыбæлас - тулдз
Ацы гагадыргъ сæрды æрзайы алкæмæй фыццаг:
- мæнæргъы - æрыскъæф - хъæлæрдзы
3) Ацы гагадыргътæй се ппæтæй пайдадæр у:
- хъæлæрдзы - хъæлгъæн -харбыз
4) Цæрæгойтæй йæ фæсæтты фаткъуытæ чи æмбырд кæны , уый у:
- мæлдзыг - уызын - хæдзарон тæрхъус
Хъазт. Улæфт.
− Амдзӕгъд ма кӕнут иууылдӕр;
−Амдзӕгъд ма кӕнӕт, чи уарзы хӕрӕндоны картофджын;
− Амдзӕгъд ма кӕнӕт, азы дӕргъы иу хатт дӕр чи нӕ байрӕджы кодта, уыдон;
− Амдзӕгъд ма кӕнӕт , чи уарзы скъоламӕ цӕуын;
−Амдзӕгъд ма кӕнӕт, дыууӕтӕ фылдӕр чи уарзы;
− Амдзӕгъд ма кӕнӕт, каникултӕ чи нӕ уарзы;
−Амдзӕгъд ма кӕнӕт, хыл кӕнын чи уарзы, уыдон;
−Амдзӕгъд ма кӕнӕт, дыккӕгӕм къласмӕ кӕй фӕнды, уыдон.
Æмдзœвгœ бакœсдзæн: Бекъойты Зæринæ
За весной приходит лето
За Весной приходит Лето
В платье яркое одето.
С Солнцем дружбу оно водит,
Улыбается Природе.
Дарит урожай Земле
И детишкам – крем-брюле.
Отпуск дарит маме с папой,
Воздуху цветочный запах.
Вот такое оно Лето,
Что поэтами воспето.
Ныртæккæ та дæтдзынæн фæрстытæ, смах дзуапп дæттут О æви НÆ.
- Сæрды нæхи фæнайæм? (нæхи хъахъхъæнын хъæуы? Цæмæй?)
- Сæрды нæ уæлæ хъарм дарæс дарæм? Уæдæ кæд?
- Сæрды хæрæм алыхуызæн дыргътæ? ( ам та цæмæй хъахъхъæнæм нæхи?)
- Сæрды скъоламæ фæцæуæм?
- Цæуæм улæфынмæ, денджызмæ?
Уыци– уыцитæ.
СÆРД ДАРÆСЫ ЦÆУЫ, УАЗАЛЫ БÆГЪНÆГ ВÆЙЙЫ.
СÆРД УÆЛÆМÆ ЦÆУЫ, ЗЫМÆГ – ДÆЛÆМÆ
Кæрон
Æмдзœвгœ бакœсдзæн: Рубайты Арсен
Если едем мы на море
Если едем мы на море
С мамой, папой отдыхать
Значит очень-очень скоро
Будем в волны мы нырять.
Будем долго мы играться,
Ведь на улице светло
На деревья забираться.
Только б лето не ушло!