Ирон адæмон хъæзтытæ.
Нысан: Рæзын æмæ æнкъарын кæнын ахуырдзауты зæрдæты ирон адæмон
сфæлдыстадмæ – æмбисæндтæ, аргъæуттæ, тагъддзуринæгтæ, уыци-
уыцитæ æмæ хъæзтытæй, сæ ахадындзинад адæмы царды. Фыдыбæстæм
æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гурын кæнын.
(Залмæ æрбахизынц сывæллæтттæ Чепенагæнгæ.)
Ой, ри-рæ, Чепена
Ой, ой, Чепена!
Галиу къахæй Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Рахиз къахæй Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Иумæ размæ, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Иумæ фæстæмæ, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Иумæ æрбадæм, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Иумæ сыстæм, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Иумæ æркафæм, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Къæдзтæ- мæдзтæ, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Иумæ хъазтмæ, Чепена!
Ой, ой, Чепена!
Амонæг: Уæ бонтæ хорз нæ зынаргъ уазджытæ, ныййарджытæ, сабитæ æмæ
хъомылгæнджытæ!
Раджы, ивгъуыд заманты нæ фыдæлтæ гæххæттыл фыссын, чиныджы кæсын нæ зыдтой. Зæрдæргъæвд, зæрдаивæй кæрæдзийæн дзырдтой зонд æмæ цардыуаджы ныхæстæ. Мысыдысты уыци-уыцитæ æмæ базон-базонтæ, кодтой алыхуызы хъæзтытæ æмæ зарджытæ, нывæстой аргъæуттæ æмæ таурæгътæ. Æппæт уыцы диссæгтæ цыдысты фыдæй-фыртмæ, фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмæ аивæй æрхæццæ сты махы онг.
Гъе уыцы диссæгтæ æмткæй райсгæйæ сты адæмы иумæйаг сфæлдыстад. Æмæ абон мах сфæнд кодтам нæ зæрдыл æрлæууын кæнын ирон тагъддзуринæгтæ, нымайæнтæ, уыци-уыцитæ, адæмон хъæзтытæ.
Амонæг: Æх – æх – æх!
Уарын та кæны (сывæлл.)сæх-сæх.
Амонæг: Ур-ур-ур,
У сызгъæрин артæй хур.
Амонæг: Æй-æй-æй,
Мæйæн та йæхи рухс нæй.
Амонæг: До-до-до,
Ма цæгъд арсимæ кæрдо.
Амонæг: Мо-мо-мо,
Райстон ме 'мбалæй писмо.
Амонæг: Æркæсæм, кæмæй райстам фыстæг. Нарты кадджыты гуыппырсартæй: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз æмæ Ацæмæзæй. «Уæ бон хорз нæ гыццыл фæсивæд! Бузныг уын кæй нæ рох кæнут ирон адæмон сфæлдыстад. Базыдтат аргъæуттæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ æ.а.д. Тынг æхсызгон нын у ирон хъæзтытæй уæ кæй фæнды ахъазын, уый. Мæнæ уын ацы фыстæджы фервитæм цы ирон хъæзтытæ уын уыдзысты уæлдай цымыдисагдæр, уыдоны хыгъд: дур æппарын, цъындæй хæссджытæ, гаккæрис, куырм арс, бирæгъ æмæ сæныччытæ, бæндæнæй хъазт, æхсæрдзæн æмæ дымгæ.
1-аг хъазт.
Чызг: Чи фехъуыста диссæгтæ,
Диссæгтæ-тæмæссæгтæ?
Арс уæлæрвты тахти,
Дзæргъ къуыртты ныббадти,
Рауагъта хъыбылтæ –
Иухуызон тыппыртæ.
Къалиутыл бадынц –
Ыстæхынмæ хъавынц.
«Къухæй дур æппарын»
2-аг хъазт
Дыууæ чызджы: Гуыффи, гуыффи! Чи дæ?
Лæппу: Фæндаггон.
Дыууæ чызджы: Æмæ кæм уыдтæ?
Лæппу: Æлдаратæм.
Дыууæ чызджы: Цытæ сæм хордтай, цы?
Лæппу: Карчы фыд æмæ чъиритæ.
Дыууæ чызджы: Нæ хай цы фæци?
Лæппу: Уæлæ къусчы. Гæды йæ ахордта
Дыууæ чызджы: Гæды кæм и?
Лæппу: Бæласы сæр.
Дыууæ чызджы: Бæлас та кæм и?
Лæппу: Фæрæт æй акалдта.
Дыууæ чызджы: Фæрæт кæм и?
Лæппу: Хъæддзаутæм.
Дыууæ чызджы: Хъæдзаутæ та цы фесты?
Лæппу: Дон сæ аласта.
Дыууæ чызджы: Дон та цы æрбаци?
Лæппу: Куыдз æй асдæрдта.
Дыууæ чызджы: Куыдз цы фæци?
Лæппу: Бирæгъ æй аскъæфта.
Дыууæ чызджы: Бирæгъ та цы рбаци?
Лæппу: Цуанон æй амардта.
Дыууæ чызджы: Цуанон цы фæци?
Лæппу: Хæхтæм афардæг.
« Цъындæй хæссджытæ»
Хъазты уагæвæрд æмæ мидис:
Хъазæн бынаты иу кæрон гыццыл стъолыл æвæрæм гыццыл 10 хъазæны. Иннæ кæрон та 2 бандоны, се̕ хсæн 2-3 метры куыд уа,афтæ.
Сабитæй дыууæйæн сæ цæстытæ баст афтæмæй бадынц бандæттыл. Уыдон уыдзысты цъындæй хæсджытæ.Иннæ сабитæ та сæ бынæттæй кæсынц се ̕мбæлттæм. Хæсджытæй алчидæр йæ бандонмæ хъуамæ æрбахæсса иугай- иугай , æдыппæтæй 5 предметы.
3-аг хъазт «Уыци –уыцитæ»
Амонæг: 1. Æртæ 'фсымæрыл иу нымæтхуд уæлдайджынтæй æххæссы. (фынг).
2. Нарты Уырызмæгыл – фондзыссæдз хæдоны. (къабуска)
3. Нæ йын къæхтæ и, нæ – къухтæ, афтæмæй дуæрттæ хойы, рудзгуытæ
тоны, уынгтæ мæрзы, алы æвзагæй уасы. (уад-дымгæ)
4. Нæ уаты фæсдуар – ног чындз, алæууы, стæй та къуымтæ афснайы.
(ног цъылын)
5. Нарты Уæрхæгæн – дыууадæс фырты æмæ цыппар чызджы .
(афæдзы мæйтæ æмæ афонтæ)
6. Нæ йæм фæрæт æмæ хырх вæййы, нæ дзæбуг æмæ аркъау, афтæмæй
уæлхæдзар хæдзæрттæ аразы.
(зæрватыкк)
7. Дур æй цыргъ фæкæны, кæрдæг халгæ. (цæвæг)
« Бæндæнæй хъазт»
4-æм хъазт.
Дзыкъы-мыкъы, кæм уыдтæ?
Хъæдбын пыхсы лæууыдтæн.
Цас дзы фæдæ, цæй бирæ?
Нæ мæ уагъта цæх бирæгъ,
Кæцæй, дам, дæ – Елхоттæй?
Стæй мæ фарста мæ хотæй
Кæм, дам, хизынц æрвылбон
Кæм фæнуазынц æрхы дон?
Мæхицæй дæр мæ фарста.
Мæ цъæх рустæ мын фаста.
Мæ цæстытæм мын касти
Æмæ ныфсæрмддзаст и.
Ахæм дзæбæх бирæгъ уыди æмæ диссаг!
«Бирæгъ æмæ сæныччытæ»
Нысан : тæхынæй фæлтæрын сывæллæтты; рæзын кæнын сабиты хъомад (способности) сæхи æвдисын иумæйаг хъазты, рæувад (ловкость ), рæвдз ныхмæзмæлд (реакция); хъомыл кæнын се̕хсæн лымæндзинад.
Хъазты уагæвæрд æмæ мидис: «Сæныччытæ» хизынц уыгæрдæны. Хæдзары ахсæн нæй «сæныччытæн», æрмæстдæр кæм хизынц, уым
Ӕрмæг: бирæгъы худ , обруч.
Хъазты мидис: сывæллæттæ – «сæныччытæ» рацу-бацу кæнынц, кæрдæг хæрынц. «Бирæгъ(тæ)» сæ хъахъхъæнынц, сусæгæй сæм сæхи байсынц æмæ дзы ахсынц. «Сæныччытæ» сæ алидзынц сæ «хæдзармæ». «Бирæгъты» аивын æндæр сабитæй.
5-æм хъазт
Къаппа-къоппа къæбæлдзыг.
Нæ усгур, дам, бынмæдзыд.
Йæ бухархуд дидинæг.
Йæ ирæд нын фидинаг.
Тамас-тумас, тæмæчъи.
Йæ буц дарæс сæмпæрчъи.
Гакк-гукк, уæдæ, гакк-гукк,
Дæдуйы йын раттут!
« Куырм арс»
Хъазты уагæвæрд æмæ мидис: Хъазджытæ æвзарынц раздзу –«арс» сæхæдæг. Раздзуйæн йæ цæстытæ бабæттын. Амонæгмæ куы радта бар, уæд сабитæ къæрццытæ кæнынц сæ къухтæй, арс та сæ хъуамæ ахса. Кæуыл фæхæст уа, уый уыдзæн раздзу .
6-æм хъазт «Ӕхсæрдзæн æмæ дымгæ»
Хъазты уагæвæрд æмæ мидис: Амонæджы ракомкоммæ лæууынц сывæллæттæ. Амонæг куы зæгъа «Ӕхсæрдзæн!», уæд сывæллæттæ æрбадынц ,«Дымгæ! » куы зæгъа, уæд та- тæхынц иууылдæр иуырдæм. Амонæг сæ суйтæ кæны барæй: кæцыдæр дзырд дыууæ хатты зæгъы æмæ чи фæрæдыйа, уый сбаддзæн йæ бынаты.
7-æм хъазт «Гаккырис»
Хъазты уагæвæрд æмæ мидис: Сабитæ тымбыл бадынц дзуццæджжы тæлыты. . Раздзу æвзарынц нымадæй:
Адыкъыла, дыкъыла
Чара, чамбох,
Дзаджджын, дзуджджын,
Писи, цъупп
Раздзу иу къахыл гæпгæнгæйæ архайы сабитæй искæйы бакъуырын йæ фарсæй. Хъазæгæн йæ къах тæлыйæ куы рахиза, уæд фæхæрд æмæ ныр та уый уыдзæн раздзу.
8-æм хъазт «Сурынджытæ»
Нысан: тæхынæй фæлтæрын сывæллæтты; рæзын кæнын сабиты хъомад (способности) сæхи æвдисын иумæйаг хъазты, хъомыл кæнын се̕ хсæн лымæндзинад.
Хъазты уагæвæрд æмæ мидис: иу сывæллон суры иннæты, кæмæ бандзæва,уый дарддæр суры лидзджыты. Раздзу æвзарынц нымадæй:
Адыкъыла, дыкъыла
Чара, чамбох,
Дзаджджын, дзуджджын,
Писи, цъупп
Бузныг! Ӕнæнизæй хъомыл кæнут!
Кæрон.