ХИСТÆР КЪОРДЫ САБИТИМÆ
ÆНÆРЫНЦОЙ АХУЫРАДОН АРХАЙДЫ КОНСПЕКТ
ТЕМÆ: Къаппа-къуппатæ – хуры зæххон минæвæрттæ
НЫСАНТÆ: - Сфæлхатын æмæ бафидар кæнын сабиты зонындзинæдтæ къаппа-къуппаты тыххæй: йæ арæзтад, сзайыны домæнтæ æмæ царды зылды тыххæй, йæ пайдайаг миниуджытæ æмæ йæ ахадындзинады тыххæй цæрæгойтæ æмæ адæймагæн.
- Рæзын кæнын сабиты экологон культурæ, сæ хъуыдыкæнынад æмæ зылдкаст; хъæздыгдæр кæнын сæ дзырдуат, парахат кæнын сæ баст ныхас.
- Хъомыл кæнын уарзондзинад æмæ хъавгæ ахаст пайдайаг зайæгойтæ æмæ, æмтгæй райсгæйæ та – æрдзмæ. Ахуыр сæ кæнын куыд удæгас, афтæ æнæуд æрдз дæр хъахъхъæнын æмæ сыл аудын.
ÆРМÆГ: хъазæн мыдыбындз; мультимедион нывтæ æмæ презентацитæ: «Къаппа-къуппайы хæйттæ», «Кæм зайынц къаппа-къуппатæ?», «Кæй хъæуынц æмæ цы пайда сты?»; пурти; гæххæттын тымбылæгтæ къаппа-къуппаты царды зылды хицæн афонты нывтимæ (алкæмæн дæр); лыггонд нывтæ.
АРХАЙДЫ ЦЫД:
I. Сабитимæ ныхас уалдзæджы тыххæй.
- Сабитæ, базонут-ма уый кæд вæййы:
Ног та сулæфыдис зæхх,
Кæрдæг быдырты фæцъæх,
Нал аззадис ихтæ малы,
Кæрдо урс дидинæг калы.
- Уалдзæджы вæййы, иттæг раст. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм уалдзæджыы бæрджытæ, ранымайæм ын йæ нысантæ. (сабитæ дзурынц)
- Мæ хъустыл цыдæр дыв-дыв уайы. Сымах æй нæ хъусут? Цымæ, цы уа?
- Мæнмæ гæсгæ, хуыссæнуатæй цæуы… Ныртæккæ йæ фендзынæн. (хъомылгæнæг хуыссæнуатмæ бацæуы æмæ хъазæн мыдыбындзы рахæссы)
- Мæнæ и нæ дыв-дывгæнаг. Цы у, сабитæ? Æмæ нæм, цымæ, цæмæ æрбатахт? Уый бамбардзыстæм, уыци-уыци куы базонат, уæд.
Хуртуан фестад бæстæ –
Къуылдымтæ ҆ мæ фæзтæ.
Сæ сызгъæрин къоппатæ
Сдардтой… (къаппа-къуппатæ)
- Базыдтат æй (хъомылгæнæг тæрхæгæй райсы вазæ къаппа-къуппатимæ)
- Æвæццæгæн, ацы мыдыбындзы дæр нæ уатмæ къаппа-къуппаты хæрздæф æрбасайдта. Мах сымахимæ тынг бирæ базыдтам ацы пайда зайæгойы тыххæй. Цæй, æмæ цы зонæм, уый нæ уазæгæн дæр радзурæм. Разы стут?
II. Презентацимæ æркаст.
- Нæ ныхас райдайæм зайæгойы хæйттæй. Зæгъут-ма, цавæр хæйттæй арæзт у къаппа-къуппа? (сабитæ нывмæ гæсгæ дзурынц дидинæджы арæзтады тыххæй. Алы хайы ном дзурынц, сабитæй чидæртæ рацæуынц экранмæ æмæ сæ æвдисынц нывыл)
- Тынг хорз. Ныр та радзурæм, кæм ис фенæн ацы дидинджытæ, кæм зайынц? (сабитæ дзуапп дæттынц, экраныл æвдыст цæуынц æмбæлгæ нывтæ)
- Хорз сарæхстыстут, тынг бирæ радзырдтат. Ныр æрцыд рæстæг иучысыл аулæфынæн, стæй та уæд нæ ныхас адарддæр кæндзыстæм.
III. Сыгъдæгдзуринаг-улæфты минут
Къаппа-къоппа – къæбæлдзыг,
Къаппа-къоппа – хæтæлдзыд,
Къаппа-къоппа – дæлвæзы,
Къаппа-къоппа – уæлвæзы.
IV. Дидактикон хъазт «Къаппа-къуппайы царды зылд» (нывтимæ)
- Сабитæ, зæгъут-ма, цæмæй къаппа-къуппа сзайа æмæ рæза, уый тыххæй йæ цы хъæуы, цавæр уавæрты хъуамæ уа?
- Иттæг раст дзуæппытæ дæттут. Уæдæ ма ныр та, мæнæ уæ разы цы нывтæ ис къаддæр тымбылæгтыл, уыдон егъаудæр тымбылæгыл равæрут, къаппа-къуппайæн йæ царды зылд куыд амоной, афтæ. Ома, раздæр цы уыди æмæ уыйфæстæ цы уыди, уый куыд разына, афтæ (сабитæ архайынц)
- Сæххæст кодтат уæ хæс. Ныр та йæ дзургæ дæр ракæнæм (аразынц радзырд нывмæ гæсгæ)
- Тынг хорз, мæ зæрдæ уæ райы! Ныр та пуртиимæ ахъазæм.
V. Змæлгæ хъазт «Ссар дзырд»
- Зæгъут-ма, къаппа-къуппатæ уæм цæй хуызæн кæсынц? Ныртæккæ æз радыгай алкæмæ дæр пурти æппардзынæн æмæ дзурдзынæн иу цавæрдæр дзырд. Пурти кæмæ баппарон, уый хъуамæ ссара ахæм дзырд, æз кæй зæгъон, уый æнгæс чи уа. Зæгъæм, æз загътон «бур». Пурти кæмæ уа, уый та хъуамæ æрхъуыды кæна бур цы вæййы, уый æмæ йæ зæгъа, зæгъæм: «Бур – хуры хуызæн». Æмæ афтæ иннæ дзырдтимæ дæр.
Дзырдтæ: бур
тымбыл
фæлмæн
урс
хæмпус
рæсугъд
VI. Презентацимæ æркаст «Кæй хъæуынц къаппа-къуппатæ æмæ цы пайда хæссынц?»
- Сымахмæ гæсгæ, нæ мыдыбындз къаппа-къуппаты тæфмæ цæмæ æрбатахт? Цæмæ йæ æрбаласта, цæй тыххæй йæ зæрдæмæ цæуы?
- Уæдæ ма радзурæм, кæй хъæуынц къаппа-къуппатæ æмæ сын цы пайда хæссынц (сабитæ дзурынц презентацийы нывтæм гæсгæ)
- Тынг бирæ зонут ацы пайда зайæгойы тыххæй. Нæ мыдыбындзы зæрдæмæ дæр уæ радзырдтæ тынг фæцыдысты. Цæй, æмæ ма йын лæварæн ацы дидинджыты нывтæ æмбырд дæр скæнæм мæнæ ацы лыггонд нывтæй. Фæлæ уал не ҆ нгуылдзтæ иугыццыл базмæлын кæнæм.
Æнгуылдзты гимнастикæ.
Къаппа-къуппа – арвыл хур (сомкнуть пальцы, образуя бутон)
Къаппа-къуппа дары бур (приложить кисти основаниями друг к другу)
Къаппа-къуппа – арвыл мæй (выпрямить пальцы)
Къаппа-къуппа бафынæй (соединить кисти с прямыми пальцами и подложить по щеку)
VII. Дидактикон хъазт «Æрæмбырд кæн къаппа-къуппайы ныв»
VIII. Хатдзæг.
- Æнхъæл дæн, æмæ нæ мыдыбындз тынг разыйæ баззад, уыйбæрц дидинджытæ йын кæй слæвар кодтам, уый тыххæй.
- Сабитæ, куыд уæм кæсы, нæ абоны фембæлд уын пайда уыд æви нæ?
- Нæ архайдæй тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыди?
- Цæмæн хъæуы къаппа-къуппатæ хъахъхъæнын, дзæгъæлы сæ тонын цæуылнæ æмбæлы?
- Бузныг, сабитæ. Абон тынг хорз бакуыстам. Нæ иннæ фембæлдмæ.
3