Ныхасы темæ. Цæр, нæ нæртон мадалон æвзаг!
Грамматикон темæ. Мивдисæг. Хуымæтæг æмæ вазыгджын мивдисджытæ.
Урочы нысан.
1.Мивдисæгæй рацыд æрмæг ныффидар кæнын.
2.Раттын хуымæтæг зонындзинæдтæ вазыгджын æмæ хуымæтæг мивдисджытæй.
3.Бакусын скъоладзауты дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл, се сфæлдыстадон хъуыдыкæнынад райрæзын кæныныл.
4.Ахуырдзаутæн Фыдыбæстæ уарзæгау бауарзын кæнын Мадæлон æвзаг.
Урочы фæлгонц: чингуытæ,тетрӕдтӕ фæйнæг, презентаци, æмбисæндтæ, текст, зарӕг «Ирон дӕн ӕз».
Урочы эпигрæф
Къостайы тугæй фыст ныхӕсты
Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг
Куыд хорз, куыд кадджын дӕ мæ цæсты,
Нæ ирон мадæлон æвзаг!
Урочы цыд Чеджемты Æхсар
.
1.Мотивацион уавæр
2.Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
3.Ног æрмæг.
Ахуыргæнæджы разныхас.
Абон урок райдайдзынæн Хаджеты Таймуразы рæнхъытæй.
Мæлæн дын нæй ,нæ фыдæлты æвзаг
Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,
Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг)
Дæуимæ сæфы дунейы истори.
-Цæуыл дзурæг сты ацы рæнхъытæ?
-Дзуаппытæ.
-Уæдæ абон цæуыл дзурдзыстæм?
-Мадӕлон æвзагыл.
Ахуыргæнæг. Хорз,сывæллæттæ, абон мах æрныхас кæндзыстæм нæ рæсугъд азæлгæ мадæлон æвзагыл. Куыд бамбæрстат афтæмæй нæ урочы эпигрæф дæр у мадæлон æвзаджы тыххæй.
-Бакæсæм ма йæ. (Сывæллæттæ кæсынц эпигрæф)
Ахуыргæнæг. Бæлвырддæр нын мадæлон æвзаджы ахадындзинад, йæ рæсугъддзинад раргом кæндзæн ӕппӕты ахсджиагдӕр ныхасы хай мивдисӕг.
-Равзарӕм ма йӕ дзырды хӕйттӕм гӕсгӕ.
-(Сывӕллӕттӕ кусынц).
-Йӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ цавӕр дзырд у?
-вазыгджын
-Цавӕр дыууӕ дзырдӕй арӕзт у?
-Ми(архайд), ӕвдисӕг (нысан кӕны).
Уырыссагау та куыд хуыйны мивдисӕг?
-Глагол.
- цымӕ, цы нысан кӕны уым та?
-
-А. Зынгӕ уырыссаг лингвист Пешковский афтӕ загъта ацы ныхасы хайы тыххӕй: « ...это слова, оживляющие все, к чему приложены».
-ӕмӕ ӕцӕг дӕр афтӕ у?
-Фæйнæгыл æвдыст цæуы æмдзæвгæ æнæ мивдисджытæй, сывæллæттæ йæ кæсынц.
-Ахуыргæнæг. Абарут ма дыууæ æмдзæвгæйы дæр æмæ зæгъут, цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ?
-Сывæллæтты дзуæппытæ. (Ам нӕй архайд ӕвдисӕг дзырдтӕ).
-А. Уӕдӕ мивдисӕг у, хъуыдытӕ раргом кӕнынӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, уыцы ныхасы хай
-Ахуыргæнæг.Хорз, сывæллæттæ, ныффыссут ма абоны нымæц æмæ темæ.Ныртæккæ мах рафæлхат кæндзыстæм мивдисæг æмæ кусдзыстæм дыууæ къордæй.
1 къорд кусдзæн тестыл
1.Мивдисӕг ӕвдисы:
ӕ)предмет
а)нымӕц
б)миниуӕг
в)архайд
2.Мивдисӕгӕн ис:
ӕ)2 нымӕцы
а)3 нымӕцы
б)5 нымӕцы
в)4 нымӕцы
3.Мивдисӕгӕн ис:
ӕ)2 афоны
а)4 афоны
б)1 афон
в)3 афоны.
4.Хъуыдыйады мидӕг вӕййы:
ӕ)сӕйрат
а)зӕгъинаг
б)ӕххӕстгӕнӕн
в)бӕрӕггӕнӕн
2 къорд дзуапп дӕтдзӕн фӕрстытӕн.
1.Цы у мивдисӕг?
2.Цавӕр фӕрстытӕн дзуапп дӕтты?
3.Цал цӕсгомы йын ис?
4.Мивдисӕджы ивынад цӕсгӕмттӕм гӕсгӕ куыд хуыйны?
Ахуыргӕнӕг. Дарддӕр сӕххӕст кӕндзыстӕм хӕслӕвӕрдтӕ.
1 хӕс.
1 къорд. Лӕвӕрд мивдисджытӕн фӕбӕрӕг кӕнут сӕ цӕсгом, нымӕц ӕмӕ афон.
ӕрвыстой
лӕвар кӕнын
арвитдзӕн
2 къорд. Аифтындзӕг кӕнут мивдисджытӕ.
Ӕмбӕрзын
ӕнхъӕлмӕ кастӕн.
фӕрсдзынӕн
.
2 хӕс. Ныффыссут архайд ӕвдисӕг дзырдтӕ ацы номдартӕм
1 къорд.
Ӕвзаг (хъахъхъӕны, бӕтты, фидар кӕны, тых дӕтты, ныфс дӕтты,ӕнгом кӕны.
2 къорд.
Мад (уарзы, узӕлы, рӕвдауы, хъомыл кӕны, цард дӕтты, бахуды, амоны)
3 хӕс. Дзырдтӕ раст фӕткыл раварут цӕмӕй уӕм хъуыдыйӕдтӕ рауайа ӕмӕ дзы мивдисджытӕ фӕбӕрӕг кӕнут.
1 къорд.
Фыдыбӕстӕ, у, ӕвзаг, хъахъхъӕнӕг.
2 къорд.
Нӕй, ӕвзаг, ахицӕнгӕнӕн, адӕймагӕн, ӕмӕ.
-Æрмӕст мивдисджытӕй пайда кӕнут, афтæмæй радзурут хи боны фӕтк.
(Худæджы хуызы).
-Æппæты худæгдæр кæмæн рауаид?
Хатдзæг
Ахуыргӕнӕг. Цавӕр ахсджиаг ныхасы хай рафӕлхат кодтам абон?
-Мивдисӕг.
-Ахуыргӕнӕг. Мивдисӕгӕй нӕ уӕдӕ зонын хъӕуы:
Мивдисӕг у- сӕрмагонд ныхасы хай
Мивдисӕг ӕвдисы — предметы архайд
Домы фӕрстытӕ- цы ми кӕны? Цы кӕны?
Мивдисӕг ивы- цӕсгӕмттӕм гӕсгӕ
Мивдисӕгӕн ис- 3 афоны, 3 цӕсгомы, 2 нымӕцы,4 здӕхӕны.
Ахуыргӕнӕг. Ацы уыци-уыци дӕр базонут.
Архайд ӕмӕ ми ӕвдисын
Мӕнӕн у алкӕддӕр мӕ хӕс
Номдартӕм мӕхи фӕисын,
Дӕн сын алкӕд коммӕгӕс.
---
Ахуыргӕнӕг. Уӕдӕ,сывӕллӕттӕ, куыд федтат афтӕмӕй мадӕлон ӕвзаг у дзырдӕй хъӕздыг, мидисӕй аив ӕмӕ рӕсугъд. Зӕрдӕйӕн зынаргъдӕр цы у, стӕй нӕ удтӕн адджындӕр цы хӕзнатӕ сты, уыдоны мах абарӕм мадимӕ.Не взаг дӕр у нӕ хӕзнаты хӕзнадӕр ӕмӕ йӕ уымӕн хонӕм Мадӕлон.Йӕ мадӕлон ӕвзагыл йӕ диссаджы ӕмдзӕвгӕтӕ фыста нӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бындурӕвӕрӕгХетæгкаты Къоста. Бирӕ хӕрзтӕ йын сарӕзтой Абайты Васо, Всеволод Миллер, Андрей Шегрен, Ӕлборты Барысби, Жорж Дюмезиль ӕмӕ ӕндӕртӕ.
Ахуыргӕнӕг. Иу гыццыл аулӕфӕм (физминуткӕ).
Сыстут,къухтӕ райвазут размӕ, хӕрдмӕ, фӕрсырдӕм, бынмӕ.,бахудут, сбадут. Цӕстытӕ сӕхгӕнут,байгом кӕнут, ракӕсут галиуырдм, ракӕсут рахизырдӕм,ныккӕсут бынмӕ, скӕсут хӕрдмӕ, ӕрбакӕсут мӕнмӕ ӕмӕ раст сбадут.
Хъазт. Сымах хъӕуы сныв кӕнын дидинӕг.
Текстыл куыст.
Ахуыргӕнӕг.Мах бакӕсдзыстӕм текст «Мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй».
Мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй
Авдӕнӕй дӕ йӕ хъӕбысмӕ систа дӕ мад. Бахудти дӕм. Дӕ русыл дын йӕ рус авӕрдта. Дзурын нӕма зыдтай,фӕлӕ бамбӕрстай мады былты хъарм.Йӕ худгӕ цӕстыты рухс. «Мӕ хъӕбул!»- уыцы дзырдтӕ уыдысты дӕ фидӕны дзырдуатмӕ суадоны сыгъдӕг гуырӕнау.
Дӕ мад дӕ цы взагыл бахъомыл кодта, де мхуызон адӕмимӕ цы взагыл сдзырдтай, уыцы ӕвзаг ӕндӕр ӕвзагӕй баивӕн тыхми у! Дӕ мадӕлон ӕвзагыл цы таурӕгътӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ базыдтай, цы ӕгъдӕуттыл схъомыл дӕ уыдонӕн ферох кӕнӕн нӕй.
Йе гъдау, йе фсарм, йӕ уаг, йе взаг адӕмы ӕхсӕн рӕсугъд кӕмӕн сты, уыдоныл лӕууы нӕ ирон царды уаг. Махӕн дӕр нӕ райгуырӕн Ирыстоны нӕ ирон ӕвзагыл сыгъдӕг дзурын,ӕфсармджынӕй цӕрын у нӕ ӕрдзон хӕс.
Дзырдуат куыст
Гуырӕн — исток
уаг — нрав, характер, норма, поведение
ӕфсармджын - скромный, совестливый, деликатный
Беседӕ тексты бындурыл.
-Цӕмӕй райдыдта текст?
-
-Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны?
-
-Цавӕр арф хъуыды дзы ӕвӕрд ис?
_
-Цавӕр хатдзӕг скодта автор?
_
-Сымах дӕр разы стут йемӕ?
-
-Тексты ссарут мивдисджытӕ ӕмӕ сӕ уӕ тетрӕдтӕм рафыссут.
-Зӕгъут ма цӕмӕй хицӕн кӕнынц ацы мивдисджытӕ?
-
-Уӕдӕ адон сты хуымӕтӕг ӕмӕ вазыгджын мивдисджытӕ. Хуымӕтӕг мивдисджытӕ арӕзт вӕййынц иу дзырдӕй, вазыгджын мивдисджытӕ та дыууӕ дзырдӕй. Вазыгджын мивдисджытӕ арӕзт ӕрцӕуынц ӕххуысгӕнӕг мивдисджыты руаджы (кӕнын, марын, дарын, кӕсын ӕмӕ а.д.).
Ног ӕрмӕг ныффидар кӕнын.
-Сӕххӕст кӕнут хӕслӕвӕрд.
Лӕвӕрд номдартӕй вазыгджын мивдисджытӕ саразут кӕсын, марын, кӕнын, дарын-ы руаджы.
1 къорд 2 къорд
Ахуыр дис
сыгъдӕг дзаг
хъыг ленк
ӕнхъӕлмӕ хъуыды
ныхас цин
арфӕ мӕстӕй
иу рох
рох ӕххуыс
Ахуыргӕнӕг. Сывӕллӕттӕ, куыд зонут афтӕмӕй мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй тынг бирӕ радзырдтӕ, ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ ис.Мӕн фӕнды, цӕмӕй сымах ацы ӕмбисӕндтӕ ӕрӕмбырд кӕнат.
1.Мадӕлон ӕвзаг ------------------------------------- --- чысыл у
2.Ирон ӕвзаг зонынӕн дӕхи ирон схонынӕн ---- мады ад кӕны
3.Адӕймаг цал ӕвзаджы зоны, уал ------ нӕ хӕзна
4,Не взаг --------- лӕджы у
5.Мадалон ӕвзагыл цы таурӕгътӕ ӕмӕ
ӕмбисӕндтӕ базыдтай, цы ӕгъдӕуттыл схъомыл дӕ,
уыдонӕн нӕй -------- рох кӕнӕн
Хатдзӕгтӕ.
Абон мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам мивдисӕг, базонгӕ стӕм хуымӕтӕг ӕмӕ вазыгджын мивдисджытимӕ, сӕххӕст кодтам алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ.Мӕнмӕ гӕсгӕ нӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ фесӕфт.
-Сымахмӕ та куыд кӕсы?
-Цы райстат ногӕй уӕхицӕн ацы урокӕй?
-Уӕ зӕрдӕмӕ дзы тынгдӕр цы фӕцыд?
-Цы уӕм фӕкаст зын?
-Сывӕллӕтты дзуӕппытӕ.
Бирӕ хорз ныхӕстӕ, бирӕ рӕсугъд ӕмдзӕвгӕтӕ ис мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй. (Сывӕллӕттӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ)..
Уый бирӕ хъуыдытӕ ӕмӕ бӕллицтӕ сӕвзӕрын кӕны алы адӕймагмӕ дӕр. Мадӕлон ӕвзаг у адӕмы фарн ӕмӕ намысы тырыса.Уарзут уӕ мадӕлон ӕвзаг. Цас ыл фылдӕр кусат, цас ыл фылдӕр дзурат ӕмӕ фыссат, уыйас фидардӕр кӕны ӕвзаг.Ӕмӕ фидар куы уа , уӕд адӕм дӕр ӕнгомдӕр, ӕмуддӕр кӕнынц. Сымах хъуамӕ сӕрыстыр уат ирӕттӕ кӕй стут уымӕй. Уӕд нӕ ирон ӕвзаг рӕздзӕн ӕмӕ йӕ цӕрӕнбон кӕндзӕн фылдӕр.
Синквейн
Ӕвзаг
мадӕлон, рӕсугъд
хъаххъхъӕны, уарзы, бӕтты
Ӕвзаг-мады ад кӕны.
Хӕзна.
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
Хӕдзармӕ куыст.
Мивдисӕджы тыххӕй ӕрхъуыды кӕнын чысыл грамматикон аргъау (сочинени-ӕрфыст).