Урочы темæ: Йæ ном цæрдзæн æнустæм!
(Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ»-мæ гæсгæ.).
Урочы нысан: 1.Базонгæ кæнын скъоладзауты фыссæджы цард æмæ
сфæлдыстадимæ. Сфæлхат кæнын рацыд æрмæг.
2. Плиты Иссæйы цард æмæ хæстон сгуыхтдзинæдтыл
æрдзурын.
3. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад гуырын кæнын рæзгæ
фæлтæры зæрдæты.
Урочы сфæлыст: 1.Баситы Михалы къам.
2.Плиты Иссæйы тыххæй æрмæг.
3.Презентацион æрмæг
Урокмæ эпигрæф: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр,
уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ
намысджын хæстонтæй».
Пётр Павленко
.
Урочы цыд.
1.Ахуыргæнæджы разныхас.
Уæ бон хорз, сывæллæттæ! Уалдзæг та ралæууыд, æмæ уалдзæг у цинæвдисæг, амондхæссæг. Уалдзæджы æппæт Уæрæсейы адæм бæрæг кæндзысты Уæлæхизы бон. Бакæсæм видео-равдыстмæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы кинонывы федтат, кæуыл дзы цæуы дзырд, уый.
Дзуапп…
Сывæллæттæ, уæдæ ма зæгъут, се хсæн цы бастдзинадис? Иссæ æмæ Уæлахизы бон.
Дзуапп…
Æмæ ма зæгъут, цæмæн райдыдтон нæ урок ацы видео-равдыстæй?
Дзуапп…
Æвæдза, цæй диссаджы лæгдзинад
равдыста Исса хæсты рæстæджы. Ирыстоны кад бæрзонд чи систа,
йæ ном канд Ирыстоны нæ, фæлæ ма кæй базыдтой суанг фæсарæнты дæр йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Мах базонгæ уыдзыстæм Плиты Иссæйы цард æмæ хæсты быдыры цы лæгдзинад равдыста, йæхицæн æмæ Ирыстонæн кад чи скодта, æмæ ирон адæм æнустæм кæй ном нæ ферох кæндзысты.
Абон нæ урочы равзарам Баситы Михалы радзырд
«Инæлар Плиты Иссæ».
Афæлгæсæм ма фыссæджы цардыл.
Баситы Михал райгуырд 1920 азы Алагиры, Цæгат Ирыстоны. Скъолайы фæстæ каст фæцис Ростовы университеты филологон факультет. Уый фæстæ та æфсæддон училище. Хæцыд Фыдыбæстæйы хæсты.
40-æм азты фæзындысты Михалы радзырдтæ.
1964 азы йын мыхуыры рацыдысты радзырдтæ æмæ новеллæты æмбырдгонд «Ныхæй ныхмæ». 1978 азы рацыд мыхуыры йæ чиныг «Æрфæны фæд».
Фыссæг фыссы ныртæккæ дæр нæ царды ахсджиагдæр фарстатыл, нырыккон литературæйы проблемæтыл.
2. Ахуырг. Байгом кæнæм нæ чингуытæ æмæ акусæм текстыл.
Дзырдуатон куыст.
Надвæндагыл---кæуыл цæуынц, ахæм фæндаг.
Къæсхуыртæарæзт---мæллæг.
Хæрзæлвæст---хæрзконд.
А. Раттын фарстатæ.
--- Ссарын тексты Плиты Иссæ æфсæддон суæвынмæ кам тырныдта , уыцы бынат.
---Куыд сæххæст йæ бæллиц?
--Цавæр сгуыхтыты тыххæй радтой Иссæйæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном?
---Дыккаг хатт та?
---Иссæ ирон адæмæн, Ирыстонæн цавæр кад скодта? (Чиныджы бакæсын).
--- Хæххон цæргæс æй цæмæн хоны фыссæг?
---Ам фыссæг цавæр аивадон фæрæзтæй спайда кодта?
Къордты куыст.
а. Тексты ссарут Иссæйы хæстон арæхстдзинад æвдыст кæм цæуы, уыцы бынат.
æ.Иссæйы хæстон цаутæ Дард Хурыскæсæны.
б. Ссарын лæгдзинад æвдисæн дзырдтæ. (Тетрæдты сæ ныффыссын.)
в. Ссарын диалог æмæ йæ бакæсын.
г.Тексты ссарын вазыгджын дзырдтæ.
д.Тексты ссарын антонимтæ.
Ахуырг.
Æрхæццæ нæм кæны стыр Уæлахизы бæрæгбон. Уæ цæстытыл ма ауайын кæнут, Сæрибары фæзмæ рацыдысты адæм æмæ куыд цин кæнынц бæрæгбоныл .Сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты нæ хæстон хъæбатыртæ, фыццаг рæнхъы, кæй зæгъын æй хъæудзæн, уыдзæн Иссæ.
4.Хæдзармæ уын лæвæрд уыд Иссæйы тыххæй æрмæг бацæттæ кæнын.
Нæ сæр бæрзонд кæмæй хæссæм, йæ ном суанг фæсарæнты кæмæн айхъуыст. Чи зæгъдзæн бæстондæр Иссæйы тыххæй?
Дзуапп…
--- Плиты Иссæ райгуырд 1903 азы 25 ноябры Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Иссæ уыд цоты хистæр æмæ йæм бирæ куыст хауд хæдзары. Лæппу уарзта бæхтæ, бæхыл бадынæй хуыздæр æм ницы каст.1918 азы каст Дзæуджыхъæуы реалон училище. 1922 азы комиссар Николаевы æххуысæй бацыд Дзæуджыхъæуы хицæн сæрмагонд Кавказаг æфсады къордмæ. Нудæсаздзыдæй Иссæ йæ цард сбаста Сырх Æфсадимæ. Къаманды кодта æфсæддон къордтæн.
1926 азы æрвыст æрцыд Ленинграды кавалерион скъоламæ æмæ йæ æртæ азы фæстæ каст фæци иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. 1936 азы дыууæ азы æмгъуыдмæ æрвыст æрцыд фæсарæнтæм. Уый фæстæ æрвыст æрцыд ахуыр кæнынмæ Генералон штабы академимæ, фæлæ йын Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ ахуыр аскъуыдта.
Ахуырг.
Сывæллæттæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Иссæ йæхи арæхстджын æмæ æхсарджын разамонæгæй равдыста канд нæхи Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр бæстæты дæр.
---Чи зæгъдзæн, кæцы горæтты æмæ бæстæты хæцыд Иссæ хæсты рæстæджы?
Дзуапп…
Плиты Иссæ архайдта Смоленскы облæсты, Мæскуыйы бынмæ, Сталинграды бынмæ, Хуссар Украинæйы, Белоруссийы, Венгрийы, Польшæйы,Румымы, Австрийы, Чехословакийы тохты æмæ милитаристон Японимæ хæсты.
50 азæй фылдæр службæ кодта Советон Цæдисы Гæрзифтонг Тыхты æмæ фæцыд салдатæй æфсады инæлары-æфсæддон окруджы командæгæнæджы фæндагыл.
Ахуырг.
Æркæсæм ма, Иссæйы къаммæ. Йæ риуыл цас майдантæ æмæ ордентæ ис. Цавæр хæрзиуджытæ райста Иссæ йæ хæстон сгуытдзинæдты тыххæй?
Дзуапп…
Æфсады инæлар Плиты Иссæ йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй райста 47 советон æмæ фæсарæйнаг хæрзиуæджы.
Уыдонимæ: Сухе-Баторы æртæ ордены, Полярон стъалы, Хæстон Сырх Тырысайы ордентæ æмæ ма ноджыдæр Монголы Адæмон Республикæйы цыппар майданы; Венгрийы Адæмон Республикæйы Сырх Стъалыйы орден, Польшæйы Адæмон Республикæйы ордентæ, Чехословакийы Хæстон Сырх Тырысайы орден, Социалистон Республикæ Румыны Тудор Владимирскуйы1-аг къæпхæны орден, францаг ордентæ: Кадджын легионы Командор æмæ ᴁфсæддон дзуар, президнет Рузвельтæй орден «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» æмæ æндæртæ.
Ахуырг. Цы зонут хæсты тыххæй?
Чи уын радзырдта хæсты хабæрттæ?
Уæ бинонтæй хæсты чи уыдис?
Дзуапп…
Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй Иссæ уарзта бæхтæ, бæхыл бадынæй хуыздæр æм ницы каст. Адæймагæн æмбал æрмæст адæймаг нæ вæййы. Иссæйы æмбал йæ бирæ хæстон балцыты уыд йæ бæх
5. Ахуырг. ---Зындгонд бæхыл бадæг Хъантемыраты Алыбег афтæ загъта: «Бæх у, адæймаджы зæрдæ æппæтæй хуыздæр чи æмбары, ахæм цæрæгой, æмæ йæ зæрдæхудты ма бацæут».
---Сывæллæттæ , цы зонут бæхы тыххæй? Радзырд , æмбисонд.
Дзуапп…
Цæрæгойтæй дæр ис, æмбал кæй схонæн ис, ахæмтæ. Хæсты рæстæджы цæрæгойтæй уæлдай уаргъ æруайы бæхыл. Бæхæй уарзондæр, æмбаргæдæр, кадджындæр цæрæгой нæй. Уый йæ хицауы æмбары йæ цæстæнгасæй дæр. Хæстыты дæр бæх адæймагау æвдыста стыр хъару æмæ хъæбатырдзинад. Йæ хицау-иу куы фæцæф, уæд-иу æй рахаста æдас ранмæ.
Хæсты нæ, фæлæ сабыр царды дæр бæх бирæ пайда у адæймагæн. Куырттаты комы бæхæн ис цыртдзæвæн.
Ахуырг.
---Зæгъут-ма, уæдæ, ирон литературæйы цавæр уацмысты æмбæлæм бæхимæ?

Дзуапп: «Зæлимхан», «Нарты кадджытæ», (Нарты Уырызмæджы бæх «Æрфæн»).
---Бæхимæ баст ирон æгъдæуттæ цавæртæ зонут?
Дзуапп: 1.Бæхты дугъ.
2.Мады фсымæры бæх давын.
Ахуырг.
Сывæллæттæ, махæн, ирон адæмæн нæ адæмон сфæсдыстад тынг хъæздыг у. Цæмæй хъæздыг у, чи зæгъдзæн?
Дзуапп…
---Уæдæ чи зæгъдзæн бæхы тыххæй æмбисæндтæ.
а. Хорз бæх лæджы аргъ.
æ. Хорз бæхы ехс нæ хъæуы.
б. Бæхæй уарзондæр фос нæй.
6.Ахуырг.
Абон нæ урочы дзурæм Иссæйы тыххæй ,фыст дæр æрцыд бирæ уацмыстæ, поэмæтæ. Адæм сæ кæсынц зæрдиагæй. Не ʼмзæххон Плиты Иссæйы тыххæй чиныг «Впереди атакующих эскадронов» йæ автор – оставкæйы булкъон Иван Юрков фыссы: «Уæд, мартъийы, уыдис æвзæр боныхъæд. Къæвда æмæ мит фехæлдтой фæндæгтæ, фæлæ уæддæр хæстонтæ тох кодтой Одессæ суæгъд кæныныл. Сæ хъару асистис, фæлæ уæддæр размæ цыдысты. Инæлар сын йæхæдæг ныфс лæвæрдта фæллад хæстонтæн».
Иссæйы хуызæн хъæбатырты фæрцы мах абон цæрæм нæ райгуырæн бæстæйы сæрибарæй. Адæймагæн Фыдыбæстæ куы нæ уа, сæрибар куы нæ уа йæ райгуырæн зæххыл, уæд ахæм цардæй мæлæт хуыздæр.
Уалдзæджы хуыздæр мæйтæй иу у зæрдæвæрæны мæй. Уалдзæг та у циндзинад æмæ цардамонд хæссæг адæмæн. Æрдз бæрæгбонхуыз йæхи сфæлынды. Бæстæ дидинæг акалы. Хур бæрзонд йæхи сисы æмæ æхсызгонæй фæтавы. Майы мæй уæлдай æхсызгондæр æмæ уарзондæр уымæн у, æмæ кæй бæрæг кæнæм 9 майы - стыр Уæлахизы бон.
Нæ урокмæ эпигрæфæн райстон номдзыд хæстон уацхæссæг Пётр Павленкойы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».
Сываллæттæ, куыд уæм кæсы, абон райхæлдтам Пётр Павленкойы ныхæстæ? Кæй руаджы?
Нæ номдзыд хъæбатыр Иссæйы руаджы.
Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæм дæр, иннæ адæмтау сæ тых, сæ хъару сарæзтой знаджы ныхмæ, райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ.
Фыдыбæстæйы сæрибардзинады тыххæй бирæ туг ныккалд нæ уарзон Ирыстоны зæххыл.
Хæдзармæ уын лæвæрд уыдис бацæттæ канын, хæсты рæстæджы хъæбатырæй йæхи чи равдыста , Ирыстоны зæхх знагæй чи бахъахъхъæдта, ахæм æрмæг.
Дзуапп…1. Пётр Барбашов.
2. Доййаты Дауыт.
3. Джызæлы тыххæй радзурын.
7.Ахуырг.
Фыдыбæстæйы Стыр хæст… Хæст… Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы зæрдæ ныккæрзы. Ирыстонæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ чи ацыд, уыдон уыдысты 85521 адæймаджы. Уыдонæй фæмард хæсты 46900 адæймаджы. Дыууæ хæдзармæ дзы нал сыхдæхтысты æвдгай æфсымæртæ: Гæздæнтæ æмæ Кобегкатæ; 7 хæдзармæ – æхсæзгæйттæ; 36 хæдзармæ – фæндзгæйттæ; 92 хæдзармæ – цыппæргæйттæй; 100-гай хæдзæрттæм – æртыгæйттæй. Куыд уынæм, афтæмæй æнцонтæй нæ бафтыд Уæлахиз къухы.
Уæ хъæумæ куы æрбацыдтæн, уæд иу уынджы ссæйцыдтæн æмæ дзы федтон зæронд хæдзар. Куыд мын бамбарын кодтой, афтæмæй уыцы хæдзар у тынг рагон хæдзар. Æркæсут ма йæм. Ныр дæр ма йæ хæсты нæмыгдзæфтæ бæрæг сты йæ къултыл. Хæст раджы фæци, фæлæ уыцы хæдзар абон дæр ма йæ хицаумæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ, æвæццæгæн, хæсты æбæрæгæй фесæфт.
Диссаг у, æвæдза, Иссæ куы зыдтаид, хæсты йæ архайын бахъæудзæн, уæддæр æй бафæндыдаид æфсæддон сувын? Йæ бæллиц сæххæст уыдаид?
Дзуапп …
8. Сфæлдыстадон куыст.
--- Сывæллæттæ, нæ цæстытыл ма ауайын кæнæм, фыссæг хъæбатыр Иссæйы хæххон цæргæсимæ куыд бары . Фидар удыконд кæмæ разынд, сæрыстыр кæмæй стæм, æмæ уæм куыд кæсы, цæй хуызы æххæст æрцыд Иссæйæн йæ бæллиц?.
(Дзуапп ссарын чиныджы).
Сымахмæ та цавæр бæллицтæ ис?
(Ныффыссын цыбыр нывæцæнтæ).
9. Нæ райгуырæн Ирыстоны бирæ рæсугъд бынæттæ ис. Фæлæ ма зæгъут, Иссæйæ номимæ баст бынæттæ Ирыстоны кæм фембæлут?
Дзуапп…
---Цыртдзæвæн Аграрон университеты раз.
---Иссæйы фæзуаты.
---Иссæйы номыл музей.
---Уынг Иссæйы номыл.
Иссæйы номыл ис цыртытæ, уынгтæ, фæзуæттæ куыд нæхимæ, афтæ Уæрæсейы æндæр горæтты дæр: Ростовы, Краснодары, Новошахтинскы, Одессæйы. Суанг ма йын фæсарæнты дæр йæ ном нæ рох кæнынц.
Ахуырг.
Æрмæг бафидар кæнын.
На урокæн хатдзæгтæ скæнæм.
а. Бæстондæр дзуæппытæ чи ратта?
æ.Хуыздæр чи бакуыста?
б. Активондæрæй чи архайдта урочы?
в. Æмæ, уæдæ, сывæллæттæ, нæ урочы ногæй цы базыдтат?
г.Уæ зæрдæмæ тынгдæр цæмæй фæцыд Исса?
д. Сывæллæттæ, куыд уæм кæсы, цæмæй Иссæйы хуызæн ныфсджын, ныфсхаст æмæ хъæбатыр уат, уый тыххæй цы хъæуы?
Ахуырг.
---Иссæ куы руатон, куы æррынчын, йæ царды фæстаг бон куы æрхæццæ, уæд æфсады инæлар бафæдзæхста, цæмæй йæ йæ чысыл райгуырæн бæстæйыл сæмбæлын кæной. Уыцы фæдзæхст æххæстгонд æрцыд.1979 азы 8 февралы Иры дзыллæ Иссæйы бавæрдтой Намысы аллеяйы..
---Абон нæ урочы мах дзырдтам Плиты Алыксандры фырт Иссæйы тыххæй. Ирон лæджы кад æмæ намыс бæрзонддæр къæпхæнмæ чи систа. Æмæ махæн нæ хæс у, уыцы кад дæлæмæ ма руадзын.
Цæмæй афтæ уа, мæ хуртæ, уый тыххæй хъæуы æгъдауджын уæвын, хорз ахуыр кæнын, ныййарджытæм хъусын æмæ Райгуырæн бæстæ уарзын, æмæ уæд уыдзыстут æцæг патриоттæ.
Ирон адæм мысынц æмæ сæ зæрдыл дарынц сæ номдзыд фыртты. Йæ удæгасæй дæр ыл кады зарæг уымæн скодтой Иссæйыл.
« Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц». (Зарæг).
10. Ацы аз дæр та, 9 майы, бæрæг кæндзыстæм Уæлахизы бæрæгбон, æмæ уыл кæддæриддæр хъæлдзæг бæрæгбæттæ цæуæд. Цы бæллицтæ уæм ис, уыдон уын сæххæст уæнт.
11. Бузныг уеппæтæн дæр.