СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Конспект открытого урока "Нарты кадджыта"

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

"Нарты кадджыта"сокровищница не только осетитинской, но и мировой культуры.

Просмотр содержимого документа
«Конспект открытого урока "Нарты кадджыта"»

ТЕМӔ: « НАРТЫ КАДДЖЫТӔ» - ирон адӕмы эпос.





Урочы нысантӕ: 1. Скъоладзауты зонгӕ кӕнын Нарты эпосы фӕлгонцтимӕ.

2. Ахуыр кӕнын ӕнӕ кӕсгӕйӕ дзурын, хъуыды кӕнын.

3. Скъоладзауты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын

уарзондзинад нӕ адӕмы хорз ӕгъдӕуттӕм.



Урочы хъомыладон хӕс:1. Рӕзын кӕнын уарзондзинад мадӕлон ӕвзагмӕ;

2. Хъомыл кӕнын сӕрыстырдзинад нӕ хистӕртӕм,

райгуырӕн бӕстӕмӕ.



Урочы ӕрмӕг: Сывӕллӕтты конд нывтӕ, Нарты кадджытӕм гӕсгӕ;

чингуыты равдыст- Нарты кадджыты алы азты уагъд

чингуытӕ.



Эпиграф;

« Нарты кадджытӕ» сты хъӕбатырон эпос. Ӕвдыст сӕ цауы бӕгъатырты тох ӕмӕ скъуыхтытӕ. Уыдон сты аив ӕмӕ цымыдиссаг таурӕгътӕ, хъусӕн ӕнцон, зӕрдӕйӕн- ӕхсызгон, адӕймагӕн хӕссынц цин, ӕфтауынц ӕй сагъӕстыл ӕмӕ уӕздан хъуыдытыл.

Джыккайты Шамил.





УРОЧЫ ЦЫД:



Организацион хай.

Уӕ бон хорз съоладзаутӕ. Нӕ урочы темӕ у « Нарты кадджытӕ»-

ирон адӕмы эпос.



Ахуыргӕнӕджы раныхас:

Нӕ чысыл ирон адӕммӕ ис ӕмбисонды « Нарты кадджытӕ». Уыдон сты нӕ рагфыдӕлтӕ- скифтӕ- сӕрмӕттӕ- алантӕ сӕ фӕндонтӕн цы бынтӕ ныуагътой, уыдонӕн сӕ ахъаззагдӕртӕ.

Нарт уыдысты цардуарзаг, адӕймаг- уарзаг. Стыр аргъ кодтой сӕрибар, кад ӕмӕ цытӕн, ӕмӕ уыдон раттыны бӕсты мӕлӕтыл разы уыдысты.

Нарты кадджыты сӕйрагдӕр тохыхыл, нымад уыд адӕмаджы зонд, ӕрхъуыдыдзинад, уыдысты хъӕбатыр ӕмӕ ʻхсарджын.

Нарты хъайтартӕй иу дӕр нӕ равзӕрд хуымӕтӕг, ӕрдзон уагыл. Сӕ хистӕр Уӕрхӕджы сфӕлдыста ӕрдзы фарн, Уырызмӕг ӕмӕ Хӕмыц дӕр сты фурды чызджы фырттӕ. Донбеттырты хӕрӕфырттӕ. Сослан равзӕрд дурӕй, Батраз райгуырд зынгӕй ӕмӕ а.ф.д.

Фарст: Уӕдӕ афтӕ цымыдисӕй цӕмӕн ахуыр кӕнӕм Нарты кадджытӕ?

Ахуырдзау: Уымӕн ӕмӕ йӕхи чи нӕзоны, уый никӕйы базондзӕн, йӕхи чи нӕ уӕрзы, уый никӕйы базондзӕн! Эпос « Нарты кадджытӕ» у ирон адӕмы хӕзнадон, нӕ царды айдӕн, нӕ зондысуадон ӕмӕ алы ирон адӕймаг дӕр хъуамӕ зона йӕ рагфыдӕлты цард.

Ахуыргӕнӕг: Куыд уынӕм афтӕмӕй Нарты кадджытӕ сты ирон адӕмы хуыздӕр ӕвӕрӕн. Сӕ саразджытӕ та- нӕ Иры номдзыд кадӕггкӕнджытӕ; Сланты Гӕха, Мсойты Сабе, Текъойты Хъуыбады, ӕмӕ ӕнд. Фӕндырдзӕгъдӕгӕн (кадӕггӕнӕгӕн), уыди- кӕцыфӕнды заманы дӕр стыр кад. Нӕ куырыхон хистӕрты фӕрцы мах абон кӕсӕм диссаджы таурӕгътӕ.

Фарст: Чи уыдысты Нарты хъайтартӕ?

1-аг ахуырдзау: Нарты эпосы хъайтартӕ сты Уырызмӕг, Сослан, Батрадз ӕмӕ иннӕтӕ. Уыдонӕй алӕмӕн дӕр ис хицӕн миниуджытӕ.

2-аг ахуырдзау: Уырызмӕг ахсы хистӕры бынат нартон адӕмы ʻхсӕн, у домбай хӕст он ӕмӕ дзырддзӕугӕ раздзӕуӕг. Зӕронды бонмӕ фӕцыди Нарты разӕй алыхуызон стӕрты.

3-аг ахуырдзау: Эпосы ӕппӕт сурӕтты ӕхсӕн уӕлдай уарзондӕр ӕмӕ номдзыдӕр хъӕбатыртӕ сты Сослан ӕмӕ Батрадз,- сӕ дыууӕ дӕр Уырызмӕг ӕмӕ Сатанайы хӕсгӕ фырттӕ.

Сослан райгуырд дурры гуыбынӕй. Йӕ буары нӕдӕр кард хизы ,нӕдӕр фат, йӕ кӕрц та у лӕджы сӕры цӕрмттӕй хуыд. Батрадз у ӕндонбуар, нарты хистӕртӕ йӕ банымадтой нӕртон адӕмы хуыздӕрыл. Растзӕрдӕ, хин ӕмӕ галиу митыл кӕны ӕлгъ.

4-ӕм ахырдзау: Нарты кадджыты уӕлдай стыр бынат ахсы Сырдоны фӕлгонц, Сырдон у Нарты кадджыты уарзондӕр хъайтартӕй иу. «Арвы хин ӕмӕ зӕххы кӕлӕн», « Нарты фыдбылыз», «Гӕтӕджы фырт, гӕды Сырдон» фӕлӕ йӕ хинтӕ йӕ сӕрыл ӕрцыдысты.

Йӕ фырттӕ куы бабын сты,уӕд йӕ хистӕр фырты цонджы стыджытӕй фӕндыр скодта дыууадӕс тӕны. Ныхасмӕ бацыд, ныццагъта ӕмӕ йемӕ нызарыд:

- Нарт , ай уын мӕ лӕвар, ӕмӕ мӕ уемӕ цӕрын бауадзут.

Нарт уыцы фӕндыр райстой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой:-«Иууыл цагъды куы фӕуӕм, уӕддӕр ацы фӕндырӕн ма уӕд фесӕфӕн. Уый чи цӕгъда ӕмӕ мах ном чи мыса, уый уыдзӕн нӕ хихон!».

Травгедийе равзӕрыди музыкӕ-ахӕм у кадӕджы сӕйраг ахсджиаг хъуыды. Рӕстдзинад басаста фыддзинады.

5-ӕм ахуырдзау: Сатана уыд зонджын, ӕрхъуыдыджын, хиуылхӕцгӕ сылгоймаг. Уыди кӕрдзындӕттон. Бирӕ хӕттыты нарты фервӕзын кодта ӕххормагӕй, фыдбылызӕй.

6-ӕм ахуырдзау: Ацӕмӕз дисаджы зарӕг. Йӕ уадындзы зӕлтӕй нырухс вӕййы дуне, райхъал кӕны адӕмӕй, маргъӕй, сырдӕй, бӕласӕй, къӕдзӕхӕй се ʻппӕты дӕр.

7-ӕм ахуырдзау: Хӕмыц-иннӕ номдзыд нартӕй уӕлдай скъуыхтдзинӕдтӕ не ʻвдыста, уыдис рог адӕймаг. Йе рӕуӕг миты тыххӕй дзы бирӕтӕ се сӕфт федтой. Хӕмыц у Уырызмӕджы фаззон ӕфсымӕр, Ӕхсӕртӕг ӕмӕ Дзерасӕйы фырт,

Ахуыргӕнӕг: Таурӕгътӕм гӕсгӕ Нартӕ уыдысты хъӕбатыр, лӕгдзинадӕй ӕххӕст. Сӕ бӕстыл цъиу атӕхын нӕ уагътой.

Нарт сӕ сӕртӕ дӕлӕмӕ нӕ уагътой, суанг Хуыцауы раз дӕр:- «Нӕ дуӕртты уӕлкъӕсӕртӕ бӕрзонд аразӕм, кӕннод нӕ сӕртӕ гуыбыр кӕнын куы бахъӕуа, уӕд Хуыцау мыййаг афтӕ куы банхъӕла, ӕмӕ уымӕн кувӕм»- дзырдтой Нарт.

Нӕртон адӕм уарзтой хъазӕн ӕмӕ хъӕлдзӕг ныхӕстӕ, стыр аргъ кодтой дзырдарӕхстдзинадӕн. Нӕртон адӕммӕ нӕ уыд сӕрмагонд ахуырад ӕмӕ хъомыладон кусӕндӕттӕ, фӕлӕ кӕстӕртӕ зыдтой хистӕрӕн лӕгккад кӕнын, сӕ коммӕ кӕсын, ӕххӕст кӕнын сӕ фӕдзӕхстытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ хистӕртӕ ахуыр кодтой сӕ фӕлтӕрддзинадыл.

Фарст: Цӕуыл мА ахуыр кодтой хистӕртӕ сӕ кӕстӕрты ӕмӕ цавӕр зынгонд бынӕттӕ уыдис Нартмӕ?

8-ӕм ахуырдзау: Нарты адӕмы царды зынгӕ бынат ахстой ерыстӕ. Ерыс кодтой цыргъ ныхас кӕнынӕй, фат ӕхсынӕй, зарынӕнӕй, дугъы уайынӕй.

9-ӕм ахуырдзау: Стыр ахурдзинад уыдис Нарты ныхасӕн. Ныхас уыдис хъӕубӕсты ас лӕгты ӕмбырд ӕмӕ ӕмбырдӕ бынат. Ныхасы уынаффӕ уыд ӕнӕмӕнг ӕххӕстгӕнинаг алкӕмӕн дӕр. Нарты ныхас ӕххӕст кодта ӕртӕ ахсджиаг функцийы;

А) Хъӕубӕсты ӕхсӕны цардмӕ хъус дарын ӕмӕ йӕ раст фӕндагыл ӕвӕрын;

Ӕ) Уӕгъд рӕстӕг иумӕ ӕрвитыны хуыз сбӕрӕг кӕнын

В) Фӕсивӕды хъомыл кӕнын ӕмӕ сын нӕртон ӕгъдӕуттӕ бацамонын ӕмӕ бамбарын кӕнын.

Нарты ныхас ис Лӕцы хъӕуы, Куыртаты комы Нарты Ныхас у чысыл фӕзуат къӕлӕтджын бандӕтты ӕнгӕс егъау дуртимӕ, фыдӕлты таурӕгътӕм гӕсгӕ сыл бадтысты Нарты эпосы хъайтартӕ- Уырызмӕг, Сослан, Батрадз, ӕмӕ иннӕтӕ.

10-ӕм скъоладзау: « Нарты хъазӕн фӕз» ӕмӕ « Зилахар» уыдысты, нырыккон кукльтурӕйы хӕдзарттӕ ӕмӕ стадионтӕ куыд сты, афтӕ сӕхи ирхӕфсыны, курдиат, арӕхстдзинад равдисыны бынӕттӕ. Фыййагдоны галиу фарс, Ныхасӕй чысыл дарддӕр ис стыр дурр. Хуынд Уӕйыджы дурр. Нарты фӕсивӕд дзы хъазыдысты пуртийӕ, сӕ тыхыл тых ӕфтыдтой.

Ахургӕнӕг: Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам Нартимӕ баст бынӕттӕ. Ирон адӕммӕ мА ис бирӕ Нӕртон нӕмттӕ; Уырызмӕг, Хӕмыц, Сослан, Ӕхсар, Ӕхсӕртӕг, Ацӕмӕз, Ацырухс, Дзерассӕ…..

Мыггӕгтӕ; Хӕмыцатӕ, Ӕхсаратӕ,

Хъӕу; Нартыхъӕу.

Театр; «Нарт».

Кувӕндӕттӕ; « Реком»- Цъӕйы комы, «Мыкалгабыртӕ»- Къӕсӕргӕмы,

«Тъаранджелос»- Мамысоны ӕфсӕгыл.

Фарст: Цавӕр нывгӕнджытӕ ныв кодтой Нарты кадджытыл?

Ахуырдзау: Нарты эпосы сюжеттӕм гӕсгӕ дисаджы нывтӕ скодта Тугъанты Сафарбийы фырт Махарбег (1881-1953). Уый уыд ирон зындгонд нывгӕнӕг, адӕмон сфӕлдыстад иртасӕг, график.Нарты эпос сахуыр кӕнынӕн Махарбегӕн стыр ахъаз фесты йӕ фыд, йӕ мады фыд ӕмӕ мады ӕфсымӕр Санайты Дзантемыр. Уыдон уыдысты ирон фольклор ӕмбырдгӕнджытӕ. Реалон училищӕ каст фӕуыны фӕстӕ Махарбег ахуыр кодта Бетъырбухы Айвӕдты Академийы, уый фӕстӕ та Германы Мюнхены.

Стыр ахуыргонд, этнограф Тугъанаты Махарбег ирон адӕмы историимӕ бацыд, куыд нывгӕнӕг. Уӕлдай зындгонд дӕр та сты, Махарбег Нарты кадджыты сюжеттӕм гӕсгӕ цы нывтӕ сарӕзтӕ, уыдон:

Нарты кадджытыл ма скодтой Хохты Аслӕнджери, Дзанайты Азӕнбег, Хъаныхъуаты Умар ӕмӕ инӕтӕ.

Ахыргӕнӕг: Ӕмбиӕнтӕ та цавӕртӕ зонут Нарты адӕмыл?

Ахуырдаутӕ: Нарты Уырызмӕг зӕгъ ӕмӕ цагъд цӕуа, Сатана зӕгъ ӕмӕ бӕркад цӕуа.

Хорз ӕфсин Сатана, Нартӕн зонд чи амыдта, йӕ дыууадӕс къӕбицы хӕрд ӕмӕ нозтӕй дзаг кӕнӕм уыдысты. Се ʻнтауаг Сатана, сӕ кувӕг Уырызмӕг. Нартау ӕмвӕд- уӕларвмӕ фӕд. Нарт цӕмӕй Нарт уыдысты? Тых ӕмӕ хъаруйӕ, зондӕмӕ ӕхсарӕй.

Ахургӕнӕг: Ирон адӕммӕ бирӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ис. Уыдон сын ныуагътой сӕ рагфыдӕлтӕ скифтӕ-алантӕ. Мах иууылдӕр куы зониккам, нӕ фыдӕлтӕ чи уыдысты ӕмӕ сӕ къухӕй цы нӕртон хъуыддӕгтӕ цыди, уый, уӕд хъал уаиккам нӕ ирон номӕй ӕмӕ нӕ сӕр ӕгадмӕ нӕуадзиккам.

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ зӕххыл цыдӕрддӕр цӕуы,уыдон иууылдӕр сты Хуыцауы фӕндонӕй. Уый сфӕлдыта зӕхх, дон ӕмӕ уӕлдӕф. Уымӕ гӕсгӕ ирон мифологийы ис ӕппӕты сӕргъы.

Нӕ куырыхон хистьӕртӕй нын баззад ӕртӕ чъирийы кувын. Ӕртӕйы символикӕ амоны зӕхх, дон ӕмӕ хур. Лӕг куы амӕлы, уӕд ын хур нал вӕййы, уымӕ гӕсгӕ йын хӕлар кӕнынц дыууӕ чъирийы.

Уӕдӕ нын не ʻртӕ чъирийы, чи куывта? бӕгӕны фынгыл ӕвӕрд.

Ахуырдзау:

Дуне кадджын, иунӕг Хуыцау! Табу дӕхицӕн! Ды нӕ радтай зӕххыл цӕрынӕн ӕмӕ цӕуынӕн. Бирӕ фарн ӕмӕ амондӕй хайджын чи у, уый ӕмбал нӕ фӕкӕн!

Оммен, Хуыцау!













4