СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

ТЕСТЫ К УРОКАМ ОСЕТИНСКОЙ ЛИТЕРАТУРЫ

Категория: Литература

Нажмите, чтобы узнать подробности

В тестах содержится материал для 5 -11 классов

Просмотр содержимого документа
«ТЕСТЫ К УРОКАМ ОСЕТИНСКОЙ ЛИТЕРАТУРЫ»

ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ

(5 КЪЛАС)

1. Лæвæрд уацмыстæй адæмон аргъау нæу:

а) «Фаззæттæ»

æ) «Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг»

б) «Лæскъдзæрæн»

в) «Раст лæг æмæ зылын лæг»

2. Зындгонд литературон аргъауы æнахуыр насы мыггаг æрхаста:

а) булæмæргъ

æ) цæргæс

б) халон

в) зæрватыкк

3. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмбисонд нæу:

а) Цы байтауай, уый æркæрддзынæ.

æ) Зынг нæу, афтæмæй судзы.

б) Æвзæр йæ удæн тæрсы.

в) Абон дæ куыд хъæуы, райсом дæр дæ афтæ хъæуы.

4. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» нæ цæуыл ахуыр кæны?

а) Хорздзинад кæнын, æрдз æмæ цæрæгойты уарзын.

æ) Хистæртæм хъусын.

б) Хорз ахуыр кæнын.

в) Сыхæгтæн æххуыс кæнын.

5. Адæмон сфæлдыстады хуызтæм нæ хауы:

а) уыци- уыцитæ;

æ) кадджытæ;

б) таурæгътæ;

в) æмдзæвгæ.

6. Кадæг «Батрадз æмæ Хъулонзачъе уæйыг» - ы чи хъуамæ аскъæрдтаид нарты фос хизынмæ?

а) Уырызмæг кæмæн загътаид, уый.

æ) Сатана кæмæ равдыстаид, уый.

б) Кæй хал схаудтаид, уый.

в) Уырызмæджы къухæй кувæггаг чи райстаид, уый.

7. Аргъау «Фаззæттæ» - йы Сауийыл цы фыдбылыз æрцыд?

а) Къулбадæг ус æй ставддур фестын кодта.

æ) Хъæды йæ сырдтæ бахордтой.

б) Йæ фыды ус æй фырнадæй амардта.

в) Залиаг калм æй бахордта.

8. Аргъау «Сарты фырт» -ы цавæр æбуалгъ ми бакодтой Сарты кæстæр фыртæн йе’ фсымæртæ?

а) Марг ын бадардтой.

æ) Йæ цæстытæ йын скъахтой.

б) Доны йæ баппæрстой.

в) Йæ къæхтæ йын ралыг кодтой.

9. Дарчиты Дауыты аргъау «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау» - мæ гæсгæ раттут цыбыр характеристикæтæ дыууæ сыхагæн (хъæддзау æмæ Гæдойæн).

10. Ныффыссут цыбыр нывæцæн «Фæззыгон нывтæ».





ОЛИМПИАДОН ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ

(6 КЪЛАС)

1. Уацмыс «Дзæбидырдзуан» - ы автор у:

а) Гæдиаты Секъа

æ) Хетæгкаты Къоста

б) Коцойты Арсен

в) нæй йын автор (адæмон уацмыс у).



2. Кадæг «Сослан æмæ Тары фырттæ» - йы Сослан куыд фæуæлахиз Бибыцыл?

а) Арф денджызы йæ ныссæлын кодта æмæ йын йæ сæр ралыг кодта.

æ) Дыууæ фыры фæхостой уæйыджы.

б) Сатана йын баххуыс кодта.

в) Нарты фæсивæд амардтой Бибыцы.

3. Ирон адæмон сфæлдыстадмæ нæ хауы:

а) «Арвы айдæн»

æ) «Сидзæргæс»

б) «Цæхджын хойраджы аргъ»

в) «Антъоны зарæг»

4. Аргъау «Арвы айдæн» - æн йæ сæйраг хъуыды цæй мидæг ис?

а) Æнæкусгæйæ цард нæй.

æ) Райгуырæн бæстæ уарзын хъæуы.

б) Хистæрты зондмæ хъусын хъæуы.

в) Хорздзинад никуы сæфы.

5. Мæгуыр хæххон сылгоймаджы уæззау цард æвдыст цæуы:

а) Аргъау «Цæхджын хойраджы аргъ» - ы.

æ) «Балцы зарæг» - ы.

б) «Сидзæргæс» - ы.

в) Аргъау «Арвы айдæн» - ы.



6. Къостайы басня «Марходарæг» - ы сæйраг архайджытæ сты:

а) рувас æмæ бирæгъ;

æ) гæды æмæ мыст;

б) саг æмæ уызын;

в) куыдз æмæ гæды.

7. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ: « Рухсмæ æнæзивæг цомут æнгомæй»?

а) «Балцы зарæг»;

æ) «Чермены зарæг»;

б) «Антъоны зарæг»;

в) «Сидзæргæс».

8. Радзырд «Дзæбидырдзуан» - ы Тедойыл цы фыдбылыз æрцыдис?

а) Дурты зæйы бын фæци.

æ) Фæдзæгъæл ис æмæ кæмдæр ныссалд.

б) Талынджы былæй ахауд.

в) Кæйдæр нæмыг ыл суадис.

9. Цы базыдтат Чермены тыххæй? («Чермены зарæг» - мæ гæсгæ).









10. Ныффысут цыбыр нывæцæн «Мæ уарзон цæрæгой».





ОЛИМПИАДОН ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ 2010аз.

9 – ÆМ КЪЛАС



1. Цы зоныс фыццаг ирон чиныджы тыххæй? (Куыд хуындис? Кæм æмæ кæд фæзынд? Чи уыдысты йæ аразджытæ?)

2. Цавæр рухстауæн куыст кодта Колыты Аксо? Йæ поэтикон уацмыстæ йын ранымай.

3. Чи уыд Къоста? Кæд æмæ кæм райгуырд? Ранымай йын йæхи конд нывтæ.

4. Фыццаг профессионалон поэт чи уыд? Цы йын зоныс йæ царды хабæрттæй? Цавæр уацмыстæ йын зоныс?

5. Чи сарæзта фыццаг ирон Абеты чиныг? Цавæр литературон уацмыс ныффыста?

6. Цы у рефрен? Цавæр уацмысы фембæлдыстут рефреныл? Чи у йæ автор?

7. Æмдзæвгæ «Ныфс» - ы Къоста равдыста:

а) Йæ уарзондзинад райгуырæн зæхмæ;

æ) Йе’ нæуынондзинад хъæздгуытæм;

б) Фыд æмæ фырты цæстæнгас цардмæ;

в) Хæххон мæгуыр адæмы уæззау цард.

8. Лæвæрд литературон уацмыстæн чи сты сæ автортæ?

(«Хазби», «Азау», «Фатимæ», «Авд цухъхъайы», «Мах фыд», «Рынчын æмæ рынчынфæрсæг», «Алгъуызы кадæг», «Ногæй Ирыстоны», «Кæуæг айнæг»)

9. 1753 азы æрцыд ахæм цау:

а) Байгом фыццаг ирон скъола чызджытæн.

æ) Фæзынд фыццаг ирон чиныг.

б) Мыхуыры рацыд Къостайы «Ирон фæндыр»

в) Мæздæджы байгом фыццаг ирон дины скъола.

10. Чи у «Ирон хъæуы» автор? Цавæр у уацмысы жанр?

11. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? Чи сты сæ автортæ?

а) «Цард уæрдоны цалхау зилы, цардæн иу ран лæууæн нæй,

Иу фарс дзы куы уа уæлейæ, иннæ уæд вæййы бынæй…»

æ) Дысон-бонмæ бафынæй

Ме уæнгтæ нæ куырдтой,

Мæ цæстытæ дзагъырæй

Æрцъынд кæнын нæ куымдтой…

б) «Хъæубæстæй искæмæ ахсджиаг уазæг куы æрбафта, уæд ын

балæггад кæнынмæ Данел цæттæ у».



в) Ды марыс де’ фхæрд фыды барæй!

Хæрын мæ урс сæрæй æз ард,

Кæнын дын сомы стыр Хуыцауæй, -

Æрмæст дæ амонд у мæ цард…

12. Нартæ цавæр мыггæгтыл дих кодтой? Сæ хицæндзинæдтæ.

13. Бæх фæлдисыны æгъдау æвдыст æрцыд:

а) Хетæгкаты Къостайы «Уæлмæрдтæ» - йы

æ) Хъаныхъуаты И. «Ирон хъæуы»

б) Тугъанты Б. «Бæхдавæг» - ы

в) Гæдиаты С. «Азау» - ы

14. Ахæццæ кæн æмбисæндтæ кæронмæ:

* Хуры разæй дæр лæг…

* Чи цал æвзаджы зоны, …

* Арв куыд нæры, …

* Мыст къахта, къахта, æмæ…

* Бæлас куы афæлдæхы, уæд…

* Кæй уæрдоны бадыс, …



15. Нарты хуыздæртæ арæх дзырдтой: «Æнусон цардæй æнусон кад хуыздæр у». Куыд æмбарыс æмбисонды хъуыды? Ныффысс цыбыр сочинени - тæрхæттæ.



ОЛИМПИАДОН ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ 2010 аз.

8 – ÆМ КЪЛАС

1. Цы хонæм метафорæ, ? Литературон уацмыстæй æрхæсс дæнцæгтæ.

2. Фыццаг историон - хъайтарон зарæг? Цавæр цауы бындурыл фыст æрцыд?

3. Цы зоныс нарты Уацамонгæйы тыххæй?

4. Лæвæрд уацмыстæн чи сты сæ автортæ?

( «Дадолты мæт», «Азау», «Сидзæргæс», «Челе», «Хорхæссæг»)

5. Къостайы автобиографион уацмыс у:

а) «Ныстуан»

æ) «Тæхуды»

б) «Ныфс»

в) «Чи дæ?»

6. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

а) «Лæджы цæст ницы бафсаддзæн сыджыты йеддæмæ. Цæстæн цас фылдæр уа, уыйас æй фылдæр хъæуы. Лæг куы амæлы, æмæ йыл сыджыт куы бакалынц, уæд бафсæды, ницыуал æй фæхъæуы».

æ) «Куыд фæрæзта уыйас,-

Æппæтæй дæр фаг!

Фæцардтæн æм иу аз,

Фæдæн æм дыккаг…»

б) «Арф ингæн комы та сæмбæлдысты фыд æмæ фырт, фæлæ ацы хатт кæрæдзийы нал базыдтой».

7. Адарддæр кæн зындгонд рæнхъытæ. Чи у сæ автор?

* Сæрдæй, зымæгæй…

* Раджы хохы цъуппæй касти…

* Æз дæ зарынмæ куы хъусын…

8. Æмбисæндтæн сæ райдайæн баххæст кæн:

… йæ сыкъа сæтты.

… , дыууæ – хуыздæр.

… æмæ фарн йемæ хæссы.

… , райсом дæр дæ афтæ хъæуы.

фурды не’ ййафы.

9. Адæм зарæг кæуыл æрхъуыды кодтой, уыцы хъæбатыр Хазби уыд:

а) Кодзыртæй

æ) Тлаттатæй

б) Алыккатæй

в) Хъаныхъуатæй

10. Кæд æмæ кæм райгуырд Къоста? Кæмыты ахуыр кодта? Куыд хуыйны йе’ мдзæвгæты æмбырдгонд?

11. Нæртон хъайтарты тыххæй цы зоныс, уый цыбыртæй ныффысс:

Уырызмæг – …

Батрадз – …

Сатана – …

Сослан – …

Сырдон – …

Ацæмæз – …

12. Ныффысс цыбыр сочинени ахæм темæйыл: «Мад хъæбулæн у йæ хур».



ОЛИМПИАДОН ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ 2010 аз.

7 – ÆМ КЪЛАС

1. Адæмон сфæлдыстады хуызтæм нæ хауы:

а) таурæгъ б) кадæг

æ) балладæ в) æмбисонд

2. Таурæгъ «Ларс æмæ Хуха» - йы сæйраг хъуыды у:

а) Зивæггæнаг адæймаг цард никуы ссардзæн.

æ) Ныййарæг мад зынаргъ у.

б) Худинаджы бæсты мæлæт хуыздæр.

в) Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын хъæуы знагæй.

3. Цавæр æвирхъау ми бакодта Арагуийы Ерыстау æлдар Хъуды комы сывæллæттæн?

а) Стыр цæугæдоны сæ ныккалын кодта.

æ) Банай сæ кæнын кодта бæхтæй.

б) Басудзын сæ кодта.

в) Фехсын сæ кодта.

4. Сырдон нарты иумæйаг хæдзармæ цавæр фау æрхаста дыккаг хатт?

а) Хæдзар æгæр гыццыл у.

æ) Хурыскæсæнырдыгæй къуымы ницы ис.

б) Хæдзар фидар арæзт нæу.

в) Хæдзары астæу ницы ис.

5. Цавæр литературон аргъау ныффыста Къоста?

а) «Гæмæт»

æ) «Дыууæ дидинæджы»

б) «Фаззæттæ»

в) «Лæскъдзæрæн»

6. Зындгонд рæнхъытæ баххæст кæн цухгонд дзырдтæй: Чи у сæ автор?

а) Тызмæгæй мæм ма _____,

Мæ ________ зæронд,

Дæ _________ ма хæсс

Мæ зæрдæйы ________ .



æ) Кæй чызг мыл ыскæндзæн ____________ хъарæг,

Кæй кæуынæй __________ къæдзæх.



б) Адæмæн сæ ________ уæттæ

________ , райдзастæй лæууынц,

Махæн та нæ ___________

Уазал ___________ кæуынц.



в) Алчи _____________

____________ фæхоны.

Бирæгъ ______ кæй кæны, -

__________ зоны.

7. Кодзырты Таймураз тох кодта:

а) паддзахы ныхмæ б) æлдæртты ныхмæ

æ) урсгвардионты ныхмæ в) гуырдзиаг меньшевикты ныхмæ

8. Цы хонæм метоними?

9. Лæвæрд хъуыдыйæдтæй æмбисонд нæу:

а) Фыды хæс фырт фиды.

æ) Дзургæ нæ кæны, афтæмæй адæмæн зонд амоны.

б) Хорз бæхы ехс нæ хъæуы.

в) Иу лæгæй æфсад нæй.

10. Ныффысс цыбыр сочинени ахæм темæйыл: «Мæ хуыздæр æмбал»

ОЛИМПИАДОН ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ 2010 аз.

10 къл.

.«Тарст адæм уыдæттæ куы федтой , уæд сæ бауырныдта, æцæг сæ цагъарон æфсондз кæй ахаудта: фырцинæй чи цæссыг калдта, чи худгæ, чи кафгæ кодта. Ныронг знаг чи уыди, уыдон дæр фырцинæй кæрæдзийæн хъæбыстæ æмæ пъатæ кодтой.»

Ацы рæнхъытæй фæуд кæны Коцойты Арсены радзырд

1. «Æмбæлттæ»

2. « Æнæном радзырд»

3. «Æнхъæл нæ уыдысты»

2. «Хицау дæн æмæ æгæр зын у мæ хъуыддаг. Бирæ æфсарм мыл бады. Хъуыддаг куы фæхъæр уа, уæд хæрз сæфт кæнын…»

Ацы ныхæстæ загъта:

1. Батырбег

2. Денщик

3. Иван Кузьмич Топтыго

3. Коцойты Арсены радзырд «Æнæном радзырд»-ы æвдыст æрцыд

1. Мæгуыр адæмæй рацæугæ интеллигенты хъысмæт

2. Тугисыны æгъдау æмæ йæ фæстиуджытæ

3. Мидхæсты цаутæ

4. Чи у ирон драматургийы бындурæвæрæг?

5. Æлдæртты фыдæгъдæуттæ, сæ фыдмитæ æвдыст æрцыдысты

1. Гæдиаты Цомахъы драмæ «Ос-Бæгъатыр»-ы

2. Коцойты Арсены радзырд «Æмбæлттæ»-йы

3. Брытъиаты Елбыздыхъойы драмæ «Дыууæ хойы»

6. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ цухгонд дзырдтæй баххæст кæн. Цавæр æмдзæвгæтæй ист сты?

а)Дзыллæйы …уæ исчи фæриссæд

æ) Куы…искуы мæ хæс

б) Æрцыдтæн…Мæхицæй…

Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр…

в) Мæ хæлар,…, æнæзонгæ уарзон!

Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?.



7. Куыд баст у Хетæгкаты Къостайы цард ирон чызджыты фыццаг скъолайы номимæ?



8. .Ныффысс , цы хонæм басня. Цавæр баснятæ зоныс æмæ чи сты сæ автортæ?



9. «Ног фæлтæртæ цæмæй хорз хъомыл кæной, уымæн хъæуы ахуыр æмæ размæдзыд бинонтæ,æмæ ахæм бинонтæ саразынæн та хъæуы, фыццаджы-фыццаг, ахуыр æмæ размæдзыд сылгоймаг-мад».

Кæй ныхæстæ сты æмæ цавæр мадзæлттæ сарæзта сæ сæххæст кæнынмæ?



10 . Ныффысс цыбыр нывæцæн «Мæ уарзон литературон хъайтар»

ОЛИМПИАДОН ФÆРСТЫТÆ ИРОН ЛИТЕРАТУРÆЙÆ

2010 аз.

11 кълас

1. Гафез йæ роман «Уæ бонтæ хорз, адæм!»-ы равдыста

1. Æлдæртты ныхмæ тох

2. Адæмы гуманизм

3. Æрыгон адæймаджы фæлгонц

2. «Æз къæцæлын чындз нæ дæн. Ардæм мæхи æвдисынмæ не ‘рцыдтæн. Мæнæн ис бынат! Æндæр куыст мæн нæ хъæуы.»

Ацы рæнхъытæ загъта

1. «Уæ бонтæ хорз, адæм!»-ы—Ирæ

2. «Сидзæргæс»-ы—Нуца

3. «Дыууæ хойы»-йы—Асиат

3. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты трагикон фæстиуджытæ æвдыст æрцыдысты

1. Хъуылаты Созырыхъойы радзырд «Иудзонгон»-ы

2. Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Сау цæстытæ»-йы

3. Дзугаты Георгийы поэмæ «Бындзыг»-ы

4. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ? Цавæр у уацмысы идейон мидис?

Дæ зæрдыл дар: дæ фæндагыл куы уа

Рæсугъд нысан – æрдæгвæндагыл ма лæуу:

Фæнды мæлæт дæ развæдыл лæууæд –

Цу нысанмæ, зындзинæдтæй-иу ма тæрс,

Æмæ дын хох къæсæр уыдзæни, фурд та

Дæ фадхъултæй нæ кæлдзæни уæлдæр.

5. Цавæртæ сты ацы уацмыстæ сæ жанртæм гæсгæ? Чи сты сæ автортæ?

«Авд цухъхъайы», «Уый», «Æнхъæл нæ уыдысты», «Ос-Бæгъатыр», «Хидыл», «Саст рæхыс», «Мæсгуыты бæстæ».

6. «Цавæр диссаджы фæндыр у? Кæм дзы цъиуты цъыбар-цъыбур райхъуысы, куы æхсæрдзæны хъазт,кæм дæтты зарæг, куы зæрдæйы сусæг улæфт, кæм та мады æнæфæуд хъарæг…»

Ацы рæнхъытæ загъта

1. Барахъты Гинойы «Бæстырæсугъд»-ы— Канаты Афæхъо

2. Цæгæраты Максимы «Мады зарæг»-ы—Афай

3. Гафезы «Уæ бонтæ хорз, адæм!»-ы—Сосе

7. Цæрукъаты Алыксандры сонет «Шекспирæн»-ы сæйраг хъуыды у

1. Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад.

2. Ивгъуыд уарзты æнкъарæнтæ

3. Генион æрмдзæфы æнусон ахадындзинад

8. Саби æмæ æрдзы гармонион иудзинад Цæрукъаты Алыксандр равдыста

1. «Мæ кувæндоны къæсæрыл»-ы

2. «Ныхас авдæны сывæллонимæ»-йы

3. «Рох симфони»-йы

9. Ранымай эпикон таурæгъон литературæйы сæйраг хуызтæ.



10. Ныффысс цыбыр нывæцæн «Мæ абоны царды цин æмæ хъыг»