Заз бæлас хъазæнтæй аив фæлыст. Хъуысы хъæлдзæг ирон музыкæ. Музыкæ фæсабыр.
Митын лӕг 1: Алы бон æгас нæм цæут, нæ зынаргъ уазджытæ.
Митын лӕг 2: Тынг æхсызгон нын у уæ фенд мæнæ Ног азы минæвар заз бæласы бын.
Митын лӕг: Кæронмæ фæхæццæ кæны зæронд аз, æрлæудзыстæм ног азы къæсæрыл. Цыдæриддæр æвзæрдзинадæй уыд нæ царды, уыдон зæронд аз йемæ ахæссæд. Ног аз та нын ног хæрзтæ æрхæссæд.
Митын лӕг: Бæстæ сабыр куыд уа, кæстæр хистæры куыд æмбара, нæ ирондзинад фидарæй фидардæр куыд кæна.
Æвзонг гуырд нæ зæххыл
Куыд цæра дзæбæхæй,
Куыд худа сывæллонмæ
Мидбылты хур,
Быдырæй, къулдымæй, æгомыг
Къæдзæхæй
Хæрамæй сæ уæлæ куыд
Никуы уа мур.
Митын лӕг 1: Алы адæймаг дæр Ног азы æрцыдмæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсы, уæлдай дæр та – сывæллæттæ. Уыдонæн Ног аз у аргъау! Мах дæр абон фестдзыстæм аргъæутты бæстæйы.
Митын лӕг 2: Æнхъæлдæн нæм чидæр æрбацæуы!
(хъуысы музыкæ, Джигитовка)
Хӕмӕт: (æрбацыд, зазы алыварс æрзылди, æнæрвæссон кæстытæ йæм кæны, бацæуы сывæллæттæм) Цы мæм ныккастыстут? Раст цыма мæ фыццаг хатт уынут! Æз уæм мæсты дæн, уымӕн ӕмӕ мӕ бæрæгбонмæ дæр нæ фæхуыдтат. Ӕз афтӕ тынг мӕхи цӕттӕ кодтон, тигрты дӕр ма ӕрбакодтон.
(номер с тигрятами)
Митын лӕг 1: Браво, браво!
Митын лӕг 2: Мӕнӕ цӕй диссаджы лӕппынтӕ!
Хӕмӕт: Ацы аз тигрты аз хонынц, гъе ӕмӕ уын ацы лӕппынтӕ амондхӕссӕг уӕнт!
Митын лӕг 1: Алцы дӕр хорз у, фӕлӕ цыма Митын Дада ӕмӕ Митӕ фӕстиат кӕнынц.
Митын лӕг 2: Уый гӕнӕн нӕй! Митын Дада кӕд зӕронд у, уӕддӕр рӕджы кӕнын нӕ уарзы, уый дам ӕвзӕр лӕджы миниуӕг у!
Хӕмӕт: Уӕдӕ кӕд афтӕ сты хабӕрттӕ, уӕд мӕнмӕ афтӕ кӕсы ӕмӕ Митын Дада ӕмӕ Митӕ Къулбадӕг усы хинтыл фӕкалдысты.
Митын лӕг 1: (бавзӕр ис) Уӕууу! Куыд ма уыдзыстӕм! Нӕ бӕрӕгбон нын бабын кодта.
Митын лӕг 2: Фӕлӕуу ма! Уайтагъд суртӕ ӕмӕ дыдӕгътӕ кӕнын куы райдайыс, ахъуыды кӕнын дзы хъӕуы.
Хӕмӕт: Бӕргӕ алӕмӕты лӕдзӕг нӕм куы уаид!... Фӕлӕуут ма! Интернеты мӕ хорз хӕлар Гарри Поттермӕ ис ахӕм лӕдзӕг!
(На экране появляется Гарри Поттер)
Хӕмӕт: Салам, Гарри!
Гарри: Хеллоу!
Хӕмӕт: Мӕ хӕлар, тынг ахсджиаг хабарӕн нӕ хъӕуыс.
Гарри: Всегда готов помочь другу.
Хӕмӕт: Дӕ алӕмӕты лӕдзӕгӕй ма нын Митын Дада ӕмӕ Митӕйы Къулбадӕг усӕй аирвӕзын кӕн.
Гарри: Хорошо. У меня есть время?
Хӕмӕт: Иу гыццыл.
Гарри: Ок.
(Уыцы рӕстӕг фӕзынд Къулбадӕг ус)
Къулбадӕг ус: А-а-а! Ӕрымбырд стут! Ног азмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут?! Уӕртӕ ма уӕ Ног азы лӕппынтӕм кӕсут?! Ныр уыдон дӕр мӕхи хуызӕн уыдзысты! (Фӕзындысты тигры лӕппынтӕ)
ПЕСНЯ (Къулбадӕг ус зары)
Митын лӕг 1: Ӕз тӕрсын, ныртӕккӕ махӕрдӕм фӕуыдзӕн.
Митын лӕг 1: Ма тӕрс, ме ՚фсымӕр, ӕз ын кӕд гӕнӕн нал уа, уӕд мӕ уырыдзыйӕ йӕ кӕлӕнгӕнӕг сӕр ныппырх кӕндзынӕн.
Митын лӕг 2: (Хӕмӕтмӕ дзургӕйӕ) Цӕй цы фӕци дӕ фӕсарӕйнаг Принц?!
Хӕмӕт: Куыддӕр йӕ бон исты суа, афтӕ ӕнӕмӕнг фӕзындзӕн.
(Вдруг Баба Яга начала искать, потом танцевать, а потом тигрята стали за ней гнаться)
Гарри: Ну вот и всё, ждите теперь гостей! С Новым годом вас!
Хӕмӕт: Дӕу дӕр Ног азы хорзӕх уӕд, мӕ хӕлар.
(райхъуыст рӕсугъд ирон зпрӕг, фӕзынд Митӕ йӕ алыварс та миты гӕлӕбутӕ)
Танец «СНЕЖИНОК».
(Кафты фӕстӕ фӕзынд Митын Дада)
3