Ныхасы темᴂ: Хорз æмбал зын сахат сбæрæг вæййы.
Грамматикон темӕ: Мивдисджыты афонтӕ.(Рацыд ӕрмӕг рафӕлхатын).
Урочы нысан
1. Скъоладзауты ахуыр кæнын хъусгæ ныхасы сæйраг мидис æмбарыныл.
2. Мивдисджыты афонтӕ иртасын зонын.
3. Зонгæ лексикон-грамматикон æрмæгæй ныхасы раст пайда кæныныл фæцалх кæнын сывæллæтты.
Хъомыладон хæс
-райгуырӕн зӕхмӕ уарзондзинады æнкъарæнтæ гуырын кæнын скъоладзаутæм;
– хæлардзинадæн аргъ кæныныл ахуыр кæнын сывæллæтты.
Урочы фæлгонц: чингуытæ, фæйнæг, презентаци, æмбисæндтæ, текст, зарӕг.
Урочы эпиграф:
«Ӕмбӕлтты фарнай хох дӕр нӕры.
Ӕмбӕлтты фарсмӕ амонд цӕры.
Ӕмбӕлы хорзӕх уӕ алкӕй дӕр уӕд»
Урочы цыд
Бацæттæгæнæн рӕстӕг.
Фонетикон зарядкӕ.
Хæдзармæ куыст сбӕрӕг кӕнын (2-3 скъоладзауы кæсынц хъуыдыйæдтæ)
Ног ӕрмӕг.
Уӕ бон хорз, сывӕллӕтӕ. Абон нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты уазджытӕ ӕмӕ ма сын салам раттӕм.
- Ӕгас нӕм цӕут уазджытӕ!
- Абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм, уый мын загъдзыстут, Сечъынаты Элитӕйы зарӕгмӕ куы байхъусӕм, уӕд.
- Уӕдӕ цӕуыл дзурдзыстӕм абон?
- ӕмбалы, халары, ӕрдхорды тыххӕй.
- Раст. Нӕ урочы темӕ дӕр у «Хорз ӕмбал зын сахат сбӕрӕг вӕййы».
- Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?
Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ.
- Тынг хорз. Ис ахӕм рагон таурӕгъ.
Дандамид æмæ Амизок
Скифтæм тынг кадджын уыд æфсымæрдзинад, хæлардзинад. Уый тыххæй бæлвырд æвдисæн баззад историйы.
Иу заман скифтæм знæгтæ æрбабырстой. Уыдон уыдысты бирæ æмæ æнæхатыр. Скифтæй бирæты фæцагътой, бирæты та дзы уацары райстой. Уацайрæгтимæ уыд æрыгон скифаг хæстон Амизок дæр. Хæсты хæдразмæ уый æрдхорд-æфсымæр скодта йæхи æмгар лæппу Дандамидимæ. Дыууæ лæппуйы кæрæдзиуыл афтæ æнувыд уыдысты, кæрæдзийы афтæ бирæ уарзтой, æмæ Дандамид уайтагъд цæугæдоны сæрты баленк кодта знæгтæм, цæмæй баххуыс кæна йе 'рдхорд Амизокæн.
Знæгтæ Дандамиды æрцахстой æмæ йæ бакодтой сæ фæтæгмæ. Уый йæ бафарста
– Цы ратдзынæ де 'рдхорд Амизокы суæгъд кæныны тыххæй?
Дандамид дзуапп радта
– Цыдæриддæр мæм ис, уый.
Уæд знæгты фæтæг фæлварæгау загъта
– Уæдæ дæ цæстытæ ратт.
Дандамид æхсызгонæй сразы.
Лæппуйы цæстытæ куы скъахтой, уæд знæгтæ æцæгæй дæр суæгъд кодтой Амизокы.
Æрдхæртæ кæрæдзийыл куы бацин кодтой, уæд æрбаленк кодтой цæугæдоны сæрты. Знæгтæ уыцы хъуыддаг фенгæйæ фидарæй бамбæрстой адæм кæрæдзиуыл афтæ иузæрдион кæм сты, уыцы бæстæйæн басæттæн нæй æмæ æхсæвыгон лидзæг фесты.
Дзырдуатон куыст.
Суӕгъд кӕнын – освободить
Уацары райсын – взять в плен
Фӕлварӕгау – испытывая
Фӕтӕг – вождь
Фӕцагътой – поубивали, истребили
Цӕстытӕ скъахтой – выкололи глаза
Беседӕ тексты бындурыл
Цӕмӕй райдыдта текст?
-
Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны?
-
-Цавӕр арф хъуыды дзы ӕвӕрд ис?
_
-Цавӕр ӕмбал схонӕӕн ис Дандамиды? Цӕмӕн?
_
-Сымах та куыд бакодтаиккат де мбал зын уавӕры куы бахаудтаид, уӕд?
-
-Цы бамбӕрстой знӕгтӕ ӕрдхӕрттӕ кӕрӕдзиуыл куы бацин кодтой, уӕд?
Хорз. Уӕдӕ байгом кӕнут уӕ тетрӕдтӕ ӕмӕ ныффыссут абоны нымӕц, темӕ ӕмӕ эпиграф.
-Тексты ссарут ивгъуыд афоны мивдисджытӕ ӕмӕ сӕ уӕ тетрӕдтӕм рафыссут.
- Дзырд «ӕмбал» дзырды хайттӕм гӕсгӕ равзарут.
Къордты куыст.
Хӕслӕвӕрдтӕ
1къорд.
1.Рафыссут текстӕй хуымӕтӕг мивдисджытӕ ӕмӕ сын фӕбӕрӕг кӕнут сӕ афонтӕ.
2. Ивгъуыд афоны мивдисджытӕй саразут нырыккон афоны мивдисджытӕ.
3.Аифтындзӕг кӕнын иу мивдисӕг.
2къорд .
1. Рафыссут вазыгджын мивдисджытӕ.
2.Ссарын мивдисджытӕ номдартимӕ бастӕй.
3.Фӕбӕрӕг кӕнын кӕцы цӕсгомы, нымӕцы ӕмӕ афоны ӕвӕрд сты, уый
1къорд.
Ныффыссут дзырдбӕстытӕ «ӕмбалы» тыххӕй
ӕфсымартау цӕрын,
Хӕларӕй цӕрын,
кӕрӕдзийыл ӕууӕндын,
кӕрӕдзийы ӕмбарын,
сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймаг,
бахъуаджы заман феххуыс кӕнын,
ӕцаг ӕмбал,
2 къорд.
Ӕмбалы тыххӕй ӕмбисӕндтӕ кӕронмӕ ныффыссут ӕмӕ сын сӕ хъуыды бамбарын кӕнут.
а)Хорз ӕмгары фӕндагыл ….
а)Хорз ӕмгар зын сахат …
б)Дыууӕ ӕфсымарау …
в)Ӕнӕ ӕмбал …
(базонынц, сбӕрӕг вӕййы, цӕрӕн нӕй,цардысты).
-Тынг хорз фӕтых стут текстыл.
- Ныр та нӕ фӕллад суадзӕм ӕмӕ байхъусӕм мелодимӕ.Ныффыссут ма мивдисджыты фӕрцы уе нкъарӕнтӕ. (Сывӕллӕттӕ дзурынц алыхуызон мивдисджытӕ).
- Ацы хъазт уӕ иу гыццыл базмӕлын кодта. Нӕ фӕллад суагътам, ныр та кусӕм дарддӕр.
- Бакусӕм нывыл.
Алчидӕр уӕ ныффыссӕт фӕйнӕ фондз хъуыдыйады нывмӕ гӕсгӕ. Раттут ын сӕргонд, спайда кӕнут мивдисджытӕй: аргъ кӕнын, уарзын, сбӕраг вӕййы. ӕрбалӕууы, бӕззын, барӕвдауы…
Сывӕллӕттӕ кӕсынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ.
Кæронбæттæн хай.
– хатдзæгтæ
-Уӕдӕ скӕнӕм хатдзӕг нӕ урокӕн .
-Цы базыдтат абон урочы ногӕй?
-Цы куыстам урочы дӕргъы?
-Цы райстат ногӕй ацы урочы?
-Уӕдӕ царды стыр амондыл цы нымайӕн ис?
-Цавӕр ӕнкъарӕнтимӕ ацӕудзыстут ардыгӕй?
-Тынг хорз.
Синквейн
Ӕмбал
Хорз, ӕцӕг, ӕнувыд.
Сбӕрӕг вӕййы, балӕууы.
Ӕмбалы хорзӕх уӕ алкӕй дӕр уӕд.
Ныфс
Бӕрӕггӕнӕнтӕ.
Хӕдзармӕ куыст.
Ныффыссут нывӕцӕн ахӕм темӕйыл «Мӕ хуыздӕр ӕмбал».
-Ныр та уал хӕрзбон,ӕмӕ уӕ алчидӕр хорз ӕмбалӕн бӕззӕд,
хорз ӕмбалӕй хайджын уд!