

Хохаты Ж.Э.
2016 аз.
Темœ: Нœ уарзон уалдзœг
(миногон).
Нысан:1.Æрдзурын афœдзы афон-уалдзœгыл.
2.Бакусын миногоныл.
3.Ныхасы рӕзтыл бакусын.
4.Сывœллœтты зœрдœты рœзын кœнын
рœсугъд œнкъарœнтœ уалдзœгмœ,
œрдзмœ.
Урочы фœлгонц: Ахуыргœнœн чингуытœ, тетрœдтœ, нывтœ, презентаци , музыкœ, компьютер.
Эпиграф: «Нœ урс хœхтœ,нœ тар хъœдтœ,
Нœ хъал дœтты хъœлœс.
Нœ зад хуымтœ,цъœх быдыртœ,
Нœ дидинœгджын фœз».
(Кочысаты М.)
Урочы цыд:
I.Организацион хай.
II.Фонетикон зарядкœ.
Къœвда 'рцœуы-
Сœпп-сœпп-сœпп.
Хауы 'ртœхгай-
Тœпп- тœпп-тœпп
Дœлбазырты-
Зœхх-зœхх-зœхх.
Тœдзынджыты-
Сœх-сœх-сœх.
Сарайы сœр-
Тъœпп-тъœпп-тъœпп.
III.Ног œрмœг.
Абон нœ урочы цœуыл дзурдзыстœм,уый зœгъут, мœнœ ацы рœсугъд нывтœм бакœсгœйœ œмœ музыкœмœ байхъусгœйœ(œвдисын уалдзыгон нывтœ).
?-Кœцы афœдзы афон ис œвдыст ацы нывты?
?-Уœдœ нœ абоны урочы темœ цы хуыйны?
?-Цœмœй хуыздœр бамбарœм, абон нœ урочы цы текстыл кусдзыстœм ,уый тыххœй базонгœ уœм ног дзырдтимœ:
Сœрвœттœ-пастбища;
Уыгœрдœнтœ-луга;
Мыдыбындзытœ-пчелы;
Нывтœ-картины.
(œвдисын дзырдтœ œд нывтœ проекторœй).
Хœс: Дзырдтимœ œрхъуыды кœнын дзыдбœстытœ œмœ хъуыдыйœдтœ.
(Байхъусын текстмœ).
Скъоладзаутœ кœсынц текст.
?-Цавœр афœдзы афон ралœууыд?
?-Йœхи цы аивта?
?-Цы тœхы иу дидинœгœй иннœмœ?
?-Цы œртахт хъарм бœстœй?
?-Адаймагœн царды хос цы сты?
?-Цавœр сœргонд œмбœлы раттын ацы текстœн?
Хӕс: Текст ратœлмац кœнут.
- Уалдзœг у царды райгуырœн. Бирœ курдиатджын адœм равдыстой ацы афœдзы
афон се сфœлдыстады. Гыццыл раздœр мах байхъуыстам музыкœмӕ.
?-Чи йӕ ныффыста, зонут ӕй?
Ирон фысджытœй дœр бирœтœ ныффыстой уалдзœджы тыххœй œмдзœвгœтœ. Уыдонимœ Кочысаты Мухарбег, Гулуты Андрей, Гœдиаты Цомахъ, Ситохаты Саламджери. Хœдзармœ куыст уын уыди, цœмœй дзы цалдœр сахуыр кœнат.
Табуафси. (Скъоладзаутӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ).
?-Зœгъут ма мын, цы хуыйнынц уалдзыгон мœйты нœмттœ иронау?
-Байхъусут уœдœ уе'мкъасонтœм, цы нысан кœнынц рагон уалдзыгон нœмттœ ,уыдон нын радзурдзысты.
-Эпиграфœн нœ урокмœ райстон Кочысаты Мухарбеджы œмдзœвгœйœ скъуыддзаг.
(кœсын эпигрœф).?-Цы равдыста поэт йе 'мдзœвгœйы?
?-Цавœр дзырдтœй спайда кодта поэт, цœмœй равдиса œрдзы рœсугъддзинад?
Зœгъут ма сœ.
?-Уœдœ нœ абоны грамматикон темœ цы хуыйны?
?-Цы хонœм миногон?
?-Миногонœн цал бœрцбарœны ис?
Хӕс: Миногонтœ урс,цъœх сœвœрын бœрцбарœнты.
Хœс: Рафыссут œмдзœвгœйœ миногонтœ œмœ семœ œрхъуыды кœнут дзырдбœстытœ.
?-Цавœр ныхасы хайœ спайда кодтат дзырдбœстытœ аразгœйœ?(номдартœй).
?-Уœдœ миногон хœларœй цавœр ныхасы хаимœ цœры?
?–Тексты ма ссарут миногонтӕ.
Хъазт: Кœцы рœнхъ œрхъуыды кœндзœн фылдœр миногонтœ, уый рамбулдзœн.
Хӕс: Хъуыдыйады мидœг дзырдты дамгъœтœ раст сœвœрут.
-Уадзœлг-куыснœн,зыœмг-хœырнœн.
- (Уалдзœг-кусынœн, зымœг-хœрынœн.)
?-Куыд œмбарут ацы œмбисонд?
-Хœс: Сœххœст кœнут 2-œм фœлтœрœн(106фарс).
-Ныр та аулœфœм œмœ базон-базонтœ базонœм ӕмӕ байхъусӕм цъиуты цъыбар-цъыбурмӕ.
IV.Хатдзœгтœ (Рефлексия).
?-Абон нœ урочы кœцы афœдзы афоныл дзырдтам?
?-Нœ грамматикон темœ та цы уыди?
?-Уœ зœрдœмœ цы фœцыди абоны урокœй?
?-Абон тынг бирœ рœсугъд ныхœстœ фœкодтам, байхъуыстам œмдзœвгœтœм,бакастыстœм нывтœм,байхъуыстам музыкœмœ.Ницы хъуыдымœ уӕ œркодтой, ницы зœгъын уœ фœнды?
Скъоладзутӕ кœрœдзийœн œвœрынц бœрœггœнœнтœ.
V. Хӕдзармӕ куыст:
1. 2-œм фœлтӕрӕн кœронмœ баххӕст кӕнын;
2. Ныффыссын цыбыр нывœцœн уалдзœджы тыххœй;
3. Текст аив кœсын зонын.