Цхуырбаты Зарæ
Къостайыхъæуы скъолайы ахуыргæнаг
Ирон æвзаджы урок 6-œм къласы
Урочы темӕ:«Фыды лымӕн – фырты хӕзна!»
Нымӕцон (фӕлхат кӕнын)
Урочы нысантæ:
1.Нымæцонæй рацыд œрмœг сфœлхат кœнын.
2 Ахуыргӕнинӕгты коммуникативондзинад
уӕрӕхдӕр кӕнын.
3. Разæнгард сæ кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.
Ахуыр кӕнын сывӕллӕтты аргъ кӕнын ӕмбалдзинад ӕмӕ ирон ӕгъдӕуттӕн.
Урочы фæлгонц:
презентации,чингуытӕ,тетрӕдтӕ,сыфтӕ хӕслӕвӕрдтимӕ (текст,дзырдбыд),музыкалон фӕрӕз,предметон нывтӕ.
Фӕйнӕгыл.
Нымӕц (Тӕргӕйтты мӕцы фыццӕгӕм бон ).
«Фыды лымӕн -»
Ӕгомыг таблицӕтӕ
Урочы цыд.
Бацæттæгæнæн рæстæг .
Экраныл разынд мӕсыг(слайд)
Райхъуыст мелоди… Ахуыргӕнинаг кӕсы ӕмдзӕвгӕ.
КУЫ НӔ УАИД НӔ ЦӔДИСЫ ХӔЛАРАД
НЫККОДТАИД НӔ КЪӔХТЫ БЫН ӔЗНАГ
ӔМГАРДЗИНАД ЛӔГӔН ХӔССЫ ӔНЦОЙАД
ӔМГАРДЗИНАДӔЙ ФИДАР КӔНЫ ЦАРД!
Ахуыргӕнӕг:
- Нӕ фыдӕлтӕй нӕм баззад бирӕ хорз ӕмбисӕндтӕ, уыдонӕй иу фӕйнӕгыл ӕрдӕгфыст,кӕронмӕ йӕ фӕстӕдӕр баххӕст кӕндзыстӕм…
Ӕвӕццӕгӕн,алчидӕр разы у,ӕмбалдзинадыл нӕ хистӕртыл кӕй ахуыр кӕнӕм, уыимӕ.
Рагӕй дӕр ирон адӕм кад кодтой лӕгдзинад, ӕхсар, ныфс ӕмӕ ӕгъдау бӕрзонд ӕвӕрд кӕмӕ уыдысты, ахӕм ӕмбӕлттӕн. Амондджын ӕмӕ хъал уыд уый, царды ӕцӕг ӕмбал кӕмӕн уыд. Балцы цӕугӕйӕ нӕ хистӕртӕн сӕ ахсджиаг куывд уыд «Ӕмгарджын у!», зӕгъгӕ.
Фарст:
Куыд ӕмбарут сымах та ӕцӕг ӕмбалдзинад?
Дзуапп:
-Ӕцӕг ӕмбал зын сахат дӕ цуры ӕрбалӕууы…
-Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ йӕхи ӕмбал чи фӕхоны, уый зӕрдиагӕй нӕ бацин кӕны йе'мбалы хорздзинадыл…
Фарст:
Цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа ӕмбалмӕ?
Дзуапп:
-Ӕгъдау,дзыхылхӕст,ӕфсарм,ӕнӕхиндзинад…..
Фарст:
Цавӕр ӕмбисӕндтӕ зонут ӕмбалдзинады тыххӕй?Бамбарын ма сын кӕнут сӕ хъуыды…
Дзуапп:
- Бирӕ мулкӕй бирӕ лымӕн хуыздӕр у.
- Ӕнӕ ӕмбалӕй куывдмӕ дӕр ма цу.
-Лӕг йӕ лымӕнӕй бӕрӕг у.
-Ӕрдхорд ӕмбӕлттӕӕфсад сты.
Уӕдӕ кӕд исты таурӕгътӕ дӕр зонут ӕмбӕлтты тыххӕй?
Ахуыргӕнинаг дзуры таурӕгъ дыууӕ ӕрдхорды тыххӕй.
Фарст:
Цавӕр ӕнкъарӕнтӕ гуырын кӕны ацы таурӕгъ уӕ зӕрдӕты? Ирон адӕмы ӕнгомдӕр ӕмӕ фидардӕр цы кӕны?
Дзуапп:
-Ӕцӕг ӕмбал никуы ӕмӕ ницы бавгъау кӕндзӕн йе'рдхордӕн, суанг йӕ цард дӕр.
- Ӕрдхорддзинад фидар ӕмӕ рӕсугъддӕр кӕны адӕймаджы миддуне.
3. Ӕркӕсӕм ма дзырд «ӕмбал»-ӕн йӕ равзӕрдмӕ(слайд).
Дзырды этимологи (ӕм + бал) къорд, раздӕр нысан кодта балцы цӕуыны ӕмбал.
4.Фарст:
Цавӕр синонимтӕӕмӕ антонимтӕ ссарӕн ис дзырд «ӕмбал»-мӕ?
Дзуапп:
- ӕрдхорд, хӕлар, ӕмгар, лымӕн
- знаг, фыдгул
Фарст:
-Уӕдӕ «ӕрдхорд» та афтӕ цӕмӕн хуыйны?
Дзуапп:
-Ӕрдхорддзинад фидаргӕнгӕйӕ -иу фидӕны ӕфсымӕртӕ ард бахордтой, кӕрӕдзиуыл иузӕрдон кӕй нӕ уыдзысты.
Фарст:
-Уӕдӕ цавӕр хъуыдыйӕ баххӕст кӕндзыстӕм фӕйнӕгыл цы ӕмбисонд ис, уый?
- «ФЫДЫ ЛЫМӔН- ФЫРТЫ ХӔЗНА», кӕцы у нӕ урочы ныхасы темӕ.
5.Ӕркӕсӕм ма нӕ урочы эпиграфмӕ
Фарст:
- Куыд ӕмбарут эпиграфы хъуыды?
Дзуапп:
-Адӕм кӕрӕдзимӕ хъуамӕ ӕнгом лӕууой, кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕной.Ӕнгом та кӕны хӕлардзинад, ӕгъдау.
Фарст:
-Цавӕр ныхасы хай фӕлхаты эпиграфы?
Дзуапп:
- Нымӕцон.
Уӕдӕ нӕ урочы грамматикон темӕ у НЫМӔЦОН.
6.Нӕ урочы снысан кодтам нымӕцонтӕй рацыд ӕрмӕгыл ӕрдзурын, ирон нымады хуызтӕ сбӕлвырд кӕнын, ӕгъдау ӕмӕ ӕмбалдзинадӕн аргъ кӕнын зонын(слайд) .
7.Тетрӕдты ныффыссут абоны нымӕц, темӕ.
8.Хӕдзармӕ уын лӕвӕрд уыд адӕймаджы буары хӕйттӕ ныффыссын нымӕцонтӕй пайда кӕнгӕйӕ.
-Иу сӕр, дыууӕ хъусы, иу фындз, дыууӕ цӕсты,ӕртын дыууӕ дӕндаджы, дыууӕ къухы
9.Дзырдуатон куыст.
Хӕс:
Ӕмбисӕндтӕ баххӕст кӕнут хъӕугӕ нымӕцонтӕй ӕмӕ сӕ дзырдбыды бафыссут.
______ ӔФСЫМӔРӔЙ АРС ДӔР ТӔРСЫ
ФЫНГ_____КЪАХЫЛ ЛӔУУЫ
ИУ ЛӔГӔН ____ФЫРТЫ
_____МИХЫЛ КАУ ДӔР НИЧИ БИЙЫ
НАРТЫ УЫРЫЗМӔГЫЛ _____ХӔДОНЫ
Ӕдылы хъӕдмӕ ___________ цыды кӕны.
_____ мыдыбындз чыргъӕд нӕ кӕны.
Къодах йӕ ___________ цӕфӕй бӕрӕг у.
Ӕркӕсут ма слайды нывмӕ, раст баххӕст кодтат ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ дзырдбыд?

10.Афӕлгӕсӕм рацыд ӕрмӕгыл.

Хӕс:
- Хъуыды кӕронмӕ ахӕццӕ кӕн…
- Фӕйнӕгыл ӕгомыг таблицӕтӕ нымӕцонтӕй баххӕст кӕн…
НЫМӔЦОНТЫ ДИХ СӔ НЫСАНИУӔГМӔ ГӔСГӔ
НЫМӔЦОНТЫ ДИХ СӔ АРӔЗТМӔ ГӔСГӔ
Фарст:
-Цал хуымӕтӕг ӕмӕ вазыгджын нымӕцоны ис ирон ӕвзаджы, ранымайут сӕ?
Дзуапп:
-Хуымӕтӕг нымӕцонтӕ: 1,2,3,4,5,6,7,8,9,10,20,30,40,50,60,70,80,90,100,1000.
-Вазыгджын нымӕцонтӕ:
11,12,13,14,15,16,17,18,19.
11. Чиныгимӕ куыст.
-Фӕлтӕрӕн 256
Хӕс:
Фыццаг вариант бӕрцон нымӕцонтӕй аразы рӕнхъон нымӕцонтӕ.
Дыккаг вариант бӕрцон нымӕцонтӕй аразы дихон нымӕцонтӕ.
1,9,11,19,23,24,37,55,68,72
Ныффыссут сӕ номдартимӕ.
12. Фӕйнӕгыл атасындзӕг кӕнын:
ӕртӕ, ӕртӕ чъирийы
Фарст:
- Куыд тасындзӕг кӕнынц бӕрцон нымӕцонтӕ номдартимӕ бастӕй ӕмӕӕнӕ номдартӕй.
Дзуапп:
-Номдартимӕ бастӕй тасындзӕггӕнгӕйӕ ивы ӕрмӕст номдар. Ӕнӕ номдарӕй тасындзӕг кӕнынц номдары хуызӕн.
13. Аулӕфт.
Грамматикон хъазт «гуырӕнбонтӕ».
Фондз ахуыргӕнинаджы иу иннӕйы гуырӕнбон дзургӕйӕ дзуры йӕхи гуырӕнбон…
Зӕгъӕм: 25 мартъи,25 мартъи 10 апрел,25 мартъи 10 апрел 2 феврал ӕмӕ а.д.
14. Ирон нымады хуызтӕ.
Фарст:
-Цал хуызы нымады зонут ирон адӕммӕ?
Дзуапп:
- Дӕсгӕйттӕй ӕмӕ ссӕдзгӕйттӕй нымад.
Фарст:
-Кӕцы нымадӕй арӕх пайда кӕнӕм?Цӕмӕн?
Дзуапп:
- Дӕсгӕйттӕй нымадӕй, уымӕн ӕмӕ у ӕнцондӕр ӕмӕ тагъддӕр.
Ссӕдзгӕйттӕй нымад фӕзынд егъаудӕр нымӕцтӕй пайда кӕнын куы бахъуыдис, уӕд. Фыццаг фӕзынд Идийы,стӕй ахӕлиу Ныгуылӕны бӕстӕтыл.Нӕ фыдӕлтӕ уыдысты, ацы нымад чи райста фыццаг ӕмӕ йӕ иннӕтыл чи ахӕлиу кодта, уыдонӕй.
15.Грамматикон хъазт «Фӕндзайӕ сӕдӕмӕ».
Иу къорд дзуры иннӕтӕн нымӕцон дӕсгӕйттӕй нымадӕй, иннӕ къорд дзуапп дӕтты ссӕдзгӕйттӕй нымадӕй, фыццаг къордӕн дзуры нымӕцон дӕсгӕйттӕй нымадӕй фондз ӕм ӕфтауы, афтӕмӕй ӕмӕ уыдон дӕр фӕстӕмӕ дзуапп дӕттынц ссӕдзгӕйттӕй.
Зӕгъӕм:
1 КЪ.-Фӕндзай,2КЪ.-дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз,фӕндзай фондз,1КЪ.-фынддӕс ӕмӕ дыууиссӕдз, ӕхсай
Афтӕ 50-100-мӕ.
16.Цӕрукъаты Валодяйы ӕмдзӕвгӕ «ДӔСГАЙ НЫМАД». Ахуыргӕнинаг дзуры зӕрдӕвӕрдӕй.
17.Ӕркӕсӕм ма, куыд ӕнгом баст сты нымӕцонтӕ ирон ӕгъдӕуттимӕ.

Фӕрстытӕ:
-Ирон фынгӕн цал къахы ис?
-Цал чъирийӕ кувынц Хуыцаумӕ?
-Цал тигъы ис ӕртӕӕртӕдзыхонӕн?
-Цал тӕны ис фӕндырӕн?
-Цавӕр нымӕцонӕй равзӕрд авдӕн?
-Цал хуызы ис нӕ тырысайӕн?
Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц.
Фарст:
-Цы зонут нымӕцон 3 ӕмӕ 7 тыххӕй?
Дзуапп:
-Нӕ фынг у ӕртӕкъахыг, ӕртӕ кӕрдзынӕй арӕм Хуыцауы ном,фынгыл ӕвӕрӕм ӕртӕ нуазӕны, ӕртӕ фынджы.Дзуары бон кувӕм ӕртӕӕртӕдзыхонӕй,Нарт уыд ӕртӕ мыггагӕй, Чырыстон динӕн йӕ бындур у: Фыд,Фырт,Сыгъдӕг уд.
-Авд хуры,авд Уациллайы, авд дзуары,бӕркӕдтӕ авд авды сты,авдӕн-авд сывӕллонӕн, арфӕ: «Авд лӕппуйы ӕмӕ иу цъӕхдзаст чызг»
18.Ӕмбалдзинадыл нӕӕрмӕст цард нӕ, фӕлӕ литературон уацмыстӕ дӕр ахуыр кӕнынц.
Зӕгъут ма, цавӕр литературон хъайтар зонут, иу хъӕуы дӕр хӕлар нӕ, фӕлӕ зонгӕ кӕмӕн нӕ уыд?
Дзуапп:
-Илас Ӕрнигон «Челе».
Хӕс:
-Текст аив бакӕсут
-Бахахх кӕнут нымӕцонты бын, цы ныхасы хӕйттимӕ баст сты, уыдонимӕ.Сбӕрӕг кӕнут нымӕцонты хуыз сӕ арӕзтмӕӕмӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ.
Фарст:
-Цавӕр адӕймаг уыд Челе?
-Цы уыд йӕ царды нысан?
-Куыд уӕм кӕсы, ӕнамонд уыд? Цӕмӕн?
19.Грамматикон хъазт «ДАМ-ДУМТӔ»
Абон 9 сахатыл ӕмӕ 30 минутыл ӕрбацыдтӕн 31-ӕм скъоламӕ.Директор мӕм фӕдзырдта ӕмӕ мын загъта, цӕмӕй 10 сахатыл ацӕуон 34-ӕм скъоламӕ.Уым мӕм 7-ӕм къласы ахуыргӕнинаг ратдзӕн 4 чиныджы, кӕцытӕ йӕм рарвыста 11-ӕм къласы ахуыргӕнинаг,цӕмӕй сӕӕз 1-гай байуарон ӕмӕ сӕ уый тыххӕй сӕмбӕлын кӕнон 31-ӕм скъоламӕ, уымӕн ӕмӕ 4-ӕм урок райдайдзӕн 11 сахатыл.
Хӕс: Ахуыргӕнӕг текст кӕсы ахуыргӕнинагӕн, уый йӕ дзуры чи йӕ нӕ хъусы, уыци ахуыргӕнинагӕн, куыд ӕй бахъуыды кодта, афтӕ. Уыцы хуызы йӕ фондзӕй дзурынц кӕрӕдзийӕн.Текст кӕройнагмӕӕрхӕццӕ бынтон ӕндӕр хуызы.
Фарст:
-Сӕйраг хъуыды сӕфт ӕрцыд?
-Не 'рцыд,цыппар чиныджы кӕцӕй кӕдӕм бахӕссын хъуыд, уый нымӕцонты фӕрцы бахъуыды кодтам,кӕд фӕстаг хъусӕгмӕ бынтон ӕндӕр хуызы бахӕццӕ уӕддӕр.
20.Хатдзӕгтӕ.
Царды хӕзнатӕй иу у ӕмбалдзинад. Ӕмӕ алчидӕр хъуамӕ фыццаджыдӕр райдайы йӕхицӕй, йӕхи миддунейӕ, йӕхи аккаг миниуджытӕй. Ӕмбал кӕмӕн нӕй, уый мӕгуыр у,ӕмӕ уын мӕ зӕрдӕ зӕгъы: Ӕмбалы хорзӕх уӕ алкӕйы дӕр уӕд!
21.Хӕдзармӕ куыст.
Дзырдуатон куысты цы ӕмбисӕндтӕ баххӕст кодтат, уыдонӕй иуимӕ цыбыр нывӕцӕн ныффыссут.
22.Бӕрӕггӕнӕнтӕ.
БУЗНЫГ