СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Хетагкаты Къоста "Балцы зараг". Иудзинадма сидт амдзавгайы.

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок по литературе в 6 классе по теме Хетагкаты Къоста.Амдзавга "Балцы зараг".Иудзинадма сидт амдзавгайы.

Просмотр содержимого документа
«Хетагкаты Къоста "Балцы зараг". Иудзинадма сидт амдзавгайы.»

Темӕ : Хетӕгкаты Къоста «Балцы зарӕг». Иудзинадма сидт ӕмдзӕвгӕйы.

Урочы нысан:

1.Ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг»- има базонга канын.

2. Ныхасы рӕзт ӕмӕ аив кастыл бакусын.

3.Хӕлардзинад ӕмӕ иудзинадма уарзондзинад ӕвзӕрын кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты.

Урочы ӕрмӕг: компьютер (презентаци), интерактивон фӕйнӕг, хиконд хӕлардзинады дидинджытӕ, фӕткъуыбӕлас (ныв), ирон мелодитӕ,зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнынӕн таблицӕтӕ.

Урочы цыд.

Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг: Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ.(1 слайд).

Абон нӕ урокмӕ ӕрбацыд уазджытӕ, ӕмӕ сын, уӕ хорзӕхӕй , ӕгас цу зӕгъӕм.(2 слайд).

Сывӕллӕттӕ, нӕ урок мӕ райдайын фӕнды цыбыр цымыдисаг таурӕгъӕй. Лӕмбынӕг мӕм ӕрбайхъусут, цӕмӕй фӕстӕдӕр иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм таурӕгъӕн йӕ сӕйраг хъуыды.(3 слайд).

Хиуарзон цӕугӕдоны сӕфт.

Цымӕ цы ис рӕсугъддӕр ӕрдзӕй. Тархъӕд йӕ хъӕбысы бакодта иу нарӕг цӕугӕдон ,ӕмӕ йыл ӕхсӕвӕй- бонӕй узӕлыд. Буц уыдис мӕргъты алыхуызон зарджытӕй. Сӕ дойны дзы састой ӕппӕт хъӕддӕг цӕрӕгойтӕ дӕр. Нӕ зыдта ӕнцой йе згъорынӕй .Райсомы уддзӕф ын иу йӕ рог уылӕнтӕ арӕхстгай фаста, дон дӕр ын цыма йӕ сусӕг ныхӕстӕ дзырдта, уыйау сыбар –сыбур кодта.

Иу бон куы уыд, уӕд фырхъалӕй йӕ фӕндаг акодта ӕнӕкӕрон тыгъд быдырыл. Хуры тынтӕм цӕхӕртӕ скалдтой йе взист уылӕнтӕ. Бынтодӕр ныббуц ис йӕхицӕй хиуарзон дон. Бацин ыл кодтой быдираг дӕттӕ дӕр. Фӕндыдис сӕ йӕ ӕрбахъӕбыс кӕнын дӕр.Фӕлӕ…Нӕ бакуымдта хӕлар бакӕнын иунӕг цӕугӕдонимӕ дӕр, афтӕмӕй йӕ фӕндаг размӕ дардта.

Цас фӕцыдаид чи зоны, фӕлӕ иу бон йӕ сатӕг фӕд фесӕфт.

Абон дӕр ма йӕм иудзинады минӕвармӕ чи сидти , уыцы уӕрӕх быдыры дӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.

Фарстатӕ:

Ӕрбакӕсут- ма, цавӕр уавӕрты згъордта хъал дон хъӕды астӕуты?

Куыд аивта йӕ уавӕр тыгъд быдыры ӕмӕ цӕмӕн?

Уӕдӕ цӕмӕ сидтысты быдырты дӕттӕ? Иу ныхасӕй мА йӕ зӕгъут? (иудзинадмӕ).

-Уӕдӕ нӕ абоны урочы ныхасы сӕр дӕр ацы дзырды нысаниуӕгимӕ баст уыдзӕн.

- Рахизӕм- ма уӕдӕ нӕ ног темӕмӕ (5 слайд).

Эпигрӕфӕн райстон Зассеты Мерабы ӕмдзӕвгӕ «Раст ма мӕ Ирыстон»- зӕгъгӕ йӕ ист рӕнхъытӕ (6 слайд).

Раст ма мæ Ирыстон, баризой къæдзæхтæ
Расид дæ адӕмтӕн арфӕйаг цард
Номдзыддæр фыртты зæрдæрыст фæдзæхсттæ
Иумæ нæ фæндаг, æмæ иумæ нæ зард!

Мераб Зассеты
 

Поэт куры Ирыстонӕй йӕ адӕмтӕн арфӕйаг цӕрд,ома хӕлар, зӕрдӕрухс, сӕрибар ӕмӕ иумӕйаг.

- Нӕ абоны урочы хӕстӕ сты (7 слайд).



- Сывӕллӕттӕ, зӕгъут- ма, цавӕр стыр бӕрӕгбон фӕбӕрӕг кӕнынц Ирыстоны адӕм кӕфты мӕйы 15-ӕм бон?(дзуапп).

Уӕдӕ нӕ абоны урок баст у Ирыстоны ирддӕр стъалы Хетӕгкаты Леуаны фырт Къостайы номимӕ ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ (скъоладзауы ном) бацӕттӕ кодта ӕмдзӕвгӕ «Къостайы цытӕн». Ныффыста йӕ Гасситы Фатимӕ.



Ӕмдзӕвгӕ «Къостайы цытӕн».

Нары хъӕу, куыд рӕсугъд у дӕ равӕрд

Цӕй диссаг у дӕ ӕрдзӕн дӕр йӕ хуыз,

Урс цъити дыл дзаг хъӕлӕсӕй зарӕд,

Дӕ уӕлдӕф нын ӕвдадзы хосы хыз!



Ам райгуырдис хъӕбул, ӕфхӕрд знагӕй

Нӕ рухстауӕг- Леуаны фырт Къоста

Нӕ уарзта уый ӕлдары къӕлӕт рагӕй

Йе мдзӕвгӕтӕй сон хъалон фыста.



Ирон фӕндыр сӕууон стъалыйау сдардта

Йӕ фыссӕн сисӕй царды рызт дзырдта

Йӕ уацмысты ӕлдары фӕлгонц – халон

Йӕ сӕнтты йӕ нӕ Ирӕй дард сырдта.



Мӕ ныхасы сӕр райдыдтон Къостайӕ

Йӕ «Додой»-йӕ нӕ Ирӕн ард хӕрӕм!

Фыдӕлты намыс кад ӕмӕ ныфсджынӕй

Ӕнусты бонты фарнимӕ хӕссӕм!

Къостайы зӕрдӕ тынг рысти цагъайраг дуджы цӕрӕг адӕмыл. Йӕхицӕн бынат нӕ ардта ӕдых, ӕнӕхицау адӕмы тӕригъӕдӕй. Йӕ мӕгуыр уд нывондӕн хаста адӕмы сӕрибардзинадӕн. Фӕндыд ӕй цӕмӕй адӕм ӕмдыхӕй ӕмӕ ныфсджынӕй куы сыстадаиккой сӕ бартыл хӕцынмӕ. Ӕмӕ йӕ уды рыстӕй равзӕрдис ӕмдзӕвгӕ «Додой».

Хъарӕгау айхъуыст Ирыстоны кӕмттыл Къостайы зӕрдӕхалӕн фӕдис…(10 слайд).

Ӕмдзӕвгӕ «Додой» кӕсы ахуырдзау.

Фарста:Цӕмӕ сидти Къоста? Цӕуыл уыд йӕ фӕдис?(дзуапп)

- Хъарӕджы ныхӕстӕ раивтой зарӕджы рӕнхъытӕ. Иудзинадмӕ бӕлгӕйӕ аив дзырды дӕсны нӕ бавгъау кодта йӕ курдиатӕтӕй ӕмӕ азӕлыд ӕгас Ирыстоныл иудзинады гимн «Балцы зарӕг». Уый мӕгуыр ӕфхӕрд адӕмы бауагъта уд, ӕрлӕууын сӕ кодта рухсмӕ фӕндагыл.

Ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг».

Цымӕ цӕмӕн схуыдта Къоста йе мдзӕвгӕ Балцы зарӕг ӕмӕ цы амоны дзырд БАЛЦ?(слайд 12)

Ныр та байгом кӕнут уӕ чингуытӕ ӕмӕ ӕркӕсӕм ӕмдзӕвгӕйы текстмӕ.

Тексты фембӕлдзыстӕм ахӕм зынӕмбарӕн дзырдтимӕ…

Дзырдуатон куыст:

Иры лӕппутӕ – Ирыстоны лӕппутӕ.

Дзыллӕ – бирӕ адӕм.

Рухсмӕ цӕуын – хуыздӕр цардмӕ цӕуын (ома рӕстдзинадмӕ, сӕрибармӕ).

Ӕнгомӕй – иумӕйагӕй, кӕрӕдзи уарзгӕйӕ.

Магуса – кусын чи нӕ уарзы, ахӕм адӕймаг.



Ӕз ӕмдзӕвгӕ бакӕсдзынӕн, сымах та мӕ фӕстӕ.

-Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ «Ӕфсымӕртау радтӕм нӕ къухтӕ»?

Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ «Скӕнӕм нӕ тырыса дзыллӕйы номӕй».

Цавӕр ахадындзинад ис ирон тырысайӕн нӕ адӕмты хсӕн?

Цы амонынц йӕ хуызтӕ?

(Тырыса у ирон адӕмӕн сӕ удты сыгъдӕгдзинад, хъӕбатырдзинад ӕмӕ бӕркады нысан.) Поэты фӕнды, цӕмӕй уыцы миниуджытӕй хайджын уыдаиккой аппат дзыллата, ама уӕд рухсмӕ, ома ног цардмӕ фӕндаг дӕр ӕнцондӕр у.Ӕнӕныфс ӕмӕ магусатӕн та дзы ӕппындӕр бынат нӕй.

«Гъе, мардзӕ, магуса, фесӕф нӕуӕндаг».

Фарста:Тексты кӕцы дзырдтӕ бӕрӕг кӕнынц иудзинадмӕ сидт? (слайд11)

- Ныр та бӕстондӕрӕй ӕрлӕууӕм дзырд ИУДЗИНАД-ы нысаниуӕгыл.

1. Куыд сырӕзы иудзинад?

2.Чи сты иудзинад аразджытӕ?

3. Цавӕр ахастдзинӕдтӕ хъуамӕ уа иудзинад аразджыты хсӕн?(слайд13)

(слайд 14)



Къостайӕн йӕ иудзинадмӕ сидты ныхӕстӕ афтӕ бацыдысты адӕмты зӕрдӕты, сӕ удтӕ ӕмӕ сӕ зондахаст афтӕ сфидар сты,ӕмӕ ныфсджынӕй иумӕ ӕрлӕууынц кӕддӕриддӕр зындзинӕдты, фыдгӕнӕг знаджы ныхмӕ. Райгуырӕн зӕхх ӕмӕ йӕ адӕмы сӕрвӕлтау. Ӕфсымӕртау цыдысты мӕрдтӕм сӕрибармӕ бӕлгӕйӕ. Сӕ ингӕнтӕ дӕр ӕфсымӕрон ингӕнтӕ хуындысты. (слайд 15).

Презентаци «Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайджытӕ».(видеоролик) Хъусынгӕнинаг ацы темӕмӕ гӕсгӕ бацӕттӕ кодта сккъоладзау.

- Мах хӕлардзинад ӕмӕ иумӕйаг царды кой ӕрмӕст абоны урочы нӕ кӕнӕм…5- ӕм къласы ахуыргӕнгӕйӕ базыдтам бирӕ уацмыстӕ, кӕцытӕ нӕ сахуыр кодтой бирӕ раст ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ миниуджытыл.(слайд 16).

Фарста :Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм цавар уацмыстӕй ист сты ацы нывтӕ?

Кӕронмӕ ма ахӕццӕ кӕнут ацы рӕнхъытӕ…(слайд 17).

1.Мӕн фӕнды, цӕмӕй Сауи ӕмӕ Будзийы хуызӕн лӕппутӕ…..

2.Мӕ зӕрдӕ фӕхудти зылын лӕгыл…

3.Лӕг равдыста стыр зӕрдӕхӕлар, цӕстуарзон ӕмӕ хӕрзаудындзинад….

(Кӕцы лӕгмӕ хауынц ацы миниуджытӕ).

-Абоны урокмӕ уын загътон сахуыр кӕнын фӕйнӕ ӕмбисонды хӕлардзинады тыххӕй.

Уӕдӕ ма уын сӕ ӕз дӕр баххӕст кӕндзынӕн (слайд18)

- 6- ӕм «б» къласы ахуырдзаутӕ нын нӕ абоны гом урокмӕ балӕвар кодтой хӕлардзинады дидинджытӕ сӕ арфӕтимӕ. Уӕ риуы арфы дарут ӕппӕт ацы фарны миниуджытӕ цӕмӕй рӕсугъдӕй хъуыса нӕ арфӕйы зард.(слайд 19)

- Ныр та уӕдӕ нӕхи аирхӕфсӕм . Зарӕг «Ӕмгӕртты бӕллиц- иудзинад».

Къордты куыст.

1 къорд: Цыбыр нывӕцӕн « Иудзинад – нӕ сомбон».(20слайд)

2 къорд : Къулылкӕнгӕ газет «Иудзинад нӕ сомбон»(20 слайд).

Хатдзӕгтӕ:

Уӕдӕ абон сбӕрӕг кодтам иудзинады нысаниуӕг.

Цы райстат нӕ абоны урокӕй ногӕй уӕхицӕн? (слайд21)

Хатдзӕгтӕ:

1. Хӕлар цардӕй райгуыры иудзинад.

2. «Балцы зарӕг» мӕгуыр адӕмӕн ныфс ӕмӕ хъаруйы сидт.

3.Ӕнӕ иудзинад нӕй адӕмтӕн сомбон.

Рефлекси:

Ӕртӕккӕ алчидӕр банымайӕд йӕ дзуӕппытӕ таблицӕмӕ гӕсгӕ, скӕнӕд йӕ зонындзинӕдтӕн бӕлвырд аргъ ӕмӕ равзарӕд хъӕугӕ бӕрӕггӕнӕны хуыз. Бӕрӕггӕнӕнтӕ та сты фӕткъуытӕ… Сырх- иттӕг хорз, бур- хорз, цъӕх- хуыздӕрхъуаг.Бафидар сӕ кӕнут нӕ дыргъбӕласмӕ.

Хæдзармæ куыст:

Ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг» зӕрдывӕрдӕй сахуыр кӕнын.

Ныффыссын нывӕцӕн «Иудзинад- адӕмты сомбон»

Бӕлас йӕ уидӕгтӕй фидар у, адӕймаг та ӕрдхӕрдтӕй, ӕмбӕлттӕй.Гъемӕ, Стыр Хуыцау ӕгас Ирыстоны цӕрӕг адӕмтӕн дӕр ахӕм арфӕйаг цард радтӕд, ӕмӕ куыд хъуыса нӕ иудзинады зард фӕрнджын фӕндӕгтыл Зассеты Мерабы арфӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ.

Ӕмдзӕвгӕ «Нӕ кӕстӕртӕн мӕ фӕдзӕхст». Гасситы Ф.( кӕсы ахуырдзау).

Арфӕгонд ут!