Просмотр содержимого документа
«Презентация к литературно-музыкальной композиции "Шамилы мысан изар..."»
Джыккайты Шамил (1940-2011)
Ирон фыссæг, поэт, литературæиртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг Джыккайты Федыры фырт Шамил райгуырд Хуссар Ирыстоны Дзомагъы хъæуы 1940-æм азы.
- 1952-æм азы йæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардысты Камбилеевкæйы хъæуы. Шамил каст фæци астæуккаг скъола, Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультет æмæ ЦИНИИ-ы аспирантурæ. Куыста телевизион студийы. Фæстæдæр та уыдис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан.
Поэты æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Æфсарм» рацыди 1964- æм азы. Уый фæстæ ма рауагъта фондз поэтикон æмбырдгонды. Сæ сæйрагдæртæ сты «Æхсæвы æртытæ» (Ордж., 1990) æмæ «Саст дзæнгæрæг» (Дз., 2000).
Шамил канд поэт нæу, фæлæ драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг дæр. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы.
Джыккайы-фырт бирæ бакуыста ирон фысджытæй иукъорды сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæныныл æмæ джиппы рауадзыныл, ныффыста Коцойты Арсены, Брытъиаты Елбыздыхъойы, Гæдиаты Цомахъы, Барахъты Гинойы, Байаты Гаппойы, Нигеры, Плиты Грисы, Цæрукъаты Алыксандры æмæ иннæты сфæлдыстадон портреттæ. 2002-æм азы та рауагъта «Ирон литературæйы истори (1917—1956)»
Шамил ирон æвзагмæ раивта Шекспиры «Къарол Лир», Софоклы «Эдип-паддзах», Эдмон Ростаны «Сирано де Бержерак», Уильям Сарояны, Роберт Лоуренсы, Жорж Шехадейы драмæтæ, Байроны, Бёрнсы, Лермонтовы æмæ бирæ æндæр авторты уацмыстæ.
ДЫУУАДÆС ДЗЫРДЫ
Ирон дзырдтæ мын хуртæ сты... Уæддæр Дыууадæс дзырды — се ‘ппæтæй хуыздæр.
Лæууы сæ сæргъы фарны дзырдтæн ЦАРД, Йæ фидауц уымæн — арвы стъæлфæн — АРТ.
Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД, Цæуы йæ армæй адæмыл БÆРКАД.
Нæ дзыллæйæн йæ рухсдæр бæллиц — ФАРН, Уæздан лæгæн йæ уæлдæр цин — ÆФСАРМ.
Сыгъдæг удæн йæ мæты сæр — ХÆЛАР, Ыскæны мах Хуыцауы ‘мсæр ÆХСАР. Лæджы нысан — СÆРИБАР æмæ КАД. Сæ сæрвæлтау хъæуы хæцынæн КАРД. Æппæт хæрзтæн ИРЫСТОН у бындур, — Æнæ уый мæн нæ тавдзæни сæ хур.
Джыккайты Шамил ахицæн йæ цардæй 26 майы 2011-æм азы.
2012-æм азы 29 майы ЦИПУ-йы байгом кодтой Джыккайты Шамилы номыл аудитори. Уым фыссæн фæйнæджы сæрмæ Къоста æмæ Абайты Васойы хуызистыты ’хсæн кадджын бынат бацахста Шамилы портрет дæр. Хатæнæн йæ иннæ кæрон къулыл ирон æмæ уырыссаг классикты хуызистыты бынмæ скъапыты æмæ стъолтыл Шамилы сфæлдыстад æнæхъæнæй: чингуытæ, уацтæ, наукон куыстытæ. Къултыл — йе ’мдзæвгæтæй скъуыддзæгтæ...