Просмотр содержимого документа
«Миногон фæлхат кæнын.»
Психологон уавæр
Адæймаг худгæ куы фæкæны, уæд фезмæлы цæсгомы 43 нуары, æнкъард куы вæййы, уæд та змæлы 18 нуары. Цы хуыздæр у? Æнкъард уæвын кæнæ æппынæдзух худын.
Хъæуы мæ
Йе ’ууæл номдарæн æвдисын, уый цæмæй зына æргом. Бирæ хæстæ химæ исын, базон-ма, куыд у мæ ном.
Урочы темæ:
«Миногон фæлхат кæнын»
Урс-урсид адарынц фæзтæ,-
С ’ урс вæййынц хъæды бæлæстæ,
Басыйынц уадултæ, фындз.
Уазалæй сырдтæ тыхсынц!..
Урочы хæстæ
- Зæрдыл æрлæууын кæнын миногоны тыххæй рацыд æрмæг.
- Фæарфдæр кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ миногоны тыххæй, æрдзурын, цавæр грамматикон æууæлтæ æмæ хуызтæ ис миногонæн, хъуыдыйады мидæг цавæр уæнгтæ вæййынц. Диалогон ныхасыл бакусын.
- Хуызджын миногонтæй раст пайда кæнын нæ ныхасы.
Æртхъирæны мæйы цыппæрдæсæм бон.
Цыппæрæм.
Къласы куыст.
Сыгъдæгфыст
Сыгъдæг, ныллæг, мæллæг,
хъæддаг, уæззау, адджын.
Ссарын уæлдай дзырдтæ:
- фæззыгон, сæууон, зæхх, митын
- быдырон, райдзаст, хæххон, бæлас
- рог, бæрзонд, уæрæх, ком, уалдзыгон
- талынг, æрттиваг, хур, æрвхуыз
Хъæуы мæ
Цы у миногон?
Миногон у – ныхасы хай, кæцы нысан кæны предметы æууæл æмæ дзуапп дæтты ахæм фæрстытæн цавæр? цыхуызæн?
даргъ
хъызт
уазал
митджын
цыбыр
Хæмпус мит
Фæлмæн мит
Ногуард мит
Ссар рæдыдтæ
Залты мит ныуарыд,
Джихæй бажад хъæд.
Урс миты æврæхтæй
Бæлæстæ- æхгæд.
Фæ б æ р æ г к æ н номдартæ (+), миногонтæ та (-).
Номдар
Миногон
Физминуткæ
- Къухты нæмттæ хъуамæ зонай, Иу дзы «рахиз» хъуамæ хонай,
- «Галиу»-иннæмæн йæ ном,
- Иумæ баст сты æнгом.Иумæ куыстытыл тыхсынц,
- Иумæ дзаумæттæ ныхсынц,
- Иумæ сын сæ дон лæмарынц,
- Хорз кæрæдзийы æмбарынц.
- Рахиз къух дæтты салам,
- Ма фæрæди макуы ам!
- Рахиз дамгъæтæ фыссы,
- Галиу гæххæттыл хуыссы…
Тест
1. Цы нысан кæны миногон?
а) предмет
б) предметы æууæл
в) предметы архайд
2. Цавæр фарстытæн дзуапп дæтты миногон?
а) цавæр? цы хуызæн?
б) чи? цы?
в) кæм? куыд?
3.Цавæр ныхасы хаимæ баст вæййы миногон?
а) мивдисæгимæ
б) нымæцонимæ
в)номдаримæ
4. Миногонтæ вæййынц:
а) сæрмагонд
б) иумæйаг
в) миниуæгæвдисæг
г) ахастæвдисæг
5. Арæхдæр цавæр хъуыдыйады уæнгтæ вæййынц миногонтæ?
а) сæйрат
б) зæгъинаг
в) б æ р æ гг æ н æ н
Миногон
ныхасы хай
Æвдисы предметты æууæл
Цавæр?
цыхуызæн?
Ома се’ддаг бакаст, сæ конд, сæ хуыз, сæ ас, сæ хъару, сæ уавæр
баст вæййы номдаримæ
Миногонты руаджы нæ ныхас кæны бæлвырддæр æмæ аивдæр
Базон-базонтæ
Хъæуы мæ
- Цъæх, зыдгæнаг, хъæддаг сырд…
- Тæрсаг, æнæхъару, тæппуд…
- Стыр, æнарæхст, зылынкъах…
РЕФЛЕКСИ
- Урок уыд …
- Урочы мæхи æнкъардтон …
- Æз разы дæн мæ куыстæй урочы…
Хæдзармæ куыст
Ныффыссын цыбыр нывæцæн
« Мæ уарзон цæрæгой»