Ирон æвзаджы урок 1-æм къласы
Урочы темæ: Мæргътæ.
Урочы нысантæ:
Сывæллæтты базонгæ кæнын тæхæг мæргътимæ.
Бакусын ныхасы рæзтыл.
Сабитæм гуырын кæнын æрдзмæ уарзондзинад.
Урочы фæлгонц: «Абеты» нывтæ, цъиуты предметон нывтæ, «Ирыстоны Сырх чиныг», бæласы макет цъиуты нывтимæ, магнитафон.
Урочы цыд:
Бацæттæгæнæн рæстæг
Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын:
Беседæ:
- Цæуыл дзырдтам рацыд урочы? (Хæдзарон мæргътыл).
- Ранымайут хæдзарон мæргътæ.
Цæстуынгæ æрмæгимæ куыст.
Сывæллæттæ исынц предметон нывтæ æмæ дзурынц, цы мæргътæ дзы æвдыст ис, уыдоны тыххæй, цы зонынц, уый. Се ’хсæн ис тæхæг маргъы ныв.
Ахуыргæнæг:
- Ацы маргъ дæр хæдзарон у? (æвдисы зæрватыччы ныв)
- Кæм цæры зæрватыкк? (Уый дæр цæры адæммæ хæстæг, хæдзары уæлæ скæны ахстон, рауадзы дзы цъиутæ).
- Кæй хæдзары уæ скодта зæрватыкк йæхицæн ахстон?
- Радзурут, йæхи куыд дары?
- Зæрватыкк дæр хæдзарон цъиу у? (Цæуылнæ?)
- Цавæр тæхæг цъиутæ ма зонут?
Ахуыргæнæг: Абон нæ урочы мах базонгæ уыдзыстæм, тæхгæ цард цы цъиутæ кæнынц, уыдонимæ.
III. Ног æрмæгыл куыст.
Ахуыргæнæг: Уæдæ-ма байхъусут, дзырд цъиу куыд равзæрд, уымæ.
Дзырд «цъиу» у мырфæзмæн дзырд. Ирон адæм мæргътæм фæсидынц афтæ: цъиу-цъиу-цъиу, уырыссæгтæ – цып-цып,цып, туркæгтæ – джиу- джиу-джиу æмæ а.д. Афтæмæй дзырд «цъиу» алы ’взаджы дæр сæвзæрд цъиумæ сидыны мыртæй.
(Агънаты Æхсармæ гæсгæ)
1. Базон-базоныл куыст.
Æнæ фæрæт, æнæ дзæбуг хæдзар амайы.
- Цæмæн афтæ фæзæгъынц цъиуты тыххæй?
-Чи уæ федта цъиуты хæдзæрттæ?
- Куыд сæ хонæм? (ахстæттæ) Цæмæй конд вæййынц?
- Адæм дæр цъиутæн фæаразынц ахстæттæ-хæдзæрттæ. Чи уæ федта ахæм ахстон та?
- Зæгъут-ма, цæмæн фæкæнынц адæм цъиутæн ахстæттæ?
(Цъиутæ цы пайда сты, ууыл аныхас кæнын).
2. Хъазт «Хъæды»
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, мах абон абалц кæндзыстæм хъæдмæ. Уым байхъусдзыстæм цъиуты зарджытæм. Фæцæуæм хъæды, иу бæласыл бады булæмаргъ. Байхъусут-ма, куыд рæсугъд зары. (Хъуысы булæмаргъы зард). Ацы цъиу та, сывæллæттæ, ……. Мæнæ хъуысы хъæдхойы къуп-къуп дæр, ………. (Куыд дзуры, афтæ архайы магнитафонимæ, бæласы макетыл ауындзы цъиуты нывтæ ).
Ахуыргæнæг: Аулæфæм (физминуткæ). ………..
Тагъддзуринагыл куыст.
Цъæх цухъаджын цъырцъыраг
Сыртсыртгæнаг, чырчыраг.
Чиныгимæ куыст.
«Абеты» чиныджы 11-æм фарсыл нывыл куыст:
- Цавæр цъиутæ уынут нывы?
- Ссарут ма сæ фæйнæгыл (бæласы макетыл).
- Цъиуты нæмттæ куыд равзæрдысты, ууыл ма ахъуыды кæнæм. Зæгъæм:
Кæсаглас, хъæдхой.
Нывмæ гæсгæ радзырд аразæм æмæ йæ фыссæм схемæты хуызы.
Нæ радзырдæн сæргонд дæр æрхъуыды кæнæм.
___________.
____________________. ____________________.
_____________________. ______________________!
(Зæгъæм: Хъæды.
Скъоладзаутæ ацыдысты хъæдмæ. Уым федтой бирæ цъиутæ. Мæнæ бæласыл хъæдхой. Цы рæсугъд у!)
Æмбисондыл куыст.
Цъиутæ зарын куы райдайынц, уалдзæг дæр уæд ралæууы.
- Афтæ зæгъы ирон æмбисонд. Цæмæн, цымæ?
Аргъауыл куыст.
1).Ахуыргæнæг аив кæсы аргъау.
Уæздан цъиу.
Иу изæр хъаз йæ дыууæ цъиуимæ доны былæй æрбацæйцыд. Уалынмæ дын æрлæууыд, систа зæххæй мæнæуы гага æмæ фæрсы йæ цъиуты.
- Уæ кæцыйæн æй раттон? Сымах дыууæ стут, гага та – иу?
- Мæнæн æй ратт! Æз тыхджындæр цъиу дæн æмæ дын тагъддæр айрæздзынæн! – загъта нард цъиу.
-Ды та цы зæгъыс?- бафарста мад йæ мæллæг цъиуы.
- Ахæр æй дæхæдæг æмæ нын фылдæр фæцæрай, - загъта къаддæр цъиу.
- Хæлар дын уæд, мæ уæздан хъæбул, сдзырдта мад æмæ хоры гага мæллæг цъиуы дзыхы атъыста.
2). Беседæ:
- Кæцы цъиу фæцыд тынгдæр уæ зæрдæмæ? Цæмæн?
- Сымах та уæ мадæлтæн куыд фæтæригъæд кæнут?
3). Цæсгæмттæм гæсгæ хъазт (аргъауы бындурыл).
Ахуыргæнæг: Бирæтæ сæ хæдзæртты мидæгæй дарынц тæхæг цъиуты. Кæмæ уæ ис ахæмтæ? Радзурут, сæхи куыд дарынц, цы хæрынц. Куыд сæм зилут сымах та?
IV. Хатдзæгтæ.
Беседæ:
- Цавæр мæргътимæ базонгæ стæм абон?
- Уыцы мæргътæй уæ зæрдæмæ тынгдæр кæцытæ фæцыдысты? Равдисут-ма сæ нывты.
- Зæгъ цъиуы ном (нывмæ гæсгæ) æмæ кæм цæры (халон – бæласыл, ахстоны; зæрватыкк - хæдзарыл конд ахстоны, тути цъиу – къалатийы, хъæдхой – бæласы мæрайы).
- Цавæр ног æмбисонд базыдтам абон? Базон-базон та?
Ахуыргæнæг: Сабитæ, бафæлварут-ма уæхимæ иу цъиуы тыххæй радзырд саразын, уæ зæрдæмæ тынгдæр цы цъиу фæцыд, уый сныв кæнын.
7