СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Миногми ( причастие)

Нажмите, чтобы узнать подробности

итоговый урок

Просмотр содержимого документа
«Миногми ( причастие)»

Темæ. Миногми. Миногмиты афонтæ

(«Дурсæтджытæ». Хетæгкаты Къоста)

Ӕнæ кусгæйæ ницы ис



Нысан. 1.Миногми райхалын. Æрдзурын, цы йын ис

иумæйагæй миногон æмæ мивдисæгимæ

2.Раиртасын миногмиты афонты

хицæндзинæдтæ

3.Æрдзурын Къостайы конд ныв

«Дурсæтджытæ»-йыл. Текст дзы сканын.

(Афæдзы афонтыл æрдзурын. Лæмбынæг æрлæууын, ныртæккæ цы афон у, ууыл. (Фæззæг). Ирон адæммæ цавæр стыр нысаниуæг ис фæззæгæн.

Ирон адæмæн сæ цард фос æмæ зæххытæй уыди рагæй фæстæмæ дæр. Нæ адæмæн сæ царды бæркад фылдæр фæззæгимæ баст у, уымæ гæсгæ, фæззæг нымайынц бæркадджын афоныл. Фæззæджы бæрæгбонтæ-иу кодтой уæлдай æнцондарæй, уымæн æмæ-иу сæ сæ къух амыдта сæ фæззæджы тыллæгæй. Куывдтæ, чындзæхсæвтæ дæр уыцы афон арæхдæр уыдысты.

Фæззæджы ирон адæм уæлдай тынгдæр цин кодтой Джеоргуыбайы бæрæгбоныл. Æнхъæлмæ йæм кастысты цингæнгæ. Чындзæхсæвтæ дæр – иу снысан кодтой бæрæгбоны къуыримæ.

(Джеоргуыбайы бæрæгбоны фадыл бæстондæр æрдзурын)

Фæззæджы афоны æртыккаг мæй дæр уымæ гæсгæ ирон адæм схуыдтой Джеоргуыбайы мæй.

(Сывæллæтæн нымæц ныффыссын кæнын сæ тетрæдты. (Джеоргуыбайы мæйы дыууадæсæм бон. Къласы куыст)).

А-г. Базон-Базон. Æз бакастæй дæн миногоны хуызæн. Мæ фыдæл мивдисæг у. Миногонау миниуæг æвдисын, æрмæст архайдмæ гæсгæ. Мæ фыдæлау мын ис æртæ афоны, фæлæ ма мæнæн ис мæхи граматикон хицæндзинæдтæ. Чи дæн æз?

Скъ. Миногми.

А-г.Цы хонæм миногми?

Скъ. Миногми у, предметы миниуджытæ архайдтытæм гæсгæ чи æвдисы,мивдисæджы ахæм сæрмагонд æнæивгæ формæ.

Миногмийæн ис æртæ афоны: нырыккон, ивгъуыд æмæ суинаг.

А-г. Куыд рæзынц миногмитæ?

Скъ. Нырыккон афоны миногмитæ арæзт цæуынц, мивдисæджы нырыккон афоны бындурмæ фæсæфтуантæ -æг, -аг, -гæ æфтаугæйæ.

Дзурын-дзур-ын-дзурæг лæг

Дзурын-дзур-ын-дзураг чызг

Дзурын-дзур-ын-дзургæ сфæлдыстад

Нырыккон афоны миногми февдисы нырыккон афоны архайæг предметы миниуæг.

Нырыккон афоны миногмитæ хъуыдыйады арæхдæр вæййынц бæрæггæнæнтæ.

Нырыккон афоны миногмитæм разæфтуантæ куы куы бафтауæм, уæд -æг-ы фæрцы арæзт миногмитæн фæзыны ивгъуыд афоны формæ.

З-м: радзурæг скъоладзау.

Нырыккон афоны миногмитæ хъуыдыйады арæхдæр вæййынц бæрæггæнæнтæ:

Дзурæг лæг адæмы йæхимæ æрбайхъусын кодта.

Ивгъуыд афоны миногмитæ арæзт цæуынц мивдисæджы æбæлвырд формæйы бындурмæ фæсæфтуантæ -д, -т, -ад, -ыд, -ст бафтаугæйæ.

Кæнын-кæн-ын - конд

Сафын- саф-ын- сæфт

Барын-бар-ын- барст

Нымайын-нымай-ын –нымад

Арауын-арау-ын-арыд

Вазыгджын мивдисджытæ æмæ дзырдбæстытæй арæзт миногмитæ фыссын хъæуы æмхæстæй:

Хуым кæнын-хуымгонд

Суинаг афоны миногми арæзт цæуы, мивдисæджы нырыккон афоны бындурмæ фæсæфтуан -инаг бафтаугæйæ:

Дзурын-дзур-ын-дзуринаг

Миногмитæ арæх рахизынц номдартæм, ома сæ пайда кæнæм номдарты хуызы.

А-г. Сывæллæттæ, æрæджы ирон адæм бæрæг кодтой тынг стыр бæрæгбон. Цавæр бæрæгбон уыди?

Скъ. Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы райгуырдыл сæххæст 160 азы.

А-г. Чи уыд Къоста?

Скъ. Къоста уыд фыссæг, нывгæнæг, ирон литературæйы бындурæвæрæг…

А-г. Къоста æппæтæй фылдæр уарзта ныв кæнын. Сывæллæттæ, ранымайут ма мын, цавæр нывтæ скодта нæ нывгæнæг?

Скъ. «Дурсæтджытæ», «Зикъарайы ΄фцæг», «Ӕрдзон хид», «Хъыггæнæг Зæд», «Дондзау», «Арахъхъ уадзын»,«Тебердæйы ком», «Цæлыккаты Аннæ»…

А-г. Абон мах кусдзыстæм Къостайы конд ныв «Дурсæтджытæ»-имæ. (Нывы историйыл æрдзурын) Лæмбынæг ма бакæсут нывмæ æмæ ранымайут дзырдтæ, фæрстытæ чи? æмæ цы? –йæн дзуапп чи дæтты.

Лæппутæ Бæлццон(фæндаггон) Куыдз Арв Мигътæ Хæхтæ Къæдзæх Цæугæдон Бæлас Фæндаг Цæджындз Дуртæ Дзæбуг Хызын

Ацы дзырдтæ цавæр ныхасы хаймæ хауынц?

Скъ. Номдармæ

А-г.Фæрстытæ цавæр? æмæ цыхуызæн? –æн дзуапп чи дæтты, ахæм дзырдтæ ссарут нывы.

Гыццыл Рæсугъд Мæгуыр Бызгъуыр Бæгъæввад Бæрзонд Скъуыд Хъулон Урссæр Цъæх Морæ

Цавæр ныхасы хаймæ хауынц ацы дзырдтæ ?

Скъ.Миногонмæ

А-г. Фæрст цы ми кæнын?–æн дзуапп чи дæтты, ахæм дзырдтæ ссарут нывы.

Лæууы Бады Сæтты Кусы Фæцæуы Цъæл кæны Сæтты

А-г. Ацы дзырдтæ та цавæр ныхасы хаймæ хауынц?

Скъ. Мивдисæгмæ

(Нывмæ гæсгæ дзырдбæстытæ скæнын)

А-г. Сывæллæттæ, уæ разы Къостайы конд ныв «Дурсæтджытæ». Нывмæ гæсгæ цы дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ ранымадтат, уыдоныл æнцойгæнгæйæ скæнæм хъуыдыйæдтæ. Нæ хъуыдыйæдты кæрæдзийыл афтæ бæттæм, цæмæй сæ рауайа текст.

Сывæллæттæ- Дурсæтджытæ

Урссæр хæхтыл мигъ йæхи æруагъта. Дыууæ къæдзæхы астæу згъоры стыр цæугæдон. Хæхты бынмæ доны былтыл лыггонд цæуы фæндаг. Фæндаджы куыстыты кусынц хæххон мæгуыр сывæллæттæ дæр. Сæттынц дур. Дурсæттæг лæппутæ сты дыууæ. Урсхæдонджын дурсæттæгæн йе скъуыд дыс æрзæбул. Саукуырæтджын дурсæттæг хуыздæр уавæры нæй.

Дурсæтджытæн боныхъæд сæ къух аразы, æмæ сæ зæрдæрард куыстæй сæ фæрсты ацæуæг фæндаггоны уынгæ дæр нæ фæкодтой.

Лæппуты фарсмæ, цъæлгæнинаг дуртыл, æрхуыссыд иу хъулон куыдз. Куыдзæн ис райгонд æмæ улæфт цæстæнгас. Дурсæтджыты сыгъдæг миддуне уый дæр æнкъары. Фæлæ уый æмбаргæ дæр нæ кæны лæппуты æддаг фæлыст æмæ се ΄цæг царды æмиуад.

(Текстимæ куыст)

А-г. 1.Текстыл уæ цæст рахæссут.Ссарут дзы дæргъвæтин мыртимæ дзырдтæ. Бахахх сæ кæнтут. Куыд арæзт сты?

2.Тексты ссарут вазыгджын дзырдтæ. Рафыссут дзы уæ тетрæдтæм æртæ дзырды.

3.Тестæй дзырдбæстытæ рафыссут.

4. Текстæй 3 хъуыдыйады синтаксисон æвзарст раканын:

1) Дурсæттæг лæппутæ сты дыууæ.

2) Урсхæдонджын дурсæттæгæн йе скъуыд дыс æрзæбул.

3) Саукуырæтджын дурсæттæг хуыздæр уавæры нæй.

5.Текстæй иу миногми морфологон æвзæрст ракæнын. (Скъуыд)

6. Дзырд скъуыд фонетикон æвзæрст ракæнын.

Чиныгимæ кусын.(Фæлтæрæныл бакусын).

Къордтæй куыст хъазты хуызы. Дзырдтæ райуарын. Миногмитæ дзы фылдæр чи амбырд кæндзæн йæ чыргъæдмæ.

Рефлекси скæнын.

Урокыл æппæты хуыздæд чи бакуыста, уымæн Къостайы къамимæ нысан раттын (значок). Кæмæн Къостайы нывимæ магнит, кæмæн къæлиндар.