СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Открытый урок по ФГОС Исса Плиев

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

    Урочы нысантæ:  1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Плиты Иссæйы цардвæндагимæ.

                                     2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

                                     3. Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон номдзыд адæммæ.

 

     Урочы фæлгонц:  презентативон æрмæг, дзырдуæттæ, нывтæ, къулыл газет «Инæлар Плиты Иссæ», докладтæ.

 

      Урочы эпиграф: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

Просмотр содержимого документа
«Гом урочы пълан ирон литературæйæП.И.»

Гом урочы пълан ирон литературæйæ










Урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг»

(Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» – мæ гæсгæ).








Джызæлы 1-æм астæуккаг скъолайы

ирон æвзаг æмæ литературæйы

ахуыргæнæг Башираты Л.




Урочы нысантæ: 1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Плиты Иссæйы цардвæндагимæ.

2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

3. Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон номдзыд адæммæ.


Урочы фæлгонц: презентативон æрмæг, дзырдуæттæ, нывтæ, къулыл газет «Инæлар Плиты Иссæ», докладтæ.


Урочы эпиграф: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

Петр Павленко

Урочы цыд.


  1. Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.


Ахуыргæнæг: Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

Йæ бинонтæ, йæ мад!

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

Йæ рæзгæ бонты цард!


( «Фыдыбæстæ». Кочысаты М.)



- Æцæгæйдæр, алы адæймагæн дæр зынаргъ сты йæ бинонтæ дæр, йæ мад дæр, йæ цард дæр. Фæлæ фыдгул ныййарæг зæхмæ куы æрбалæбуры, уæд адæймаджы æрбайрох вæййы йæ цард æмæ Райгуырæн бæстæ æмæ къæс бахъахъхъæныны тыххæй тохы бацæуы.

Никуы ферох уыдзысты нæ бæстæйы адæм хæсты йы скъуыхтытæ равдыстой, зæххы къори фашизмæй куыд фервæзын кодтой, бирæ фæлтæрты цагъары къæлæтæй куыд бахызтой, уыдæттæ.

Уæлахизы азфысты сызгъæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны сахъгуырдты нæмттæ дæр. Æмæ мах , абон, сæрыстыр стæм не сгуыхт æмбæстæгтæй, хæсты быдыры лæгдзинад чи равдыста, сæхицæн æмæ Ирыстонæн кад æмæ ном чи скодта, уыдонæй.


  1. Хæдзармæ лæвæрд æрмæг сбæрæг кæнын.


- Абонмæ уæ хъуыди бацæттæ кæнын цыбыр проектон – иртасæн куыстытæ.

Дыууæ къордæн дæр лæвæрд уыд иумæйаг темæ: «Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц, хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц».

Фæлæ ма уыцы иумæйаг темæйæ уæлдай, алы къорд дæр хъуамæ йæ проектон куыстæн йæхæдæг æрхъуыды кодтаид дæлбар темæ.

Равзæрстам алы къордæн дæр разамонджытæ, æмæ ныхасы бар уыдонæн.

Скъоладзау: Мах бацæттæ кодтам хъусынгæнинаг æмæ презентации Доййаты Дауыты тыххæй. Нæ куысты темæ у : «Зæххыл цы стырдæр тох æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд». (Плиты Грис).

Скъоладзау: Нæ ныхас нæ райдайын фæнды Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæй.

«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.

Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау

Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».

( Проекты æрмæг: хъусынгæнинаг, презентации, зарæг). 1.

Ахуыргæнæг: Кæд уæ искæмæ фарстытæ ис? Кæд исты нæ бамбæрстат?

Скъоладзау: Æз нæ бамбæрстон дзырд – æрдæгсакъадахы нысаниуæг.

Скъоладзауы дзуапп. Æрдæгсакъадах – полуостров.

Сакъадах – остров.

Дыккаг къорды проектон куыст.

Скъоладзау: Махæн та нæ проекты темæ у : «Ирон лæг, куыд бæрзонд у дæ кад».

(Проекты æрмæг: хъусынгæнинаг, къулыл газет, презентац, киноныв, зарæг «Плиты Иссæ»).


Скъоладзауты фарстытæ. Æз нæ бамбæрстон дзырд – балхонæджы нысаниуæг.

Скъоладзауы дзуапп. Дзырд балхонæг арæзт у дыууæ хайæ. Бал + хонæг = балхонæг.

Ома, къорд йæ фæстæ кæны.

Ахуыргæнæг: Мæнмæ дæр ис фарст. Уæ ныхасы райдианы загътат, зæгъгæ, Плиты Иссæ райгуырдис Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Цымæ кæм ис уыцы хъæу?

(Дзуапп).


  1. Проектыл куыст цас æнтыстджынæй рауад, уый сбæрæг кæнын.


Ахуыргæнæг. Тынг хорз бацæттæ кодтат уæхи нæ урокмæ. Цы æрмæг æрæмбырд кодтат, уымæй раст спайда кодтат. Уæ хъусынгæнинæгты æмæ презентациты æрмæг кæрæдзийы фæдыл раст фæткыл равæрдтат. Фæлæ ма мын зæгъут, цы ис иумæйагæй Доййаты Дауыт æмæ Плиты Иссæмæ? Зæгъут ма уæ хъуыдытæ.

Скъоладзау: Дыууæйæ дæр сты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Хъæбатыртæ.

Скъоладзау: Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр равдыстой стыр хъæбатырдзинæдтæ æмæ хæстон зонындзинæдтæ тохы быдыры.

Скъоладзау: Сæ нæмттæ хæссынц уынгтæ, скъолатæ. Æвæрд сын ис цыртдзæвæнтæ.

Скъоладзау: Дауыт дæр æмæ Иссæ дæр æнæкæрон уарзтæй уарзтой Фыдыбæстæ.

Скъоладзау: Дыууæйæ дæр тох кодтой Украинæйы. Фæлæ Дауыт æнусмæ баззад Керчы зæххыл. (Æрныхас кæнын Хъырым фæстæмæ Уæрæсейы кæй баци, ууыл ).

Ахуыргæнæг: Куыд федтам, афтæмæй бацæттæ кодтат Плиты Иссæйыл къулыл газет, загътат, не скъолайы отряд йæ ном кæй хæссы, уый. Куыд базыдтам, афтæмæй йæ ном хæссынц уынгтæ, фæзуæттæ, скъолатæ, æвæрд ын ис цыртдзæвæнтæ бирæ рæтты.

Цымæ Иссæйы хуызæн лæгæн йæ мад æмæ йæ фыд та цавæр адæм уыдысты? ( скъоладзауы ныхас Иссæйы бинонты тыххæй). (6,7,8,9,10 слайдтæ)

Ахуыргæнæг: Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Иссæ ныгæд ис Хъæбатырты Аллейæйы. Иссæйы портреттæ нывгонд æрцыдысты Ирыстоны къæдзæхтыл дæр. Зæгъут – ма, кæм м йын æвæрд æрцыд цыртдзæвæн (монумент).

Скъоладзау: Плиты Иссæйы номыл фæзуаты.

Ахуыргæнæг: Йæ автортæ - скульптор Тотиты Барис æмæ Ходты Микъала (1997 аз).

Презентацийы æрмæг.

( Цыбыр киноныв «Монумент»).

Ахуыргæнæг: Цавæр æнкъарæнтæ уæм æвзæрын кæны монумент?

  • Куыд уæм кæсы, цымæ абон нæ урочы темæйы æрмæг кæимæ баст уыдзæн?

(Дзуапп).


  1. Ног æрмæг.


Нæ урочы темæ : «Ирон лæджы кады фæндаг (Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ»-мæ гæсгæ). (12 слайд)

- Нæ урочы Эпиграфæн райстон Петр Павленкойы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй». (13 слайд)

- Куыд æмбарут ацы ныхæстæ? Нæ урочы сæ кæй тыххæй ис зæгъæн?

Скъоладзау: Нæ урочы сæ зæгъæн ис Доййаты Дауыты æмæ Плиты Иссæйы тыххæй. Уыдон нæ фæхудинаг кодтой ирон лæджы ном. Сæхи равдыстой намысджын хæстонтæй.

2.

Ахуыргæнæг: Ахæм хæстонтæй кæй равдыстой сæхи, Хъæбатырты зарджытæ дæр сыл уый тыххæй скодтой адæм. Плиты Грис та Иссæйыл ныффыста æмдзæвгæ «Æртхутæгдон». (Радзурын скъоладзаутæн æмдзæвгæйы ныффысты истории).

Хистæр кары скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Æртхутæгдон».


  1. Дзырдуатон куыст: (14, 15 слайдтæ).


Ахуыргæнæг: Ацы дзырдтыл фембæлдзыстут радзырд, æмæ сын кæд исчи зоны сæ нысаниуæг, тæлмац, синонимтæ.

Надвæндаг – утрамбованная дорога

Къæсхуыртæ арæзт – фыдхуыз, мæллæг

Саулагъз – смуглый

Тындзгæ цыд – тагъд

Зæрдæргъæвд – одаренный, способный

Хæс. Баситы М. радзырд аивадон æрхъуыды æмæ æцæгдзинадыл арæзт кæй у, уый бамбарын кæнын скъоладзаутæн.

Хæс. Бакæсын æмæ равзарын Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ».


  1. Ног æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын. (16 слайд).


Ахуыргæнæг: Цы зæгъы автор Плиты Иссæйы хæстон курдиаты тыххæй? (Чиныгимæ куыст).

- Цавæр сгуыхтыты тыххæй радтой Иссæйæн Советон Цæдисы Хъæбатыры ном дыууæ хатты?

(Дзуапп).

- Иссæ ирон адæмæн, Ирыстонæн цавæр кад скодта?

(Дзуапп).

- Хæххон цæргæс æй цæмæн хоны фыссæг?

(Дзуапп).

- Адæм Иссæйы ном кæй нæ рох кæнынц, уый цæмæй бæрæг у?

(Дзуапп).

Хæс. Радзурын Бекойты Солтаны мысинæгтæй. ( «Плиты Иссæ». Уалыты Т. 68-м ф. «Удварны хæзнатæ»).

Ахуыргæнæг: афтæмæй Иссæйæн базонгæ стæм йæ царды хабæрттимæ, йеддаг сурæтимæ. Æмæ цымæ ахæм лæгæн та йæ хъæлæс, йæ ныхасыхъæд цавæр уыд? Куыд уæм кæсы?

Скъоладзауты хъуыдытæ.

(Хъуысы Иссæйы хъæлæс).


  1. Æрмæг бафидар кæныны куыст.


Нæ абоны темæ куыд бамбæрстат, уый мæ сбæрæг кæнын фæнды синквейнты фæрцы.

Хæс. Алчидæр уæ саразæд иу синквейн номдар «Инæлар»-ыл. Æмæ йæ уæ литературæйы тетрæдты ныффыссут.

Ахуыргæнæгæн æххуыссæн.

  1. Инæлар.

  2. Хъæбатыр, фидардзаст.

  3. Тындзы, хæцы, тох кæны.

  4. Ирон кадджын лæг.

  5. Балхонæг.



  1. Инæлар.

  2. Хæрзæлвæст, бæрзонд.

  3. Уарзы, зоны, тох кæны.

  4. Советон Цæдисы Хъæбатыр.

  5. Командæгæнæг. 3.


Хатдзæгтæ.


Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй Плиты Иссæ ирон лæджы кадджын ном дæлæмæ не’руагъта нæ, фæлæ йæ бæрзонддæр къæпхæнмæ систа. Æмæ махæн та нæ хæс у, уыцы кад дæлæмæ ма руадзын. Æмæ цæмæй афтæ уа, уый тыххæй хъæуы æгъдауджын уæвын, хорз ахуыр кæнын, ныййарджытæм хъусын æмæ Райгуырæн бæстæйы патриот уæвын.

8. Æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын.

Ахуыргæнæг: Нæ урочы ногæй цы базыдтат? Уæ зæрдæмæ дзы цы фæцыдис, кæнæ нæ фæцыдис? Зæгъут – ма уæ хъуыдытæ.

Скъоладзауты дзуаппытæ:

- Æз урочы базыдтон, Плиты Иссæйы номыл, нæ горæты музей кæй ис, уый.

- Мæнæн та мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, музейы кусджытæ Иссæйы хиуæтты ингæнтæм кæй зилынц, уый.

- Æз та базыдтон инæлары ном кæй хæссынц бирæ горæтты уынгтæ.

- Мæнмæ та цымыдисаг фæкастис, куыд бацис йæ бон баиу кæнын бæхджын æфсад æмæ танкæтæ иумæ.

Скъоладзаутæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

































4.









Просмотр содержимого документа
«Плиты Иссæйы --------0»

Плиты Иссæйы фыд Алыксандр æмæ мад Аминæт цардысты Зæронд Бæтæхъойы хъæуы. Плиты Алыксандрæн йæ бинонтæ аст баисты æмæ даринагджын хæдзар мæгуырæй – мæгуырдæр кодта. Ацыд хæдзардарæг Алыксандр Америкмæ царды фæрæзтæ агурæг.

Мад æмæ сывæллæттæ æнхъæлмæ кастысты сæ фыды æххуысмæ. Зæрдæхалæн хабар æрыхъуыст дард бæстæй: цардмæ бæллæг америкдзау Алыксандр фæмард шахты хуылфы – къæдзæх ыл ныккалд. Сывæллæттæ баззадысты сидзæртæй. Аминæт – сидзæргæсæй.

Моргуаты – Плиты Аминæт фæцардис сæдæ æртæ азы. Фæлæ йæ мæлæты фæстæ, хъыгагæн, бæрæг нæ уыдис кæм ныгæд ис, уый.

Лалыты Лев – Плиты Иссæйы хæдзар – музейы сæргълæууæг, тынг бирæ азты дæргъы фæагуырдта Аминæты ингæн æмæ йæ ссардта завод «Электроконтактор»-ы цур цы уæлмæрд ис, уым. Лев куыд радзырдта, афтæмæй ингæн уыдис тынг æдзæллаг уавæры. Йæ цырт ахаудта æмæ кæрдæджы бын фæцис. Йæ фыстытæ бæрæг нал уыдысты. Куыд рабæрæг, афтæмæй ма йæ фарсмæ разынд Иссæйы кæстæр æфсымæр Кириллы ингæн дæр. Плиты Алыксандры фырт Кирилл фæмард хæсты.

Тынг стыр куыст бакодтой музейы кусджытæ æмæ Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæйы студенттæ. Зæрдиагæй сæм фæкастысты бынæттон цæрджытæ дæр. Къуырийы æмгъуыдмæ дыууæ ингæнмæ дæр базылдысты куыд æмбæлы, афтæ.

Цæмæй Ирыстоны кадджын хъæбулы хиуæтты уæлмæрд æдзæллаг уавæрмæ мауал æрцæуа, уый тыххæй йæм зилынц музейы кусджытæ.

Плиты Иссæйæн баззад чызг – Нинæ.

Просмотр содержимого документа
«Проекты темæ...»

Проекты темæ: « Зæххыл цы стырдæр хæст æрцыд, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».


Нæ ныхас нæ райдайын фæнды Кочысаты Мухарбеджы ныхæстæй.



«Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.

Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау

Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты йæ цард Райгуырæн бæстæйы сæраппонд чи радта, уыдонимæ уыд Доййаты Дауыт дæр. Цæгæт Кавказы фронты старшина, снайпер.

Доййаты Тебойы фырт Дауыт райгуырдис Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы,Джызæлы хъæуы мин фарастсæдæ дыууадæсæм азы.

Мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы хæсты тæккæ райдианы Тебойы æртæ фырты – Аврам, Эльбрус æмæ Харитон ацыдысты хæцынмæ знаджы ныхмæ, фæлæ æртæйæ дæр фæмард сты тохы быдыры. Дауыты, йе ’нæниздзинадмæ гæсгæ, нæ уагътой хæстмæ , ( хохаг цæугæдоны сывæллон ирвæзынгæнгæйæ бирæ хъыгдæрдтытæ баййæфта æмæ йын конд æрцыд уæззæу операци) фæлæ лæппу нæ ныууагъта æмæ барвæндонæй ацыд хæстмæ.

Цæгат Кавказы тохты, хъæбатыр æмæ дæсны хæстонæй кæй равдыста йæхи Дауыт, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыд Сырх Тырысайы, Фыдыбæстæйы хæсты дыккаг къæпхæны æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй.

Мин фарастсæдæ цыппор æртыккæгæм азы Доййаты Дауыты полкы размæ æвæрд æрцыд хæс: суæгъд кæнын немыцæгтæ цы бæрзонд бацахстой, уый.

Дауыт йæ хæстон æмбæлттимæ баленк кодта Керчы доны сæрты æмæ æрфидар сты æрдæгсакъадахыл . Дауыт, дæсны снайпер, цуанонау зылди немыцы фæдыл, Тынг хъазуатонæй равдыстой æфсæддонтæ сæхи уыцы тохы. Знаг дæрæнгонд æрцыд, фæлæ æрыгон лæппутæй бирæтæн ацы тох разындис фæстаг. Уыдонимæ Дауытæн дæр.











Доййаты Дауыт фæмардис дыууадæсæм ноябры мин фарастсæдæ цыппор æртыккæгæм азы, йæ цуры фехæлд сармадзаны нæмыг. Æдæппæтæй кæй амардта, уыцы гитлеронты нымæц схæццæ дыууæсæдæ дыууын æхсæзмæ.

Æхсæрдæсæм майы мин фарастсæдæ цыппор цыппæрæм азы, старшина – Доййаты Дауытæн, немыцаг лæгмарты ныхмæ тохы стыр хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад кæй равдыста, уый тыххæй йын йæ мæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

Джызæйлаг лæппу, ирон адæмы хъæбатыр фырт, ныгæд ис горæт Керчы æртын дыууæ Советон хъæбатыримæ. Украинæйы Дауыты ном хæссынц Керчы уынгтæй иу æмæ астæуккаг скъола. Адæм нæ рох кæнынц ирон лæппуйы сгуыхтдзинад.

Джызæлы дыккæгæм астæуккаг скъола дæр æмæ хъæуы даргъдæр уынгтæй иу хæссынц Доййаты Дауыты ном. Скъолайы кæрты йын æвæрд æрцыд бюст.

Моргуаты Эльбрус æмæ йыл Моурауты Тимофей та скодтой кады зарæг.

Хъыгагæн, Джызæлы ныронг Дауытæн цыртдзæвæн нæй, æмæ махмæ уый раст нæ кæсы. Хорз уаид, Уæлахизæн йæ цард нывондæн чи ’рхаста, уыцы хъæбатыры цыртдзæвæны раз нæ сæртæ куы æркъул кæниккам, уæд. Мах, нæ къласы ахуырдзаутæ, баныхас кодтам. Куы сдынджыр уæм æмæ кусын куы райдайæм, уæд, æнæмæнгæй, Доййаты хъæбатырæн сæвæрдзыстæм цыртдзæвæн. Цæмæй йæ ном æнусты цæра.

Просмотр содержимого документа
«Сочинение Их именем названы улицы»

«Их именем названы улицы»



У каждого человека есть дорогие сердцу места. Для меня – это моя улица.

Я живу по улице, которая раньше носила имя Иосифа Сталина, а теперь – Героя Великой Отечественной войны Давида Доева.

Давид Доев родился в селении Гизель. Когда началась война, он совсем юным парнем, добровольцем пошел на войну. Юноша показал себя на поле боя бесстрашным и отважным бойцом.

Давид Доев погиб в Крыму защищая город Керчь. За блестяще проведенную операцию, он был посмертно награжден почетным званием Героя Советского Союза, и поэтому я особо горда тем, что живу на этой улице.

Я люблю свою улицу, она самая длинная в нашем селе, но, к большому сожалению, совсем не облагорожена. Нет ни тротуаров для пешеходов, ни асфальтированной дороги для автомобилей. В дождливую погоду по ней, практически, не пройти без резиновой обуви. Так же на ней нет освещения. Но на эти неудобства никто не обращает внимание. А ведь Давид Доев единственный Герой Великой Отечественной войны во всем Пригородном районе.

Я надеюсь, что к 70-летию Победы, администрация села обратит внимание на эти проблемы. А мы, жители улицы Давида Доева, им поможем , чем сможем.

Я очень горжусь своим селом! Я люблю свою улицу, и хочу, чтобы она была красивой и чистой, как достойно улице Героя!

Просмотр содержимого презентации
«Д. Доев -1.»

Проекты темæ:  « Зæххыл цы стырдæр хæст цыдис, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».   « Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,   Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.   Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау   Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».  Кочысаты Мухарбег

Проекты темæ: « Зæххыл цы стырдæр хæст цыдис, гъе уым ирон туг дæр ныккалд».

« Кæйдæртау нæ фæлыгъдтæн тохæй,

Нæ бамбæхстон пыхсы мæ сæр.

Дæу хъахъхъæнæг сау айнæг хохау

Æрлæууыдтæн фидар æз дæр».

Кочысаты Мухарбег

1912 – 1942

1912 – 1942

Джызæлы 2-æм астæуккаг скъола

Джызæлы 2-æм астæуккаг скъола

Музыкæ- Моргуаты Эльбрус  Ныхæстæ – Моурауты Тимофей

Музыкæ- Моргуаты Эльбрус

Ныхæстæ – Моурауты Тимофей

Проектыл бакуыстой:  Музашвили Анастасия  Хъодзаты Æхсар  Базраты Къоста  Моргуаты Аланæ  Голиаты Анна  Галазты Фатимæ

Проектыл бакуыстой:

Музашвили Анастасия

Хъодзаты Æхсар

Базраты Къоста

Моргуаты Аланæ

Голиаты Анна

Галазты Фатимæ

Просмотр содержимого презентации
«Урок - Исса Плиев.»

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц   Йæ бинонтæ, йæ мад!   Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы   Йæ рæзгæ бонты цард!    Кочысаты М.

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц

Йæ бинонтæ, йæ мад!

Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййы

Йæ рæзгæ бонты цард!

Кочысаты М.

Иссæйы кабинет

Иссæйы кабинет

Иссæйы къухфыстытæ

Иссæйы къухфыстытæ

Скульптортæ:   Тотиты Барис  Ходты Микъала

Скульптортæ:

Тотиты Барис

Ходты Микъала

Урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг»  (Баситы Михалы радзырд «Инæлаг Плиты Иссæ» - мæ гæсгæ.   Урочы нысантæ: 1. Æрдзурын Баситы Михалы радзырд  «Инæлар Плиты Иссæ» - ыл.  2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон номдзыд адæммæ.

Урочы темæ: «Ирон лæджы кады фæндаг» (Баситы Михалы радзырд «Инæлаг Плиты Иссæ» - мæ гæсгæ.

Урочы нысантæ:

1. Æрдзурын Баситы Михалы радзырд «Инæлар Плиты Иссæ» - ыл.

2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын.

3. Бæстæзонæн æрмæджы æххуысæй скъоладзаутæм рæзын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон номдзыд адæммæ.

Урочы эпиграф:  «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт  фронтты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи  равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».   Петр Павленко

Урочы эпиграф:

«Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт

фронтты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

Петр Павленко

Надвæндаг –  Къæсхуыртæ –  Саулагъз –  Тындзгæ цыд –  Зæрдæргъæвд -

Надвæндаг –

Къæсхуыртæ –

Саулагъз –

Тындзгæ цыд –

Зæрдæргъæвд -

Надвæндаг – утрамбованная дорога  Къæсхуыртæ – фыдхуыз, мæллæг  Саулагъз – смуглый  Тындзгæ цыд – тагъд  Зæрдæргъæвд – одаренный, способный.

Надвæндаг – утрамбованная дорога

Къæсхуыртæ – фыдхуыз, мæллæг

Саулагъз – смуглый

Тындзгæ цыд – тагъд

Зæрдæргъæвд – одаренный, способный.

Бузныг

Бузныг