ё
Лæгау-лæгæй ирон зæххыл фæцардтæ,
Ирыстон у дæ фæллæйттæй хъæздыг,
Ирон адæмæн суангдæр уæларвмæ
Дæ аив дзырдтæй самадтай мæсыг.
Гæджиты Х.
Нафи
Урочы темæ: Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг».
Урочы нысан: 1) Æрдзурын, цавæр хæстытæ æрцыд Ирыстоны зæххыл.
2) Æрныхас кæнын ирон адæмы хъазуатон тохыл,
сæрибардзинад æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд.
3) Зонын æмæ хъахъхъæнын фыдæлты кад æмæ намыс.
Эпиграф
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый ды,
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!
Кочысаты Мухарбег.
Урочы цыд: Ахуыргæнæг: -Уæ бон хорз! Абон нæ урокмæ æрбацыдысты уазджытæ æмæ сын «Æгас цæут!» зæгъæм. - Æгас цæут, нæ зынаргъ уазджытæ! Музыкæ хъуысы (Бегайы зарæг). Æхстытæ фæцыд. Равдыст. «Салдæттæ». 3 цæф хæстоны фæд-фæдыл æрбахызтысты къласмæ. 1-аг ирон формæйы,цæфтæй, йæ къухы хъама. 2-аг советон салдаты формæйы, цæфтæй, йæ къухы гранат. 3-аг омоны формæйы, цæфтæй, йæ къухы автомат.
1-аг цæф салдат зары:
Дæлæ, дам, Хъеуселты Се ‘нхъызт бæгæныйыл Хохы дон ныккодтой. Байхъусут, хорз адæм, Махыл, дам, Чеселты Тохы бон ныккодта.
Æхстытæ фехъуыст. Салдат та ногæй фæцæф.
1-аг салдат:
Нæ! Æз мæ ирон зæхх барвæндонæй нæ ратдзынæн знæгтæн! Ирон лæг хъалондар никæмæй уыдис, æмæ никуы уыдзæнис! Мæнæн мæ ирон туг ныккалди ацы зæххыл, ахъардта мæры. Æнустæм ирон зæхх уымæл дардзæнис ирон тугæй. Уый æвдисæн уыдзæн кæстæртæн, ирон адæм сæрибарыл тохы кæй ныккалдтой сæ туг. Æмæ искуы гутонæй кусгæйæ,пелтъ пелтъы фæдыл куы фæлдаха, уæд йæ разы уымæл зæхх фенгæйæ, бамбардзæнис, уый фыдæлты тугæй уымæл кæй у, уый. Йæ зæрдыл дардзæн йæ фыдæлты тох сæрибар æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд æмæ сæ хъахъхъæндзæнис. Хъусут, фæстагæттæ! Мах, уæ фыдæлтæ, дардæй уæм сидæм æнусты сæрты: Макуы бауадзут фæцудын Ирыстоны! Макуы ауæй кæнут уæ фыдæлты уæзæг, ирон лæджы сæрибардзинад, ирон лæджы кад, ирон намыс - фæстаг туджы æртахæй кæй фæхъахъхъæдтам. Ирон адæм,бахъуаджы рæстæджы-иу кæрæдзи фарсмæ балæуут! (Йæ къухы тырыса æмæ йæ алæвæрдта 2-аг салдатмæ)
2 -аг салдат:
Нæ хъæбатыр фыдæлтæ! Сæумæрайсом-иу кæрдæджы æртæхы хуызы уыдтам уæ цæссыгтæ æмæ та-иу нæ зæрдыл æрлæууыдысты уæ фæдзæхстытæ…
Мах бахъахъхъæдтам знæгтæй æрмæст Ирыстоны зæхх нæ, фæлæ ма æгас Советон Цæдисы дæр. Мах нæ цæфтæй никуы схъæрздзыстæм, уæ удты рыст нæ тынгдæр риссы. Уæ хъæбатырдзинад махæн фæзминаг у!
Рухсаг ут, нæ фыдæлтæ! Рухсаг уæнт, уæ фарсмæ цы æнаххос салдæттæ хуыссынц, уемæ æнæбары чи тох кодта, уыдон дæр. Уæ фæдзæхст æххæст æрцыд!
Мах та нæ фæстагæттæн фæдзæхсæм:
Мах бахъахъхъæдтам фыдæлты тугæй æлхæд зæхх æмæ сæрибардзинад æмæ сæ макуы ауæлдай кæнут! Зын сахаты кæрæдзи фарсмæ лæуут!
(Йæ къухы тырыса æмæ йæ алæвæрдта 3-аг салдатмæ)
3-аг салдат:
Нæ хъæбатыр фыдæлтæ! Уæ зондджын ныхæстæ: «Æгады цардæй кады мæлæт – хуыздæр!» не ‘ мдзу кæндзысты æнусæй – æнусмæ. Мах зонæм фыдæлты тугæн , фыдæлты кадæн æмæ фыдæлты зæххæн аргъ. Мах дæр сымахау нæ риутæй бахъахъхъæдтам нæ Ирыстоны зæхх. Нæ зæххы гæппæлмæ нын фæйнæрдыгæй лæбурынц мæхъæл, гуырдзы. Цалынмæ ирон лæг цæра зæххыл , цалынмæ фæстаг ирон дзырд зæла, уæдмæ ирон лæг хъахъхъæндзæнис йæ фыдыуæзæг, æмæ йæ фыдæлтæ кæцы сæрибардзинадыл тох кодтой, уый.
Рухсаг ут, нæ фыдæлтæ! Рухсаг ут Ака æмæ Бегайы номæй! Йæ туг Ирыстоны тыххæй чи ныккалдта, уыдон иууылдæр рухсаг уæнт! Макуыуал уæд Ирыстоны хæст! Мах та нæ фæстагæттæн фæдзæхсæм: Нæ Ирыстоны фæсивæд! Хъахъхъæнут сабырад, Ирыстон зæхх! Кæрæдзи уарзут, кæрæдзийыл хæцут! Фыдæлты кад бæрзæндты хæссут!
Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, нæ чысыл равдыстмæ гæсгæ уæм куыд кæсы, абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм?
Скъоладзау: Абон нæ урокыл дзурдзыстæм фыдæлты тох, фыдæлты тугкæлдтытæ, фыдыуæзæг æмæ сæрибардзинадыл. Ахуыргæнæг: Иугыццыл-ма уæ цæст историйыл рахæссут æмæ мын зæгъут, цавæр стыр тохтæ æрцыд Ирыстоны зæххыл. Скъоладзау: (Скъоладзаутæ нымайынц Ирыстоны хæстытæ. Иу ахуырдзау сын сæ азтæ фæйнæгыл фыссы.) 1830 азы Уæрæсейы паддзахы æфсæдтæ æрбабырстой Ирыстонмæ. 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ æрбабырстой Хуссар Ирыстонмæ. 1941-1945 азты уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уыцы хæсты фæмард тынг бирæ ирон адæм. 1989-1992 азты гуырдзиаг экстремисттæ æрбабырстой Хуссар Ирмæ. 1992 азы мæхъæл æрбабырстой Цæгат Ирмæ. 2008 азы гуырдзы æрбабырстой Хуссар Ирмæ.
Ахуыргæнæг: - Урочы райдианы цы æртæ цæф хæстоны хъæлæстæ фехъуыстам, уыдон кæцы хæстыты æвдисæнтæй уыдысты?
Скъоладзау: Уыдон уыдысты, Ирыстоны зæхх æмæ сæрибардзинадыл сæ цард чи радта, уыцы фыдæлты хъæлæстæ: Фыццаг- 1830 азы тохты хъæбатыртæй . Дыккаг- 1941-1945 азты хæсты хъæбатыртæй. Æртыккаг- 2008 азы хъæбатыртæй.
Ахуыргæнæг: - Ирыстоны зæххыл цы бирæ хæстытæ æрцыд, уыдон адæмы зæрдæты дæр æмæ историйы дæр арф фæдтæ ныууагътой. Нæ фысджыты къухтæм та райсын кодтой фыссæнгæрзтæ æмæ сын сæ зæрдæты рисæй снывæндын кодтой æнусон уацмыстæ.
Æппæт хæстон цаутыл дæр бирæ æрмæг ис фыст. Фæлæ 1830 азы тохты бындурыл фыст æрцыд 1-аг ирон историон роман. Чи уыдысты уыцы тохы хæстæндзарджытæ, ууыл æрдзурæм, æмæ уымæ гæсгæ скæндзыстæм дзырдбыд. Дзырдбыды бæрæггонд дзырд нын бацамондзæн, чи у романы автор, уый.
Ахуыргæнæг: Гыццыл та историйыл нæ цæст рахæссæм. 1. Фыццаг стыр хæст Ирыстоны зæххыл кæй аххосæй æрцыд? Скъоладзау: Уæрæсейы император Николай 1 бардзырд радта, цæмæй Кавказы адæмтæй æлдарады ныхмæ чи у, уыдон цъист æрцæуой, æнустæм цагъары къæлæт куыд хæссой. Ахуыргæнæг: 2. Николай 1 бардзырд æххæст кæнын кæмæн бабар кодта? Скъоладзау: Бардзырд æххæст кодта фельдмаршал Паскевич. Ирыстоны риу æмæ чъылдым цæф æрцыд дыууæрдыгæй – хуссар æмæ цæгатæй. Ахуыргæнæг: 3. Цæгаты уыцы операции æххæстгæнæг чи уыд?
Скъоладзау: Уыцы операции æххæст кодта инæлар - майор князь Абхазов. Йе ‘фсадимæ бабырста Хъобангоммæ.
Ахуыргæнæг: 4. Хуссар Ирыстоны уыцы хæслæвæрд чи æххæст кодта?
Скъоладзау:
Уыцы хæслæвæрд æххæст кодта инæлар - майор Ренненкампф. Йе ‘фсадимæ ныббырста Чеселтгоммæ.
(Дзырдбыд)
3 | 1 | Н | и | к | о | л | а | й | І |
А | б | х | а | з | о | в |
Р | е | н | н | е | н | к | а | м | п | ф |
2 | П | а | с | к | е | в | и | ч |
(Джусойты Нафийы биографи цыбыртæй радзурдзæнис скъоладзау кæнæ ахуыргæнæг).
Джусойты Нафи райгуырдис 1925-æм азы 27 февралы Хуссар Ирыстоны Дзауы районы, Хæрдысæры хъæуы. 1941 азы каст фæцис Кировы астæуккаг скъола æмæ барвæндонæй ацыд Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ. Нафи уыд поэт, драматург, публицист, литературæ иртасæг, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг. Ныффыста 400 наукон куыстæй фылдæр æмæ 12 монографийы, скъоладзаутæн сарæзта ирон литературæйы чингуытæ, литературон терминты дзырдуат, «Ирон литературæйы истори» (2 томы). Нафи ирон æвзагмæ ратæлмац кодта уырыссаг, украинаг æмæ гуырдзиаг классикты уацмыстæ, уыимæ А.С.Пушкины æмдзæвгæйы хуызы фыст роман «Евгений Онегин». Йæхи уацмыстæ та йын ратæлмац кодтой уырыссаг, украинаг, гуырдзиаг, польшæйаг æмæ казахаг æвзæгтæм. Хорзæхджын уыд "Кады нысан"-ы орденæй. Уыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы æмæ национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат. Джусойты Нафи йæ цардæй ахицæн 26 июны 2017азы.
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, дзырдбыдмæ гæсгæ цы раиртæстат?
Скъоладзау:
Дзырдбыды нысангонд дзырдмæ гæсгæ базыдтам, 1-аг ирон историон романы автор кæй у Джусойты Нафи. Фыст у 1830 азы цаутыл. Æвдыст дзы цæуы, Чеселтгомы адæм сæ бартæ куыд хъахъхъæдтой знæгтæй, уый. Уыцы хæстыты нæ фыдæлтæ бирæ туг ныккалдтой, уымæ гæсгæ, Нафи йæ роман схуыдта «Фыдæлты туг». Мыхуыры рацыд 1965 азы.
Ахуыргæнæг:
Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ, мах абон нæ урокыл æрныхас кæндзыстæм Джусойты Нафийы роман «Фыдæлты туг»-ыл. Темæмæ эпигафæн райстон Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-йæ скъуыддзаг:
Æмæ дæ никуы ратдзынæн Ызнагæн, зон уый ды, Фæлтау мæлæт ыссардзынæн Дæ сæрвæлтау хæсты!
Эпиграф æнгом баст у урочы темæимæ. Мæ урочы нысан у:
1) Æрдзурын, цавæр хæстытæ æрцыд Ирыстоны зæххыл.
2) Æрныхас кæнын ирон адæмы хъазуатон тохыл,
сæрибардзинад æмæ Райгуырæн зæххы сæраппонд.
3) Зонын æмæ хъахъхъæнын фыдæлты кад æмæ намыс.
(Коцты Бегайыл кинойæ скъуыддзаг равдисын)
Ахуыргæнæг: Цы фæндтæ уыд Уæрæсейы паддзахмæ?
Скъоладзау:
Уæрæсейы паддзахы фæндыд, ирон адæмы бартæ байсын,йæ дæлбар сæ бакæнын æмæ Ирыстоны йæхи фæтк æрæвæрын. Хуссар Ирыстоны уыцы хъуыддаг йæ къухы æфтыди гуырдзиаг æлдæртты, мацабелты руаджы. Гуырдзиаг мацабелтæ дæр Уæрæсейы бархъомысæй æлдариуæг кодтаиккой ирон адæмæн. Афтæмæй дыууæ тыхы бын цагъартæй уыдаиккой ирæттæ.
Паскевич Дзауы рахуыдта Хуссар Ирыстоны æппæт кæмттæм бахизæны дæгъæл, уымæ гæсгæ Ренненкампфы æд æфсад уырдæм арвыста.
Чеселтгомы адæм сын æнцон басæттæн нæ разындысты. Сæ минæвæртты, сауджын æмæ кънйаз Бардзимы рарвыстой ахæм ныхæстимæ:
Мах гуырдзиг æлдæрттæн хъалондар никуы уыдыстæм æмæ никуыдæр уыдзыстæм. Уæрæсейы паддзахæн йæ хай лæвæрд цæудзæн, фæлæ цагъары бынаты никæмæн æрлæудзыстæм.
Æртхъирæнгæнгæ раздæхтысты паддзахы минæвæрттæ, æмæ уæд паддзахы æфсæдтæ мин æмæ æрдæгæй æмæ гуырдзыйы æлдæртты милицæ мины æрдæгæй бабырстой Чеселтгоммæ.
Чеселтгомы хæстытæ:
•Хиды хъусыл Хъæндилы тох паддзахы æфсæдтимæ.
• Мусы фарсмæ Ака æмæ Козианы тох æфсадимæ.
•Дыууæдонастæу Солтан,Басыл æмæ Темлайы тох 200 хъазахъхъагимæ.
•Бега æмæ йе ΄мбæлтты тох Хъолайы фидары.
•Зикъарайы æфцæгыл фæстаг тох.
1.Знæгты фыццаг цæф йæхимæ райста Хъæндил, Раройы æфцæгмæ бахизæны, доныл хидæн кæддæр йе ΄мбæлттимæ цы могор сбыдта, уыдон цур дурты фæстæ æрæмбæхст. Уырдыгæй æхста паддзахы ΄фсæдты. Амардта дзы фарасты, йæхæдæг дæр фæцæф ис.
2.Ренненкампф йе ΄фсады 2 дихы фæкодта. Æфсады иу хайы дæлбулкъон Берилев акодта Сыгъдтæм. Уым мусты цур æфсадимæ схæцыд Ака. Йæ ус Козиан дæр знæгтимæ тохы йæ лæджы фарсмæ балæууыд. Иу æфсæддоны сæры дзы фæрæт ныссагъта. Фæлæ сыл уæдмæ бирæйæ амбырд сты. Козиан уыцы тохы фæмард, Ака та уæззау цæфтæ фæци.
3. 200 хъазахъхъаджы Дыууæдонастæу лидзæг адæмы фæдыл бафтыдысты. Сæ хъахъхъæнджытимæ сын карз тох бацайдагъ. Уыцы тохы Темла фæцæф. Хъазахъхъæгтæн Солтан æмæ Басылы къордтæ аккаг дзуапп радтой.
4. Æфсадхон Коцты Бега йæ хъæбатыр æмбæлттимæ Хъолайы мæсыгмæ бацыд. Се ‘хсæн уыд уырыссаг æфсæддон Алæг дæр. Стыр хæст æрцыд мæсыгæй паддзахы æфсады ‘хсæн. Сармадзантæй пырх кодтой фидары къултæ, фæлæ йын ницы бафæрæзтой. Хъолайы мæсыг дæр Ирыстоны иннæ мæсгуытау разынд тынг фидар.
Мæсгуытæ – иу адæм арæзтой æгас комæй дæр, стыр мыггæгтæ, суанг иугай лæгтæ дæр. Адæмы тыхджындзинад бæрæг кодта мæсыг фидар æмæ мæсыг стырæй. Ахæм уыд Хъолайы Къæбысты мæсыг дæр .
Бегайы ‘мбæлттæ фæцæфтæ сты. Æфсад мæсыгыл арт сæндзæрстой. Бега фидарæй æрхызт, æфсады ‘хсæнты арсау лæгæрдгæ ацыд, цалдæры ма дзы амардта, фæлæ йæхæдæг дæр фæцæф.
5. Фæстаг стыр тох æрцыд Зикъарайы æфцæгыл. Бирæ адæмы ΄рцахстой æфсад. Сæ фос, сæ фæллой сын байстой.
Ахуыргæнæг: Роман «Фыдæлты туг»-ы сæйраг архайджытæн ма сæ фæлгонцтыл æрдзурæм. Скъоладзау:
Уацмысы ахсджиаг бынат ахсынц адæм. Фæлæ уыдоны ΄хсæн уæлдай ирддæр æмæ хъæбатырдæрæй бæрæг дарынц раздзæуджытæ Къæбысты Ака æмæ Коцты Бега. Уыдон сты, сæрибардзинадæн æппæты стырдæр аргъ чи кæны,уыдонæй.
1. Ака йæ алыварс фæсивæдæй бирæ хистæрдæр у. Уарзынц æй кæстæртæ, фæрсынц æй зондæй, бахъуаджы рæстæг ын йæ уынаффæмæ хъусынц. Ис ын хæлæрттæ æрмæст йæхи ирон адæмы ΄хсæн нæ, фæлæ гуырдзыйы ΄хсæн дæр. Суанг æй уырыссаг салдæттæ дæр бауарзтой йæ хæларзæрдæ æмæ сыгъдæг удыхъæды тыххæй. Кæм хъæуы, уым знагæн нæ бары. Зын сахаты та у комбæсты фæдисон. Йæ гуырдзиаг хæлары цоты æлдар туркагæн ауæй кодта. Ака уый куы базыдта, уæд сæ фæсте асырдта, байста сæ туркагæй, адæмæй базаргæнæджы та былæй аппæрста.
Бардзим Къулойы Туркагæн кæй ауæй кодта, уый тыххæй Ака æнцой нал ардта. Сæ хъæуы чындзæхсæвæй рацыд ахæм хъуыдытимæ: æз ам чындзæхсæвы бадон, Къулойы сидзæр та знæгты къухы уа, æмæ йæ фырт Бабеимæ ацыд лæппуйы агурæг. Бирæ йæ фæцагуырдтой, фæлæ йæ не ссардтой.
Ака у,йæ адæмыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, йæ адæмы йæхи удæй фылдæр чи уарзы,ахæм хæстон раздзог.
2. Акайы хуызæн сæрæнгуырд у йæ хæрæфырт Бега дæр. Уый нырма æрыгон у, афтæмæй йæ зонд æмæ йæ хъаруйæ ирон историйы ныууагъта арф фæд. У рæстуд, тæригъæдгæнаг зæрдæйы хицау. Æмбæлтты ΄хсæн хъæлдзæг. Йæ адæмæн – ныфс. Тас нæ зоны. Ис æй абарæн Нарты гуыппырсартимæ.
Акайау Бега дæр бакастæй тызмæгхуыз у, фæлæ йæ миддуне та – сыгъдæг. Уый рабæрæг, се знæгтæй цæф æфсæддон Олег Орловы кæй фервæзын кодта,уырдыгæй дæр. Фæндагыл æй йæ цæфтæй хъæрзгæ ссардта,сæхимæ йæ ΄рхаста, сдзæбæх æй кодта æмæ йæ æвыдæй фæстæмæ сæ ныхмæ тохгæнæг æфсадмæ арвыста. Фырбуцæн æй Алæг дæр схуыдта. Фысымтæ йын йемæ арвыстой лæвæрттæ дæр: басылыхъ, æрмкъухтæ æмæ цъындатæ.
3. Роман «Фыдæлты туджы» æмбисондæн хæссинаг у Хъæндилы фæлгонц. Æппæты фыццаг иунæгæй йæ ныфс бахаста знаджы ныхмæ стох кæнынмæ. Бынтондæр тас нæй йе уæнгты. Нарты Ацæмæзау йæ уадындз у йе ΄нусон æмбал. Зоны ныртæккæ ныхæй-ныхмæ фæуыдзæн йе знæгтимæ, уæддæр йæ уадындзы цагъдæй булæмæргъты разæнгард кæны зарынмæ. Уыдон та йæ тохмæ разæнгард кодтой.
Æнхъæл куыд ничи уыдис, ахæм æхсар æмæ лæджыхъæд равдыста Хъæндил, паддзахы æфсæдты ныхмæ хæцгæйæ.
4. Уацмысы Алæджы фæлгонц адæймаджы дисы æфтауы. Хонынц ма йæ Бургъуын. Уый у ныфсхаст, тас чи нæ зоны, ахæм лæппу. Хорздзинад йæхиуыл нæ уадзы. Бега йæ мæлæтæй фервæзын кодта, йæ алыварс адæм æй иууылдæр барæвдыдтой. Ныр тыхст уавæры куы сты йæ ирвæзынгæнæг адæм, уæд сæ фарсмæ тохы балæууыд. Уыдис æфсады ΄хсæн ахæм афицертæ, Алæджы æмæ иннæ салдатты чи ΄фхæрдта. Уыдонмæ хæцæнгарз дæр райста, фæлæ йæхи хуызæн салдаттæм йæ къух никуы систаид.
1 скъоладзау:
Алæджы фæлгонцыл дзургæйæ æз æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Алæджы нæй æвæрццæг хъайтарыл банымайæн. Æз æй рахонин уæйгæнæг, йæхи адæмы ныхмæ кæй хæцыд,уый тыххæй.
2 скъоладзау:
Æз та Алæджы уæйгæнæг нæ рахонин. Уый у рæстдзинадыл тохгæнæг. Ирон адæмы ΄хсæн ацард, федта, куыд æнæхин адæм сты, сыгъдæгзæрдæ, никæй хъыгдарынц, никæмæ лæбурынц. Федта паддзахы æфсады ΄хсæн цас фыдадæм ис, уый дæр. Æфхæрынц æнаххос салдæтты. Æрбабырстой æнаххос адæммæ. Алæг уыцы æнæрастдзинæдтæ не сфæрæзта æмæ йæхихуызæн рæстуд адæмы фарсмæ æрлæууыд. Йæ мæлæт дæр рæстдзинад хъахъхъæнгæйæ ссардта.
Æз Алæджы рахонин рæстдзинады символ.
Ахуыргæнæг: Уацмысы æмбæлæм æппæрццæг хъайтартыл дæр. Чи сты уыдон?
Скъоладзау:
Уацмысы мæнгард æмæ уæйгæнджытæй мах уынæм Хъырым æмæ Калманы. Калман адæмы кæрæдзийыл ардауы. Хъырымæн амарын кодта Дзæрæхы. Марын кодта Бегайы дæр. Бега йæ базыдта æмæ марджыты йæхæдæг амардта, фæлæ фæцæф. Хъырымы хъæубæстæ се ΄хсæнæй фæсырдтой.
Ирон адæм мæнгард æмæ уæйгæнæг адæмы се ΄хсæн цæрын никуы уагътой. Хъоды – иу сыл бакодтой,се ΄хсæнæй - иу сæ фæтардтой, къæбæр йемæ ничиуал дих кодта,йæ фос ын сæ фосимæ нал уагътой. Уыцы фæтк чи фехæлдтаид, уымæн – иу йæхиуыл дæр хъоды бакодтой.
Æппæрццæг хъайтар ма дзы у сауджын дæр. Уымæ нæй рæстдзинад. Адæмы кæрæдзи мидæг скодта, мæгуыр адæмы тæрсын кæны паддзах æмæ Хуыцауы азарæй. Сæ бартæ хъахъхъæнæг адæмы абырджытæ рахоны æмæ сæ знæгты къухтæм дæттын кæны.
Бирæ адæмы бабын кодтой раздæры сауджынтæ. Сауджыны сайæн ныхæсты аххосæй гуырдзиаг æлдæрттæ амардтой Ос-Бæгъатыры.
Сæ гуыбыны фæдыл стъыгътой мæгуыр адæмы. Уый уынæм Коцойты Арсены радзырд «Гигойы куадзæн»-ы дæр.
Скхоладзау:
Уацмысы паддзахы æфсæдтæ, мæнгард сауджын, Бардзим æмæ Калманы хуызæтты аххуысæй æнаххос адæмы фæцагътой. Уацары кæй акодтой, уыдоны та онггай дихтæ кодтой, кæй та дзы ауындзгæ кодтой.
Нафийы загъдау, лæджы марыс, уæд æй фехс. Адæймаг адæймаджы хорз миниуджытæ макуы хъуамæ сафа.
Фæлæ Чеселтгомы хъæбатырты уыцы фыдмитæ дæр нæ фæтæрсын кодтой. Мæлæты тæрхоны размæ Бега йе ΄мбæлттæм бадзуры:
-Лæппутæ, адæм махмæ кæсынц æмæ уæхиуыл схæцут, лæгтæ нын æнхъæл сты… Хъæндил, ныццæлхъ ма кæн дæ ног зарæг.
Æмæ Хъæндил йе ΄мбæлттимæ, ахæстоны цы ног зарæг скодтой, уый хъæрæй ныззарыдысты.
Ахæм ныв ма мах уынæм, 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ æртындæс коммунары Згъудеры уæлмæрды куы мардтой, уым. Æнаххос, райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг æртындæс хъæбатыр лæппуйы мæлæты раз сæрыстырæй æрлæууыдысты. Тæрхоны размæ знæгты ныхмæ фидарæй раныхас кодта æрыгон ахуыргæнæг Джиоты Андри. Уый загъта: «Мах амарынæй кусæг кълас не скуынæг уыдзысты. Уæлахиз уæнт кусæг адæм!».
Ахуыргæнæг:
Æрныхас ма кæнæм Солтан,Темла æмæ Уардисы уавæртыл дæр. Скъоладзау:
Уацмысы хъайтартæ Солтан, Темла æмæ Уардис хæстæй карз æфхæрд æййафынц. Дыккаг æфхæрд та уарзтæй æййафынц.
Солтан хæсты уæззаудзинæдтæ фæразы, фæлæ йын йæ уарзтæн Уардис разыйы дзуапп кæй нæ радта, уый йын йе онг амардта. Темла йын тæригъæд кæны, уымæн æмæ йæ уарзы æгæрон уарзтæй. Фæлæ уый Солтан уынгæ дæр нæ кæны. Чызгæн та йæ йæ ирон æфсарм сæргом кæнын никуы бауадздзæн.
Темла хæсты цæхæры смидæг. Фæцæф, фæлæ ницæуыл фæсмон кæны. Уарзты хъизæмарæй йын хæсты хъизæмар æнцондæр сфæразæн разынд. Солтан зонгæ дæр нæ кæны Темла йæ фарсмæ хæцы, уый. Сæ хæстон æмбал куыд фæцæф, уый куы ауыдта, уæд æм æххуысмæ балыгъд. Æввахсмæ базыдта Темлайы. Æдас ранмæ йæ рахаста.
Ацы ныв зæрдыл æрлæууын кæны гуырдзиаг кино «Мая из Цхнети»-йы. Уым дæр хæстон чызг Мая уæззау цæфтæй йæ уарзоны къухты мæлы, лæппу та йæ зонгæ дæр нæ кодта, уый чызг у, уый. Темла дæр æмæ Мая дæр сæ сусæг уарзт æмбæхстæй сæ риуты ахастой мæрдтæм.
Темла Солтаны, стæй йæ адæмы сæрвæлтау йæ цард ауæлдай кодта. Уый разынд тыхджын адæймаг. Схонæн æй ис сыгъдæг уарзты символ.
Хæстон историк В.А.Потто дæр диссагæн фæхаста Темлайы. Уый фыста, зæгъгæ, Зикъарайы æфцæджы цур хæст куы цыди, уæд уыцы тохы ирæттæй иу фæцæф, хаугæ-хауын йæ худ атылд. Уый кæд разынди чызг.
(Ацы нывы бындурыл лæппутæм сæвзæрд фарст)
Лæппуты фарст:
Чызджытæ, сымахмæ та куыд кæсы, Темла раст бакодта, хæстмæ кæй ацыди, уымæй?
Чызджыты дзуапп:
Раст бакодта, Райгуырæн зæххы æххуыс куы хъæуа, уæд алчи дæр йе ‘ххуысы къух хъуамæ бадаргъ кæна.
Чызджыты фарст:
Лæппутæ, сымах та куыд хъуыды кæнут?
Лæппуты дзуапп:
Хъæбатыр чызджытæ кæй ис Ирыстоны, уый тынг хорз у, фæлæ сылгоймаг хæсты цæхæры ма хъуамæ иса хайад. Уымæ уæддæр нæлгоймаджы ‘мбæрц тых нæй.
Скъоладзау:
Ныртæккæйы сабыр царды дæр нæм тынг бирæ ис сæрæн зындгонд номдзыд сылгоймæгтæ. Тынг хорз у, уыдон хæсты цæхæрæй хызт кæй сты, уый. Ирон историйы сæ нæмттæ баззайдзысты ахæм ирон сылгоймæгтæн дæр, куыд:
Дудараты Верæникæ-1-аг ирон сылгоймаг-дирижер. Гæздæнты Аврорæ-1-аг ирон сылгоймаг-балеринæ. Туаты Ольгæ-1-аг ирон сылгоймаг-профессор Кочысаты Розæ -1-аг ирон сылгоймаг-драматург. Хæбæлаты Зинаидæ -1-аг ирон сылгоймаг-композитор- симфонист æмæ бирæ æндæртæ.
Ахуыргæнæг:
Къордтыл куыст ма акæнæм. Уацмысæй райстон æвæрццæг æмæ æппæрццаг хъайтартæ, Ака æмæ Калманы. 2 хъайтарæн афыссæм сæ миниуджытæ. Чи хуыздæр сарæхсдзæн?
Ака --------хæларзæрдæ, хъæубæсты фæдисон, æмбалуарзаг, зондджын, ныфсджын, тæригъæдгæнаг, хъæлдзæг, тыхджын…
Калман-----хин, саузæрдæ, æдзæстуарзон, лæгмар…
Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, литературæйы ма искæцы уацмысты фембæлдыстут Къæбысты Ака æмæ Коцты Бегайы хуызæн хъæбатыр раздзæуджытыл?
Скъоладзау: Фæрнион Къостайы роман «Уады уынæр»-ы абырæг Цæрай. Гæдиаты Цомахъы трагедии «Ос-Бæгъатыр»-ы ирон адæмы фæтæг Ос-Бæгъатыр. Брытъиаты Елбыздыхъойы трагеди «Хазби» - йы сæрибарыл тохгæнæг Хазби. Уый дæр ис Бегайы уавæры, Абхазовимæ тохгæнгæйæ.
Абоны царды дæр ис Нафийы хъайтарты хуызæн хъæбатыртæ. Стæй Коцты Бегайæ суанг Джиоты Азæмæты онг сæ нымæц у тынг бирæ.
Адæмы сæрибарыл æлдæрттимæ тох кодтой Томайты Мæхæмæт, Кодзырты Таймураз æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон знæгты амæттаг баисты.
Гæздæнты 7 æфсымæры фарсмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй ис бирæ ирон зынгхуыст хъæбатыртæ.
Хуыбылты Валерæ, Джиоты Алан (Парпат) æмæ Джиоты Азæмæт сæхи хуызæн хъæбатыртимæ æрлæууыдысты гуырдзиаг эксремистты ныхмæ. Сæ удтæй бахъахъхъæдтой сæ Фыдыуæзæг æмæ сæрибардзинад.
Скъоладзау:
Æрыдонæй дæр бирæ фæсивæд хæцыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты. (Скъоладзаутæй исчи радзурдзæн, йæ бинонтæй хæсты кæмæн уыд, уый тыххæй).
Скъоладзау:
Ирон адæмы нымæц гыццыл у, фæлæ бахъуаджы сахат та сæ тых æмæ сæ ныфс æгæрон вæййы. Мæлæтæй никуы тæрсынц, мæлын сæм диссаг нæ кæсы. Иу ахæмы Бега афтæ зæгъы: «Мæлын диссаг нæу, хæцын уал базонын хъæуы».
Ахæм хъуыдыйыл лæуд у Фæрнион Къостайы хъайтар Цæрай дæр: «Цæрынæй мæлынмæ лæг хъуамæ дæсныдæр уа. Цæрын æмæ мæлын чи базона, худинаджы бæсты мæлæт чи райса, уыцы æмгары цæрæнбон бирæ уæд».
Хæсты цæхæры ирон адæм кæрæдзийæн стыр ныфс вæййынц, суанг ма хъазæн ныхæстæ дæр фæкæнынц, фæзарынц, афтæмæй тохмæ кæрæдзи разæнгард кæнынц. Уый фæдыл, 1830 азы хæсты архайджытæй иу, Виктор Чудинов, фыста: «Хъолайы фидары цы хæстонтæ уыд, уыдон мæлæтæй тæрсгæ нæ кодтой, зарыдысты хъæлдзæг зарæг, афтæмæй ныл уæле бынмæ дуртæ калдтой».
Ирон адæм хорз фæзонынц, армыдзаг йеддæмæ не сты æмæ æнцонтæй никæуыл фæтых уыдзысты, фæлæ сæ патриотизм кæддæриддæр фæуæлахиз вæййы.
Ахуыргæнæг:
Чеселтгомы адæм дæр тыхæй Уæрæсейы æфсадыл нæ фæтых уыдаиккой. Иуæй сæм хуызæнæн хæцæнгарз нæ уыдис, иннæмæй сæ бæрц гыццыл уыди. Уæддæр сæм мæлæты раз тас нæй. Раст кæй нæ хæцынц, уый фæдыл кæрæдзийæн уайдзæфтæ кæнынц.
Ахуыргæнæг: Уыцы бынат ма уацмысы рацагурут æмæ йæ бакæсæм.
Скъоладзау кæсы. (Фарс 120). «Мах, æвæццæгæн, хæцын никуы сахуыр уыдзыстæм. Æрвылхатт ныйиугæйттæ вæййæм æмæ нæ иугæйттæй хуыргарчыты цагъд фæкæнынц нæ къæсæртыл. Афтæ хæцæн ис æфсадимæ? Къордтæ-къордтæ бау æмæ сæм, бирæгъау, алырдыгæй къæпп кæн! Æнцой куыд нæ зоной, алы къудзи дæр сæм мæсыгау куыд зына, алы бæласы аууонæй сæм мæлæт куыд кæса! Æрмæст афтæмæй ис хæцæн æфсадимæ».
Ахуыргæнæг: Стæй адæммæ иудзинад фаг нæй. Бега æмæ Хъуырман зонынц, кæй нæ фæнды хæцын, уый фæдисы артмæ дæр не ‘рбацæудзæн æмæ фидары сæрыл арт скæнынмæ дæр нæ тырнынц. Уый фæдыл Хъуырман зæгъы...
Уыцы бынат ма чиныджы рацагурут.
Скъоладзау кæсы. (Фарс121).
«…Бега, бирæйæ цы кæныс? Тых сыл нæ фæуыдзыстæм… Кады мæлæт – нæ нысан. Афтæ куыд нæ зæгъой: Ирыстоны лæг нал ис, цагъары къæлæт равзæрстой мæлæты раз. Æндæр сын нæ бон ницы бауыдзæн. Уымæн та бирæ нæ хъæуы, дыууæ дæр фаг у».
Ирон лæг суанг иунæгæй дæр цæттæ у Райгуырæн зæхх хъахъхъæнынмæ. Æцæг ирон лæг фыдызæххæй дард никуыдæм ацæудзæн. Чеселтгомы адæмæн дæр сæ фæллой знæгтæ фæхастой, басыгътой сын сæ хæдзæрттæ, фæцагътой сæ, фæлæ ма дзы чи баззад, уыдон уæддæр афтид зæххыл ног цард райдыдтой аразын, уымæн æмæ Фыдыуæзæг ницæуыл ис баивæн.
Чеселтгомы та цард æндидзын райдыдта. Скъола сæм æрбакодта ирон адæмы рухстауæг Æгъуызаты Иуане.
Ахуыргæнæг:
Ирон адæм сабыр цард уарзæг адæм сты. Никуы никæй бахъыгдардтой. Фæлæ сын сæхи алырдыгæй фæцагътой. Æрæджы дæр ма мæхъæл æмæ гуырдзы ирон адæмы туг ныккалын кодтой. Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты гуырдзиаг лæгмарты аххосæй сырæзт ирон уæлмæрд.
Ирыстоны адæмæй Райгуырæн зæхх æмæ Сæрибардзинадыл йæ уд чи радта, уыдоны нæмттæ иу минут сабыр алæудæй ссарæм.
(Уый фæстæ сывæллæттæ цырæгътæ судзынц. Къулыл алы хæсты æвдисæнтæй дæр ис къамтæ æмæ сæ уыдоны раз æвæрынц.)
Мæхæдæг 1989-1992 азты хæстæн йæ райдианæй йæ кæронмæ уыдтæн æвдисæн. Уæд уыдтæн студент. Алырдыгæй ныл згъæлдысты гуырдзыйы ракетæтæ, бомбæтæ æмæ алыхуызон нæмгуытæ. Нæ хъæбатыр фæсивæд удуæлдай тох кодтой знæгтимæ. Зæрдæ кæрдихгай кодта, алыбон дæр Цхинвалы 5-æм скъолайы кæрты нæ хъæбатырты куы ныгæдтам, уæд. Зынгдзых хæст ныхъуырдта нæ адæмы. Алы уысм дæр мæлæты цæстытæм кастыстæм.
Чи нæ удæгасæй баззад, чи та гуырдзыйы къухæй рафтыд.
Цхинвалы хæстыл фæстæдæр ныффыстон æмдзæвгæ:
Æз федтон хæст.
Æз федтон хæст æвзонг удæй мæхæдæг,
Йæ цæхæртæй мæ сонт зæрдæ сыгъдис.
Æз федтон хæст, кæцы фæкодта ҆дзæрæг
Нæ комбæсты, ирон туг дзы фыхтис.
Ирон туг калд, лæсæнтæ кодта уынгты.
Нæ лæппуты фæд-фæдыл хордта зæхх.
Сыхæгты хуызы федтон æз лæгсырдты.
Кæддæр уыд иу нæ къæбæр æмæ цæхх.
Гуырдзы мæнгардæй разылдысты Ирыл,
Нæ хъæбулты нын банай кодтой уæд,
Куы рæзыд Ир, куы слæууыди йæ къахыл…
Рæхджы æлгъыст ироны знаг фæуæд!
Макуыуал уæд Ирыстоны зæххыл хæстытæ. Ирон адæм сыгъдæг арвы бын куыд цæрой.
Кæстæртæ, уæ зæрдыл дарут уæ фыдæлты тох. Уарзут æмæ хъахъхъæнут уæ Райгуырæн зæхх.
Скъоладзау:
Мах, кæстæртæ, нæ зæрдыл дардзыстæм нæ хистæрты фыдæбæттæ æмæ сын аргъ кæндзыстæм. Мах дæр Кочысаты Мухарбегау фидарæй дзурæм Фыдыбæстæмæ:
Æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». (Иугай куплеттæ дзурынц сывæллæттæ)
Лæгæн зынаргъ куыннæ вæййынц
Йæ бинонтæ, йæ мад!
Лæгæн зынаргъ куыннæ ваййы
Йæ рæзгæ бонты цард!
Фæлæ уæддæр,ныййарæг зæхх,
Дæуæн æмбал кæм и!
Дæуæй зæрдæйæн адджындæр,
Зæгъ-ма мын, чи у, чи?!
Кæм хъазыдтæн æз сабийæ,
Кæм рæзыдтæн æдас, - Мыггагмæ дæр сымахимæ Мæ зæрдæ баст у,баст.
На фыдæлтæ сæ хъарм тугæй
Дæу балхæдтой, ма зæхх.
На бæркаджын фæллойæ дæ,
Ысбуц кодтам дзæбæх.
Ды дæ мæ цин, мæ цардамонд,
Фыдыбæстæ, дæуæй
Мæнæн зæнаргъдæр, адджындæр
Нæ уыдис æмæ нæй.
Æрмæст дæ кой, дæ буц ном дæр
Ыстыр ныфс у лæгæн.
У раст дæ сыгъдæг уæлдæф дæр Æвдадзы хос мæнæн.
Æмæ дæ никуы ратдзынæн
Ызнагæн, зон уый дæ,
Фæлтау мæлæт ыссардзынæн
Дæ сæрвæлтау хæсты!
Скъоладзау:
Архайдзыстæм, цæмæй æдзухæйдæр Ирыстон дидин кала.
Ахуыргæнæг:
Мах æрдзырдтам роман «Фыдæлты туг»-ы хъайтарты хъысмæтыл, фæлæ ма уацмысы цавæр аивадон мадзæлттыл æмбæлæм, уыдоныл дæр ма нæ цæст рахæссæм .
Скъоладзау: Уацмысы æмбæлæм абарстытыл. Зæгъæм:
Æфсæдтæ уарыны мигъау æрбацæудзысты. Инæлар пыррыччытæ кæнын райдыдта, уазалдзыд гæдыйау. Æфсæдтæ бирæгътау рарæгъ-рæгъ сты къахвæндагыл. Арсау æфсады ‘хсæн лæгæрдгæ цыд. Бæндæн калмау схылд къулыл.
Ахуыргæнæг: Уацмысы ма ссарут сурæт.
Скъоладзау:
Акайæн йæ худ ахауд æмæ даст тымбыл сæрыл рагон кæрддзæфы ностæ бæрæгæй зындысты. Æрмæст урс зачъе ног фастæй ныццыргъ тугæйдзаг куырæты сæрмæ æмæ сау бæзджын æрфгуытæ фæлурс цæсгомыл, барæй ахуырстау, зындысты.(Фарс 133)
Скъоладзау: Уацмысы райдианы æмбæлæм прологыл. Уацмысы бацæуæны авторы ныхас у пролог.
Уацмысы пайдагонд цæуы бирæ рæвдауæн ныхæстæ, куывдтытæ: Мæ хур. Дæ дзыхæй мыд фæхæр. Дæ райсом дæхи фæндиаг
Уæздан ныхæстæ: Фарн дæм бадзурæд.
Хъазæн ныхæстæ. Зæгъæм:
Бæгæны не ‘рбахастай, Коцон?-Бега Хъæндилмæ бадзырдта. Бæгæны? Æмæ исчи рæуæды размæ сылы хæссы? - барджыны дзуапп ын авæрдта Хъæндил. Темла, усгур рацыдтæ?- фæрсы чызджы Бега.
Ахыргæнæг: Цавæр æмбисæндтыл æмбæлæм уацмысы?
Скъоладзау: Уацмысы æмбæлæм бирæ æмбисæндтыл:
«Арсы хъуыны мæлдзыг». (Ф. 115) «Дыууæ ‘фсымæрæй арс дæр тæрсы». (Ф. 113) «Ахæм сусæгдзинад нæй, æмæ йæ мачи базона» (Ф. 111) «Лæг намысæй лæг у». (Ф. 104) «Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы».(Ф. 104) «Хох – дзуарджын, быдыр - æлдарджын».(Ф. 104). «Æгады цардæй кады мæлæт – хуыздæр». (Ф.105) «Цæфæй нæ мæлыс, уый та дын – рæхуыст». (Ф.105) «Саг фæрæтмæ æрцыд». (Ф. 129). «Куыдзы кой ракæн, æмæ лæдзæг дæ къухмæ райс». (Ф. 121)
Ахуыргæнæг: Уæхæдæг дæр ма уацмысмæ гæсгæ æмбисæндтæ ‘рхæссут. Скъоладзау: Райгуырæн бæстæ адджын у. Фыдыбæстæ ницæуыл ис баивæн.
Ахуыргæнæг: Уацмысы хъайтартæ, хæстмæ цæугæйæ, стыр ныфс кæмæй æвæрдтой?
Скъоладзау:
Хъайтартæ ныфс æвæрдтой Уастырджыйæ. Ирон нæлгоймæгтæ хæдзары дæр æмæ фæндагыл цæугæйæ дæр сæхи æмæ сæ бинонты фæфæдзæхсынц Лæгты дзуарыл.
Ирон адæмы уырныдта æмæ уырнынц дзуæрттæ. Чеселтгомы дæр – иу фæсивæд Тутыры бæрæгбоны кæрæдзи ‘хсæн хъæзтытæй ерыстæ кодтой. Темла дзы иу лæппуйы бырсгæ дæр акодта. Стæй йыл мысанмæ æхсынæй дæр ничи фæтых.
Тутыр у бирæгъты бардуаг. Адæм-иу æм куывтой, цæмæй сын сæ фосы ма бахъыгдара.
Бирæ дзуарыбонтæ æххæст кодтой ирон адæм. Уый дæр нæ культурæйы иу хай у. Уыдон фæсивæдæн лæвæрдтой стыр хъомылад. Бæрæгбонтæ баст сты сыгъдæгдзинадимæ, уæздандзинадимæ. Ахуыр кодтой хистæртæн аргъ кæныныл, æвзæрдзинæдтæй хи хизыныл.
Ахуырæнæг: Уацмысы хистæртæ æмæ кæстæрты ‘хсæн та цæвæр ахастытæ федтат?
Скъоладзау:
Уацмысы мах уынæм хистæр, кæстæры ‘хсæн æфсарм, æгъдау. Зæгъæм, Бега кæстæр лæппутæн салам радта, уыдон къахыл фестадысты.
Лæппу: Мах дæр, Бега æмæ иннæ хъæбатыртæй исæм стыр хъомылад. Уыдон нæ ахуыр кæнынц уæздандзинадыл, хъæбатырдзинæдыл, уæзбындзинадыл, зынты ныфсхаст, райгуырæн уæзæгмæ стыр уарзондзинадыл.
Бегайы хуызæн адæмæн сæ нæмттæ æнусон сты, уымæн æмæ сты фæзминаг хъæбæтыртæ. Уыдоныл адæм зарджытæ снывæндынц, таурæгътæ сыл мысынц. Зæгъæм, Бегайыл дæр зарæг скодтой, ис ыл таурæгътæ дæр.
Коцты Бегайы зарæг. Зарæджы ныхæсты автор у Коцты Юрий, музыкæйы автор-Дзаттиаты Анисим.
Коцты Бегайы зарæг
Чеселты комæй нын
Тохы хъæр райхъуысти:
Хъолайы хъæумæ
Æзнаг фæбырсы.
Бега нын бадзуры
Чеселты фæсивæдмæ:
«Нæ Иры лæппутæ,
Рацæут тохмæ!»
Тохмæ куы бабырсынц
Иры хъæбатыртæ,
Знæгты атæрæм
Нæ фыдыбæстæй.
Хъолайы мæсыгæй
Судзгæйæ тахтысты,
Æзнаджы æфсадыл
Бегайы нæмгуытæ.
О, ’мæ йæ мæсыгмæ
Судзын куы райдыдта,
Бега ’ргæпп кæны
Бæрзонд мæсыгæй.
Тæппуд ызнæгтæм
Къуыммæ куы батæры,
Цалдæр булкъоны дзы
Мæрдтæм куы барвиты.
Коцы мыггагæн ды
Кады ном сарæзтай,
Ирыстоны фарн
Бæрзондмæ систай.
Бега нын нæ амард —
Йæ рухс ном цæрдзæни,
Йæ зарæг нæрдзæни
Хуссарæй цæгатмæ!
Хæсты фæстæ Бегайыл мысыдысты таурæгътæ. Иутæ дзырдтой, зæгъгæ, уый хæсты нæ амардис, Ирыстонæй хаст æрцыд æмæ фæндагыл амард.
Иннæтæ дзырдтой, зæгъгæ, Бега хæсты фæстæ цардис Чеселтгомы, уырыссæгтимæ баныхас кодта, комбæсты сабырдзинад кæй уыдзæнис, кæй никæй хъыгдардзысты, уырыс та сæ гуырдзыйы фыдмитæй бахиздзысты.
Ахуыргæнæг: Уæдæ, сывæллæттæ, мах абон урочы равзæрстам Нафийы историон роман «Фыдæлты туг».
Цы у историон роман?
Скъоладзау:
Историон романы æвдыст вæййы ивгъуыд рæстæджы бæлвырд историон цаутæ. Архайынц дзы, авторы фантазийæ райгуыргæ персонажты æмрæнхъ,бæрæг историон адæймæгтæ.
Ахуыргæнæг:
Нафи ирæттæн ныффыста æнусон уацмыс. xıx æнусы æхсидавтæ рахаста дугты сæрты. Уыцы æхсидавтæй судзынц ирон адæмы зæрдæтæ. Гуры ахæстоны цы цæф хæстонтæ уыдис, уыдоны удты хъæрзын нæм хъуысы. Фæлæ уыцы хъæрзт знæгтæ никуы фехъуыстой. Уыдон æрмæстдæр фехъуыстой ирон хъæбатырты æнæмæлгæ зарæг. Зарæг ахæстонæй ратахт Къуармæ, Къуарæй Леуахимæ, нæхи хæхтæм, нæ Ирыстонмæ. Уыцы зарæг никуы бамынæг уыдзæн ирон адæмы ΄хсæн.
Ахуыргæнæг:
Зæгъут - ма, уацмыс «Фыдæлты туг» махæн нæ размæ ницы хæстæ æрæвæрдта? Скъоладзау: Махæн нæ размæ æрæвæдта стыр хæстæ: хъахъхъæнын Райгуырæн зæхх, сæрибардзинад, сабырдзинад, зындзинæдты кæрæдзи фарсмæ лæууын.
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, кæрæдзийы куыстæн ма аргъ скæнут. (Скъоладзаутæ кæрæдзи куыстæн аргъ кæнынц).
Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, абон урочы бакуыстат тынг хорз. Уæ дзуаппытæй бæрæг у, куыд тынг уарзут уæ Райгуырæн зæхх, куыд стыр аргъ ын кæнут. Уæ зæрдыл дарут, Ирыстоны бахъахъхъæныны тыххæй йæ цард чи радта, уыцы зынгхуыст хъæбатырты нæмттæ.
Сымах та хæст куыд никуы фенат, кафгæ, заргæйæ куыд цæрат Ирыстоны зæххыл, уыцы амонд уæ уæд.
Уæ хорз куысты тыххæй уæ алкæмæн дæр лæвар кæнын Ирыстоны тырыса. Ирон тырысайæн йæ кад макуы бауадзут фæцудын!
(Сывæллæттæ тырысаты бæрзонд систой æмæ зарынц зарæг Ирыстоныл. «Дидинæг мын кал, о мæ Ирыстон»).
Дзырдуат: Могор-устой моста
Сармадзан-пушка
Мусс-гумно
Хуыргарк - куропатка
ДЖУСОЙТЫ НАФИ. "ФЫДӔЛТЫ ТУГ".
1. Роман «Фыдæлты туг»-ы автор у:
А. Гафез
Æ. Цæрукъаты Алыксандр
Б. Джусойты Нафи
В. Гаглойты Владимир
2. Роман «Фыдæлты туг» йæ жанрмæ гæсгæ у:
А. Трилогии
Æ. Роман-эпопея
Б. Историон роман
3. Роман «Фыдæлты туг» фыст у:
А. Хъобангомы адæмы цадыл
Æ. Хъуды комы адæмы цардыл
Б. Хуссар Ирыстоны Чеселтгомы адæмы цардыл
В. Уæлладжыры комы адæмы цардыл
4. Романы сæйраг хъайтар Бегайы мыггаг уыд:
А. Козатæй
Æ. Къабыстæй
Б. Коцтæй
В. Хъотайтæй.
5. Хуссар Иры фыццаг скъола байгом ис:
А. Дзуары
Æ. Сыгъдты хъауы
Б. Фæсрагъы
В. Хъорнисы
7. Романы уырыссаг солдаты схуыдтой:
А. Къулой
Æ. Бургъуын
Б. Хъæндил
В. Солтан
8. «Алы лæгæн дæр царды ис йæхи нысан, йæхи бынат. Нафийы курдиат ахсызгон хъуыд ирон культурæйы, нæ монон царды æмæ нæм адæмы фарнæй фæзындис афоныл» – ацы ныхæстæ Нафийы тыххæй загъта:
А. Абайты Васо
Æ. Гæбæраты Никъала
Б. Джыккайты Шамил
В. Ардасенты Хадзи-Батыр