СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

По улицам Влвдикавказа

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

     На райгуыран баста у Ирыстон. Ис дзы бира сахарта ама хъаута. Иууылдар сты анакарон расугъд ама сахи цымыдисаг историима. Дзауджыхъау, армастдар диста канын кауыл хъауы, ахам сахар нау, фала у, йа истори зонын каман хъауы, ахам. Аразт арцыдис 1784 азы, куыд уырыссаг фидар, Дайраны комма бацауаны Терчы рахиз былыл. Ацы хъахъхъанынады амаддзаган ном "Владеющий Кавказом" ратта Екатерина Вторая.

Просмотр содержимого документа
«По улицам Влвдикавказа»

Конкурс молодых исследователей «Минута славы"



Темæ:

Балц Дзæуджыхъæуы уынгтыл.

Авторы работы:

Урусов Сармат, 5 класс

Джиоева Альбина, 8 класс

Место выполнения работы:

МБОУ СОШ № 1, 5 класс,

г. Ардон

Научный руководитель:

Бибоева М.Б.,

учитель осетинского языка





Ардон, 2017-18


Ι. Разныхас

Нæ райгуырæн бæстæ у Ирыстон. Ис дзы бирæ сахартæ æмæ хъæутæ. Иууылдæр сты æнæкæрон рæсугъд æмæ сæхи цымидисаг историимæ. Абон мæн фæнды атезгъо кæнын нæ сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы уынгтыл.

Нæ куыстæн снысан кодтам ахæм Гипотезæ:

Дзæуджыхъæу, æрмæстдæр дистæ канын кæуыл хъæуы, ахæм сахар нæу . Фæлæ у, йæ истори зонын кæмæн хъæуы, ахæм.

Проекты нысæнттæ:

  1. Фæарфдæр кæнын зонындзинæдтæ райгуырæн сахары тыххæй. Рапарахат кæнын сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ, бахъахъхъæнын сæ сыгъдæг æмæ рæсугъдæй.

  2. Рæзын кæнын цымыдисдзинад ивгъуыд æмæ нырыккон Дзæуджыхъæуы культурон хъæздыгдзинæдтæм. Цыткæныны æнкъарæнтæ æвзæрын кæнын, цы адæм дзы цæры. уыдонмæ æмæ се ’гъдæуттæм.



Проекты хæстæ:

1. Радзурын Дзæджыхъæуы уынгты тыххæй: сæ истори, сæ фендтагтæ.

2. Базонгæ уæвын сахары историимæ.

3. Хъомыл кæнын райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, хæрзрæсугъддзинад уынын.



Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар у Дзæуджыхъæу, Владикавказ. Арæзт æрцыдис 1784 азы, куыд уырыссаг фидар, Дайраны коммæ бацæуæны Терчы рахиз былыл. Ацы хъахъхъæнынады амæддзагæн ном « владеющий Кавказом» ратта Екатеринæ дыккаг. Кънйаз Потемкины бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд фидар Владикавказ. Хæхбæстæй цы ирæттæ ралыгъд, уыдонæн сæ къаддæр хай æрцард уым. Сæ нымæц уыд тынг гыццыл. Цадæггай сахар стырæй-стырдæр кодта. 1861 азы фидар Владикавказæн лæвæрд æрцыд сахары статус.

Куыд хъуамæ бацæуа 220 азы иу презентацийы? Куыд ис радзурæн цалдæр минутмæ сахары истори? Куыд ис радзурæн Дзæуджыхъæуы цы зындгонд хъайтартæ цард, уыдоны тыххæй? Цас æмæ цас адæм уыд уазæгуаты ам. Уыдон монцкаст кодтой сахары диссаджы уынгтæм.




2

Ахæм хæслæвæрд иу адæймагæн тынг зын у. Мах æрдзурдзыстæм æрмæстæр хицæн адæймæгты æмæ зæронд Дзæуджыхъæуы цардæй иу цалдæр цауыл.

Арæх фехъусæн ис , Дзæуджыхъæу бирæнацион æмæ бирæвæрсыг кæй у, уый. Уый æвдыст цæуы уынгты нæмтты, цы арæзтæдтæ дзы ис æмæ дзы цы адæм цæры, уыдоны цардыуагмæ кæсгæйæ. Гыццыл хъуыдиаг не сты уынгтæн сæ нæмттæ дæр. Уыдон сты историон æмæ культурон цыртдзæвæнтæ, архитектурон арæзтæдтæ, зарджытæ, кадджытæ, тобæгонд бынæттæ, аивадон уацмыстæ, азгайфыстытæ æмæ æмбисæндты æмрæнхъ…Уынгты нæмттæ сты адæмон- историон цыртдзæвæнтæ. Бирæтæ дзы сты Дзæуджыхъæуы карæн.

Фæстаг азты Дзæуджыхъæу бирæ фестырдæр. Фæзынд дзы ног уынгтæ, сквертæ, парктæ, фæлæ уæддæр бирæтæн сæ уарзондæр бынат у Сабырдзинады проспект.


ΙΙ. Сæйраг хай

  1. Сабырдзинады проспект.

Дзæуджыхъæуы цæрджытæ бирæ цы проспект уарзынц, уый аивта бирæ нæмттæ. Кæддæр уыд Нестеровы бульвар, стæй Александровы проспект сси. Иурæстæг æй хуыдтой Пролетарон проспект дæр, фæстæдæр - Сталины проспект.

Цыфæнды дынджыр куы уа Дзæуджыхъæу, уæддæр йæ сæйраг уынг уыдзæн Сабырдзинады проспект. Гъе, уымæн хъæуы хъахъхъæнын æрмæст зæронд нæ, фæлæ ног архитектурæ дæр. Раздæры « Хæлардзинады хæдзар», «Мидæфсæдты институт», дукани «Сывæллæтты дуне»… Уыдон иууылдæр диссаджы бынæттæ сты. Уымæн æмæ сты æрмæстæр махмæ.


3

  1. Кировы уынг.

Нæ горæты уазджытæ æфсæнвæндаджы вокзалæй Кировы уынгмæ куы рахизынц, уæд сæ цæстыты раз сæвзæры Хъазыбеджы хох. Уынг цымæ барæй фæзилы, цæмæй цæст хуыздæр æрхæца рæсугъд сурæттыл. Цал æмæ цал адæймаджы зæрдæтæ бацагайдта уыцы урс хохы цъупп. Кæддæр уынджы ном уыд « Мæскуыйаг».

Абухгæ Терчы был æрбынæттон сты шиитты мæзджыт, ныры планетарий. Уый уыд уынджы кæрон. Ныр дзы цы хид ис, уый дзы нæ уыд. Æрмæстдæр цæугæдоны былты зад къутæрты цъыхыры.

Гъе, ахæм уыд Мæскуыйаг уынг: рæсугъд, хъæлдзæг, уындджын. Фæлæ дзы хъæздгуытæ цæрын нæ уарзтой, уымæн æмæ уыд уынæрджын.














4



5

3. Церетелийы уынг.

Зындгонд куыд у, уымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу куыд фидар арæзт æрцыд ныры æфсæддон госпиталы бынаты. Цы уынг дзы цыд, уый хуыйнгæ дæр афтæ кодта ― Крепостная. Мах рæстæгмæ дæр æрхæццæ. У Церетелийы уынджы иу хай, Сабырдзинады проспектæй Музейы фæсуынгмæ. Дарддæр та хуынд― «Стрелковая». Ацы дыууæ уынджы цæрæн хæдзæрттæ нæ уыд. Уыди дзы аргъуантæ, административон куыстуæттæ æмæ ахуыры уагдæттæ.

6

4. Хетæгкаты Къостайы номыл парк

Парк хонынц францусагау « Монплезир»( «Мæн æхцондзинад»).

Сæрды-иу доны ленк кодтой доныхъазтæ æмæ æндæр мæргътæ. Сырдты сакъадахы та уыди чысыл сырддон. Денджызы змисæй æмбæрзт аллейæтыл та тезгъо кодтой мæлхъытæ.

Зымæгон чысыл доны ауæзты арæзтой ихылбырæн. Уыимæ , кæй фæнды уыдоны бæрны уыд хъарм бæстыхæйттæ сæ дзаума ивынæн æмæ къахдзоныгътæ кæм лæвæрдтой, ахæм бынæттæ.

Парчы фидауц уыд мавритайнаг стилы арæзт сæрдыгон театр. Хуыцаубонты, стæй бæрæгбæтты уым цагъта духовон оркестр. Павильон фæкуыста ивгъуыд дуджы 50-æм азтæм. Нæ парк нымад у иууыл рæсугъддæртæй Кавказы. Уымæн ахъаз уыд арæзтæдты æмиуад, сурæтхуыз бæласдон - парчы ландшафт, сабыр доны ауæзтимæ, Терчы был урссæр хæхты фоныл.


7

1920 азы парк хуыдтой Пролетарон. 1939 азы та йын лæвæрд æрцыд Хетæгкаты Къостайы кадджын ном, йæ райгуырды 80 азы юбилеймæ.



(мавританаг стилы арæзт сæрдыгон театр)



8

(Аллея вздохов)

9

Терчы был. Зæронд сахар. Сæрмагонд дыууæуæладзыгон хæдзæрттæ, уынгæг фæсуынгтæ, дзæгъ-дзæгъгæнаг трамвайтæ. Уарзæттæ снысан кæнынц фембæлдтытæ зæрин хæцæнтимæ хиды раз. Уырдыгæй зыны урсцъитиджын хæхты фоныл, цæугæдоны фаллаг фарс, зæронд мæзджыт. Бынтон хæстæг―сахары парк. Доны ауæдзты дзы æнæхъæн афæдз фæцæрынц доныхъазтæ.

Зæронд сахары паддзахиуæг кæны алæмæты уæлдæф. Ахæм никуы уыдзæн бирæуæладзыгон хæдзæртты æхсæн , сахары кæрон. Адæм иууылдæр кæрæдзийы зонынц. Алы тигъыл дæр―кафэтæ æмæ ресторантæ. Сахайрæгтæ бирæ уарзынц сойджын фысы фæрсджытæ, бирæ ногтынд цæхæрагæрдæг, дзæвгар рæстæг фæбадынц æмæ сæ кæрæдзийæн хабæрттæ фæкæнынц. Туристтæ та æппæт диссæгтæй куы бафсæдынц, уæд зивæггæнгæ сæ мондæгтæ фæисынц зæрдæмæдзæугæ уæлдæфæй.




10

ΙΙΙ. Кæронбæттæн:

Абон Дзæуджыхъæу у размæдзыд инфраструктурæимæ сахар: 8 театры, дæсгай музейы, 6 ВУЗы, уæрæх уазæгдзæрæн арæзтæдтæ, парчытæ, сквертæ, спортивон арæзтæдтæ, культурон-ирхæфсæн центртæ, хъæздыг библиотекæтæ, аргъуантæ æмæ храмтæ алыхуызон конфесситæй― иууылдæр сырæзыдысты Цæгат Ирыстоны бирæнационалон адæмы къухты фæллойæ, уымæн сын у ацы зæхх се ’ппæты зынаргъдæр къуым.

ΙV. Хатдзæгтæ:

Дзæуджыхъæу, æрмæстдæр дистæ канын кæуыл хъæуы, ахæм сахар нæу . Фæлæ у, йæ истори зонын кæмæн хъæуы, ахæм. Хъыгагæн , арæх нæ бабæрæг кæнæм ахæм диссаджы бынæттæ, Ирыстоны цæргæйæ. Иннæ ахæм , сæ равзæрд дæр сын æвзæр зонæм.

Ацы проектыл кусгæйæ, мах базыдтам бирæ алæмæты бынæтты равзæрд, уыдон зындгонд сты Ирыстоны адæмæн. Уымæй уæлдай ма, базыдтам сахары, диссаджы бынæтты истори, уынгты нæмтты равзæрд.


11

Дзæуджыхъæуæн чи уыд йæ бындурæвæрæг æмæ йæ чи скадджын кодта,уый. Тынг сцымыдис стæм райгуырæн зæххы истори æмæ географимæ. Ис зæгъæн, проекты нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтæ нæ къухы кæй бафтыдысты, уый.



















12



V. Литературæ:

1.bibliofond.ruview.aspx?id=59792
2.
http://region15.ru/
3.http://umorina.info/track/песня
4.
http://goldengorod.ru/
5.
http://school38-rso.narod.ru/
6.
http://school38-rso.narod.ru/
7. :
http://region15.ru/docs/vladikavkaz-history

8. Д.В.Ракович /Прошлеое Владикавказа/.

9.Яндиев А.Д. /Неизвестные страницы истории города/.

































13

Сæргæндтæ:

Ι. Разныхас 2

Проекты нысæнттæ 2

Проекты хæстæ 2



ΙΙ. Сæйраг хай

  1. Сабырдзинады проспект. 3

2. Кировы уынг. 4

3. Церетелийы уынг. 6

4. Хетæгкаты Къостайы номыл парк. 7

ΙΙΙ. Кæронбæттæн 11

ΙV. Хатдзæгтæ 11

V. Литературæ 13























14