СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Проектно-исследовательская работа

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

Данный проект был реализован с помощью программы "Битрикс-24". Данная  программа помогает формировать у учащихся основы культуры исследовательской и проектой деятельности, навыков разработки, реализации и общественной презентации обучающимися результатов межпредметного учебного проекта.

Просмотр содержимого документа
«Проектно-исследовательская работа»

Елхоты дыккæгæм астæуккаг скъола















Проектон-иртасæн урок

11-æм къласы









Ахуыргæнæг: Дзарасаты Б.Н.

























2017-2018 ахуыры аз



Темæ : Фæрион Къоста «Уады уынæр». Сæйраг фæлгонцтæ анализ



Дæлтемæ:

  1. «Уæздан абырæджы фæлгонц литературæйы».

… Цæрынæй мæлынмæ лæг хъуамæ дæсныдæр уа,- «Уады уынæр». Цæрай



Дæлтемæ:

  1. «Сылгоймаджы трагикон хъысмæт литературæйы»

… Уырнæд уæ, æрцæудзæни хуыздæр дуг: хур скæсдзæн сомбон…- «Уады уынæр». Цæрай



Урочы хуыз:

  1. Проектон- иртасæн

  2. Диспут-полемика



Нысан:



  1. Уацмысы сæйраг фæлгонцтæ равзарын

  2. Урочы ног стандарттæй спайда кæнын

  3. Скъоладзауты хи хъуыдтыл æфтауын

  4. Лæгдзинады æнкъарæнтæ сæм хъомыл кæнын

  5. Рæзын сæм кæнын хиæмбарындзинад æхсæнады аккаг бынатмæ куыд тырной





Рæстæджы домæнтæм гæсгæ арæзт æрцыдысты ахуырады ног стандарттæ. Уыдонмæ гæсгæ сывæллæтты мах хъуамæ ахуыр кæнæм проектон- иртасæн куыстытыл. Фидæны адæймаг уæд лæудзæн тыхджын йæ къæхтыл, æмæ куы зона къордæй кусын.

Абон нæ урочы куыст уыдзæн программæ «Битрикс 24-йы» бындурыл. Программæйы тыххæй лæмбынæг æрдзурдзыстæм урочы кæрон.



Нæ урочы темæ у Фæрнион Къостайы рома «Уады уынæры» сæйраг хъайтарты фæлгонцтæ равзарын æппæтдунеон литературæйы сын аналогтæ ссаргæйæ.



Дыууæ сæйраг фæлгонцы Цæрай æмæ Мисурæтмæ гæсгæ снысан кодтам дыууæ проектон къорды .



  1. «Стай». Проекты темæ у: «Уæздан абырæджы фæлгонц литературæйы» (эпиграф)

  1. «Домбай». Проекты темæ у: «Сылгоймаджы æнамонд хъысмæт литературæйы» (эпиграф)



Урочы цыд:

  1. Рацыд æрмæг



  1. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм уацмысы экспозици æмæ сюжет хæрз цыбырæй (5 мин)

  2. Æвæрццæг фæлгонцтæ ранымайут

  3. Æппæрццæг фæлгонцтæ (5 мин)

  4. Нæ зæрдыл кæм æрлæууыд сюжет, уым ныхасы бар нæ проектон къорд «Стай»-æн

Размæ рацæут (8-10 минут)



  1. «Домбай», размæ (8-10 мин)



Диспут-полемикæ

  1. Цы адæммæ æркастыстæм презентайы, уыдон цæмæ систы абырджытæ? Цы сæ иу кæны?



  1. Иууылдæр абырджытæ ахæм уæздан æмæ адæмуарзон уыдысты?





  1. Ныртæккæй царды абырæг суæвынæн æфсон ис, цавæр æхсæнады цæрæм?



  1. Цæрайы аххосæгтæ абырæг суæвынæн радзурут





  1. Цæрайы революционер схонæн ис? (Дзуапп: Нæй. Сæ тох нæу наций , Ирыстоны номыл. Адæмы бартыл нæ дзурынц. Кæнынц индивидуалон террор)



  1. Революционер хъуамæ цавæр уа? (Хъуамæ тох кæна иумæйаг идæйæтыл, национ иудзинадыл)





  1. Цæрайы фæстаг хат ткæм уынæм романы?



  1. Мисурæты кæй аскъæфта, уый уæм раст кæсы (Хъарадзауты дзы æргом тохмæ сиды, нæ сæ тæрсы, нæй сæм æцæг уæздандзинад æмæ лæгдзинад)





  1. Куыд æй зонæм, афтæмæй роман æромæ фыст нæу. Хæдзармæ куыст уын уыд, цæмæй Цæрайы фæлгонц кæронмæ æрфыссат. Уый хауы «Стай»-мæ



  1. Уæдæ цавæр хатдзæг скæнæн ис : цæмæ-иу систы абырæг хорз адæм? Цæй аххосæй? (Барвæдæй абырæг ничи свæййы. Æхсæнады уагæвæрд у аххосджын )





  1. Мисурæты хъысмæт уæм цы хъуыдытæ æвзæрын кæны?



  1. Цавæр адæймаг у?





  1. Йæ зондахаст куыд раивта?



  1. «Домбай», сымахæн уыдис хæдзармæ куыст дарддæр ахæццæ кæнын Мисурæты фæлгонц. Куыдæй уæ фенды фенын йæ хъысмæт романы кæрон?





  1. Хатдзæг скæнæм : Цалынмæ Цæрай абырæг уыд, уæдмæ. Мисурæты бон уыд амондджын уæвын?

  2. Уæдæ Мисурæт æмæ иннæ абырджыты устытæ кæд уыдзысты амондджын? (Сæ лæгтæ æхсæнады аккаг куы ссарай, уæд)



  1. Мисурæты хуызæн сылгоймæгтæн сæ хъысмæт цы аивта? (ног рæстæг, ног цард, ог дуг)





  1. Цæмæн хуины роман «Уады уынæр»? Уад цæй символ у? (Уад у революцийы символ, романы 1 хайы нырма æрмæст йæ уынæр райхъуыст. Цæрайы тох нæу социалон, тугисынæй райдыдта. Романтикон герой у). Цы у романтизм? (Романтизм царды куыд у, афтæ нæ, фæлæ романы куыд у . Фыссæг-романтик архайы, царды йæ цы фенын фæнды, уый равдисы йæ уацмысы аив фæлгонцты руаджы. «Уæздан» абырджытæ иууылдæр идеализацигонд сты)



  1. Дыккаг чиныг та куыд схуыдтаиккат? («Уады нæрын»)





Мæ хатдзæгтæ:



  1. Абырæг цы æхсæнады –иу равзæрд, уыцы æхсæнадæн хорзæй тас нæу. Ахæм æхсæнад нæ уыд суинаг. Æмæ хæлгæ дæр уымæн фæкодта. Цы сылгоймæгтæ дзы цард, уыдон та уыцы æхсæнадон арæзты сæ бон амондджын уæвын нæ уыд.

Æрмæстдæр æнæниз æхсæнад дæтты амонд æмæ сæрибардзинад, уым нæй бынат абырæгæн, сылгоймаг та дзы у амондджын, мæнæ сымахау.

  1. Дыккаджы (проекты тыххæй лæмбынæг) :

Куыд куыстой сывæллæттæ Битриксмæ гæсгæ. Сæхицæн сын ныхасы бар.

3) Рефлекси. КУыд бакуыстой, кæрæдзийæн куыд аргъ кæнынц.

4) Хæдзармæ куыст. Цæттæ кæнын нывæцæнмæ «Адæймаджы хъысмæт царды»

5) Бæрæггæнæнтæ æвæры программæ

6) Уазджыты раныхас, грамотæтæ, премитæ.