Темӕ: Мивдисӕг.
Хорз ӕмбал зын сахат сбӕрӕг вӕййы.
Урочы нысан: Бамбарын кӕнын ног ӕрмӕг.
Алыхуызон фӕлтӕрӕнты руаджы бафидар кӕнын мивдисӕг.
Рӕзын кӕнын ӕмӕ фидар кӕнын хӕлардзинад,уарзондзинад, патриотизм.
Универсалон ахуырадон архӕйдтытӕ:
Метопредметон:
Регулятивон – хъуамӕ ахуырдзаутӕ сахуыр уой ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй ӕвӕрын сӕ размӕ конкретон ахуырадон хӕс.
Зонындзинӕдтӕ райсыныл архайд – хъуамӕ сахуыр уой чиныджы ӕнӕкъуылымпыйӕ раст агурын.
Комманикативон – хъуамӕ сахуыр уой раст фехъусын ӕмӕ раст дзуаппытӕ дӕттын фӕрстытӕн.
Предметон - хъуамӕ сахуыр уой пайда кӕнын иууон ӕмӕ бирӕон нымӕцы мивдисджытӕй. Раст пайда кӕной мивдисджытӕй хъуыдыйады мидӕг.
Урочы цыд:
1.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
Скæнын релаксаци
2.Фонетикон фӕлтӕрӕнтӕ.
Фӕйнӕгыл:
а).Раст кӕс:
ӕ)Бакӕсын уӕнгтӕ дывӕр дамгъӕтимӕ.
б) Бакӕсын тагъддзуринаг.
Зары Зарӕ зарӕг
Зӕлы ,зӕлы зард.
Зарӕг у йӕ дарӕг
Зарӕг у йӕ цард.
3.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.
4.РӔФК
-Цы хонӕм миногон?
-Цы вдисы предметӕн?
-Цавӕр фӕрстытӕ домы?
-Фарст цыхуызӕн цӕмӕ дӕттӕм?
5.Ног ӕрмӕг.
Хъазт «Уӕлдай дзырд».
Хӕс:1. Дзырдтӕ баххӕст кӕнын хъӕугӕ дамгъӕтӕй.
2.Алы рӕхъы дӕр ссарын уӕлдай дзырд.
Слайд №1
Гӕ.куыри, тӕр.ус, хъри.упп, тӕхы.
Бе.ырбух, Дзӕу.ыхъӕу, Мӕ.дӕг , зарӕм.
Ма.инӕ, Ната.ӕ, .урнал, цӕуын.
Слайд №2 (сбӕрӕг кӕнын уӕлдай дзырдтӕ)
ТӔХЫ, ЗАРӔМ, ЦӔУЫН.
-Цы вдисынц ацы дзырдтӕ? (ми, архайд)
Слайд №3 (бакусын дзырды арӕзтыл)
МИ + ӔВДИСӔГ = МИВДИСӔГ
-Цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц?
-Куыд ис рахонӕн ацы дзырдтӕн? ( мивдисджытӕ)
Проблемон фарст:
-Цы у уӕ бон зӕгъын мивдисӕджы тыххӕй?
-Уӕдӕ абон мах ц ӕуыл дзурдзыстӕм нӕ урочы?
-Куыд хуыйны нӕ ног темӕ?
-Мах хъуамӕ базонӕм цӕмӕн хъӕуынц мивдисджытӕ нӕ ныхасы.
(Цӕмӕй ӕвдисой предметы архайд)
-Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ цы вӕййы мивдисӕг? (зӕгъинаг)
-Куыд ивы мивдисӕг? (афонтӕм гӕсгӕ)
-Цӕмӕй бӕстондӕр бамбарӕм ног ныхасы хай , уый тыххӕй хъӕуы ӕмдзӕвгӕтӕй ист рӕнхъытӕ баххӕст кӕнын цухгонд дзырдтӕй ӕмӕ саразын кроссворд.
Слайд №4
1.Иу гӕды нӕм ис
Хъарм фӕлмӕн кӕрц …(дары)
2.Цӕй раджы фестыс
Цӕй хъӕрӕй…(зарыс)
3.Раджы хохы цъуппӕй …(касти)
Иу ӕрра фыййау.
4.Иу, дыууӕ, ӕртӕ стыр къусы
…сысджы.(бахордтой)
5.Уый ныззилы, уый …(ныззары)
Сабитыл йӕ тых ӕвзары.
6.Ис ӕртӕ цӕсты мӕнӕн
… радыгай тӕмӕн.(калынц)
Фӕйнӕгыл:
Сывӕллӕттӕ радыгай цӕуынц фӕйнӕгмӕ ӕмӕ аразынц кроссворд.
-Ӕкӕсут – ма дзырдтӕм, цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц?
-Куыд хуыйнынц ацы дзырдтӕ?
Слайд №5 ,№6 (архайд ӕвдисӕг нывтӕ – удджын предметтӕ)
Хӕс: Саразын дзырдбӕстытӕ, раттын фӕрстытӕ.
Слайд №7
- Афтид удджын предметтӕ не вдисынц архайд, фӕлӕ ӕнӕудджын предметтӕ дӕр.(ӕрдзы нывтӕ)
Физминуткӕ.(Къаппа – къоппа)
Чиныгимӕ куыст.
Ф – с68, 234 – ӕм фӕлтӕрӕн.
Бакӕсын раиртӕст, скӕнын хатдзӕгтӕ.
-Цавӕр ныхасы хай ӕвдисы предметӕн йӕ архайд?
-Цы у мивдисӕг?
-Цавӕр фӕрстытӕ домы?
Ныхасы рӕзтыл куыст.
-Мӕн фӕнды бакӕсын иу аргъау ӕмӕ йӕм лӕмбынӕг байхъусут.- Цардысты ӕмӕ уыдысты номдартӕ. Ӕдзух кодтой ӕнкъард. Нӕ дзургӕ нӕ кодтой, нӕ заргӕ, нӕ кафгӕ, нӕ худгӕ. Уӕд сӕм уазӕгуаты фӕзындысты мивдисджытӕ. Уымӕн ӕмӕ мивдисджытӕ нӕ уарзынц архайд кӕм нӕ фӕцӕуы , ахӕм бынӕттӕ. Уыдон фӕнда нӕ фӕндайӕ дӕр цыфӕнды номдары дӕр базмӕлын кӕнынц. Бӕстӕ ӕмызмӕлд сси: чи худгӕ кӕны, чи заргӕ, чи кафгӕ. Тынг балымӕн сты номдартӕ ӕмӕ мивдисджытӕ. Ӕппын ӕдзух хъуыдыйады мидӕг фӕлӕууынц кӕрӕдзийы цур.
-Йӕ сӕйраг хъуыды цӕй мидӕг у ацы аргъауӕн?
-Куыдӕй цӕрынц номдартӕ ӕмӕ мивдисджытӕ?
-Сымах та ис лымӕнтӕ?
- Куыд хъуыды кӕнут, цӕмӕн хъӕуы царды ӕмбал?
Фӕйнӕгыл:
Хорз ӕмбал зын сахат сбӕрӕг вӕййы.
-Куыд ӕмбарут ацы ӕмбисонд?
Къордтӕй куыст.
-Уӕдӕ лымӕнӕй , зӕрдӕрухсӕй бакӕнӕм къордтӕй куыст.
1-аг рӕнхъ – 1 – аг къорд
2 – аг рӕнхъ - 2 –аг къорд
3 –аг рӕнхъ – 3 – аг къорд
Хӕс: Алы къордӕн дӕр раттын карточкӕ. Карточкӕйы фыст ӕмдзӕвгӕйы скъуыддзаг. Ссарын мивдисджытӕ ӕмӕ раттын фарст.
Рӕстӕг ма куы баззайа ,уӕд:
Хӕс:Саразын дзырдбӕстытӕ.
Слайд №7
Цъиу зары
Бӕх лӕууы
Чызг тӕхы
Къӕвда бады
Хӕс: Саразын нывтӕм гӕсгӕ хъуыдыйӕдтӕ.
Хӕдзармӕ куыст.
Сахуыр кӕнын раиртӕст.
Сныв кӕнын ӕмбалы ныв ӕмӕ йыл радзурын.
Хатдзӕгтӕ.
-Цӕуыл дзырдтам абон?
-Цы у мивдисӕг?
-Цы вдисы предметӕн?
-Цавӕр фӕрстытӕ домы мивдисӕг?
-Куыд ивы мивдисӕг?
-Хъуыдыйады уӕнгтӕм гӕсгӕ цы вӕййы мивдисӕг?
Кӕронбӕттӕн.
Сӕвӕрын бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Рефлекси.
Ӕз базыдтон…..
Ӕз сахуыр дӕн…..
Мӕ бон суыдзӕн…..
Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд….
Нӕ бамбӕрстон……
-Стыр бузныг алкӕмӕн дӕр ,тынг хорз бакуыстат урочы.
-Фӕндараст.