СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урочы темӕ: « Номдзыд лӕг зынаргъ у»( Фӕрнион Къостайы очерк « Хъӕбатыр цӕргӕс» -мӕ гӕсгӕ).

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Разработка урока по осетинскому языку в седьмом классе. 

Просмотр содержимого документа
«Урочы темӕ: « Номдзыд лӕг зынаргъ у»( Фӕрнион Къостайы очерк « Хъӕбатыр цӕргӕс» -мӕ гӕсгӕ).»

Урочы темӕ: « Номдзыд лӕг зынаргъ у»( Фӕрнион Къостайы очерк « Хъӕбатыр цӕргӕс» -мӕ гӕсгӕ).

Урочы нысантӕ:

  1. Скъоладзауты фӕлтӕрын хъуыды кӕныныл, хи хъуыдытӕ дзурыныл, хибарӕй хатдзӕгтӕ кӕнын.

  2. Ахуырдзаутӕм патриотон ӕнкъарӕнтӕ гуырын кӕнын,лӕджы хуыздӕр миниуджытӕ фӕзмыныл сӕ ахуыр кӕнын.

  3. Ныхасы хӕрзхъӕддзинадыл бакусын.



Урочы эпиграф:

Цыфӕнды зын уавӕрты дӕр-иу куы бахауд ирон лӕг, уӕддӕр сыл уӕлахиз кодта йӕ хъӕбатыр зӕрдӕ ӕмӕ фидардзинадӕй.

Гӕбулты Мелитон





Урочы цыд: Бацæттæгæнæн хай.

Урочы мотиваци. Бакæсын Цгъойты Хазбийы фыст хъусынгæнинаг «Шипкæйыл тохы». (Слайд № 1,2)
Фарст:
- Цæуыл дзурæг у ацы хабар?
Дзуапп:
- Ирон адæмы хъæбатырдзинадыл.

Хӕс:

Фӕйнӕгыл лӕвӕрд дзырдтӕй « ӕрӕмбырд кӕнын» ӕмбисӕндтӕ:

1.Хъуамӕ, лӕг, ӕндӕра, гӕдыйыл, ис, лӕг, дӕр, рихитӕ, лӕгдзинадӕй, уа. Лӕг хъуамӕ лӕгдзинадӕй лӕг уа, ӕндӕра рихитӕ гӕдыйыл дӕр ис.

2. Зӕххыл, лӕджыхъӕд, ис, хъӕуы, фӕлӕ, йӕ, зонын, сисын.

Лӕджыхъӕд зӕххыл ис, фӕлӕ йӕ сисын зонын хъӕуы.(Слайд № 3)

Фарст:

-Нӕ абоны урочы цӕуыл ныхас кӕндзыстӕм?

Дзуапп:

- Нӕ ныхас уыдзӕн лӕгдзинадыл.

- Раст зӕгъыс, нӕ ныхас уыдзӕн таурӕгъты дзуринаг Дзӕрӕхохты Хадзы-Мураты сгуыхтдзинад, лӕгдзинадыл. (Фӕйнӕгыл темӕ, слайд №4,5)

Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын: 1. Хъуыдис бакӕсын кӕронмӕ Фӕрнион Къостайы очерк « Хӕххон цӕргӕс».

2. Бацӕттӕ кӕнын хъусынгӕнинӕгтӕ Хадзы-Мураты тыххӕй.

Цыбыртӕй радзурын очеркы сюжет.

Дыккаг хӕслӕвӕрд ыл бакуыстой къордгай:

Иутӕ Хадзы-Мураты биографи бацӕттӕ кодтой, иннӕтӕ историон цаутыл бакуыстой, æртыккæгтæ та уыдысты геогрæфтæ.

Дзуаппытӕ:

1.(биогрæфтæ)Дзӕрӕхохты Хадзы-Мурат райгуырд Зилгӕйы хъӕуы 1875 азы. 1906-ӕм азы хуыздӕр цардагур афтыд Маньчжуримӕ, уырдыгӕй –Мексикӕмӕ. Уым кодта сау куыст, хъӕды арӕзта фӕндаг, къӕвдайӕ хурӕй ӕнцой нӕ зонгӕйӕ. Уырдыгӕй алыгъд Амырыкмӕ, бафтыд Аляскӕмӕ, мингай адӕм сӕ амондагур цы Аляскӕмӕ цыдысты,уырдӕм. Стыр зӕххы гӕппӕл рахицӕн кодта йӕхицӕн, ныссагъта дзы къӕбӕл ахӕм фыстимӕ: « Ацы зӕхх у хохаг лӕг Хадзы-Мураты». Фӕлӕ дзы сызгъӕрин нӕ, фӕлӕ мингай ӕмӕ мингай адӕймӕгты стӕгдартӕ йеддӕмӕ ницӕуыл фембӕлд. Фӕразон у ирон лӕг зынтӕн. Тыххӕй ма раирвӕзт уыцы зындонӕй. 12 азы фӕрахау-бахау кодта Хадзы- Мурат ӕцӕгӕлон бӕстӕты. Хъӕздыгдзинад кӕд не ссардта, уӕддӕр бамбӕрста царды ӕцӕгдзинад: ацы мӕнг дунейы мӕгуырӕн нӕй амонд ссарӕн. Ӕмӕ дард Аляскӕйӕ Бетъырбухмӕ ныффыста мӕстӕйдзаг фыстӕг уырыссаг паддзахмӕ, стӕй ӕнӕхъӕн дунейы паддзӕхтӕм. 1914-ӕм азы сыздӕхт Ирыстонмӕ(слайд №9)

2-аг дзуапп(историктæ): Ӕз цыбыртӕй зӕгъдзынӕн историон уавӕры тыххӕй. 1914-ӕм азы райдыдта фыццаг дунеон хӕст. Знаджы ныхмӕ сыстадысты ӕппӕт Уӕрӕсейы адӕм. 1917-ӕм азы та Петрограды райдыдта революци. Фӕуӕлахиз сты большевиктӕ. 1918-ӕм азы та райдыдта мидхӕст. Меньшевикты фарс мӕ ӕрбалӕууыдысты бирӕ империалистон паддзахӕдтӕ. Сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты кусӕг ӕмӕ зӕхкусӕг адӕм. Бирӕ туг фӕкалд уӕлахизы сӕраппонд. Урсгвардионты, интервентты ныхмӕ хъӕбатырӕй тох кодтой ирон лӕппутӕ дӕр(слайд №10).

3-аг дзуапп(биогрæфтæ): Фӕсте нӕ баззад Хадзы-Мурат дӕр. 1914-ӕм азы фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг архайдта « хъӕддаг дивизийы». Йӕ хъӕбатырдзинады тыххӕй хорзӕхгонд ӕрцыд 2 Георгийы дзуарӕй . 1917-ӕм азы архайдта Петрограды ӕдгӕрзтӕ растады. Уыдис мидхӕсты хъӕбатыр архайӕг, Ирыстонӕй дард цӕгаты, Архангельскы облӕсты. Йӕ ном дӕр стыр тас уагъта знӕгты. Йе сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йын лӕвӕрд ӕрцыд Сырх Тырысайы орден. Мидхӕсты фӕстӕ сыздӕхт йӕ райгуырӕн Зилгӕмӕ , куыста милицӕйы. 1945-ӕм азы йӕ фыдгӕнджытӕ Дзӕуджыхъӕуы амардтой (слайд №11).

4-æм дзуапп(геогрæфтæ): Архангельск арæзт æрцыд 1584 азы.1613 азмæ хуынди Новохолмогоры.Йæ фæзуат у 294,42 км2 ,йæ адæмы нымæц та 350 982 адæймаджы (2015 аз). Бирæ сты йæ кæсаджы æмæ хъæды хъæздыгдзинæдтæ;алмаз æмæ нефты æвæрæнтæ. Бирæ сты йæ хъæдгуыстгæнæн авналæнтæ дæр.Стыр пайда Архангельскæн хæссы йæ кæсаджы куыст(слайд № 12,13,14)



Равдисын киноныв « Жизнь, ставшая легендой» -йæ скъуыддзаг(радзурын скъоладзаутæн ,ацы кинонывы цы актертæ ахъазыд , цы цымыдисаг хабартта дзы уыдис ,ацы киноныв исгæйæ ,уыдоны тыххæй) .

- Бузныг, тынг цымыдисаг ӕрмӕг нын фехъусын кодтат.

Хӕс.- Уӕ хъусынгӕнинӕгты загътат, зӕгъгӕ, Хадзы-Мурат хорзӕхгонд уыд 2 Георгийы дзуарӕй, Сырх Тырысайы орденӕй. Уӕ хӕс у интернеты ссарын ӕрмӕг уыцы хӕрзиуджыты тыххӕй ӕмӕ нын сӕ радзурын.(кусынц дыууӕ къордӕй).

Иннӕтӕ та кусынц синквейныл. Темӕ: Хадзы-Мурат(слайд №15).

Хӕс.

Ӕмбисӕндтӕ кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын, урочы хъуыды сӕ кӕцытӕ ӕргом кӕнынц, уыдон бацамонын(слайд №18).

  1. Чи цы у, ...

  2. Дӕхи базонын дӕ куы фӕнда,...

  3. Лӕг тасы куы бахауы,...

  4. Куыст лӕджы рӕвдауы,...

  5. Искӕй зондӕй ...

  6. Мады рӕвдыдӕй...

( ...адджындӕр ницы ис, ...уый адӕм зонынц, ... уӕд ӕхсарджындӕр кӕны, ... мӕсыг амайӕн нӕй,... уӕд адӕмы бафӕрс,... зивӕг та йӕ маргӕ кӕны).

Урочы эпиграфыл ӕрдзурын(слайд №5).

Дзуаппытӕ.

1-аг дзуапп:

Георгийы дзуарӕй хорзӕхгонд цыдысты паддзахы ӕфсады салдаттӕ ӕмӕ дӕлдӕр цины афицертӕ 1807-1917-ӕм азмӕ. Уыдысты 4 къӕпхӕны. Фыццаг дыууӕ къӕпхӕны хӕрзиуджытӕ уыдысты сызгъӕринӕй, иннӕ дыууӕ та-ӕвзистӕй. 1992-ӕм азы Уӕрӕсейы Президенты указӕй уыцы хӕрзиуӕг сног. ),(слайд №16)

2-аг дзуапп:

Сырх Тырысайы орден уыд ӕрыгон Советон хицауады хӕрзиуӕг (1918-ӕм аз). Фыццаг уыцы орденӕй хорзӕхгонд ӕрцыд Константин Блюхер. Тынг кадджын уыд уыцы хӕрзиуӕг. ),(слайд №17)

Очеркы анализ(слайд №19-22):

1.Кӕдӕм фӕхуыдтой 1934-ӕм азы Хадзы- Мураты?

2.Цӕмӕн уыд зӕрдӕйӕн ӕхсызгон « ӕнкъард ӕрдзы уӕззау худт»?

3. Цы радзырдта архангельскаг нывгӕнӕг Давидов?(бакæсын тексты)

4. Куыд байстой Хадзы- Мураты ӕфсӕддонтӕ интервентты хӕдтӕхӕг?(бакæсын тексты)

Бакӕсын тексты(слайд №23).

5. Куыд сӕмбӕлдысты Архангельскы вагзалы Хадзы- Муратыл?

6. Цӕмӕн кӕнынц Хадзы- Муратӕн ахӕм стыр кад дард цӕгаты?

7. Цавӕр ныхӕстӕ дзурӕг сты Хадзы- Мураты сгуыхтытыл? Бакӕсын тексты.

8. Хадзы –Мураты хъысмӕт хӕсты фӕстӕ.

Хатдзӕгтӕ.

  1. Цы базыдтат ногӕй урочы?

  2. Тынгдӕр уӕ зӕрдӕмӕ цавӕр куысты хуызтӕ фӕцыдысты?

  3. Цавӕр хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрын кодта Хадзы –Мураты фӕлгонц?

  4. Зын уӕм цы фӕкаст урочы?



Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.



Хӕдзармӕ куыст.

1.Ссарын ӕрмӕг, Хадзы- Мураты номыл кӕм ӕмӕ цы ис, уый тыххӕй.

2. Йӕ уацмысы ма чи ссардта Хадзы –Мураты ном, уый тыххӕй ӕрмӕг бацӕттӕ кӕнын.









3