СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Разработка по творчеству Хазби Дзаболаева

Нажмите, чтобы узнать подробности

Анализ творчества Хазби Дзаболаты. Разобрать главные темы, которые ставит поэт перед собой.

Просмотр содержимого документа
«Разработка по творчеству Хазби Дзаболаева»

Мæ фæлтæрддзинадæй.

Дзаболаты Хазбийы сфæлдыстад æвзаргæйæ.



"Куыд æмбарын æцæг амонд?"

Амонд... Цæй стыр хъуыды бацыдис ацы хуымæтæг дзырды, цас фарн æмæ мидис?! Куыд ничи ма йын ссардта йæ райдиан æмæ йæ кæрон, куыд ничи ма дзы бафсæст абоны уонг! Алчи дæр æм куыд фæбæллы, фæлæ æппæты фаг куыд нæ кæны... Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц, хур дæр, дам, æппæтыл не ´ххæссы...

Амонд у хи æмбарынады сæрмагонд уавæр. Алчи йæ нæ фæхаты, фæцæры, фæлæ нæ базоны йæ диссаджы ад - йæ удыконд æмæ йæ зонд уыйас бæрзондмæ не ´схæццæ вæййынц. Ахæм адæймаг, кæд æй йæхæдæг нæ фембары, уæддæр Хуыцауы ´лгъыст фæхонынц.

Цард æмæ амонд... Цард - изæрон арвы хъæбыс, амонд - ныгуылгæ хуры фæстаг тынтæ. Кæрæдзийййыл тынг фидауынц, фæлæ, хъыгагæн, вæййы æнæ амондæй цард. Нæ фæтчы ´рмæст æнæ цæргæйæ амонд...

...АВмонд алчидæр йæхи ´рдыгонау фембары. Чи йæ уыны хъæздыгдзинады æмæ мулчы, æнцон æмæ пайдайаг куысты, чи йæ бинонты, йæ хъæбулты фарны, чи уарзондзинады. Фæлæ адæмты æхсæн вæййы ахæм стæм лæгтæ, кæцытæ амонды бавæрынц стырдæр æмæ уæлиаудæр хъуыды, вазыгджындæр мидис... Уыдонæн зындæр вæййы цæрын, уымæн æмæ сæ цæст дарддæрмæ æмæ арфдæрмæ фæуыны, сæ зæрдæтæ фылдæр фенкъарынц, сæ цин дæр æмæ сæ маст дæр хицæн фæкæнынц иннæтæй. Арæхдæр уыцы адæймæгты нымæцмæ фæхауынц сфæлдыстадон кусджытæ. Уыдонæй иу уыди зынгхуыст ирон поэт Дзаболаты Хазби дæр.

Кæд бирæ нæ фæцард, уæддæр уый раджы базонгæ æцæг аивады культурæимæ. Сфæлдыыстадон скъолайау ын уыдысты классикон литературæйы хъомысджын традицитæ. Уый ирдæй зыны суанг йæ фыццаг æмдзæвгæтыл дæр: сты æлвæст, техникон æгъдауæй - æмбæлгæ æмвæзадыл, агайынц зæрдæ, зыны сыл, лæппу æрдзæй кæй фæци цырддзаст æмæ къæрцхъус, кæй æмбары æцæг сфæлдыстадон кусæджы бæрзонд нысаниуæг:

"Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,

Дæ фæндаг - даргъ æмæ дæрзæг...

Зæххыл дæм иу царды бар хауы,

Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!.."

Парахат у Хазбийæн йæ поэтикон диапазон: æнкъард, трагикон мотивтæ, царды нысаниуæгыл уæззау сагъæстæ, сфæлдыстадон кусæджы удхайраг дызæрдыг, хæрзаив худæнбыл зарджытæ уарзондзинадыл, хæларзæрдæ юморы бындурыл нывæст уацмыстæ, карз сатирикон æмдзæвгæтæ...

Сæрмагонд сфæлдыстад ахсы поэты сфæлдыстады амонды бæлвырд темæ. Йæ райхалыныл фæкуыста йæ фыццаг æмдзæвгæйæ райдай æмæ йæ фæстаг рæнхъыты уонг. Хазбийы фыццаг чиныг "Хæс"-ы цы æмдзæвгæ мыхуыргонд æрцыд "Амонд", зæгъгæ, уый схонæн ис фыссæгæн йæ программон уацмыс. Ам раргом сты йæ цæстæнгас æмæ йæ зондарæзт, йæ царды бæллиц æмæ йæ фæндтæ. Æмдзæвгæйы сæйраг мидис у уый мидæг, æмæ адæймаг йæ амонд цæттæйæ кæй не ´рæййафы, фæлæ йыл кусын æмæ архайын кæй хъæуы. Æркæсæм уацмысы фыццаг цыппар рæнхъмæ:

"Æз нæ зонын, цы фæхоны "амонд",

Искуы исчи куы фæкæны арфæ.

Фæлæ зонын, кæйдæр фарнæй абон

Уый цæттæйæ кæй не ´рхаудзæн арвæй".

Дарддæр поэт дзуры, амонд æмæ мулк иу кæй не ´сты, ууыл. Амонд æмæ хъæздыгдзинад кæрæдзимæ дард лæууынц. Амонды ратæдзæн æмæ амонды уидæгтæ лæууынц бирæ бæрзонддæр:

"Ныр кæддæрау чысыл саби нал дæн,

Цардæй федтон цыдæртæ нæ зæххыл,

Æмæ иуæй-иу буцæй хаст хъалтæн

Æз "цæй амондджын фестут" - нæ зæгъин".

Фыссæгмæ гæсгæ амонды бындур у куысты мидæг, фæллойы хуылфы, уæларвæй не ´рхауы, рæсугъд æмæ былалгъ ныхæстæй нæ цæуы. Æвæццæгæн, афтæ зын ссарæн дæр уымæн у, уымæн у афтæ зынаргъ æмæ бæллиццаг:

"Мæнмæ дуне фæкæсы уæрæхдæр,

Сайд ми фесты мæнæн уæд цæстысындз -

Куыст фæуæвгæйæ, хиды æртæхтæ,

Хус фæд уадзгæ, мæ ныхыл куы сысынц".

Поэт куыд хъуыды кæны, афтæмæй дунейыд рæстдзинадæй сæйрагдæр ницы ис. Уый бындурыл арæзт куы цæуой рахастдзинæдтæ дзыллæйы астæу, уæд сæ фидæн рæсугъддæр уыдзæн, аивдæр уыдзæн йæ цард алы адæймагæн дæр. Хинæй макæуыл рацу, æвзæрдзинадæй макуы мацы бакæн де ´мхуызон лæгæн - уый у амонды бæрæггæнæнтæй иу:

Æз æгад цард мæ сæрмæ нæ хæссын,

Никуы никæуыл рацыдтæн хинæй,

Æмæ амондджын уымæй фæкæсын

Æз тыхст сахат дæр арæх мæхимæ".

Ацы темæ цæуы Хазбийæн йæ иу æмдзæвгæй иннæмæ. Нæ дзы хицæн кæны, æнувыдæй кусы йæ райхалыныл, агуры ног ахорæнтæ æмæ поэтикон мадзæлттæ. Поэт йе ´мдзæвгæ "Рæстдзинад"-ы фыссы:

"Уарзын цард æз дæр æххæстæй,

Уарзын амонд æмæ цинад,

Фæлæ царды ´ппæт фæрæзтæй,

Райсин æз фыццаг рæстдзинад!".

Хазби амонд æмбары уæрæх, æвæры дзы стыр æмæ арф хъуыды. Поэт куыд зæгъы, афтæмæй иу адæймаджы амонд хъуамæ "иппæрд" ма уа æппæт дзыллæты амондæй, Фыдыбæстæйы хъысмæтæй:

"Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд,

Æмбæхстаг нæу мæ цин æмæ мæ мæт,

Куы хъæуа, уæд Фыдыбæсты сæраппонд

Æз дæр æдæрсгæ райсдзынæн мæлæт.

Фæлæ цы у æнæбæркад фæндаггаг?

Нæ кæнын æз мæ егъаудæр хæс рох:

Мæ цард куыд уа, Фыдыбæстæ, дæу аккаг,

Мæнæн уал абон ууыл у мæ тох".

Æнæ райгуырæн зæххæй, æн Фыдыбæстæйæ амондæн уæвæн нæй. Ныййарæгæй уæлдай не ´сты. Уыдоныл хур куы кæса, уæд адæймагыл дæр кæсы. Уыдоныл уæззау дуг куы скæны, уæд мах дæр нæ цард нал фæтавы, ницыуал нæ фæхъæуы дунейыл - нæдæр циндзинад, нæдæр амонд. Дæ Фыдыбæстæ дзæбæхæй куы уынай,сæрыстырæй йæ сагъæстæй куы цæрæй, йæ мæтæй хайджын куы уай, уæд мæлын дæр æнцондæр у:

"Мæлæт! Кæй дæм фæнды бæллын,

Æдзард цæхæр туджы мæцгæйæ?

Фæлæ æнцондæр у мæлын

Дæ Иры сагъæстыл хæцгæйæ!"

Адзал æмæ цард... Бонырухс æмæ мæйдар æхсæвы талынг. Сæ иу куыд æцæг у, афтæ у иннæ дæр. Мæлæт кæй нæ хизы, ахæм иу дæр нæй. Фæлæ дзы Дзаболаты Хазбийы герой тæрсы иунæг хуызы. Цы нæ вæййы, йæ адзалы уац искæмæн зындзинад куы ´рхæса, искæй амонд æмæ царды фарн куы фехала:

"Тæрсын æз иу хуызы мæлæтæй,

Æнæмæлгæ нæй, фæлæ тæрсын:

Мæ сонт æрхауд, мæ царды фæудæй

Куы скæнон искæй удæн зын!".

Лæгæн вæййы иу царды бар. Хъæуы уæлæдунейыл хурау рухс кæнын, зæрдæтæ тавын. Кæм зондæй, кæм хъаруйæ хорздзинад æрхæссыныл архайын. Уыцы хуызы чи сæвæры йæ цард, гъе уыцы адæймаджы ном мæлæтыл уæлахиз кæны:

Дæ хæс цытджын æмæ егъау у,

Дæ фæндаг даргъ æмæ дæрзæг...

Зæххыл дæм иу царды бар хауы

Æмæ у рухс фæндтæ хæссæг!



Æцæг тох чи кодта лæппуйæ,

Йæ фæстæ чи ныууагъта фæд:

Кæд зондæй нæ, уæд та - хъаруйæ,

Гъе уый ном не ´ссардзæн мæлæт".

Поэты зондрахасты мидæг амонд æмæ гуманизмæм фæхицæн нæй. Иунæджы амонд - бирæгъы аамонд. Де ´мхуызон адæймаг зындзинад куы ´взара, рыст æмæ йæ тыхст сæ быны куы скæной, хъизæмар куы кæна, уæд ды амондджын хъуамæ куыд уай, цы зæрдæйæ?! Хазби йæ иу æмдзæвгæйы уый фæдыл фыссы:

"Дæг фæразы йæхи уды риссæн,

Лæг фæразы хъыгæн æмæ низæн



Фæлæ, оххай, куыд зын у фæразын,

Искуы исчи куы стыхса дæ разы,



Ды зын сахат йæ уæлхъус куы лæууай

Æмæ баххуысхъом уымæн куы нæ уай".

Поэты лирикон хъайтар бæллы иунæг хорздзинадмæ, иунæг амонды нысаниуæгмæ - адæм æй куыд бамбарой, уымæ. Йæ уыцы бæллиц, азтæ куыд цæуынц, афтæ фидарæй - фидардæр кæнын, гуырысхойæн бынат нал ныууадзы йæ уды мидæг, фæлæ архайы, цæмæй йæ зæрдæ раргом кæна дзыллæтæн, рахæсса йæ сæ размæ:

"Азтæ куыд цæуынц, афтæ

Бабæллын: не ´ссау афтæмæй

Зæрдæ, фæрдыгау, рафтау

Æмæ йæ равдис адæммæ!"

Амонд бирæ хуызты æрцæуы адæймагмæ. Ноджы ма амондджын суæвынмæ хъæуы фадат æмæ Хуыцауы хорзæх. Бирæтæ амондджыны ном хæссыны аккаг бæргæ вæййынц, фæлæ сæ цард, æвзæр къамау, нæ рауайы, нæ разыны. Уæлдай хъыгагдæр та уæд вæййы, æмæ адæймагæн йæ æрдзæй рахæсгæ куырдиат куы нæ райхæлы дидинæгау, куы бахус вæййы. Афтæ арæхдæр уæд рауайы, æмæ адæймаг афоныл куы нæ райгуыры:

"Æрдзæй стыр лæгтæн чи райгуырд

Уыдонæй бирæтæ не ´сыстыр

Цард сæ йæхи уынгтыл арвыста

Æмæ сæ ауагъта джиппы.



Амонд, æвæццæгæн, уый хонын -

Æрдзæй æргом курдиат чи райсы

Æмæ йæ царды фæзылдимæ

Зонгæйæ афоныл чи сбæтты

Амондджын - афоныл чи райгуырд!".

Амонды мотив цас бынат ахсы фыссæджы сфæлдыстады, уымæн ирд æвдисæнæн бæззы Хазбийы æндæр æмдзæвгæ "Зарæг амонды тыххæй". Ам поэты куырдиат рабæрæг æххæстæй, йæхи равдыста ноджы ирддæрæй. Цымыдисаг сты, фыссæг цы аивадон мадзæлттæй, цы поэтикон фæрæзтæй пайда кæны, уыдон. Æмдзæвгæйæн йæ алы рæнхъ, йæ алы строфайыл бæстон æрлæууынæн рæстæг нæй, фæлæ иу цалдæр æвдисæны æрхæсдзынæн:

Сты амондджын къухтæ - сæ фæндзгай æнгуылдзтæй,

Хæдæфсарм хъæбултау, сæ фæндиаг куы тасой,

Зæрингуырд зиууæттау куы змæлой æрмгуысты,

Фæндыры хъæлæстыл зæлагур куы хъазой.

Ис цæстыты амонд - дыууæ чысыл артау,

Æгæрон цъæх дуне сæ хуылфы куы вдисой,

Ис цæстыты амонд - лæджы уды аргъау,

Æнæнцой бæллицтæ сæ уæлцъар куы ризой.

Дæ амондæй хайджын - зæрдæбын ныхъхъарæн.

Куы нæ хъæуа де ´взаджы де ´нгуылдзты амынд,

Куыд хъусай цъæхснаг худт, сæрдыгон æрвнæрын...

Дæ амондæй хайджын...

О, стырдæр у амонд!"

Хазбийы æмдзæвгæй иу "Ахуыргæнæджы монолог" у, мæнмæ гæсгæ, йæ уды айдæн. Ам бæлвырдæй сæхи равдыстой йæ удыхъæд, йæ зондрахаст, йæ поэтикон æрмдзæф. Ацы уацмысы поэт балхынцъ кодта йæ хъуыды, йæ цæстæнгас, йæ миддунейы хъуырдухæнтæ. Ам куыд никуы, афтæ сбæлвырд сты йæ поэтикон бæллицтæ, йæ царды нысан, йæ удыконд. Цымæ Хазби йæ кæстæртæм, йæ фыдæлтæм дзуры, афтæ рауад æмдзæвгæйы арæзт:

"Нæртон фæсивæд, амондыл хæст ут.

Ис амондмæ зæххыл фæндæгтæ бирæ.

Цæуынц æм, зонутӔ се ´ппæт дæр æрмæст

Лæгæн йæ бæстæ, йæ адæмы зæрдæйыл.



Лæг фидауы йæ æгъдауæй, йæ уагæй, -

Нæртон æгъдау нæ фæдзæхст уæд, мæ хуртæ!

Сæ фæтк, сæ ныхас - адæмтæн сæ ис, -

Цæстыгагуыйау хъахъхъæнут нæртон дзырд -

Нæй афтид армæй фидæнмæ цæуæн!".

Æнæгуырысхойæ у нæ бон зæгъын: Дзаболаты Хазби суанг хæрзæрыгонæй фæхæст поэзийы æфсургъы счыгъзæрин барцыл, йæхи нывзылдта йæ рагъмæ, ауагъта йæ сфæлдыстады æгæрон æмæ гуыргъахъ тъæпæнтыл æмæ куыддæр æфсургъ йæ тæккæ гæпп - дугъыл фæцалх и, афтæ барæг асхъиудта æбæрæг æмæ рæууаты дунемæ... Йæ хуыздæр æмдзæвгæтæй иуы, "Зæрдæ! Ды æвдисæн..." поэт фыссы:

"Цас уой лвæстдæр хъистæ,

Уыйбæрц тонынц тагъддæр.

Фæлæ уыйбæрц искæй

Агайы сæ цагъд дæр..."

Дзаболаты Хазбийæн, куыд поэт, афтæ, бирæ сфæлдыстадон бынтæ нæ баззад, фæлæ йæ фæстæ цы рæнхъытæ ныууагъта, уыдон нын сыгъдæгдæр кæнынц нæ удтæ æмæ нæ зонд, ахуыр нæ кæнынц цард уарзыныл, цардæн аргъ кæныныл, амондмæ бæллыныл. Поэт цыдæриддæр фыссы, уым æнæгуырысхойæ æууæнды иу хъуыддагыл - хъуамæ алы дзырд дæр цæуа зæрдæйæ. Афтæ куы нæ уа, уæд поэзи æрлæууы хуымæтæг ныхæсты æмрæнхъ, свæййы хуымæтæг риторикæйы иу хуыз. Хазби уыди æндæр зондыл хæст:

"Зарæг нывæндгæйæ,

Зæрдæ цæмæн риссы?

Хорз зарæг афтæ арф

Риумæ цæмæн хизы?

Уыдон кæрæдзийы

Хуылфы цæвæрдæй:

Зæрдæ ис зарæджы,

Зарæг та - зæрдæйы..."

Дзаболаты Хазбийыл йæ хур раджы ахуыссыд, фæлæ йæ поэзи баззад æгæстæн, куыд арвы айдæн, куыд хуры тын, кæцытæ нæ ахуыр кæнынц адæймаджы ном бæрзонд хæссыныл, амондмæ бæллыныл æмæ амондыл æууæндыныл.