СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сложносочиненное предложение

Категория: Всем учителям

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок повторение материала по грамматической теме "Сложносочиненное предложение" в 9 классе, тематическая тема "Жить по человеческий , умереть по-мужски  "

Просмотр содержимого документа
«Сложносочиненное предложение»





Ирон æвзаджы урок 9-æм къласы


Урочы темæ: «Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау! Цæрæгойы цард нæ – адæймаджы цард!» (Джусойты Нафи)

Грамматикон темæ: Домгæвазыгджын хъуыдыйад



Урочы нысантæ: 1. Домгæвазыгджын хъуыдыйады тыххæй рацыд æрмæг бафидар кæнын.

2. Бакусын ныхасы рæзтыл, ахуыр кæнын хи хъуыдытæ æргом кæныыл.

3. Гуырын кæнын фæразон уæвыны, бахъуаджы рæстæг хиуыл хæцыны æнкъарæнтæ.



Урочы эпиграф:


«Цард у адæймагæн лæвæрд стыр хæзна. Царды æдзухдæр разыны, адæймаджы ферра уæвынæй æмæ мæлæтæй чи фервæзын кæны, ахæм цавæрдæр тых».

Л. Бетховен


Урочы цыд:


I. Бацæттæгæнæн рæстæг

1. Ахуыргæнæг: Абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый базонынæн нын феххуыс уыдзысты Бестауты Георгийы ныхæстæ. Бакæсæм сæ.


Царды тыхджын тымыгъты алчи нæ фæразы. Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый дзы рацæуы уæлахизæй.

Бестауты Гиуæрги

Ахуыргæнæг: Куыд бамбæрстат ацы хъуыды?

(Цард у зын, æмæ цæмæй адæймаг ма фæтаса, уый тыххæй хъуамæ уа фæразон, удыхъæдæй тыхджын).

Ахуыргæнæг: Уæдæ абон дзурæм цардыл. Æмæ нæ урочы темæ дæр у ахæм: «Цæргæ дæр лæгау, мæлгæ дæр лæгау! Цæрæгойы цард нæ – адæймаджы цард!» (Джусойты Нафи)


Ахуыргæнæг: Цал хъуыдыйадæй арæзт у Бестауты Гиуæргийы раныхас? Хъуыдыйæдтæн ссарæм сæ грамматикон бындуртæ.

- Цавæр сты хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ? Цæмæй йæ базыдтат?

(1-аг – хуымæтæг, 2-аг – домгæвазыгджын)

- Цæмæй хицæн кæнынц хъуыдыйæдтæ?

- Цæмæй бæрæг у, домгæвазыгджын хъуыдыйад у, уый?


II. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

1. Ахуыргæнæг: Абон нæ урочы мах дзурдзыстæм домгæвазыгджын хъуыдыйадыл

- Цы базыдтам домгæваз хъуыдыйады тыххæй?

- Нæ урочы нысантæ цавæр сты?


3-аг слайд

  • Нæ зæрдыл æрлæууын кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйады æууæлтæ.

  • Домгæвазыгджын хъуыдыйады уæлæмхæст хæйттæ сфæлхат кæнын.

  • Домгæвазыгджын хъуыдыйады синтаксисон æвзæрстыл бакусын.

  • Сбæрæг кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйады нысаниуæг нæ ныхасы.


2. Къорды куыст.

1-аг къорды хæс:

Рацыд æрмæгмæ гæсгæ домгæвазыгджын хъуыдыйады тыххæй æнцойгæнæн схемæ бацæттæ кæнын.


2-аг къорды хæс:

Лæвæрд фæрстытæм гæсгæ домгæвазыгджын хъуыдыйадæн характеристикæ раттын.

1) Цæмæй хицæн кæны вазыгджын хъуыдыйад хуымæтæг хъуыдыйадæй?

2)Цæмæй хицæн кæны домгæвазыгджын хъуыдыйад бабæтгæвазыгджын хъуыдыйадæй?

3) Домгæвазыгджын хъуыдыйадæн цавæр уæлæмхæст хуызтæ ис?

4) Цавæр уæлæмхæст хай ис ацы хъуыдыйады? Цæмæн уæм афтæ кæсы?

Æрмæстдæр æрдзæй фидар удыхъæд чи рахæссы, уый фæуæлахиз вæййы царды зындзинæдтыл.


5) Цæмæй баст сты домгæвазыгджын хъуыдыйад аразæг хуымæтæг хъуыдыйæдтæ кæрæдзиуыл?



Дзуæппытæм байхъусыны фæстæ хъуыдыйад фæйнæгыл равзарын, хатдзæг скæнын:

Цы зонын хъæуы домгæвазыгджын хъуыдыйады тыххæй?


4-æм слайд:

Хъуамæ зонæм:

1. Цæмæй хицæн кæны бабæтгæвазыгджын хъуыдыйадæй?

2. Цавæр бæттæгтæ æмæ бæттæг дзырдтæй баст вæййынц йæ хæйттæ?

3. Уæлæмхæст хæйтты хуызтæ цавæртæ сты?

- Цæмæн нæ хъæуынц уыцы зонындзинæдтæ?

Цæмæй арæхсæм:

1. Тексты домгæвазыгджын хъуыдыйад ссарынмæ.

2. Домгæвазыгджын хъуыдыйады хæйтты ’хсæн æрхæцæн нысæнттæ раст æвæрынмæ.

3. Уæлæмхæст хайы хуызæй раст пайда кæнынмæ.

4. Домгæвазыгджын хъуыдыйадæн схемæ аразынмæ.

5. Хи хъуыдытæ домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæй æргом кæнынмæ.


4. Ахуыргæнæг: Нæ урочы хæстæ раст сбæрæг кодтат, æмæ иучысыл аулæфæм. Цардæй ист нывмæ бакæсæм.


5. Сбæрæг кæнын домгæвазыгджын хъуыдыйады хуыз.


Урочы эпиграфыл куыст


Цард у адæймагæн лæвæрд стыр хæзна. Царды æдзухдæр разыны, адæймаджы ферра уæвынæй æмæ мæлæтæй чи фервæзын кæны, ахæм цавæрдæр тых.

Л. Бетховен

Ахуыргæнæг:

- Цы зонут ацы рæнхъыты авторы тыххæй?

- Куыд æмбарут ацы ныхæсты хъуыды?

6. Дзырдуатон куыст:

-Цы нысан кæны дзырд «хæзна»?

Хæзна:

1. Тынг зынаргъ дзаума.

2. Культурон хæзнатæ. Ацы ныв у стыр хæзна (ахæсгæ ныс.)


- Дзырды нысаниуджытæй кæцыйæ пайдагонд æрцыд тексты?


Ахуыргæнæг: Æз дæр абон хæзна ссардтон.

-Цавæр дзырд-термин у? Базонут æй:

Сæ иумæйаг хъуыды æмæ алыхуызон грамматикон мадзæлттæй кæрæдзиуыл æнгом баст хъуыдыйæдты къорд аразы … (Текст)

6. Текстыл куыст (Текст бакæсын хъæуы Л. Бетховены музыкæйы фоныл)

Фыццаг дунеон хæсты размæ газетты фæзынд æвирхъау хабар: денджызы аныгъуылд егъау нау «Титаник». Науы размæ æнæнхъæлæджы цы стыр ихы къæртт фæци, уый йын йæ бын фæхуынкъ кодта.

Адæмæн бæлæгътæ нæ фаг кодта. Науы бæлццæттæй фервæзæн уыд æрмæст сывæллæттæн æмæ сылгоймæгтæн.

Иннæтæ стыр катайы бацыдысты. Сæ сæр сæ кой сси. Алчи йæ уд фервæзыныл архайдта.

Æвиппайды бæлццæтты хъустыл ауадысты музыкæйы зæлтæ. Уый хъуыст уæллаг палубæйæ. Изæрыгæтты-иу адæмæн концерттæ чи лæвæрдта, уыцы музыканттæ сæ инструменттимæ рацыдысты палубæмæ, æрбадтысты æмæ райдыдтой цæгъдын. Цагътой Бетховены Æртыккаг симфони. Хъайтарон композиторы хъайтарон музыкæ.

«Титаник» сабыргай доны бынмæ цыд. Бæрæг уыд, ацы дунейæ йæ цæуын кæй нæ фæнды. Науы ма цы бæлццæттæ баззад, уыдон палубæйыл æдзæмæй лæууыдысты. Музыкæйы зæлтæ сæ сæ уæлныхты систой. Сæ тарст фæцыдæр, ферох сæ рыст, æрсабыр сты. Музыкæйы зæлтæ тынгæй-тынгдæр хъуысыдысты, уæлахиз кодтой фурды уылæнтыл, адæмы катайыл. Уæдмæ нау æд бæлццæттæ, æд музыканттæ доны бын фæци. ...Аныгъуылд.

Цымæ, цавæр удсыгъдæггæнæн мадзал у музыкæ? Цавæр кæлæнгæнæг тых ис, адæмæн ахæм æвирхъау уавæры лæджы цæсгом фæчъизи кæнын чи нæ бауагъта, уыцы аивадæн?


Ахуыргæнæг: Адон сты науы оркестрантты къамтæ. (12-æм слайд)


Хæслæвæрдтæ текстмæ:

1. Цы базыдтат ногæй текстмæ гæсгæ?

2. Тексты сæйраг хъуыды цавæр у? (Музыкæйæн ис стыр тых)

3. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут (Зæгъæм «Музыкæйы æгæрон тых»)

4. Цавæр у текст йæ хуызмæ гæсгæ? (Таурæгъон). Цæмæн?

5. Текстæй рафыссут домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ, сæ хуызтæ сын сбæрæг кæнут.

6. Тексты хуымæтæг хъуыдыйæдтæй домгæвазыгджын хъуыдыйад саразын. Пайда кæнын бæттæгæй кæй-уымæ гæсгæ.


(Адæмæн бæлæгътæ кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ науы бæлццæттæй фервæзæн уыд æрмæст сывæллæттæн æмæ сылгоймæгтæн)


7. Проектон куыст: (1-аг скъоладзау)

Диссаг уый у, æмæ уыцы рæстæг Титаникы цы 2228 бæлццоны уыд, уыдоны ’хсæн уыд ирон лæппу, хъæдгæройнаг 17-аздзыд Кучиты Мырзахъан. (Къам æвдисы, 15-æм слайд)

Лæппу Америкæмæ фæцæйцыд куыстагур, фæлæ иннæ бæлццæттимæ бахауд стыр фыдбылызы. Амондджын ирвæзт акодта. Æнæнхъæлæджы йæм æрхаудта ирвæзынгæнæн жилет. Æмæ кæд уыцы фыдбылызæй фервæзт, уæддæр æвыдæй нæ баззад. Уазал доны æгæр бирæ кæй фæци, уымæ гæсгæ йæ сыд къæхтæ æдзух рыстысты.

Тынг æвзæр рауад йæ хъысмæт Кучийы-фыртæн. Куыд базыдтам, афтæмæй 30-æм азты репресситы рæстæг Сыбырмæ хаст æрцыд æмæ уым амард. Фæлæ йын баззад хорз кæстæртæ, хъуыды йæ кæнынц. Сæйрагдæр та уый, æмæ сæ зæрдыл дарынц сæ фыды фæстаг ныхæстæ: «Царды бирæ зындзинæдтæ ис, æмæ, уыдоны сæрты хизгæйæ, уæ цæсгом макуы фæчъизи кæнут».

Диссаг ма мæм уый фæкаст, æмæ, зындгонд киноныв «Титаник»-мæ кæсгæйæ, Кучийы-фырты байзæддæгтæ абон дæр ма кинонывмæ кæронмæ никуы бакастысты. Титаник доны куыд ныгъуылы, уый æвдисын куы райдайынц, уæд телевизор ахуыссын кæнынц, уымæн æмæ сæм афтæ фæкæсы, цыма, доны цы бæлцæттæ ис, уыдоны ’хсæн ис сæ фыд дæр.


8. Къордты куыст.

Хæслæвæрд:

Æмбисæндтæ баххæст кæнын.

Сæ хъуыды сын бацамонын.

Цавæр вазыгджын хъуыдыйæдтæ сты, уый зæгъын.

Сбæрæг кæнын уæлæмхæст хъуыдыйады хуыз.


1-аг къорд:

1) Чи цы у, … .

2) Дæхи базонын дæ куы фæнда, … .

3) Гæнæн цæмæн нæй, …. .


2-аг къорд:

4) Лæг тасы куы бахауы, … .

5) Æрцæуынæй фæтæрс; куы ’рцæуа, …. .

6) Ныфсджын æмæ хъаруджын уый у, … .


(… уæд адæмы бафæрс, … уый адæм зонынц, … зæххыл ахæм хъуыддаг нæй, … æмæ йæхи уромын чи фæразы, … уæд æхсарджындæр кæны, … уæд фидар лæуу).


Дзуапп:

1) Чи цы у, уый адæм зонынц.

2) Дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд адæмы бафæрс.

3) Гæнæн цæмæн нæй, зæххыл ахæм хъуыддаг нæй.

4) Лæг тасы куы бахауы, уæд æхсарджындæр кæны.

5) Æрцæуынæй фæтæрс; куы ’рцæуа, уæд фидар лæуу.

6) Ныфсджын æмæ хъаруджын уый у, æмæ йæхи уромын чи фæразы.



9. Ахуыргæнæг: Цы æмбисæндтæ равзæрстат, уыдонæй тексты хъуыды кæцытæ æргом кæнынц?

1) Лæг тасы куы бахауы, уæд æхсарджындæр кæны.

2) Æрцæуынæй фæтæрс; куы ’рцæуа, уæд фидар лæуу.


Хæс: Хъуыдыйæдтæ равзарын, схемæтæ сын скæнын.


10. Хæс: Æмдзæвгæ аив бакæсын. Бацамонын ын йæ хъуыды. Ссарын домгæвазыгджын хъуыдыйад. Йæ хуыз ын сбæрæг кæнын.


Цыбыр у цард –

ыскаст æмæ ныккаст!

Цыбыр у цард,

Фæлæ йæ бонтæй ма бар –

Уый бонтæй баргæ нæу,

фæлæ фæллойæ.

Дæхи йæ цырынмæ,

йæ арфмæ бахъар,

Æмæ дæ фæззæджы уыдзынæ

хызт фæсмонæй.

(Нигер)



Ахуыргæнæг: Цавæр у домгæвазыгджын хъуыдыйады нысаниуæг тексты?

Дзуапп:

1. Домгæвазыгджын хъуыдыйад æвдисы вазыгджын хъуыдытæ.

2. Домгæвазыгджын хъуыдыйад æвдисы алыхуызон хуымæтæг хъуыдыты ахастдзинæдтæ, сæ бастдзинад.

3. Домгæвазыгджын хъуыдыйад текст кæны мидисджындæр.

4. Домгæвазыгджын хъуыдыйæтæ æххуыс сты хъуыдытæ арфдæрæй æвдисынæн.


11. Къордты куыст.


1-аг къорды хæс:

Бакæсын зындгонд адæймæгты хъуыдытæ царды тыххæй.

Сæ зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы цæуы, уый раргом кæнын.

Ссаруын домгæвазыгджын хъуыдыйад.

Йæ хуыз ын сбæрæг кæнын.

Цухгонд æрхæцæн нысæнттæ сæвæрын.


1). Цард цард дæр уымæн хуыйны æмæ алыхуызон у. Кæм нæ фыдуаг тымыгъты акæны, кæм гуыргъахъ фæндæгтыл, кæм нæ æвæд тæссæртты асайы, кæм та дидинæгæй фæлыст уыгæрдæнты.

(Цæгæраты Максим)


2). Царды мæсыг амад у æгъдау, уаг æмæ æфсармы фидар дуртæй. Уыдонæй иу куы феуæгъд вæййы уæд дæ балгъитæг дæр афтæ – мæсыг ныххæррæтт ласта…

(Хозиты Макар)



2-аг къорды хæс:

Бакæсын зындгонд адæймæгты хъуыдытæ царды тыххæй. Сæ зæрдæмæ дзы тынгдæр кæцы цæуы, уый раргом кæнын. Ссарын домгæвазыгджын хъуыдыйад. Йæ хуыз ын сбæрæг кæнын.


1) Цыфæнды зын уавæрты дæр-иу куы бахауд ирон адæймаг уæддæр сыл уæлахиз кодта йæ хъæбатыр зæрдæ æмæ фидардзинадæй. Йæ сæр никуы 'ркъул кодта зындзинæдты раз, никуы сæ фæтарст.

(Гæбулты Мелитон)

2) Адæймаг нæ фæзоны сомбон æм цы фенхъæлмæ кæсы уый. Тæссаг хъуыддаджы тæнзæрдæ адæймæгтæ фæтагъд кæнынц. Æппæт дæр аразын хъæуы зонд æмæ арæхстæй.

(Биазырты Димитр).



Урочы хатдзæгтæ:

■ Цы базыдтат урочы?

■ Цавæр куысты хуызтæ фæцыдысты уæ зæрдæмæ?

■ Цы уæм фæкаст зын?

■ Цавæр хъуыдытæ уæм фæзынд урочы?

■ Урочы хуыздæр чи куыста?



VII. Хæдзармæ куыст.

Равзарут иу хæс:

  • æрмæст домгæвазыгджын хъуыдыйæдтæ кæм уа, ахæм радзырд æрхъуыды кæнын;

  • домгæвазыгджын хъуыдыйады тыххæй аргъау æрхъуыды кæнын;

- домгæвазыгджын хъуыдыйады тыххæй дзырдбыд саразын.


Кæронæй ахуыргæнæг кæронбæттæн ныхас кæны урочы эпиграф æмæ темæйы тыххæй.