Темæ: «Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ Дзесты Куыдзæджы уацауы «Фæндагсар Уастырджи».
Урочы нысантæ:
Дзесты Куыдзæджы цардвæндаджы сæйрагдæр фæзилæнтыл æрдзурын.
Фыссæджы курдиаты сæрмагонд æууæлтæ равзарын.
Скъоладзаутæм æвзæрын кæнын, уд хъæздыг цы миниуджытæй вæййы, уыдонмæ арфдæр цæстæнгас.
Скъоладзауты фæлтæрын хъуыды кæныныл, алы архайдæн дæр раст аргъ кæныныл.
Ахуырдзауты дзургæ ныхасы хæрзхъæддзинадыл кусын.
Урочы лейтмотив: «Хорз лæджы фæд зæйы бын дæр нæ сæфы».
Урочы эпиграф: «Адæймаг хъуамæ йæ амæлæты бонмæ йæхиуыл куса, йæ уды хæрзиуджытæм алы уысм дæр ног исты æфтауа.
Адæмæн зæрдæбын лæггад кæнын, зæххыл зайæгой халæй цæрæгойы онг цы ис,- æппæтыл арм дарын…» Дзесты Куыдзæг.
«Куыдзæджы хуызæн рæсугъд æмæ тыхджын курдиат, уый хуызæн лæгуарзон æмæ æппæтæй аив адæймаг куы райгуыры æмæ куы рахъомыл вæййы, уæд уый æгас дзыллæтæн арфæйы æмæ фарны хъуыддаг у». Джусойты Нафи.
Æмбисæндтæ:
«Куыст – цардæн фæрæз».
«Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст сты».
«Раттаджы къух райсаг у».
«Бæлас йæ сыфтæртæй фидауы, адæймаг та – йæ удыхъæдæй». (Скъоладзаутимæ æрдзурын æмбисæндты хъуыдыйыл).
Ахуыргæнæджы раныхас:
1920-æм азы Гуырдзыйы меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны хъæутыл арт куы бафтыдтой, уæд лигъдæттæ сæ фыды уæзæг ныууагътой æмæ æфцæджы сæрты ахызтысты сæ цæгатаг æфсымæртæм. Лыгъд адæмы дзæвгар хай, уыдонимæ Дзесты
Куыдзæджы бинонтæ дæр, æрцардысты Дзæуджыхъæуы цæгатварс Терчы был. Сæ цæрæнуат рахуыдтой Ногир. Куыдзæгыл уæд цыдис 15 азы...
Скъоладзауы презентаци Дзесты Куыдзæджы цардвæндаджы тыххæй.
Фæрстытæ скъоладзаутæм:
- Царды цавæр фыдæвзарæнты бахауд Куыдзæг? (1936 азы йæ æрцахстой, «адæмы знаг» æй рахуыдтой, 20 азмæ æввахс иппæрд уыд йæ райгуырæн бæстæйæ. 1954 азы «зæрдæйы риссаг ностимæ» æрыздæхт Ирыстонмæ.)
Ахуыргæнæг:
Дзесты Куыдзæджы курдиат уыд бирæвæрсыг. Алы жанры дæр æнтыстджынæй йæхи равдыста: радзырд æмæ уацауы, иуактон пьесæтæ æмæ очеркы, литературон аргъау æмæ критикон уацы.
- Дæлдæр кълæсты Дзесты Куыдзæджы сфæлдыстадæй кæцы уацмыстимæ базонгæ стут? («Хур скæсæны 'рдæм нæ ныгуылы», «Хорхæссæг», «Тегайы бæлас»).
Ахуыргæнæг:
Куыдзæг уыди гуманист. Йæ этикæйы бындур у адæймаджы фидауц уынын, адæймагæн аргъ кæнын, адæмы амондæн кусын. Адæймаджы идеал ын у хæрзгæнæг. Куыдзæг гыццыл хъуыддæгты уыны стыр мидис. «Хорз лæджы фæд зæйы бын дæр нæ сæфы»- ахæм хъуыды у Куыдзæджы этикон хатдзæг.
Фыссæджы уацмысты æвдыст цæуынц ирон адæмы цардуæвынады ахсджиаг фарстатæ. Йæ аивадон тæмæны ацы темæ бацыд уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы.(1980 аз).
Дзесты Куыдзæджы уацауы философон здæхт бæлвырдгонд цæуы фæндаджы темæйæ дæр. Иуæй, баст у йæ æрвылбон хуымæтæг мидисимæ: адæймаг æй аразы, зилы йæм. Дыккагæн та ис комкоммæ философон нысаниуæг – у адæймаджы царды аналоги. Куыдзæг уды хъæды нымæцон ивддзинæдтыл нæ дзуры, фæлæ йæ хæрзхъæды æвдисæнтыл.
Алы адæймагæн дæр ис йæхи сæрмагонд царды фæндаг. Райдайы, адæймаг куы райгуыры æмæ царды мидæг фыццаг къахдзæфтæ кæныныл куы архайы, уæд. Иутæн сæ царды фæндаг цыбыр рауайы, иннæтæн – даргъ, иутæн – лæгъз, иннæтæн – гуыргъахъ. Фæлæ алчи иухуызон цæстæй нæ кæсы цардмæ. Ахæмтæ ис, æмæ цæрынц сæ уды дзæбæхæн: цы хуыздæр бахæрой, кæм хуыздæр баулæфой. Сæ алыварс æххуысхъуаг адæм ис, уый дæр сæ ферох вæййы. Фæлæ ис ахæмтæ, æмæ сæ царды нысан свæййы адæмæн цæстуарзонæй лæггад кæнын, адæмæн æнæвгъауæй хорздзинæдтæ аразын.
Ома, исты хорзæх райсын æнхъæлæй? Нæ! Афтæ сын амоны сæ зæрдæ, сæ зонд, сæ цæсгом…
Уый уыди йæ царды нысан йæ амæлæты бонмæ Джусойты Нафийы уацау «Адæймаджы мæлæт» -ы сæйраг хъайтар Уырызмæгæн.
Ацы хъуыдымæ хæстæг лæууы уырыссаг фыссæг Николай Островский йæ романы зындгонд ныхæстæй: «Самое дорогое у человека – это жизнь. Она дается ему один раз, и прожить её надо так, чтобы не было мучительно больно за бесцельно прожитые годы, чтобы не жёг позор за подленькое и мелочное прошлое…»
Уый сси æмæ уыди йæ царды идеал Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы сæйраг персонаж Дзаххойæн дæр.
Фæрстытæ бакаст æрмæгæй:
Ахуыргæнæг:
Куыд зонæм, афтæмæй Æхсæйнаг хъæумæ цы дыууæ æнæзонгæ бæлццоны æрбафтыдысты, уыдон уыдысты лæг æмæ ус – Дзаххо æмæ Дзитта.
Зæгъут-ма, цавæр хабар ракодта Дзаххо хъæуы цæрджытæн, сæ райгуырæн хъæуæй кæй фæхауæггаг сты, уый тыххæй? (скъоладзауы дзуапп).
Хабар æцæгæй та куыд уыди? (скъоладзауы дзуапп).
Афтæ зæгъын нæ бон у, æмæ Дзаххо сайæг лæг у? (скъоладзауты хъуыдытæ).
Цæмæй фæцыдысты сæ зæрдæмæ сæ фысымтæн Дзаххо æмæ Дзитта?
Цы кусæгæй ныллæууыди Дзаххо Æхсæйнаг хъæуы?
Куыд æххæст кодта йæ куыст?
Йæ размæ-иу чи уыди, уыдон та?
Цæмæй фæкъæмдзæстыг ис Дзаххо, йæ куысты тыххæй хор куы 'мбырд кодта, уæд? (Иу идæдз ус ын бауайдзæф кодта, йæ хæдзарæй йын мызд кæй нæ райста, уый тыххæй).
Кæцæй йæм уыд уыйбæрц ныфс Дзаххомæ, æмæ æфцæгрæбын, дзæгъæл ран æрцæргæйæ, иунæг кæй нæ уыдзысты?
Афтæ рауад æцæгæй дæр? (дæнцæгтæ).
Цæуыннæ искуы бакуымдта Дзаххо йæ уазджытæй æхца исын? (текстæй пайда кæнын).
Дзаххо адæмæн хорздзинæдтæ исты лæвæртты охыл кодта?
Кæм ссардтой бынат тексты мидæг ацы æмбисæндтæ: «Лæг æмæ ус фæрæты хъæдæй барст сты», «Раттаджы къух райсаг у»?
Дзаххо адæмæн бирæ хæрзты бацыд, фæлæ, мæлæты дзæмбытæй искæй удтæ фервæзын кæнын, - уымæн дзы æмбал нæй! Радзурут-ма, куыд фервæзын кодта Дзаххо, цъысымы цы бæлццæттæ бахаудтой, уыдоны?
Зæгъут-ма, ис аргъ скæнæн, Дзаххо адæмæн цы бирæ хорздзинæдтæ ракодта, уыдонæн?
Æвæццæгæн, æппæтæй стырдæр аргъ ын скодта Хуыцау. Æмæ йын æппæтæй стырдæр лæвар ракодта: сæ иунæг фырт Дзамболат фæзынд. Хуыцауы размæ цы хорздзинæдтæ скæна адæймаг, уыдон сæфт никуы уыдзысты. Йæ цард адæмы амондимæ баст кæмæн у, уыцы адæймаг та æнамонд никуы вæййы…
Афæндараст сты Дзаххойы бинонтæ сæ райгуырæн хъæумæ. Фæлæ нæ рох кæнынц Æхсæйнаг хъæуы цæрджытæй. Искуы иу бæлццоныл фæндагыл куы баталынг вæййы, уæд бахсæвиуат кæны Дзаххойы къаннæг хæдзары. Цæрæг дзы нал ис, фæлæ йе 'фсины фарн æмæ йæ хицауы ном нырма дæр уым сты…
Адæймаг зæххыл цасфæнды куы фæцæра, уæддæр ын аргъ кæнынц йæ азты нымæцы тыххæй нæ, фæлæ йæ хорз хъуыддæгтæм гæсгæ. Ацы зæххыл æнæмæлгæ ницы у, фæлæ æнусмæ цæрынц хорз ном æмæ рæсугъд хъуыддæгтæ.
Зæгъут-ма, Дзаххойы хуызæн æнæхин æмæ æнæзæрдæхудт адæймæгтæ не 'хсæн ис?
Цы цæстæй сæм кæсынц адæм? (Алчи – алыхуызон цæстæй. Скъоладзауты хъуыдытæ).
Абоны царды адæм стырдæр аргъ цæмæн кæнынц: материалон æви уды хъæздыгдзинæдтæн? (скъоладзаты хъуыдытæ).
Сымах та?
Кæй уæ фæнды Дзаххойау сомбон йæ адæмæн лæггад кæнын?
Цы хуызы бафтдзæн уый уæ къухы?
Нарт æнусон царды бæсты равзæрстой æнусон кад. Тарстысты уды чъизийæ, худинагæй, сæ сæрмæ никуы æрхастой æгаддзинад.
Мах хъуамæ макуы ферох кæнæм нæ кадджын фыдæлты хъуыддæгтæ. Нæ историйы бирæ ис цæвиттонтæ, ирон лæджы ном кадджын æмæ сæрыстырæй чи фæхаста, уыцы разагъды лæгты тыххæй. Сымах та хъуамæ уат фæзминаг кæстæртæ уæ номдзыд фыдæлтæн.
Æнæмæнг, ацы урочы сымах иугыццыл фæхъæздыгдæр стут: уæ удыхъæды хæзнатæм ноджыдæр бафтыдтат. Макуы уæ ферох уæнт, Дзесты Куыдзæг нын цы фæдзæхста, уыцы арфхъуыды ныхæстæ. (Эпиграф ногæй кæсынц). Куыдзæджы фæстаг уацау у намысон ныстуан йæ фæстагæттæн, абоны фæлтæрæн.
Кæронбæттæн:
Хъуамæ нæ царды бынат ма уа мæнгарддзинадæн, æнæуынондзинадæн, æгъатыр æмæ æнаккаг хъуыддæгтæн. Ацы дуне амондджын уæд уыдзæн, æмæ дзы куы фæуæлахиз уой: удыбæстæ, аудындзинад, цæстуарзондзинад, алы удгоймагмæ дæр – уарзондзинад.
Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ алыварс Дзаххойы хуызæн адæймæгтæ фылдæр куыд уа, сымах та нын байрæзут æмæ уæ фæзминаг хъуыддæгтæй Ирыстоны ном бæрзонддæр æмæ кадджындæр кæнут!