Цæгат Ирыстон-Аланийы ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ уæлдæргæнæн институт
Дæнцæгон ахуырадон программæ
Дзапарты Зарæйы 3-æм къласы Кæсыны чиныгæй чи кусдзæн, уыдонæн
Программæ арæзт æрцыд ног Федералон Паддзахадон Ахуырадон Стандарты (ФПАС-ы) домæнтæм гæсгæ 3-æм кълæсты ахуыргæнджытæн æххуысæн .
Программæйæ чи пайда кæндзæн, уымæн йæ бон у ивддзинæдтæ бахæссын, куыд сахæтты дих, афтæ йæ мидисмæ дæр.
Программа сарæзта АЗУРИ-йы ирон
æвзаг æмæ литературæйы
кафедрæйы ахуыргæнæг
Дзытиаты Эммæ æмæ фидаргонд
æрцыд кафедрæйы æмбырды
(Протокол №1, 12.09.2015 аз)
Дзæуджыхъæу 2022аз
Дауыраты Анжелӕйы
кусӕн программæ ирон литературон кæсынадæй
3 къласӕн (2022-2023 ахуыры аз)
Æмбарынгæнæн фыстæг
Кусӕн программӕ арӕзт у ног стандарты домӕнтӕм гӕсгӕ ӕмӕ ЮНЕСКО-йы кафедрӕйы арӕзт ахуырадон комплекты бындурыл. Ирон литературон кӕсынадӕн лӕвӕрд цӕуы къуыри 2 сахаты (ӕдӕппӕт 34 ахуырадон къуырийы-68 сахаты)
Сывæллæтты алывæрсыг рæзтæн райдайæн скъолайы æрцæуы.
Уымæ гæсгæ ирон æвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг арæзт у ахæм нысан æмæ хæстæ сæххæст кæнынмæ:
- хъуамæ сывæллæттæ сæ кæрæдзимæ иронау дзурын сахуыр уой. Уый тыххæй та хъæуы фидар фæлтæрддзинад кæсын, фыссын æмæ хъуыды кæнынæй;
- иумæйаг ахуырадон зонындзинæдтæ бæрзонддæр кæнын; ныхасы рæзтыл кусын; фылдæр базонынмæ æмæ интеллект уæрæхдæр кæнынмæ тырнын;
- мадæлон æвзаджы фæрцы сывæллоны алывæрсыгæй хъомыл кæнын;
- хъазты хуызы сывæллæтты эмоционалон уавæр рæзын кæнын;
- зонындзинæдтæ фылдæр кæнынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.
Куыд зонæм, афтæмæй æппæтæй хуыздæр фадат уыцы нысантæ сæххæст кæнынæн ис кæсыны урокты.
Ног (дыккаг фæлтæры) стандартты домæнтæ сты, цæмæй Уæрæсейы цæрæг алы адæмæн дæр йе ΄взаджы кад сӕхи ΄хсæн бæрзонддæр ист æрцæуа, цæхгæр фæхуыздæр уа мадӕлон ӕвзаг ахуыр кæныны хъуыддаг. Уыцы хæстæ та æххæст кæны райдайæн скъола.
Кæсыны программӕйы сӕйраг идея у скъоладзауы ахуыры процессы сӕйраг архайӕг уӕвынмӕ сразӕнгард кӕнын.
Кæсыны программӕйы сӕйраг хицӕндзинад – скъоладзаутӕн комплексон ӕгъдауӕй литературон кӕсынады ӕгъдӕуттӕ бацамонын.
Кæсыны программӕйы спецификон хицӕндзинӕдтӕ:
- текстыл куыст куыд ныхасы иуӕгыл;
-литературон уацмысты дзырдты аивдзинад ӕмбарын ӕмӕ сын сӕ хицӕндзинӕдтӕ
жанртӕм гӕсгӕ иртасын;
-уацмысы ӕвзаг ӕмӕ сывӕллӕтты ныхасыл уыцы иумӕ куыст;
-уацмысыл ӕмӕ сывӕллӕттӕн фыст чингуытыл иумӕйагӕй кусын;
-сывӕллӕттӕн тексты тыххӕй зонындзинӕдтӕ дӕттын, ӕмӕ аивадон - литературон уацмысты мидис ӕмбарын кӕнгӕйӕ сабиты миддуне хъӕздыгдӕр кӕныныл куыст.
Программæ домы, цæмæй скъоладзаутæ базоной тексты сæйрагдæр хъуыды рахицæн кæнын, уацмысы мидис хи ныхæстæй радзурын, дзырдты нысаниуæг зонын, текстæн йæ аивадон æууæлтæ рахатын; сахуыр уой хъуыды кæнын, рæза сæ аивадон æнкъарынад, цымыдис æмæ разæнгард кæной чиныг кæсынмæ.
Кæсыны программӕйы сӕйраг нысан: сабиты чиныг кӕсынмӕ разӕнгард кӕнын ; ирон, уырыссаг ама ӕппӕтдунеон литературӕйы хуыздӕр уацмысты фӕрцы сывӕллӕтты миддуне хъӕздыгдӕр кӕнын.
Кæсыны программӕйы сӕйраг хӕстӕ:
1. скъоладзауты дзырдгай хъӕрӕй кӕсын ахуыр кӕнын;
2. чиныг кӕнӕ хицӕн уацмысы мидис ӕмбарын;
3. литературон уацмыстӕ жанртӕм гӕсгӕ ӕвзарын зонын;
4. сывӕллӕттӕн фыст литературӕйы зындгонддӕр авторты зонын; цы уацымстӕ ахуыр кӕнынц, уыдоны авторты зӕрдыл дарын.
5. уацмысы архайджыты мидуавæр æнкъарын;
6. цардмæ эстетикон æнкъарæнтæ гуырын кæнын;
7. сывæллæтты дунеæмбарынад уæрæх кæнын;
8. сывæллæтты ныхас хæздыг кæнын;
9. скъоладзауты чиныг кæсынмæ разæнгард кæнын.
2. Текстыл кусгæйæ сывӕллӕтты ныхасы арӕхстдзинад рӕзынгӕнӕн мадзӕлттӕ:
Кӕсыны навыктӕ рӕзын кӕнын:
- раст ӕмӕ ӕмбаргӕ каст;
- дзырдгай каст;
- хуыздӕр кӕсӕджы конкурстӕ ӕмӕ ерыстӕ аразын;
- тагъд кӕсыныл фӕлтӕрын.
2. Аив кӕсын ӕмӕ дзурын:
- хъӕрӕй ӕмӕ хинымӕры каст;
- раст дикции аразын, хъӕлӕсонтӕ ӕмӕ ӕмхъӕлӕсонты раст артикуляцийыл куыст;
- тагъддзуринӕгтӕ кӕсын;
- орфоэпийы нормӕтӕ ахуыр кӕнын;
- рольтӕм гӕсгӕ кӕсын.
Ирон сывӕллӕттӕн чи фыста, уыцы классикты сфӕлдыстад (Хетӕгкаты Къоста, Гӕдиаты Секъа, , Коцойты Арсен, Цӕрукъаты Валодя, Дзесты Куыдзӕг ӕмӕ иннӕтӕ). Нырыккон фысджыты сфӕлдыстад (Джыккайты Шамиль, Чеджемты Геор, Къадзаты Станислав ӕмӕ иннӕтӕ). Уацмысты мидис. Аргъӕутты геройты фӕлгонцтӕ; сфӕлдыстадон хӕслӕвӕрдтӕ(радзырд кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, сӕргонд ӕрхъуыды кӕнын ӕмӕ а.д.); уацмыс аивгӕнӕн мадзӕлттӕ.
Сабидуджы тыххӕй уацмыстӕ ӕмӕ сӕ автортӕ. Уырыссаг литературӕйӕ ӕрбайсгӕ уацмыстӕ. Сӕ авторты сын зонын(Е. Пермяк, К. Ушинский, М. Зощенко ӕмӕ ӕнд.). Зӕрдывӕрдӕй ахуыргӕнинаг ӕрмӕг ӕмӕ кӕсыны ӕрмӕг.
- цы уацмыс бакастысты, уый мидисæй фæрстытæн раст дзуæппытæ дæттын;
- сæ хъуыдымæ гæсгæ кæрæдзимæ хæстæг дзырдтæ иртасын;
- радзырд, аргъау,æмдзæвгæ кæрæдзийæ иртасын;
- зындгонд фысджыты нæмттæ зонын, сæ уацмыстæ сын ранымайын.
Сӕрды тыххӕй цы ӕрмӕг рацыдысты, уымӕй цы бадардтой сӕ зӕрдыл. Хи хъуыдытӕ радзурын. Цыбыр радзырдтӕ аразын. Ӕмдзӕвгӕ зӕрдывӕрдӕй дзурын.
Диалогы архайын. Цы зонд амоны аргъау? Фӕрстытӕн дзуапп дӕттын. Пълан аразын.
Уацмыс хӕйттыл дих кӕнын. Диалог аразын. Адӕймаджы цавӕр миниуджытыл дзырд цӕуы радзырды? Аив кӕсын, орфоэпийы нормӕтӕ хынцгӕйӕ. Аргъауы сырддонцъиуимӕ йӕ абарын
Афӕдзы афон. Уацмыс хӕйттыл дих кӕнын. Сӕргӕндтӕ сын ӕрхъуыды кӕнын
Фӕззӕджы тарст. Зымӕгон нывтӕ. Нывимӕ куыст. Аив кӕсын. Радзырд ӕрхъуыды кӕнын. Фӕззӕджы мӕйтӕ
Пълан аразын. Ног дзырдтӕ бахъуыды кӕнын. Адӕймаджы хуыздӕр миниуджытӕн аргъ кӕнын. Рӕдыдтыл сӕттын ӕмӕ сӕ раст кӕнын. Радзырдӕн ӕндӕр сӕргонд дӕттын. Нывтыл бакусын. «Сдзурын сӕ кӕнын». Фӕрстытӕн дзуапп дӕттын.
Бинонтӕ: мад, фыд хо ӕмӕ ӕфсымӕры ’хсӕн ахастытӕ. Рӕстдзинад ӕмӕ сайын. Уацмысы сӕйраг персонаж. Рӕдыд ӕмӕ йӕ раст кӕнын. Уацмысы цаутӕ фӕд- фӕдыл равӕрын, сӕйрагдӕры дзы рахицӕн кӕнын
Жанр, темӕ. Адӕймаджы ӕвзӕр миниуджытӕ. Бинонтӕ: мад ӕмӕ ӕфсымӕрты ’хсӕн ахастытӕ. Ӕмбисонды мидис ӕмбарын. Хъуыдыйӕдтӕ хъӕугӕ дзырдтӕй ӕххӕст кӕнын. Лирикон ӕмдзӕвгӕ. Автор. Зымӕгон ӕрдзы ивддзинӕдтӕ. Абарст(мит ӕмӕ ссад). Сабиты ӕнкъарӕнтӕ. Зӕрдывӕрдӕй йӕ ахуыр кӕнын. Уыци-уыци. Радзырд. Зымӕгон хъызт. Сырддонцъиуы ӕргъӕвст. Тудзийы диссаджы ми. Абарст(адӕймаг ӕмӕ цӕрӕгойтӕ). Радзырд хӕйттыл дих кӕнын. Сӕргӕндтӕ сын хъуыды кӕнын. Къордтӕй куыст.
Тагъддзуринӕгтӕ, ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕй цы бахъуыды кодтой. Ахуыргӕнӕг ӕмӕ скъоладзауты иумӕйаг хатдзӕг. Сабиты хи хъуыдытӕ. Диалогон ныхас. Зӕрдывӕрдӕй чи цавӕр ӕмдзӕвгӕ бахъуыды кодта. Къордтӕй ӕмӕ къӕйттӕй куыстЛирикон уацмыс. Дзырдуатон куыст. Нывмӕ гӕсгӕ радзырд кӕнӕ аргъау ӕрхъуыды кӕнын.
Хи зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнын. Цы бахъуыды кодтон рацыд ӕрмӕгӕй. Мӕ зӕрдыл тынгдӕр цы бадардтон. Радзырд ӕмӕ ӕмдзӕвгӕ кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц. Чиныджы кӕрон цы нывтӕ ис, уыдонӕй темӕмӕ хӕстӕгдӕр чи у, уымӕ гӕсгӕ чысыл радзырд саразын.
Ӕмдзӕвгӕйы афӕдзы афон. Дзырд синонимӕй ивын. Зӕрдывӕрдӕй ахуыр кӕнын. Аргъаумӕ ӕмбисонд ӕрхӕссын. Уацмысы сӕйраг хъуыды ӕвдисӕг бынат агурын.
Уацмысты жанртӕ, сӕ сӕйраг хъуыды. Дыууӕ чызджы абарын, ӕмбисӕндтӕ сӕм ӕрхӕссын. Радзырдӕн хорз кӕрон ӕрхъуыды кӕнын. Фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмдзӕвгӕйы хай зӕрдывӕрдӕй ахуыр кӕнын. Радзырдӕн хорз кӕрон ӕрхъуыды кӕнын
Уацмысты сӕйраг хъуыды. Жанртӕ. Адӕймаджы ӕвзӕр миниуджытӕ: ӕгоммӕгӕс, хивӕнд хистӕры ныхасӕн аргъ нӕ кӕнын. Мады хъомыладон мадзӕлттӕ. Фарст: Мад раст бакодта?. Басняйы сӕйраг хъуыды. Ирхӕфсӕн кӕнӕ басня зӕрдывӕрдӕй бахъуыды кӕнын.
- æмбаргæ, аив æмæ раст кæсын;
- хъæлæсы уаг раст аразын;
- чысыл текст хинымæр кæсын;
№ | Сахӕтты нымӕц | Урочы темӕ | Урочы тип | Равзаринаг фарстатӕ | Скъоладзауты зонындзинӕдтӕм домӕнтӕ | |
08.09.22 | 1 | Хетӕгкаты Къоста «Сӕрд» | Ног ӕрмӕг | Лирикон ӕмдзӕвгӕ. Автор. Сӕрдыгон ӕрдзы ивддзинӕдтӕ. Нывтӕм гӕсгӕ цӕрӕгойты царды тыххӕй радзырд кӕнӕ сочинени ӕрхъуыды кӕнын. Зӕрдывӕрдӕй . | |
15.09.22 | 1 | Астемыраты Изет «Сӕрдыгон нывтӕ» | Ног ӕрмӕг | Литературон уацмыс, авторы тыххӕй радзурын. Диалогон ныхас. Радзырд хӕйттыл дих кӕнын. Фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттын. | |
22.09.22 | 1 | Аргъау « Рувас ӕмӕ уӕрыкк» | Ног ӕрмӕг | Аргъау, Хӕдзарон ӕмӕ хъӕддаг цӕрӕгойты миниуджытӕ . | |
29.09.22 | 1 | Чеджемты Геор « Сызгъӕрин лӕппу» | Ног темӕ ахуыр кӕныны урок | Литературон уацмыс, авторы тыххӕй радзурын. Диалогон ныхас. | |
06.10.22 | 1 | Эзоп «Рувас ӕмӕ сӕгъ» | | Аргъау, Хӕдзарон ӕмӕ хъӕддаг цӕрӕгойты миниуджытӕ . | |
13.10.22 | 1 | «Ӕртӕ зондабийы» | Ног ӕрмӕг | Чиныджы фӕрстытӕм гӕсгӕ. | |
20.10.22 | 1 | М.Зощенко «Ӕппӕты сӕйрагдӕр». | Ног ӕрмӕг | Ног дзырдтыл куыст. Хорз та цымӕ цы у ? Тыхджынӕй тыхджындӕртӕ вӕййы? Цӕмӕ сайы къӕйныхдзинад? | | | |
27.10.22 | 1 | Джыккайты Шамил «Хӕмӕты балц сахармӕ» | Ног ӕрмӕг | Адӕймаджы ӕвӕрццӕг ӕмӕ ӕппӕрццӕг миниуджытӕ. Ног дзырдтӕ бахъуыды кӕнын. Цӕмӕн схуыдта автор йӕ уацмыс афтӕ? | | |
10.11.22 | 1 | Къадзаты Станислав «Мӕстӕймарӕн» | Ног темӕ ахуыр кӕныны урок | Сӕйраг хъуыды кӕм рабӕрӕг, уыцы бынат ссарын ӕмӕ йӕ бакӕсын. Диалогон ныхас. Фӕрстытӕн дзуапп дӕттын. Аив кӕсын. | | |
17.11.22 | 1 | Хетӕгкаты Къоста «Фӕззӕг». | Ног ӕрмӕг | Лирикон ӕмдзӕвгӕ. Фӕззыгон ӕрдзы ивддзинӕдтӕ. Нывтӕм гӕсгӕ радзырд кӕнӕ сочинени ӕрхъуыды кӕнын. | | |
24.11.22 | 1 | Хозиты Яков « Сабитӕ ӕмӕ фӕззӕг» | Ног ӕрмӕг | Фӕззыгон ӕрдзы ивддзинӕдтӕ. Нывтӕм гӕсгӕ цӕрӕгойты царды тыххӕй радзырд кӕнӕ сочинени ӕрхъуыды кӕнын. Зӕрдывӕрдӕй . | | |
01.12.22 | 1 | Чеджемты Геор « Афтӕ райдыдта фӕззӕг» | Ног ӕрмӕг | Темӕйы мидис. Уацмысы жанр,йӕ сӕйраг хъуыды. | | |
08.12.22 | 2 | Цӕрукъаты В. «Бабызы лӕппын» | Ног ӕрмӕг | Литературон уацмыс , йӕ сӕйраг хъуыды. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр миниуджытӕ-хивӕнд, зивӕггӕнаг ӕмӕ хиппӕлой.. Радзырд хӕйттыл дих кӕнын. Фӕрстытӕн дзуӕппытӕ дӕттын. | | |
15.12.22 | 1 | Хъодзаты Ӕхсар « Парчы» | Ног темӕ | Автпр. Ӕрдзы рӕсугъддзинад. Сыгъдӕг дарын нӕ алыварс. | | |
22.12.22 | 1 | Чеджемты Геор «Хърихъупп» | Ног ӕрмӕг | Мӕргъты хуызтӕ. Сӕ нывтӕ сын скӕнын ӕмӕ уыдоны тыххӕй радзурын. | | |
29.12.22 | | Лӕмбынӕг кастӕ? | | Хи зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнын. Цы бахъуыды кодтон рацыд ӕрмӕгӕй. Мӕ зӕрдӕмӕ арфдӕр цы бахызт. | | |