Нæлгоймæгты хъæзтытæ:
Хистæртæ иу афтæ дзырдтой: «Уæ рынтæ бахæрон,куыстытæ дæр зæрдæрухсæн,удæнцойæн сты æмæ хъæзтытæ дæр.Хъазынæй ма æхсызгондæр цы уа,фæлæ бæрц, бынат æмæ афон зонгæйæ.Сыхбæсты зиан куы вæййы,уæд йæ сывæллæттæ хъуамæ гаккырисæй ма хъазой.Æфсарм иу æфсарм у æмæ алкæмæ дæр хауы сыхбæсты,хъæубæсты. Æнæгъдауæй , æнæфсармæй хъæстытæ мастыхос сты ,мæ хуртæ
Хъæстытæн.ахæм æгъдауæй кæсгæйæ .фæрнджын сыхты,хъæуты сывæллæттæ зыдтой афон,бынат,бæрц æмæ æгъдау.сабырæй хъазыдысты бæстыхæйтты мидæг,тыргъты, хъæуты астæуы уынгты,уæлхæдзæртты,хъæрæй-фæсхъæу фæзты,фæндæгтыл,къуыбыртыл.
Нæлгймæгты хъæзтытæ:
Хъæл æмæ лæдзæгæй хъазт,
Æмбæхсджытæй хъазт,
Гудайæ хъазт,
Дурæппарæн хъазт,
Портийæ хъæзтытæ,
Селайæ хъазт,
Дугъы згъорджытæй,
Уайынтæй хъазт.
Хъулæй хъазт,
Бæндæнæлвасджытæй хъазт,
Дзырдæппарæнтæй хъазт,
Хæснагæйхъæзт.
Гаккырис,
Чъоппæй хъазт,æ.а.д.
Чоппæй хъазт:
Хъазджытæй алкæмæ дæр вæййы лæдзæг æмæ рæнхъ
слæууынц.Алчи дæр дзы йæхицæн иу чысыл дзыхъхъ
акъахы,йæ зæвæт кæм нывæра,ахæм.8-10 сантиметры хъæды лыггаг.
Рæнхъ лæуджытæ æхсынц хъæды лыггаг.Кæд æй акъуырой,уæд губакк чи скодта,уый тындзы,лыггаг куыд уыд,
афтæ авæрынмæ,æмæ,йæ лæдзæгмæ йæ бынатæй чи разгъордта.уый уæгъд бынат бацахсынмæ. Кæд бынат бацахса,уæд иннæ баззайы лыггаг æвæрæгæй.
Гаккырис:
Сывæллæттæ зиллаккæй сбадынц дзуццæджы.Алчи дæр сæ йæ алфамбылай æрхахх кæны.сывæллæттæй иу йæ къахыл гæппытæ кæны бадджыты алыварс æмæ сæ ссоны.Йæ бынатæй чи фæхауа бадджытæй кæнæ йæ къах хаххæй кæмæн фæбыра,уымæн гæппытæгæнæг йæ бынат бацахсы,уый та слæууы гæппытæгæнæджы бынаты.
Цъил-херы:
Лæппутæ -иу ныссахтой хъæдын цæджындз,йæ цъуппыл ын иу æркодтой зæронд цалх зилгæ куыд кæна ,афтæ.Цалхмæ- иу бабастой цалдæр фидар бæттæны,сæ уæгъд кæрæттыл цæгтæ фидар гонд-бадынæн. Мамазила кæнын -иу кæй фæндыди,уыдон-иу цæгты ныббырыдысты,къæхтæй –иу сæхи зæххæй асхуыстой æмæ-иу цалх зилын байдыдта. Чи сæ-иу арæзта,уыдон – иу ерысы бацыдысты - кæй цъил хуыздæр рауайа?
Ацы цъил-херы арæзт цыд куадзæны,уыди йын сæрмагонд мидис.
Хъулæй хъазын:
Кадджын уыдысты ирон адæммæ кусæрттæгты хъултæ бæрæгбæтты нывондæгтæй Æфсатийы раттинæгты онг. Уыдоны астæу бæрæг стырдæртæ æмæ мæстæгдæртыл нымадтой нæл сæгътæ æмæ нæл фысты,дзæбидыртæ æмæ сычъиты хъултæ.
Хъулæй хъæзтытæ цыдысты ерысы уагыл зæхбын тыргъты,марзт уынгты æмæ сыджытсæр уæлхæдзæртты,зымæг над митыл æмæ куырæйтты донуадзæны дæвдæг ихтыл.
Хъултæ рамбулын нымадтой кадыл,фембылды дæ,уæд ма дыл заргæ дæр акоддтаиккой.Æгады зарджытæм та уыдысты зæрдæргъæвд уæды лæппутæ.Ныхасæн дæр ма баззад: «Цæй дæ хъустæ цы’ руагътай,исты мын ерысы хъазты дæ хъултæ нæ фембылдысты?!»
Хъулæй хъазты хъуыди цæсты фидар æмæ къухты арæхст,цуанон лæгау. Хъазыдысты дыууæ къухæй дæр.Хæстæгмæ хъул хъулæй цавтой æмæ куырдтой къахы æххæлы бынæй,уымæй дарддæрмæ та хъавгæйæ,æрмиæхстæй.
Хъасты агъоммæ дзырдтой радыл кæнæ лæдзæгыл хæцгæйæ.кæнæ хъултæ уилгæйæ, стæй алчи йæ рад зыдта.æмæ дзы уæлдай фæлывд митæн бынат нæ зади.Бадгæйæ хъазыдысты къæйдзарыл,фæйнæгæ астæрдыл.фосдоны сæнарыл,бинаг нымæтыл, сæрвæты фыййауы уæлæдарæныл. Хъазыдысты æмбулджытæй,æккойæ хæсджытæй,
аргъаугæнджытæй,зарынгæйттæй.Æрæвæрдтой-иу хъулты рæгъæй æмæ сæ адли дæрддзæфæй цавтой-къуырдтой бæрæг къуырæн-цæвæн хъулæй кæнæ райдайæнæй кæронмæ,кæнæ æхсæнмæ-хсæнты.куыд бадзырдтаиккой,афтæ.Уилæнхъазтæй сæйрагдæрыл нымадтой хъулты æхсæз фарсæй иунæджы.Уымæгæсгæ уыди æхсæз хуызы уилæн хъæзтытæ-хъанæй,хъенæй,сахæй, тæуæй, фырæй,æмæ цыгæй.
Чи кæй сиса:
(ацы хъастæй хъазынц дыууæйæ)
Иу йæ къухтæ размæ ракæны,йæ армытъæпæнтæ уæлæмæ .
Иннæ йын дæлгоммæ йæ къухтыл æрæвæры йæхи къухтæ.Фыццаг архайы йæ къухтæ дыккаджы къухты бынæй раскъæфыныл æмæ йын дзы йæ къухы уæлæрмттæ ныцæвыныл.Дыккаг хъуамæ йæ къухтæ аскъæфа,ма бауадза сæ ныццæвын æмæ уæд уый рад уыдзæн йæ къухтæ бынæй кæнын,ома уый рад уыдзæн цæвын.Афтæ хъазынц,кæдмæ сæ фæнды уæдмæ.
Æвæццæгæн, гуырысхойаг никæмæн у,сабийы зæрдæ,сæры магъз æмæ хъуыды кæнынады’нкъарæнтæ æрдзæй мадæлон æвзагимæ баст кæй сты, уый . Ноджы ма алы адæмы хæттытæн дæр сæ сæры магъзы конды æвналæнтæ,рæзты фæндæгтæ æрдзæй лæвæрд цæуынц ахæм уагыл,цæмæй мадæлон æвзаджы фæрцы сабийæн йе’мбарынад ,хъуыды кæнынад æмæ арæхстдзинæдтæ тыхджынæй –тыхджындæр рæзой йæ кары аккаг,кæной арфæй-арфдæр,цыргъæй-цыргъдæр.
Мадæлон æвзаг аллы сабийæн дæр у йæ къæсæр,уыимæ ракæсдзæни сæ дуарæй, рахиздзæни дунемæ,уый фæрцы æрлæудзæни раст фæндагыл æмæ йыл дардæй-дарддæр цæугæйæ цы фæнды къахкъуырæнты сæрты дæр æнæцудгæйæ,æнæрæдийгæйæ куыд ацæуа.
ахæм хъуыдымæ æрцыдысты дунейы зондджындæр,фæлтæрдджындæр ахуыргæнджытæ: Ян Амос Каменский (Польшæ),Лев Никъалайы фырт Толстой(Уæрæсе),Сухомлинский Виктор(Уæрæсе),Тыбылты Алыксандр(Ирыстон-Алани),Абайты Васо(Ирыстон-Алани) æмæ ма бирæ ахуыргæнджытæ,се’ппæт дæр мадæлон æвзагæн дæттынц ахсджиаг бынат сабийы хъуыдыкæнынады,йæ зонды райрæзты.цæмæй йæ цæстæнгас алкæмæдæр æмæ алцæмæдæр уа нывыл æмæ дзы рауайа тыхджын.зондджын,йæ адæмы,йæ нацийы аккаг адæймаг.
Сабитæ ныхас арæхдæр цы’взагыл хъусой,цы ’взагыл зарой,хъазой,уый,æнæмæнг,арфæй-арфдæр хиздзæни сæ зонд,сæ зæрдæмæ.
Стыр ахадындзинад ис , æмæ стыр бынат ахсынц мадæлон æвзагзонынады змæлгæ хъæстытæ.
Змæлгæ хъастытæ сæ мидисмæ гæсгæ сты вазыгджын,Сывæллæтты рæвдауæндоны арæхдæр пайдагонд цæуынц сюжетон хъæзтытæ,æнæ сюжæтон, æмæ адæмон сывæллæты хъæзтытæ.Ахæм змæлгæ хъæзтыты хуызтæ сывæллæтты рæвдауæндæтты пайда гонд цæуынц алы бон дæр.