Просмотр содержимого документа
«Презентация к стихотворению К.Л. Хетагурова «Хæрзбон»»
- Къоста… Ацы дзырдимӕ баст сты ирон адӕймаджы ӕппӕты рӕсугъддӕр бӕллицтӕ йӕ сӕрыстырдзинад . Сомыйы сӕр, арфӕйы сӕр…Къоста йӕ цард ӕппӕтӕй дӕр бабаста йӕ адӕмы хъысмӕтимӕ, уымӕн цӕры йӕ ном сӕ зӕрдӕты ӕнустӕм.
Къостайы поэтикон сфӕлдыстады егъау бынат ахсынц бӕрзонд уарзондзинадыл фыст ӕмдзӕвгӕтӕ: «Усгуры хъынцъым» , «Фесӕф», «Нӕуӕг бон ӕхсӕвы», «Хӕрзбон». Ацы ӕмдзӕвгӕтӕ Къоста ныффыста йӕхи цардмӕ гӕсгӕ ӕмӕ сӕ ӕвдыст цӕуы поэтӕн йӕхи хъуыдытӕ, йӕхи зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ, йӕ бӕллицтӕ, йӕ сагъӕстӕ. Ӕмдзӕвгӕтӕ кӕсгӕйӕ зын раиртасӕн нӕу, Къоста уарзондзинадмӕ, сылгоймагмӕ цы цӕстӕй каст, ӕмӕ йын цы аргъ кодта, уый. Уарзондзинад, поэты хъуыдымӕ гӕсгӕ, у адӕймаджы царды ӕппӕты стырдӕр хӕзна, ӕцӕг уарзондзинады хъуамӕ бынат ма уа тыхми, тыхракӕнд ӕмӕ мастисынӕн. Хъуамӕ арӕзт уа дыууӕ адӕймаджы фӕндонӕй.
Поэт ӕгӕрон уарзтӕй уарзта йӕ зонгӕ сауджын - Цӕлыккаты Алыксандры кӕстӕр чызг Аннӕйы. Уыцы стыр уарзтӕй райгуырдысты Къостайы лирикон ӕмдзӕвгӕтӕй бирӕтӕ.
- Поэт стыр арӕхстджынӕй снывӕста Аннӕйы портрет дӕр. Портретӕй нӕм зыны рӕсугъд, хӕрзӕфсарм, хӕрзконд ирон чызджы сурӕт . Йӕ аив гуыры конд, йӕ уӕнгты ӕвӕрдыл хорз фидауы ирон сылгоймаджы дарӕс, дӕтты йын бӕрӕгбонхуыз. Йӕ цӕсгомы конд хорз ӕвдисӕн у йӕ удыхъӕд, йӕ зӕрдӕйы ахастӕн. Бӕрӕг у, фӕлмӕнзӕрдӕ, арӕхстджын. зондджын кӕй у. Ӕвӕццӕгӕн, поэты зӕрдӕйы дӕр уымӕн ахӕм арф бынат ныууагъта.
Цӕлыккаты Аннӕ
Хетӕгкаты Къоста
«Хӕрзбон! …»
Ӕвӕццӕгӕн Къостайы интимон лирикӕйы ацы ӕмдзӕвгӕ у ӕппӕты хуыздӕр уацмыс, й ӕ гуманистон хъуыдымӕ гӕсгӕ у поэты адӕймагуарзон зӕрдӕйы ӕвдисӕн.
«Хӕрзбон! …» Ацы ӕмдзӕвгӕ райгуырд Къостайы тыхджын ӕмӕ бӕрзонд ӕнкъарӕнтӕй. Къоста йӕ ныффыста Цӕлыккаты Аннӕ йын йӕ уарзондзинадӕн дзуапп кӕй нӕ радта, уый фӕдыл.
Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ, Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом! Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ, Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном… Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, — Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл — Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, —
Ма-иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, — Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ, Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр…
Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, — Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ.. Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..
Ӕрхӕндӕг ахаст ис ацы ӕмдзӕвгӕйӕн. Дзаг у зӕрдӕйы маст ӕмӕ сагъӕсӕй. Кӕд, йӕ сӕнтты ӕдзух кӕй мысыд, уыцы уарзон чызг ӕй ӕнӕнхъӕл фӕкодта, уӕддӕр ын ӕфхӕрӕн ныхас зӕгъын йӕ зӕрдӕ нӕ зӕгъы, фӕнды йӕ, цӕмӕй царды ссара ӕппӕты стырдӕр амонд, «хъары йын нывондӕн йӕ сӕр». Йӕхӕдӕг та йе ΄стыр мастӕн бабыхсдзӕн.
Къостайы уарзондзинад у ӕппӕт барынхъом, сӕ дыууӕйы зын дӕр йӕхимӕ
исы. Уый та дзурӕг у поэты сыгъдӕг ӕмӕ парахат зӕрдӕйы уагыл .
Ӕрмӕстдӕр Къостайы хуызӕн адӕймаг бӕллыд царды мӕнӕ ахӕм хорздзинӕдтӕм ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр бакодтой:
«Тæхуды, йæ дзыллæйы раз
Чи ракæны барджын ныхас,
Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй!
Тæхуды, йæ уарзондзинад,
Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад,
Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!»