СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Стихотворение "Ахуырганаг"

Нажмите, чтобы узнать подробности

Стихотворение

Просмотр содержимого документа
«Стихотворение "Ахуырганаг"»



Ахуыргᴂнᴂг

Згъорынц бонтᴂ, згъорынц азтᴂ, Цард йᴂ цыды хай кᴂны, Æмᴂ цардимᴂ нᴂ бᴂстᴂ Размᴂ ивгᴂйᴂ цᴂуы.

Бонᴂй – бон хуыздᴂрмᴂ ивы: Хᴂхтыл сырᴂзы сахар. Хсᴂвыгᴂтты уый ᴂрттивы, Цыма калы хох цᴂхᴂр.

Денджызыл фᴂндᴂгтыл гᴂрдынц, Поездтᴂ сыл уайынц тагъд. Стᴂй ма доны бын ыскᴂнынц Авгᴂй кᴂсᴂгтᴂн тыгъдад.

Кᴂфтᴂ, кит ᴂмᴂ ᴂндᴂртᴂ Уыцы тыгъдады цᴂрынц, Алы къуымтᴂ, алы бᴂстᴂ Уыдонмᴂ уынᴂг цᴂуынц.

Адᴂм космосмᴂ фᴂндᴂгтᴂ Раджы байтыгътой уᴂрᴂх. Ноджыдᴂр ма цас диссᴂгтᴂ Дарддᴂр фендзᴂнис нᴂ зᴂхх.

Ахуыргᴂндтᴂ, зон, на зᴂххыл Бонᴂй-бон кᴂнынц фылдᴂр, Уыдон архайынц нᴂ цардыл – Уыдон ᴂй кᴂнынц хуыздᴂр.

Чи у ахуыры сᴂ раздзог? Чи сын амоны фᴂндаг? Чи сыл никуы цᴂуы комдзог? Чи сᴂ никуы у хъᴂстаг?

Уый сᴂ ахуыргᴂнᴂг, иунᴂг! Уый йᴂ удᴂй арт цᴂгъды, Уы, ᴂнᴂвгъауᴂй, ᴂнᴂмᴂнг, Зонд йᴂ кᴂстᴂртᴂн дᴂтты.

Ахуыргᴂндтᴂ сᴂ ыскᴂны, Дохтыртᴂ сᴂ фᴂрцы ис. Уагᴂвᴂрджытᴂн нᴂ зᴂххыл Кадджындᴂр сᴂ ном ыссис…

Цал дᴂсныйад уᴂвы бᴂстыл- Кадджын иууылддᴂр сты. Ахуыргᴂнᴂг сᴂ йᴂ армыл, Райгᴂ, кᴂстᴂртᴂм хᴂссы.

29.09.2019г