СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Мероприятие ко Дню матери.

Нажмите, чтобы узнать подробности

Мероприятие посвящено матерям.На свете есть слова,которые называют святыми. И одно из таких ласковых слов - слово "Мама" Потому что несет в себе тепло материнских руд,материнской души...

Просмотр содержимого документа
«Мероприятие ко Дню матери.»



Сценари мадæлты бæрæгбонмæ

«Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у мад!»

(хистæр къордæн)

Нысан: Гуырын кæнын сывæллæттæм æнæкæрон уарзондзинад ныййарæг мадмæ, аргъ кæнын йæ фыдæбонæн.

Ӕрмæг: нывтæ бинонты цардæй, мады портрет…

Техникон фæрæзтæ: ирон фæндыр, зарæг «О, уарзон ныййарæг!»
презентаци «Мæ мад»

( сывæллæттæ мады зарæджы мелодимæ бацæуынц залмæ)

Амонæг: Уæ бон хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд, нæ зынаргъ ныййарджытæ, хъомылгæнджытæ, сывæллæттæ!

Абон нæ бæрæгбон, абон нæ цины бон.

Абон ныййарæгæн арфæ кæнæм !

Амонæг : Мад! Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ дзы æппæт дуне дæр бацæудзæн, Зæххыл мадæй зынаргъдæр ничи ис! Мадæй хуыздæр ничи бамбардзæн сабийы.

Мады фæндиагæй ма фенут низ.

Мадæй уæ ма схъыг уæд иу дæр!

Мадæн йæ хъæбул – йæ зæрдæйы таг,

Риуы æхсидгæ цæхæр у.

Мад у сæумæрайсом хуры ыскаст

Ӕмæ дæм йæ мидбылты худы.

Мад дын куы ратдзæн йæ уд æмæ цæст,

Мадæн йæ хъæбул зынаргъ у.

Мады рæвдыдæй ут уе̕ ппæт æфсæст,

Мад нын æнусон цырагъ у!

Амонæг : - Абон у стыр бæрæгбон – «МАДЫ БОН!» Æмæ ацы бон алы мадæн

сæрыстырæй цыдæриддæр хуыздæр фарнæй æмæ ныхасæй ис, уыдон лæвар кæнæм. Мады бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Сывæллæттæ бакæсдзысты æмдзæвгæтæ.

1- аг сывæллон

«Мады ныхас»

Хурау рухс зæрдæ у мад,

Никуы зоны уый фæллад

Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн,

Алы бон рæвдауы мæн.

2- аг сывæллон

Тынг дæ уарзын, тынг, уый зон,

Райдайын дæуæй мæ бон,

Райдайын дæуæй мæ фæндаг

Дæн дæ лæггæдтæй лæггаг!


3- аг сывæллон:

«Мæ мадæн»

Мæ мадæн лæварæн

Мæ уд дæр дæттын,

Мæ мад у æппæтæй

Зæрин хуры тын.


4- æм сывæллон:

Мæ мадæн лæварæн

Æз ноджы дæттын

Фырцинæй æууылдæй

Мыдимæ кæрдзын.


5- æм сывæллон:

Кæннод уæд йæ дæндаг

Фæриссы æдзух.

Мæ мадæн бæмбæгæй

Фæлмæндæр йæ къух!


Ӕмбисæндтæ :

 Ӕнæ хурæй нæ зайынц дидинджытæ,

 Ӕнæ уарзтæй нæй амонд,

 Ӕнæ сылгоймаг нæй уарзондзинад.


Амонæг: Фыццаг бон сывæллон куы райгуыры, уæдæй фæстæмæ мад цæры уый улæфтæй, йæ цæссыгæй æмæ йæ худтæй. Мады уарзондзинадæй хъарм кæны сывæллоны цард, мад æй сахуыр кæны уарзын Райгуырæн бæстæ æмæ йæхи æвзаг.

1- аг сывæллон: Нæ зынаргъ мадæлтæ! Кæд фæнды дæр уæ сæрыстыр стæм!

2- аг сывæллон: Æрмæстдæр иу не̕ мбарын, алцыдæр куыд æййафы, куыд ын бантысы?!

Амонæг: Сывæллæттæ, æртæккæ æххуыс кæндзыстут уæ мадæлтæн гæрстæ байтауынмæ. Куыд сарæхсдзыстут , уый фенæм!

Хъазт « Гæрстæ тауæм»


Амонæг: Æрбацыдыстæм нæ мадæлты бæрæгбонмæ, цæмæй æппæт мадæлтæн бæрæгбоны хорзæх зæгъæм æмæ сын балæвар кæнæм зарæг.


Зарæг «Мады бæрæгбн »

Бæрæгбон йæ рады ралæууыд фæрнæй.

Цас уарзын мæ мады , уый зæгъæн дæр нæй.

Базард : Хурау у йæ зæрдæ

Райдзаст æмæ рухс.

Афтæмæй фæцæра махимæ æнус.

Ӕз хæссын лæварæн дидинджыты баст,

Увадз æмæ мæ мадæн хурау уа йæ каст.


Амонæг : - Æртæккæ та базонут уыци – уыцитæ:


 Æрхауы – агæпп кæны,

Ныццæв æй – не скæудзæн (пурти)



 Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,

У хъæхъхъаг æмæ фыр зыд

Марын æй хъæуы, уый марын,

Рагæй дæр фыдгæнæг уыд .(бирæгъ)


 Уæртæ къудзиты ныхъхъус

Цъус йæ сæр фæзыны.

Ракъуыпп, радымсти йæ рус,

Фæрвы цъар æхсыны . (тæрхъус)


 Пъолы бын цæры, гæдыйæ тæрсы (мыст)

Хъазт

Амонæг : - Зынаргъ сабитæ, æртæккæ ахъаздзыстут «мæрзджытæй». Кæрæдзийы фæдыл алæуут дыууæ къордæй, разæй чи лæууы, уыдон исынц цъылынтæ æмæ иугай пуртитæ мæрзгæ - мæрзын баппарынц тæлытæм. Раздæхынц æмæ цъылынтæ дæттынц иннæ сабитæм, сæхæдæг фæсте æрлæууынц.

(Ӕваст æрбатæхдзæн гæркъæраг йæ хызынимæ)


Амонæг : - Ай та цы диссаг у ? Чи нæм æрбатахт? Зонут æй? Уый у тæхгæ цъиу-гæркъæраг, йæ ном та у - Кархан. Кæд нæм рæдыдæй æрбатахт…

- Ӕгас нæм цу, Кархан! Кæцæй фæдæ? Рæдигæ нæм фæкодтай?

Кархан: - Уæ бон хорз ! Кæм уыдтæн куы зæгъат...уæд мæнæ хойрæгты дуканийы уыдтæн, мæ сывæллæттæн дзыкка фыцын æмæ балхæдтон хæлцæгтæ (продукттæ). Сымах уылты рауадтæн , сывæллæтты , зæгъын, фенон æмæ сæ афæрсон цæмæйдæр. Сымах уарзут дзыкка? Уа мадæлтæ уын фæфыцынц? Ӕмæ зонут, дзыкка фыцгæйæ цытæ хъæуы, уый ? Ӕртæккæ йæ сбæрæг кæндзыстæм иумæ. науæд мæ ферох, цæмæй йæ сфыцон,уый. (æвдисы). – Ӕз уæм æвдисдзынæн мæ продукттæ, сымах та мын зæгъдзыстут бæззы дзыкка фыцынæн , æви нæ. Раст у, æви нæу, уый мын, дзурдзыстут «о» кæнæ «нæ»: Кæрдзын? , фæткъуы ?, айк- о!, ссад? - о!, джитъри? сæкæр? Цæх? – о! Кæрдо? Царв?- о! Ӕхсыры сæртæ – о!

( Аджы æвæры хъæугæ продукттæ)

-Дзæбæх дзыкка рауад. (æвдисы кондæй дзыкка æмæ дзы уары сабитæн)

Бузныг, мæ хуртæ, хорз мын баххуыс кодтат! Ныр атæхон æмæ мæ хъæбулты бафсадон. Дзæбæх ут!

Амонæг : Ницы дзы ис зынæй, нæ мад куы фæцæттæ кæны хæринаг уæд, фæлæ нæхæдæг куы архайæм, уæд тынг афæллайæм.


Хъазт «Ӕххуысгæнджытæ»

( Хъазæнтæ пырхай пъолыл.Сæмбырд сæ кæнын хъæуы хицæнтæй: куклатæ æмæ машинæтæ иу чыргъæдмæ, мигæнæнтæ- æндæр, кубиктæ - хицæнæй)

Амонæг : - Ныр та мæ фæнды базонын, цавæр æмбисæндтæ зонут мады тыххæй?

1- аг сывæллон : Йæ мады чи нæ уарзы, уый йæхи дæр нæ уарзы.

2- аг сывæллон: Хорзæхты сæр мад у

3- аг сывæллон: Мады хъæбыс адджын у.

4- æм сывæллон: Йæ мады ничи фауы.

5- æм сывæллон: Мады зæрдæ – зонаг у.

6- æм сывæллон: Мад ныййарæг , фыд схæссæг.

Амонæг : -Нæ мадæлтæн æмдзæвгæтæ бакæсдзыстæм.

1- аг сывæллон «Мæ мад»

Мæ уарзон ныййарæг

Мæ хур дæ, мæ мæй.

Дæуæй мын зынаргъдæр

Зæххы цъарыл нæй.

2- аг сывæллон

Дæ кæстæрты хурæй

О, бафсæд мæ мад

Куыд хъуыса нæ кæртæй

Дæ худын, дæ зард.

3- аг сывæллон: «Мады хур »

Дзуры хъæлдзæгæй Тимур:

- «Хоны мæ дзыцца йæ хур.

Ау, цæмæн, кæд хур ис арвыл

Бæстæтæ йæ рухсæй тавы?»

Радта дзуапп дада Инус:

- Ды- ныййарæгæн йæ рухс!

Мадæлтæн хъæбултæ цал ис,

Хуртæ дæр дунейыл уал ис.


Амонæг: Бакæсæм ма сывæлæттæ цы равдыст - бацæттæ кодтой ,уымæ. «Хъазы цъиу йæ мады куыд агуырдта»

Амонæг : Нæ бæрæгбоны кæронмæ æрхæццæ, зæрдæбынæй уын нæ зæрдæ

зæгъы: æнæниз æмæ æнæмаст, рæсугъдæй, хъæлзæгæй æмæ сæрæнæй цæрут нæ

зынаргъ мадæлтæ, уæ сывæллæттæ та уæм куыд хъусой, уæ зæрдæ уын рухс куыд

кæной, арфæйаг ут!!!