СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Самопрезентаци " Мæ бæллиц".

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

Æз  райгуырдтæн Ирыстоны,                                                                                                                                                    Æмæ  сæрыстыр дæн.                                                                                                                                                                          Мæ райдзаст хъӕу Хуымӕллӕджы                                                                                                                                           Фæрнæй æз рæзыдтæн.

Просмотр содержимого документа
«Самопрезентаци " Мæ бæллиц".»

Æз райгуырдтæн Ирыстоны, Æмæ сæрыстыр дæн. Мæ райдзаст хъӕу Хуымӕллӕджы Фæрнæй æз рæзыдтæн.

Ам скъоламæ куы бацыдтæн, Цы 'мбæрстон уæд нырма? Мӕ дӕс азы уым арвыстон. Æрæджы уыд, цыма.

Мæ фыццаг ахуыргæнæг мæм Мæ мады хуызæн каст. Риммӕ-иу мын худгӕйӕ Мӕ цӕстытӕм нымдзаст.

Уæлдæр ахуырад райсынмæ Бæллыдтæн æз æдзух. Мæ къухы бафтыд уалынмæ, Мæ уд зынтæй фæцух.

Хуыцауæй фæдæн арфæгонд, Кæй уыд декан Шамил. Æз уымæй уыдтæн сæрбæрзонд , Мæ циныл кодта цин.

Мæхæдæг дæр ныр уый хуызæн Æз ахуыргæнæг дæн. Йæ фарн хæссын æз не 'взагæн, Уый адджын у мæнæн.

Æз æртын æстæм скъоламæ Куы 'бавæрдтон мæ къах, Уæд ног стандарттæй кусынмæ Фæцалх дæн æз, фæцалх.

Мæ цот – мæ дыууæ хурмæ ма Ам бафтыд ноджыдæр. Фæнды мæ, цæмæй ахуырмæ Сæ хъус дарой хуыздæр.

Мæнæн мæ хæс у сабитæм Рæзын кæнын æгъдау, Нæ ирон æвзаг базоной, Хæссæн сæм ма уа фау.

Мæ коллектив цæстуарзонæй Æххуыс кæны мæнæн. Уадз , царды зынтæ ма уыной Сæ хæдзæртты уæд фарн!

Ирон æвзаг - мæ уды цин, Мæ хъыг æмæ мæ мæт. Æхсæвæй – бонæй дыл кæнын Зæрдиагæй æз мæт.

Нæ мадæлон , ирон æвзаг , Æнустæм дардыл зæл! Фæзминаг уæд нæ царды уаг, Мин- мин азы нын цæр!