Урочы темӕ: «Уарзт ӕцӕг у, ᾿ рымысгӕ - мӕлӕт».
(Дзугаты Георгийы ӕмдзӕвгӕ « Ма кӕ»-мӕ гӕсгӕ.)
Урочы эпигрӕф: Хочу любовь провозгласить страною
Чтобы все там жили в мире.
Чтоб начинался гимн ее строкою:
«Любовь всего превыше на земле.»
Расул Гамзатов
Урочы нысантӕ: 1 Базонгӕ Георгийы уарзондзинады лирикӕимӕ.
2 Дзургӕ ныхасы рӕзтыл бакусын.
3 Эстетикон ӕнкъарӕнтӕ хъомыл кӕнын скъоладзауты зӕрдӕты.
Нырыккон технологитӕурочы: проблемондзинад,информацион технологитӕ.
Урочы цыд:
Ахуыргӕнӕг: - Мӕ хӕлӕрттӕ ,абоны урокмӕ бирӕ хуынтимӕ кӕй ӕрбацыдыстут ,уый уынын. Дих уыдис 2 къордыл ,алы къордӕн дӕр уыд хицӕн хӕслӕвӕрд. Куыд сарӕхстыстут ,уый та нӕ урочы равзардзыстӕм.
1 Скъоладзау дзуры : - Уарзондзинады темӕ кӕцыфӕнды адӕмы культурӕйы ахсы зынгӕ бынат, уымӕн ӕмӕ уый у ӕнкъарӕнты рӕсугъддӕр ӕмӕ диссагдӕр . Хуызджын ахорӕнтӕй йӕ сныв кодтой нывгӕнджытӕ, алӕмӕты зӕлтӕй йӕ снывӕстой композитортӕ . Ӕппӕт дунейы уарзондзинады литературон цыртдзӕвӕныл нымад сты Шекспиры «Ромео ӕмӕ Джульеттӕ»,Петраркӕйы сонеттӕ ,Пушкины ӕмӕ Есенины
1
ӕнӕмӕлгӕ лирикӕ.Уарзондзинад бӕрзонд ӕмӕ сӕрибар ӕнкъарӕн у,сӕуӕхсидау ирд,цӕссыгау сыгъдӕг.
«Цӕимӕ ис абарӕн уарзт-уыцы диссаджы удсыгъдӕггӕнӕн ӕнкъарӕн ,сабийы зӕрдӕйау хивӕнд чи у,зӕронд лӕгау зондджын,арвау - парахат.Йӕ тыхы ахаст ын абариккам мӕлӕты тасимӕ, фӕлӕ лӕг йӕ уарзты фӕдыл мӕлӕтмӕ дӕр цӕуы», - фыссы Малиты Васо.
Алы адӕм сӕхирдыгонау ӕмбӕрстой уарзондзинад, кодтой йын аргъ, арӕзтой сӕхи философи,ӕвдыстой дзы сӕ национ культурӕйы хицӕндзинӕдтӕ.
Кадавар у ирон поэзийы мидӕг интимон лирикӕ.Уымӕн та ис аххосӕгтӕ : тызмӕг ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ ирон этикет фидар хӕцыдысты ӕнкъарӕнты рохтыл .Уӕлдай карздӕр домӕнтӕ уыд сылгоймагмӕ.Уырыссаг поэттӕ сылгоймагимӕ куыд ӕргом ныхас кӕнынц ,афтӕ дзурӕн нӕ уыд ирон сылгоймагмӕ.
Ахуыргӕнӕг: - Ӕмдзӕвгӕ «Ма кӕ»-йы лирикон герой фӕдзӕхсы «цъӕхдзаст» фӕлмӕнтӕдзураг чызджы ,цӕмӕй лӕппуйы зӕрдӕйы рагон хъӕдгом ма агайа. Лирикон геройы цӕстытыл ауайы йӕ кӕддӕры уарзоны сурӕт.
Ехх,цы цӕстытӕ уыдысты!
Ехх,цы хъару мыл ӕфтыдтой!
Раст,цъӕх денджызтау,зындысты,
Раст, ыстъалытау ,ӕрттывтой.
Георги пайда кӕны абарстытӕй : чызджы цӕстытӕ – «денджызтау», «стъалытау».Метафорӕ –«Судзгӕ зӕрдӕйы ӕнусмӕ//Сагъдӕй чи ныууагъта хъама».
Георги зоны, ирон хӕдзармӕ лӕппуйы номӕй дзырдӕуы. 2
Фӕлӕ уыцы лӕппу дӕ уарзон куы уа уӕд та? Ирон уарзондзинад ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст у.Лирикон хъайтар бады къӕсӕрмӕ ӕввахс,мыййаг, куы нӕ фӕлӕууа йӕ зӕрдӕ,куы ракӕса кӕртмӕ,ӕмӕ йӕ сусӕг уарзт куы сӕргом уа!
Уый нӕ уӕндыди нӕ кӕртӕй
Махмӕ бадзурын мӕ номӕй.
Мачи ракӕса мӕ бӕсты –
Бадтӕн алы хатт кӕронӕй…
Георгийы интимон лирикӕйы хъайтары ахаст йӕ уарзон чызгмӕ у уӕздан. Цавӕрдӕр аххосӕгтӕм гӕсгӕ дыууӕ ӕвзонг уды куы фӕхицӕн вӕййынц ,уӕддӕр ивгъуыд уарзты рухс лӕдӕрсы лӕппуйы зӕрдӕйӕ ,ӕнусмӕ дзы судзгӕ фӕд ныууадзы.
Ахуыргӕнӕг: 1 -аг къорды иртасджытӕн хӕс лӕвӕрд уыдис. Дунейы диссӕгтӕй иуы тыххӕй ӕрмӕг ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ йӕ абон нӕ урокмӕ ӕрбахӕссын.
Равзарӕм нӕ урочы эпигрӕф, кӕй рӕнхъытӕ сты,цы зӕгъынмӕ хъавы поэт?
2 къорды иртасджытӕ дзурынц Тадж –Махалы тыххӕй. Мавзолей Тадж – Махал ис Индийы ,цӕугӕдон Джамнӕйы был.Урс мраморӕй амад рӕсугъд ӕмӕ хӕрзаив къулты уӕлӕ хъӕдындзы бынтау хӕрдмӕ фӕцыдысты ӕхсырхуыз фондз цъупсӕры ,ӕмбӕлынц арвы тыгъдадыл.75 метыры бӕрзӕндӕн диссаджы архитектурон галуан адӕймаджы цӕст йӕхимӕ сайы кӕцыфӕнды афон дӕр:райсомӕй уа,ӕмбисбон,изӕрӕй,ӕви мӕйрухс ӕхсӕв,къӕвда бон уа,хурбон. Йӕ рӕсугъддзинадыл нӕ тых кӕны нӕдӕр ӕрдзон фӕзынд,нӕдӕр адӕймаджы ӕрхуым зӕрдӕйы уаг. 3
Шах Джахан Индийы паддзахиуӕг кодта 1627 -1658 азты.Йӕ ном фӕстагӕттӕн баззад нӕдӕр йӕ уӕлахизты ,нӕдӕр йӕ
фыдгӕндты фӕрцы.Тадж -Махал ӕй фӕлтӕртӕн рох кӕнын нӕ уадзы.
Шах –Джаханӕн уыд рӕсугъд ӕмӕ зондджын ус Мумтаз – Махал. Кӕрӕдзийыл ӕрхъӕцмӕ дӕр нӕ лӕууыдысты .Фидар уыд сӕ уарзондзинад .Фӕлӕ 1629 азы, сӕ иумӕйаг царды ӕвддӕсӕм азы, Мумтаз – Махал йӕ цыппӕрдӕсӕм сывӕллон ныййарыны фӕстӕ амард. Кӕрон нал уыд Шах –Джаханы хъыг ӕмӕ мастӕн! Йӕ уарзон къайы фӕстӕ йын цард ад нал кодта. Шах йӕ усы баныгӕдта цӕугӕдон Джамнӕйы был ӕмӕ йын цыртӕн та сӕвӕрдта , «дунейы чи никуыма уыд,ахӕм».Йӕ хъыг ,йӕ маст зӕххыл нӕ цыдысты ,ӕмӕ сӕ сфӕнд кодта бавӕрын ,абоны онг фӕлтӕрты цӕст чи рӕвдауы ,уыцы мавзолей Тадж – Махалы… Гъе,ахӕм у Шах –Джаханы уарзондзинады кадӕг йӕ цардӕмбал Мумтаз –Махалмӕ.Ӕнусон кадӕг. Йӕ рӕсугъд ӕвдисӕн - Тадж – Махал.
Ахуыргӕнг: -Бузныг ,цымыдисаг ӕрмӕг ӕрӕмбырд кодтат. 2-аг къорд историктӕн дӕр уыдис хӕслӕвӕрд бынӕттон ӕрмӕгыл афӕлгӕсын ,сымах та цӕуыл бакуыстат.
Улӕфт - релаксаци . Зарӕг «Уарзты фӕндыр». Галуанты Людмилӕйы ныхӕстӕ зары Фидараты Тамарӕ.
2 –аг къорд. - Мах та уын радзурдзыстӕм Дзӕуджыхъӕуы цӕугӕдон Терчы был Сунниты мӕзджыты тыххӕй. Ӕддаг бакастӕй – рӕсугъд ,йӕ истории - ӕнкъарӕнтимӕ баст. Ирыстонӕн ӕй лӕвары хуызы саразын кодта нӕ азербаджайнаг сиахс Муртуза Мухтаров.Мӕзджыты архитектор уыд Иосиф Гаспарович Плошко. Муртуза уыд бакуыйаг нефткуыстгӕнӕг - миллионер. Тугъанаты Хамбийы чызг Лизӕйы цы уысм федта ,уӕд банкъардта ,йӕ амонд кӕй у уый, равзӕрста йӕ 4
йӕхицӕн цардӕмбалӕн. Барвыста минӕвӕрттӕ инӕлар Тугъанты Хамбийы хӕдзармӕ…Мӕнӕ чындзӕхсӕвы бон дӕр. Амӕй ай зынаргъдӕр лӕвӕрттӕ сласта Мухтаров йӕ каисты хӕдзармӕ.Ӕртӕ боны фӕстӕ 30 ӕрыгон джигиты урс цухъхъаты,урс бӕхтыл уадысты фаэтоны алыварс. Фаэтон
Муртуза саразын кодта Варшавӕйы. Фидар уыд сӕ уарзондзинад Лизӕ ӕмӕ Муртузайӕн ,ӕнӕ кӕрӕдзи иу бон дӕр нӕ фӕрӕзтой. Сӕ цард уыд аргъауы хуызӕн,фӕлӕ ,хъыгагӕн, ӕвзӕр кӕронимӕ.1920 азы сырх ӕфсӕддонтӕ бацахстой Мухтаровы хӕдзар. Муртуза дзы дыууӕйы фехста, фӕстаг нӕмыгӕй та фехста йӕхи. Лизӕйы ныппӕрстой йӕ хӕдзары ныккӕнды. Лизӕ куыддӕртӕй афтыдис Стамбулмӕ ,ӕрцард йӕ фыды фсымӕры лӕппуйы хӕдзары .Тугъанты Тӕтӕрсауы бинонтимӕ фӕцард суанг 1956 азмӕ, йӕ амӕлӕты бонмӕ. Гъе, ахӕм ӕнкъард историимӕ баст у Сунниты мӕзджыт.
Ахуыргӕнӕг: Бузныг зӕгъын сымахӕн дӕр .Бӕстон куыст бакодтат. Мӕ дзӕбӕх ,хӕлӕрттӕ, мӕ зардӕ уын зӕгъы, цӕмӕй сымах дӕр искӕд бауарзат сыгъдӕг уарзтӕй.
Нӕ урокӕн хатдзӕгтӕ скӕнӕм.
Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
Хӕдзармӕ куыст 1 Равзарут ӕмдзӕвгӕйы аивадон фӕрӕзтӕ, абарсты экспрессии.
2 Ӕмдзӕвгӕ аив кӕсын.
3 Ссарын уарзондзинадыл фыст ӕмдзӕвгӕтӕ.
5