Темæ: «Ирон адæмы царды нывтæ Хъаныхъуаты Иналы этнографион очеркы «Ирон хъæуы».
Урочы нысантæ:
Равзарын уацмысы ирон адæмы царды ног социалон фæзындтæ.
Скъоладзауты дзургæ ныхасы рæзтыл кусын.
Ахуырдзаутæм гуырын кæнын уарзондзинад сæ райгуырæн бæстæмæ, адæммæ, æгъдæуттæм.
Урочы æрмæг:
Чингуыты равдыст.
Техникон фæрæзтæ: компьютер, интерактивон фæйнæг.
Урочы эпиграф: «Фехалут æнахуырдзинады къæдзæх, цæмæй тагъддæр фесæфа фыдгæнджыты ахстон». Виктор Гюго.
Урочы цыд.
Лаппута кау бийынц.
Ахуырг.- Сываллатта, мана уынут, лаппута цавардар куыст канынц. Арбакасут сам.Ацы куыст хуыматаджы на канынц.Уый комкомма баст у на абоны урокима. Куыд уам кассы, цы кусынц?
Сывал.-та – Кау бийынц.
Ахуырг.- Ноджы ма йа куыд фахонынц ацы куыст?
Сывал-та- Амбонд канынц, гаран канынц,быру бийынц.
Ахуырг.- Цас синонимта ссардтам ацы дзырдан,уый федтат.
(Бруты хъæуы истори цыбырæй дзурын).
1830 азы азы сæвзæрд Санаты хъæу. Санаты хъæу ма ноджыдæр хуыдтой чысыл Брут. Хъæуæн йæ алыварс бырутæй (частоколом) æхгæд кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой
Бруты хъæу.Цы темайыл дзурдзыстам, уым ис Бруты хъауы кой ама дзы фыссаг равдыста уыцы хъауы агъдауттай бира.Фыссаг йахадаг дар уыцы хъауай у.Йа кой кодтам ацы урочы разма. Чи у?
Сывал.- Хъаныхъуаты Инал.
Ахуырг.- Бруты хъæуæй цы зындгонд адæймæгтæ рацыди, уыдоны æхсæн уыдысты: Мамсыраты Темырболат, Санаты Уари, Хъаныхъуаты Инал.
Нæ абоны урочы мах равзардзыстæм, аргъ скæндзыстæм æмæ абоны цардимæ бабæтдзыстæм Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы». Фæлæ уал байхъусæм фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадма.
Уацмыс æвзарыны размæ уал æркæсæм иуæй-иу дзырдты нысаниуæгмæ.
Этнос – историон æгъдауæй чи сæвзæрдис, адæймæгты ахæм фидар иугонд – адæмы хатт, наци;
Этнографи – историон зонады къабаз, ахуыр кæны дунейы адæмты равзæрд, се 'рцард алы рæтты, сæ культурæ, се 'хсæнадон цардуаджы хицæндзинæдтæ.
Инал очерк «Ирон хъæуы ныффыста хæрз æрыгонæй, гимназы ма куы ахуыр кодта, уæд (1870азы). Уацмысмæ лæмбынæг куы 'ркæсæм, уæд фендзыстæм: фыссæг сагъæс кæны йæ адæмы ивгъуыд æмæ фидæныл æмæ йын зæгъы: ивгъуыдмæ фæстæмæ здæхæн нал ис, цардыуаг аразын хъæуы ног уавæртæм гæсгæ.
Ивгъуыд заманы æгъдæуттæ æмæ хъуыдытæй ног уавæрты чи нал бæззы, уыдоныл къух сисын хъæуы, адæм сæ уд хъуамæ хъарой рухсдзинадыл, æрмæст уæд ссардзысты рæсугъд фидæн – афтæ зæгъæн ис «Ирон хъæуы» сæйраг мидисæй. Уыцы хъуыдыйыл лæуд уыдысты бирæ ахуыргæндтæ æмæ рухстауджытæ.
Æмбисондау хастой адæм Колыты Аксойы зондамынд: «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ…».
Царды мидис фыссæг равдыста уацмысы дыууæ фæлгонцы – Мосе æмæ Хæтæхцыхъойы руаджы.
Фарст.- Цæмæй тыхсы Мосе æмæ цы у йæ рагондæр бæллиц?
Дзуапп- Мосе- магуыр заронд лаг.Царды аппат харзтай йам хуыздар кассы аив ныхас.Бира зоны амбисандта,таурагъта,кадджыта,фала уый тыхсы йа талынгдзинадай.Райсид иууыл стырдар чиныг ама йа касид.Науад цы дан,загъы,аз ацы хуызы,ницы… Анамбарга фысау касын фыстытам.(скъоладзауты дзуæппытæ).
Фарст- Цавæр цæстæнгас ис Хæтæхцыхъомæ раздæры æмæ ног цардмæ?
Дзуапп – Хатахцыхъо Мосейа уалдай уырысы адамы хсан чи ахатт,ахам у.Служба кодта уырысы афсады.,стай рацу-бацу кодта йа бахыл,зылдис йа хастаджытыл, хуыматаг лаг най,уый у джигит,бараг.Уый фаста цамайдар фарынчын ама даринаг сси йе фсымаран. Уый дзуры: «Ныр андар дуг ралаууыд,джигиты растаджыта фесты…арцыд хацангарзта аппарын ама дзывырыл ныххацыны растаг»…Хатахцыхъо дзуры: «…куыстма аравналын хъауы,цард аразинаг у ног дуджы уавартам гасга».
Хатахцыхъо ма хисты тыхюдар загъы,загъга, афадзы даргъы мардджын бинонта бынтон смагуыр ваййынц,сгавзыкк канынц.
(Бибойан йа мад амард,хъау та минас факодтой…ама фастагма бинонта цы бахордтаиккой,уый дар сам нал баззад.)
Инал цырддзаст фыссæг уыдис. Йæ адæмы царды æмæ психологийы цы ивддзинæдтæ 'рцыд фæсреформæ, уыдон лæмбынæг æвзæрста.
Уыдонæй иу уыд раздæры балцмондаг барæг, искæй хардзæй чи цард, йæ сæрмæ сау куыст чи нæ хаста, уыцы джигиты ног тип.
Фыссæг нын куыд амоны, афтæмæй Данел у уыцы заманы фæсивæды характерон ног тип.
- Цымæ Данелы хуызæттæ абон не 'хсæн ис?
- Æркæсæм-ма æмæ бæстон равзарæм Данелæн йе 'ддаг бакасты миниуджытæ дæр, йæ миддунейы æууæлтæ дæр. Уый фæстæ дзуапп ратдзыстут нæ фарстæн.
Фарст- Цы бакастыстут æмæ цы базыдтат Данелы тыххæй, уыдæттæ-ма ранымайут.
Дзуапп- кусгæ ницы кæны; йæ худ хæдмæл карчы хуызæн; йæ цъæх цухъхъа- æмпъызтытæ; йæ бæрцагъудты æрмæст цалдæр бæрцы; йæ хæдзар у, аргъæутты цы халагъудтæ вæййы, ахæм; йæ зæронд мады ферох кодта; кæд гæвзыкк у, уæддæр мур ницæуыл хъуыды кæны: у хъæлдзæг, дзураг).
- Раздæры джигиттау Данел дæр кусын нæ фæцахуыр, цы зоны, уый у уæздандзинад, ома, уазæгæн æгъдау дæттын. Ноджы ма зоны кафын æмæ хъазтæн фæтк æвæрын. Джигитм а бах ама хацангарз ваййы,ама уый дар най.Фистагай зилы куывдта ама чындзахсавтыл.Ахæм цард адæймагæн худинаг кæй у, уый хъуыды дæр нæ кæны, йæхицæй ма буц цы у, уымæй дарддæр.
- Уæдæ ма ныр раздæхæм нæ фарстмæ æмæ зæгъæм, абон не 'хсæн «Данелтæ» ис æви нæй.
- Цавæр цард кæнын ахуыр сты ахæмтæ?
- Куыд схонæн ис ахæм адæймæгты?
- Куыд ис семæ тохгæнæн?
- Сымахæй искæй зæрдæмæ цæуы ахæм цардыуаг?
- Цавæр зæрдæйы ахаст уæм фæзынд Данелмæ? (у худæг, тæригъæддаг).
Ахуырг.- Загъын мам мА фанды ирон хъаууон уаварты иууыл зындар ама тыхстдар цард чи кодта, уый тых.дар. Уый у сылгоймаг. Куыстан йа зындар ама фылдар, афхардан- йа уаззаудар –ахам уыд сылг.хъысмат… Иу хатт Инал уыди йа йе схассаг амад ама фыдма…Бира хатт-иу быхста афхардан Дойон. Иухатт кацайдар Сымали арцыди мастыйа ама йа усы намын райдыдта ладзагай….ардиаггангайа мА дзы йа ус куырдта хатыр,фала хатыр на уыд.
Магуыраг,сылгоймаг!Цыма кад ферваздзан йа цагъайраг цардай?
Ахуырганаг.- Очеркы мах федтам бира агъдаутта. Са иу у чындзахсавы агъдау. Ам дар амбалам Данелима. Авдыст дзы цауы чындзахсавы агъдаутта. хъазтизар.
- Абоны скъоладзаутæ бирæ предметтæ ахуыр кæнынц. Ныртæккæ дын кæцыфæнды скъоладзау дæр зæгъдзæн, цавæр наукæ ахуыр кæны хур, зæхх, стъалыты тыххæй зонинæгтæ. Ссарут-ма, уацмысы кæцы ран æвдыст æрцыд адæмы талынгдзинад? Цæуыл уæ ахъуыды кæнын кодтой уыцы нывтæ? (хъæуы ахуыр кæнын, цæмæй дæм уа зонындзинæдтæ, æмæ талынг, æнæфенд адæймагыл нымад ма уай).
- Адæймаг æрмæст зонындзинæдтæй вæййы æххæст адæймаг? (бирæ хатт адæймагмæ цалдæр дипломы дæр вæййы, фæлæ уæддæр баззайы «къуырмайæ», «æнæхсæстæй»).
- Нæ фыдæлтæй нын цы 'гъдæуттæ баззад, уыдонæй бирæтæ æвдыст æрцыдысты уацмысы. Ранымайут-ма сæ.( лæппуйы райгуырд, куывд, зианы æгъдау, чындзæхсæв).
- Цы цæстæй кæсы Инал марды 'гъдæуттæм?(иуæй сæ равдыста сæ этнографион хуызы, иннæмæй та сын раргом кодта сæ социалон фæстиуджытæ: мæгуырмæ-иу æртардтой бинонты).
- Сымахмæ та куыд кæсынц ирон æгъдæуттæ? Исты дзы аппариккат?
- Раздæры хуызæн ма æххæст кæнынц ирон адæм сæ фыдæлты æгъдæуттæ?
- Æнцон æххæстгæнæн сты ирон æгъдæуттæ?
- Куыд уæм кæсы, æгъдауджын адæймаг хъуамæ цавæр уа? (уæздан, хиуылхæцгæ, хæдæфсарм).
- Цы æхсæнады цæрæм, уым иууылдæр æгъдауджын сты адæм?
- Æнцон цæрæн у æгъдауджын адæймагæн æнæуаг æхсæнады?
- Цавæр миниуджытæй хъуамæ уа хайджын адæймаг, цæмæй нырыккон царды æмæ æхсæнады йæхи æххæст адæймагæй æнкъара? (ахуыргонд, сæрæн, куыстуарзаг, ныфсджын, цæстуарзон).
- Сомбон сымах дæр бакъахдзæф кæндзыстут царды стыр фæндагмæ. Ахæм ныфс уæм ис, цæмæй нырыккон æхсæнады аккаг бынат æрцахсат?
- Цы уæ хъæуы бакæнын уый тыххæй? (ахуыр кæнын, кусын, спорты архайын, искæмæн æххуыс кæнын).
- Цавæр æвзæр миниуджытæй уæ фæнды уæлдай тынгдæр уæхи бахъахъхъæнын?
- Урочы райдайæны цы эпиграф бакастыстæм, уымæ ма иу хатт æркæсæм æмæ бамбарын кæнæм, цы зæгъынмæ хъавыди Виктор Гюго йæ ныхæстæй (скъоладзауты хъуыдытæ).
- Урочы кæрон мæн фæнды ныстуаны хуызы сымахæн бакæсын мæнæ ацы рæнхъытæ:
«Дæхиуыд ды æппынæдзухдæр кус,
Дæ удыл ма ауæрд, лæггад кæнын фæраз;
Цæстуарзонæй фæцæр, дæ мадмæ хъус,
Цæмæй фæсмонгонд ма фæуай дзыллæйы раз».
Кæронбæттæн.
- Зæгъут-ма, цы райстат уæхицæн æмæ цы ахæсдзыстут уемæ ацы урокæй?(скъол. хъуыдытæ).
Хатдзæгтæ.