СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Уалдзæджы та нæм æртæхтысты цъиутæ!

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урочы æрмæг: презентацион æрмæг, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ, музыкæ, равдыст «Сывæллæтты сфæлдыстад (нывтæ, проектон куыстытæ)».

Просмотр содержимого документа
«Уалдзæджы та нæм æртæхтысты цъиутæ!»

3 «А» кълас. 28.04.2015

Урочы темæ: Уалдзæджы та нæм æртæхтысты цъиутæ!

Грамматикон темæ: Миногон.

Нысантæ: 1. Ахуырдзаутызонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.

2. Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын.

3. Цæрæгойтæм уарзон цæстæй кæсыныл, æрдзы рæсугъддзинад æнкъарын æмæ хъахъхъæныныл ахуыр кæнын.



Урочы æрмæг: презентацион æрмæг, интерактивон фæйнæг, карточкæтæ хæслæвæрдтимæ, музыкæ, равдыст «Сывæллæтты сфæлдыстад (нывтæ, проектон куыстытæ)».



Эпиграф: «Кæд зæххыл диссаг зæгъæн истæмæй ис, уæд уый у уалдзæг».



Урочы цыд:



I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Уæ бон хорз! Диссаджы рæсугъд бон скодта, æмæ нæ зæрдæ дæр афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй цæмæй байдзаг уа, ууыл бацархайæм.

- Нæ абоны урок у цымыдисаг.

- Ис нæм уазджытæ.

- Раттут сын салам.

1. Мотивацион уавæр.

Хъуысы музыкæ (Медойты Светлана «Уалдзæг»).

-Уалдзæг … Цы ма уымæй рæсугъддæр нæй æмæ цымыдисагдæр сабитæн!

Æмæ цас ногдзинæдтæ æрхæссы йемæ, уый та! Хуссæрттæ стæфсынц, мит атайы æмæ …

Æмæ куыд диссаг у кæрдæджы цъæх судзин йæ был куы сдары, бæласы къуыбар куы атъæпп ласы, цъиутæ куы ныззарынц сæ цины зарæг..!

Бакæсын Цомартаты Дунетханы æмдзæвгæ «Уалдзæджы нывтæй» (скъоладзау кæсы ).

Ногæй та быдыртæ, хъæдтæ

Скодтой цъæх гауызæй кæрц.

Зарынц та арф кæмттæй дæттæ,

Райхъал йæ тарф фынтæй æрдз.

- Цавæр афæдзы афоныл кой цæуы æмдзæвгæйы?

Сыв. бакæсæм ма нæ урочы эпиграф.

Сбæрæг кæнын эпиграфы нысаниуæг.

- Цæмæй диссаг у уалдзæджы æрцыд?

(Хур тынгдæр тавы, кæрдæг фæцъæх, дидинджытæ фæзындысты, цъиутæ æртахтысты).

- Уазæгуаты та нæм цавæр цъиутæ æртахтысты? (Зæрватыкк, булæмæргъ, дзывылдар, сауцъиу).

- Сывæллæттæ, цæуыл дзурдзыстæм нæ урочы? (Уалдзæгыл, цъиуты тыххæй, уалдзæджы миниуджытыл, цъиутæ нæм æртахтысты). (Уалдзæджы та нæм æртахтысты цъиутæ!)



II. Фонетикон ифтыгъд.

- Скæнæм уал фонетикон зарядкæ.

(фæйнæгыл разындысты кавказаг мыртæ цы дамгъæтæ нысан кæнынц, уыдон).

- Кæсæм иумæ.

(фæзындысты фæйнæгыл цъиуты нæмттæ кавказаг мыртимæ)

- Булæмæргъ – соловей, дзывылдар – трясогузка, хърихъупп – журавль, хъæдхой – дятел, хъæрццыгъа – коршун.



III. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

- Сывæллæттæ, хæдзармæкуыст уын лæвæрд уыд, æмдзæвгæтæ сахуыр кæнын мæрты тыххæй.

- Кæсæм æмдзæвгæтæ

«Цъиутæ æртахтысты» - Гулуты Андрей

«Булæмæргъ» - Плиты Харитон

«Хъæдхой» - Айларты Чермен

«Кæсаглас» - Плиты Харитон

«Зæрватыкк» - Хетæгкаты Къоста

Дыууæ скъоладзауы кæсынц проектон æрмæг, цъиуты тыххæй

(фæйнæгыл цъиутæ радыгай æвдыст цæуынц).

- Сывæллæттæ, иу дзырдæй сæ куыд схонæн ис? (Мæргътæ)

- Ацы мæргътæй æппæты фылдæр цавæр уарзут? (Æз уарзын булæмæргъ, æз та зæрватыкк, æз дæр зæрватыкк).

- Сывæллæттæ, цавæр цъиу у зæрватыкк? (рæсугъд, æвзыгъд, уæздан, хъæлдзæг, зондджын).

Зæрватыкк нæ йе’ртахтæй хурау бахъарм кæны. (фæйнæгыл фæзынд хур).

- Зæрватыччы миниуджыт цы дзырдтæ æвдисынц, уыдон чи сбæрæг кæндзæн фæйнæгыл?

- Цавæр фарстатæн дзуапп дæттынц ацы дзырдтæ, æмæ цы æвдисынц?

(Ацы дзырдтæ æвдисынц предметы миниуджытæ æмæ домынц фарст, цавæр, цыхуызæн?).

- Куыд хонæм уыцы ныхысы хай, кæцы æвдисы предметы миниуæг, æмæ домы фарстатæн цавæр, цыхузæн? (Миногон)

- Уæдæ ма абон нæ урокæн цавæр грамматикон темæ ис? Чи зæгъдзæн? (Миногон)

- Цымæ миногон йæхи тыххæй цы радзурид?

Æз дæн сæрмагонд ныхасы хай

Æвдисын предметы миниуæг,

Дзуапп дæттын ахæм фарстатæн цавæр, цыхуызæн?

Цæрын хæларæй номдаримæ.

  • Интерактивон фæйнæгыл куыст.

Хуыдыйæдтæ баххæст кæнын хъæугæ миногонтæй.

  1. Ралæууыдысты ……. бонтæ. (уалдзыгон)

  2. Бæлæстыл фæзындис ……. сыфтæр (цъæх)

  3. Цъиутæ æртахтысты …… бæстæй (хъарм)

  4. Дзывылдар …… зарджытæ кæны (хъæлдзæг)

  5. Зæрватыччытæ аразынц ……. ахстæттæ. (рæсугъд)

IV. Физминуткæ. «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

Хъомыладон куыст.

- Куыд уæм фæкаст, сывæллæттæ раст бакодтой, цъиу кæй ауагътой, уымæй?

- Уæдæ цæмæн афтæ бирæ уарзæм цъиуты?

- Цæмæн сын тынг æнхъæлмæ фæкæсæм се’ртахтмæ? (Уымæн æмæ сты рæсугъд, æрдзы фидауц. Уымæн æмæ нын рæсугъд зарынц).

- Æмæ сæ æрмæст уый тыхæй уарзæм?

- Цы пайда нын хæссынц?

(Бæлæстæ дзæбæх кæнынц, сæ зулчъытæ сын уидзынц, рæмпæгæй сæ хизынц).

- Зæгъæм хъæдхой, дзæгъæлы йæ нæ хонынц бæлæсты дохтыр.

- Уæдæ цавæр цæстæнгас дарæм цъиутæм? (Цъиуты марын нæ хъæуы, ахстæттæ халын не’мбæлы, зымæгмæ сын хъæуы хæрæндæттæ аразын, уалдзæгмæ та - ахстæттæ).

- Абоны урокмæ куыд бацæттæ кодтат, уымæ гæсгæ мæн уырны, мæргътæм хорз цæстæнгас кæй дадзыстут, уый.

(Æвдыст цæуын скъоладзаутæ цъиутæн цы ахстæттæ сарæзтой, уыдон)



V. Чиныгимæ куыст.

1. Дзырдуатон куыст (интерактивон фæйнæгыл)

Бæласы талатæ – саженцы

Мæнæн – мне

Иннæтæ – другие

Кæстæртæ – младшие

Æрæгмæ – поздно

- Цавæр синоним ис дзырд «Кæстæр-æн»? (фæсивæд, æрыгæттæ). Лексикон куыст.

- Æрхъуыды кæнут семæ дзырдбæстытæ.



VI. Беседæ текстмæ гæсгæ.

- Цы ми кодта зæронд лæг? (сагъта фæткъуы бæласы талатæ)

- Куыд загътой зæронд лæгæн? (бакæсын уыцы рæнхъытæ тексты)

- Цавæр дзуапп сын ратта зæронд лæг?



VII. Тестытыл бакусын текстмæ гæсгæ.



VIII. Къордтæй куыст.

1. Æмбисæндтæ баххæст кæнын хъæугæ дзырдтæй.

2. Ратæлмац кæнын хъуыдыйад, уырыссаг æвзагæй иронмæ.



Зарæг «Уалдзæг».

- Ныр та нæхи аирхæфсæм зарæджы фæрцы.



IX. Рефлекси.

1. Ацы урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыд?

2. Цы уын рауад хуыздæр?

3. Ногæй цы базыдтат урочы?

4. Цавæр бæрæггæнæнтæ сæвæриккат уæхицæн?



X. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын. Уыци-уыцитæ сахуыр кæнын.