СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

« Номдары тыххæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын»

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Интерактивный урок по осетинскому языку в 5 классе

 

Просмотр содержимого документа
«« Номдары тыххæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын»»

5 къласы

« Номдары тыххæй рацыд æрмæг сфæлхат

кæнын»

(интерактивон урок)










\



Темæ.Номдар сфæлхат кæнын.

Урочы нысан. Номдары тыххæй скъоладзауты зонындзиндтæ бафидар кæнын. Хъомыладон куыст бакæнын. Ныхасы рæзтыл бакусын.

Цæстуынгæ æрмæг.Интерактивон фæйнæг слайдтимæ.

Урочы цыд.

1.Организацион хай.

2. Темæ зæгъын.


1. Слайд.

Абон нæм уыдзæнис, сывæллæттæ, урок – балц. Мах ацæудзыстæм уазæгуаты зымæгон хъæдмæ иумæ Митын Дадайы хъæумæ.

Фæндагыл ныл æмбæлдзысты алыхуызон цæлхдуртæ – хæслæвæрдтæ.

Мах сæ хъуамæ аиуварс кæнæм. Сæххæст кæндзыстæм фæлтæрæнтæ.


2. Слайд.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм номдар.

Фæрстытæн дзуаппытæ раттын.



3. Слайд.

Сæвæрут хъæугæ дамгъæтæ номдарты.

(Сывæллæттæ иугай цæуынц фæйнæгмæ æмæ дамгъæтæ сæ бынæтты

æвæрынц).


4. Слайд.

Дзырдтæ раст сæвæрын фæрстытæм гæсгæ.

(Сывæллæттæ æххæст кæнынц интерактивон фæйнæгыл фæлтæрæн).



5. Слайд.

Ныффыссут номдартæ 2 къордæй : I-Сæрмагонд , II-Иумæйаг номдартæ.

(2 скъоладзауы æххæст кæнынц фæйнæгыл фæлтæрæн, сывæллæттæ та сæ фыссынц сæ тетрæдты.


6 Слайд.

Базонут дзырдтæ кæцы хауæнты сты.

(Иугай цæуынц сывæллæттæ фæйнæгмæ æмæ æххæст кæнынц фæлтæрæн).


7.Слайд.

Цавæр дзырдтæй цæуынц арæзт ацы вазыгджын номдартæ.

(Сывæллæттæ дзыхæй -дзургæйæ дзуапп кæнынц).


8.Слайд.

Раст ныффыссут иууон æмæ бирæон нымæцы номдартæ.

(Сывæллæттæ хибарæй æххæст кæнынц фæлтæрæн).


9.Слайд.

Ссар уæлдай дзырд.

Миты тъыфылтæ ауыгъд цæуынц заз бæласыл, уæлдай дзырдтæй фæстæмæ.


10. Слайд.

Хъомыладон куыст.

(Ахуыргæнæг дзуры сывæллæттæн, миты къуыбæрттæ кæй нæ хъæуы æхсын кæрæдзийы цæсгæмттыл).


11.Слайд.

Номдарты æвзарыны фæтк.

Сывæллæттæ кæсынц фæйнæгыл номдар æвзарыны фæтк.


12-16 .Слайд.

Морфологон æвзæрст.

Ныр та сæххæст кæнæм къулбадæг усы хæслæвæрдтæ, уымæн æмæ нæ фæндаг цæуы уый фидарыл ,стæй лæгæттыл æмæ быдыртыл.

Уæдæ инструкцимæ гæсгæ скæнæм дзырдтæн морфологон æвзæрст.

Фидары алыварс сæмбырд кæнæм раст дзуаппытæ- стъалытæ.Стæй та дзырдтæ «лæгæттæ», «дзывылдар», «Митын Дада»-йæн.

Сывæллæтты фæрсын «Исты рæдыд уынут нывты»?( Дзывылдар зымæг нæ вæййы ам, æртæхы уалдзæджы).


1-18. Слайд.

Æркæсæм Митын Дадамæ, раст æрцыдис арæзт æви нæ.Исты хай дзы у уæлдай æви нæ?


19.Слайд.

Иууыл зындæр цæлхдур у тест.

Уæ тетрæдты йæ сæххæст кæнут, уый фæстæ кæрæдзи куыстытæ сбæрæг кæнут. Базон, дæ фарсмæ бадæг раст бакуыста æви нæ.


20.Слайд.

Сфæлдыстадон куыст.

Нывмæ гæсгæ сывæллæттæ хъуыды кæнынц хъуыдыйæдтæ.


21.Слайд.

Х.К.

Пъланмæ гæсгæ хæдзары ныффыссын цыбыр нывæцæн.