Ахуыргæнæджы разныхас.
Нæ адæмы тымбыл фынгæн рагæй ис æнæкæрон кад æмæ аргъ. Нæ царды æгъдæутты цыфæнды стырæй гыццылмæ баст уыдысты æмæ сты уыимæ. Стыр куывдты, стыр чындзæхсæвты, туджджынты ныхасы, дыууæ мыггаджы хæстæгдзинады æмæ зианы æгъдæутты ирон адæм ныхас кодтой æмæ кæнынц фынджы уæлхъус, цæхх æмæ кæрдзын сæ разы, афтæмæй. Фынг домы æмæ ахуыр кæны æфсармыл, лæгдзинадыл, арæхстдзинадыл, хæлардзинадыл, æнгом цардыл. Ирон фынг йæ рæ сугъд æгъдæуттимæ ирон адæмы уарзондзинад æмæ кад æвдисæг у. Цал æмæ цал фæзилæнæй пайда кодта фысым йæ уазæджы сбуц кæнынæн! Бинонты иумæйаг бадты фынг уыдис хъомылады скъола.
Бæрæгбоны æмæ бæрæгæхсæвы хорз хистæры руаджы бинонтæ-сылгоймагæй, нæлгоймагæй-ахуыр кодтой фынджы æгъдæуттæ æмæ царды бирæ фæзилæнтæ. Ӕнæ уыдон зонгæйæ та адæймаджы кад йæ бынаты нæ уыдис-усгур лæппуйæн минæвар ничи куымдта, чызг ын ничи лæвæрдта, чындздзон чызджы та агурæг нæ уыд. Хæдзар уыдис æгад, уазæг æм хæстæг на цыдис.
Ирон фынджы æгъдæуттæ алыхуызон сты цин æмæ зианы бонты. Уыдон иугай лæгты фæндонмæ гæсгæ нæ, фæлæ æппæт адæмы тыхджын зонд æмæ фарнæй рантыстысты æмæ дугтæ заманты сæрты æрхæццæ сты нæ рæстæгмæ. Уыцы æгъдӕуттӕ рӕсугъд кӕнынц ирон адӕмы цард, иу сын кӕнынц сӕ тых, сӕ хъару, ӕвӕрынц сын фидар фӕтк сӕ цардӕн, ӕфтауынц са ӕфсарм ӕмӕ ӕгъдауыл.
Нӕ фынджы ӕгъдӕуттӕ кӕддӕриддӕр адӕймагӕн йӕ удыхъӕд фӕрнӕйдзаг миниуджытӕй фӕлыстой, царды йын ныфсдӕттӕг уыдысты, нæсӕрфат митӕ ӕмӕ йӕ фыдракӕндтӕй хъахъхъӕдтой.
Нӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттӕй абон рохуаты чи аззад, уыдоны тыххӕй кӕстӕртӕ абон фӕфӕрсынц. Наукон ӕгъдауӕй нын дзуапп раттын нӕ ахуыргӕндты хӕс у. Фӕлӕ мах абон ӕрдзурдзыстӕм ирон фынджы фӕткыл, хистӕрӕй кӕй фехъуыстам, стӕй ад
Мон сфæлдыстадмӕ гӕсгӕ кӕй зонӕм, уыцы ӕгъдӕутты тыххӕй бӕстон ӕрдзурын. Фыццаджы дӕр нӕ базонын фӕнды:
Ирон адӕм фынгыл цӕмӕн ӕвӕрынц кусарты сӕр ӕмӕ бӕрзӕй?
Скъоладзауы дзуапп.
Уый фӕдыл нӕм баззад бирӕ алыхуызон ныхӕстӕ, ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ таурæгътӕ.
Дзурынц, алантӕ, дам, кӕддӕр се стыр бадтмӕ бахуыдтой. Стӕры чи уыд, ахӕм адӕмы. Сӕ уарзондзинаад равдисыны тыххӕй сын ӕрӕвӕрдтой алцӕмӕй ӕххӕст фынгтӕ. Уазджытӕ сбадтысты, фӕлӕ аходгӕ нӕ кӕнынц. Алантӕ дисы бацыдысты. Кӕрӕдзийы ӕвзаг кӕм нӕ зыдтой, уым уазджытӕн къухӕй ӕмбарын кодтой, цӕмӕй фынгмӕ ӕрӕвналой. Уӕд уазджытӕй иу сыстад, бӕхы уаст бакодта ӕмӕ къухӕй бацамыдта, бӕхы фыд кӕй нӕ хӕрынц, уый. Бамбӕрстой фысымтӕ сӕ азым ӕмӕ фынгмӕ кусарты сӕр ӕмӕ бӕрзӕй ӕрхастой. Сӕ иу стуры уаст бакодта, ома стуры фыд ис фынгыл, иннӕ бауасыд байрагау ӕмӕ къухӕй бамбарын кодта, уыдон дӕр бӕхы фыд кӕй нӕ хӕрынц,уый. Уыйадыл уазджытӕ сӕхи хорз федтой. Сӕ дыууӕтӕн дӕр ӕхсызгон уыдис, сӕ дин кӕй у, уый ӕмӕ хӕлар сыхӕгтӕ баисты.
Уӕдӕй фӕстӕмӕ фӕткӕн баззад ирон фынгыл кусарты сӕр ӕмӕ бӕрзӕй ӕвӕрын.
Хуыцау ӕмӕ йе сконд Зӕдтæн алкӕй номыл дӕр йӕ бӕрӕгбоны ирон адӕм кодтой кусарт. Бирӕ Зӕдты номыл ӕргӕвстой, цалдӕр азы дӕргъы – иу кӕй фӕхастой, ахӕм нывонд галтӕ. Цыбыр дзырдӕй, ахӕм рӕстӕджы ӕмбӕлди сӕрмагонд кусарт.
Бӕрзӕй сӕрӕн куы йӕ рахиз фарс вӕййы, куы йӕ галиу. Цӕмӕн афтӕ у?
Нæ зондджын фыдӕлтӕ цин ӕмӕ зианы фынгтӕ кӕрӕдзийӕ иртасыны тыххӕй цины фынгыл бӕрзӕй ӕвӕрдтой сӕрӕн йӕ галиу фарс, зианӕн та-йӕ рахиз. Уымӕ, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодтой: адӕймаг йӕ тых, йӕ хъару, йӕ арӕхстдзинад ӕвдисы йӕ рахиз къухы руаджы; дунесфӕлдисӕг Хуыцау ӕмӕ йе сконд Зӕдты нӕмттӕ аргӕйӕ сыкъайыл хӕцы рахиз къухӕй; йӕхиуыл дзуар ӕфтауы рахиз къухӕй; бадты хистӕртӕ бӕгӕныйы къусӕй кувынц рахиз базыгӕй, рахиз ӕртӕ фӕрсчы физонӕгимӕ; ныййарӕг мад йӕ хъӕбулы дзыхмӕ фыццаг хатт хӕринаг бахӕссы рахиз къухӕй; сылгоймаг кады нуазӕнтӕ ратты ӕмӕ райсы рахиз къухӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕймагӕн йӕ рахиз къухӕн уӕлдай ахадындзинад ис. Уый у ирон фӕтчы ӕгӕрон рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕххӕстгӕнӕг дӕр.
Цины фынгыл кусарты рахиз хъус у цинӕвдисӕг. Галиу хъус та ӕмбӕрзт вӕййы бӕрзӕйӕ. Рахиз хъус хъахъхъӕд цӕуы суанг бадты кӕронмӕ. Уый фӕстӕ йӕ ӕртӕ саджилӕй сыкъайы сӕр ӕрӕвӕрынц ӕмӕ йӕ цинхӕссӕгӕй кӕстӕртӕм адӕттынц..
Адӕймагыл йӕ хур куы аныгуылы ӕмӕ йыл йӕ Дуне куы баталынг вӕййы, уӕд йӕ рахиз къух ӕмӕ йӕ рахиз фарс бандзыг вӕййынц. Ӕгъдӕуттӕ ахизынц галиу , галиу фарсмӕ. Кусарты бӕрзӕй дӕр сӕры рахиз фарсмӕ баивынц, цӕмӕй ӕнкъардӕвдисӕг галиу хъус уа гом ӕмӕ адӕмы ӕнкъарддзинадыл ӕфтауа. Кусарты хъус куы ралыг кӕнынц ӕмӕ йӕ дыууӕ саджилӕй сӕрыл куы ӕрӕвӕрынц, уӕд уый нысан кӕны рӕгъыты фӕуд.
Фынгыл кӕд ӕмӕ цӕмӕн вӕййы ӕртӕ кӕнӕ дыууӕ кӕрдзыны?
Нӕ рагфыдӕлтӕм: скифтӕм, сарматтӕм ӕмӕ алантӕм, ныр ирон адӕммӕ цы Зӕдтӕ, Дауджытӕ, Дзуӕрттӕ ӕмӕ Кувӕндӕттӕ ис, уыдон куы нӕма уыдысты, у
Куывтой Хур, Зӕхх ӕмӕ Донӕн. Алкӕй номыл дӕр дзы фынгмӕ хастой кувинаг. Афтӕмӕй сӕ бӕрӕгбонтӕ ӕмӕ сӕ цины бонтӕ ӕрвыстой хъӕлдзӕгӕй.
Адӕймагыл йӕ Хур куы баталынг вӕййы, Хуыцауӕй йын кургӕ куы ницыуал вӕййы, уӕд ын хӕлар кӕнынц (ӕмӕ кодтой) йӕ Зӕхх ӕмӕ йӕ Доны хайӕ.
Скувыны размӕ ӕртӕ уӕливыхы цӕмӕн акӕнынц фӕйнӕрдӕм?
Ирон адӕм кӕддӕриддӕр уырнон адӕм уыдысты, куывтой Хуыцаумӕ. Уыдоны уырныдта, уӕларвӕй хуыцау ӕмӕ йе сконд Зӕдтӕ лӕмбынӕг фӕкӕсынц фынгӕвӕрдмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕртӕ уӕливыхы фӕхъӕуы равдисын. Уыимӕ, уӕллаг уӕливыхы был хъуамӕ хӕццӕ к
На кувӕджы галиу къухы бынмӕ. Кувӕджы галиу къухы физонӕг куы нӕ уа, уӕд хъуамӕ уӕллаг уӕливыхы былыл хӕца йе ртӕ нгуылдзӕй.
Цы амонынц ӕртӕ уӕливыхы ӕмӕ ӕртӕ ӕртӕдзыхоны?
Хур тымбыл ӕмӕ таваг кӕй у, ӕппӕт Дуне рухс кӕй кӕны,Зӕхх хъӕздыг ӕмӕ бындурджын кӕй у, цӕрӕгойӕ-зайӕгойӕ се ппӕты дӕр кӕй хӕссы, Дон зӕххылцӕрӕг адӕмы кӕй ӕфсады, кувинагӕй-хӕринагӕй алцы дӕр уый руаджы кӕй цӕттӕгонд цӕуы, уымӕ гӕсгӕ ирон адӕм Хур, Зӕхх ӕмӕ Доны номыл кӕнынц Хурау тымбыл, зӕххау хъӕздыг (цыхтджын, фыдджын, картофджын, цӕхӕраджын. Къабускъаджын…) ӕртӕ уӕливыхы.
Ӕртӕ ӕртӕдзыхоны сты рагондӕр. Кодтой ӕмӕ сӕ кӕнынц цыхтимӕ. Куывдты ӕмӕ
кӕхцгӕнӕнты нӕлгоймӕгты номыл. Се ртӕ дзыхы амонынц ХУР, ЗӔХХ ӕмӕ ДОН. Зӕдта куы фӕзындысты, уӕд Уастырджимӕ кувӕн бонты ӕмӕ ӕхсӕвты фынгыл кадджындӕрӕн ӕвӕрын райдыдтой ӕртӕ ӕотӕдзыхоны.
Лӕууӕг хистӕрӕн йӕ кӕцы фарс хъуамӕ лӕууа цин кӕнӕ зианы фынгты рӕстӕджы?
Уырдыгыстӕг цины фынджыбадты хъуамӕ лӕууа хистӕрӕн йӕ галиу фарс. Цӕмӕй хистӕры рахиз къух уа цинӕвдисынхъом, сӕрибар.
Зианы фынджыбадты уырдыгыстӕджы хӕс у хистӕрӕн рахиз фарс лӕууын ӕмӕ йын йӕ рахиз къух ӕмбӕрзын.
Цӕмӕн аходы кувӕггагӕй кӕстӕр, стӕй ма дзы уымӕй уӕлдай кӕмӕн ис ацаходы
ны бар?
Кӕстӕртӕ ӕнӕтӕригъӕдджын кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ кувӕггагӕй саходыны бар хауы уыдонмӕ. Куыд кӕй номыл уа, уый йӕ куывды кувӕггагӕй аходы йӕхӕдӕг. Къухылхӕцӕг ӕмӕ ӕмдзуарджын та аходынц чындзӕхсӕвы кувӕггагӕй. Иумӕйаг бадты кӕстӕртӕм ралӕвӕрд кувӕггагӕй аходынц ӕртӕ кӕстӕры кӕнӕ та сӕ иу.
.
Цы гъдӕуттӕ уыдис фынг ӕркӕнынӕн цин кӕнӕ зианы?
Нӕ фыдӕлтӕ скувыны размӕ ӕртӕ уӕливыхы кӕнӕ ӕртӕ ӕртӕдзыхоны кардӕй нӕ карстой, састой сӕ къухӕй. Дзидза карстой сӕхирдӕм. «Нал ис»-ы бӕсты дзырдтой «дзаг у». Скувыны фӕстӕ, ӕртӕ уӕливыхы кӕнӕ ӕртӕ ӕртӕдзыхоны сӕтгӕйӕ, тӕбӕгъ зилын нӕ фӕтчыд.
Зианы фынгыл дыууӕ кӕрдзыны къухӕй сӕттын не мбӕлди. Алыг-иу сӕ хъуыди кардӕй. Дзидза лыстӕг карстой хицӕй ӕддӕрдӕм.
Кусартгӕнӕн бынатмӕ ӕрбакӕнд кусӕрттагӕн-иу тӕбӕгъы айзӕрст цӕххӕй асдӕрын кодтой. Кувӕг лӕг, кусӕрттаджы рахиз сыкъайыл хӕцгӕйӕ, ӕртӕ кӕрдзынӕй скуывта Хуыцау ӕмӕ йе сконд Зӕдтӕм. Барс ӕй кодта, кӕй номыл уыдис, уыцы Зӕд-Дзуарӕн.