УРОК 1
Урочы темᴂ "Æмбалы хорзᴂх уᴂ алкᴂй дᴂр уᴂд"
Грамматикон темᴂ «Мивдисᴂг»
Урочы нысан:Скъоладзауты зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын мивдисᴂг
Хъомыладон хᴂстᴂ:
1.Ахуыр кᴂнын скъоладзауты царды ᴂцᴂг ᴂмбал ᴂвзарын.
2.æмбалдзинадᴂн аргъ кᴂнын.
3.Царды дᴂхᴂдᴂг куыд бᴂззай ᴂмбалᴂн.
Урочы ᴂрмᴂг:Зарᴂг «æмбалы зᴂрдᴂ».Текст»Гᴂды бᴂлас».презентаци.ᴂмбисᴂндтᴂ.
Урочы цыд.(Мативацион уавᴂр)
Уᴂ бон хорз.
А бон уᴂм ᴂз ᴂрбауыдтᴂн ,бакастᴂн,федтон,базонгᴂ дᴂн,бацин кодтон.Ардᴂм куы цыдтᴂн ,уᴂд мᴂ фᴂндаг ракодтон Морфологийы Бᴂстᴂйыл ᴂмᴂ уырдыгᴂй мемᴂ рацыд иу цᴂрᴂг.Йᴂхи нᴂм нᴂмᴂ ᴂвдисы.Йᴂ ном та мын фᴂстᴂдᴂр зᴂгъдзыстут сымах.
Абон ма ᴂрдзурдзыстᴂм ᴂнкъарᴂнты хᴂзнатᴂй иуыл.Уый ном дᴂр мын фᴂстᴂдᴂр зᴂгъдзыстут уᴂхᴂдᴂг.
Фᴂйнᴂгыл фᴂзыны эпиграф
«æмбᴂлтты фарнᴂй хох дᴂр ныннᴂры,
Æмбᴂлтты фарсмᴂ амонд цᴂры»
Чеджемты æхсар.
Фᴂзыны 2-аг слайд.
Байхъусᴂм ма йын йᴂ зарᴂгмᴂ дᴂр.
Хъуысы «æмбалы зарᴂг»
-Цᴂуыл дзы цᴂуы ныхас?
-Бамбᴂрстат ᴂй ,цавᴂр хᴂзнайы кой кᴂнын,уый?
Скъоладзаутᴂ дзурынц сᴂ хъуыдытᴂ.(ᴂмбал ᴂрдхорды тыххᴂй)
Кᴂцᴂй фᴂзындысты ацы дзырдтᴂ?
3-аг слайд.
Дзырд ᴂмбал арᴂзт у 2 хайᴂ:ᴂм+бал.Амоны иумᴂ.Дзырды дыккаг хай «бал» абон дᴂр ма ис не *взаджы Амоны къорд..Зᴂгъᴂм ,бал-бирᴂгътᴂ.
(ныффыссᴂм ма йᴂ нᴂ тетрᴂдты)
Дзырд ᴂрдхорд баст у бᴂлвырд архайдимᴂ:дыууᴂ адᴂймаджы кᴂрᴂдзийᴂ ᴂфсымᴂртᴂ куы загътой.Уᴂд-иу бахордтой сыджыт кᴂнᴂ-иу сᴂ хᴂцᴂнгᴂрзтᴂ аивтой…..дзуары бын дзырд лᴂвᴂрдтой
Зᴂгъᴂм араппᴂгтᴂ-иу цᴂхх хордтой.
Дарддᴂр скъоладзаутᴂ, дзурынц цавᴂр адᴂммᴂ ма цавᴂр ᴂгъдау ис,уый.
Текстимᴂ куыст.
Иуахᴂмы дын бᴂстᴂ куы бахус уаид.Фесᴂфтысты мигътᴂ,бахус сты цᴂугᴂдᴂттᴂ ᴂмᴂ суадᴂттᴂ. Сырдтᴂ,иннᴂ цᴂрᴂгойтᴂ ᴂмᴂ бᴂлᴂстᴂ ᴂнᴂ донᴂй хъизᴂмар кодтой. Æрмᴂст ма иу суадон тᴂнᴂгᴂй сыр-сыргᴂнгᴂ хаста йᴂ уылᴂнтᴂ кᴂдᴂмдᴂр.Йа разы ᴂртымбыл сты бᴂлᴂстᴂ.
Тар хъᴂды хистᴂр Тулдз рахаста уынаффᴂ:»Дон ᴂмхуызон дих кᴂнᴂм не’ппᴂты ᴂхсᴂн» Иуылдᴂр ууыл сразы сты. Равзᴂарстой сᴂхицᴂй иу бᴂлас,ᴂмᴂ уый дон барстᴂй лᴂвᴂрдта иннᴂтᴂн.Афтᴂ цардысты,хуыздᴂр замантᴂм ᴂнхъᴂлмᴂ кᴂсгᴂйᴂ.
Фᴂлᴂ уарᴂгᴂй цы бᴂлас сᴂвᴂрдтой,уый йᴂхи нал баурᴂдта :амбᴂхста-иу сусᴂгᴂй дон, йе' мбᴂлттᴂн иу къаддᴂр ᴂвᴂрдта.
Уᴂдмᴂ хᴂхты цъуппытᴂй мигътᴂ ᴂрбахъуызыдысты.Фемᴂхст тᴂрккъᴂвда.Айдзаг сты донᴂй хус дзыхъхъытᴂ,райхъуыст хъᴂлдзᴂгᴂй суадᴂтты уынᴂр.
Бᴂлᴂстᴂ бамбарстой се'мбалы хиндзинад ,фᴂлᴂ сын нᴂ басасти.æмᴂ йᴂ уᴂд схуыдтой «Гᴂды балас «.
Ныртᴂккᴂ дᴂр ма акᴂсут –сᴂхимᴂ йᴂ ᴂввахс на уадзынц . Хъᴂды астᴂу иу гᴂды бᴂлас дᴂр не ссардзынᴂ
Хᴂс:Текстᴂн ᴂрхъуыды кᴂнын сᴂргонд.
Зᴂгъут ын йᴂ сᴂйраг хъуыды.
Уᴂ зᴂрдᴂмᴂ фᴂцыд ᴂви нᴂ?Цᴂмᴂ? Цᴂуыннᴂ?
Ссарын тексты архайдᴂвдисᴂг дзырдтᴂ.Цавᴂр ныхасы хᴂйттᴂ сты
Уᴂдᴂ Морфологийы бᴂстᴂйᴂ мемᴂ цавᴂр цᴂрᴂг рацыд?
4-ᴂм слайд.
Цы у мивдисᴂг?(ранымайын :нымᴂц.здᴂхᴂнтᴂ,цᴂсгᴂмттᴂ……)
Къордтимᴂ куыст.
1-аг къорд.Равдисын мивдисджыты руаджы ᴂмбалдзинад,ᴂнувыддзинад. 5-ᴂм слайд
2-аг къорд.Равдисын мивдисджыты фᴂрцы гадзрахатдзинад,хиндзинад..Зᴂгъᴂм сайын.уᴂй кᴂнын. 6-ᴂм слайд.
Дзырдуатон куыст бакᴂнын.
Æрхъуыды кодтой. Бакастысты .ныффыстой.
1-агкъорд бахах кᴂнын хуымᴂтᴂг ᴂмᴂ вазыгджын мивдисджытᴂ.
2-аг къорд аифтындзᴂг кᴂнын 2 мивдисᴂджы.
1-аг къорд - суинаг афоны зᴂгъын мивдисджытᴂ.2-аг къорд та ивгъуыд афоны.
Бафᴂлладыстᴂм…..Аулᴂфᴂм.
7-ᴂм слайд.æмбисᴂндтᴂ фᴂйнᴂгыл.æрᴂмбырд ма сᴂ кᴂнᴂм.
( скъоладзауᴂ кусынц 7-ᴂм слайдимᴂ8-ᴂм слайдыл фыст ис текст ᴂнᴂ мивдисджытᴂй..Бакᴂсут ма йᴂ.Бамбᴂрстат ᴂй?
Мивдисᴂджы ахадындзинад.
Зᴂгъᴂм ,ᴂрмᴂст мивдисджыты руаджы равдисын ,де мбалма цы зᴂрдᴂ дарыс ,уый
(скъоладзаутᴂ фыссынц: ᴂнхъᴂлмᴂ кᴂсын.мысын.уарзын.аргъ кᴂнын.бᴂллын…..)
Уᴂдᴂ нᴂ уарды мивдисᴂгᴂн цавᴂр бынат ис?
Хъᴂуынц нᴂ?Цᴂмᴂн?
Урочы райдайᴂны цы мивдисджытᴂ загътон,уыдонимᴂ ᴂрхъуыды кᴂнын 2 хъуыдыйады..
Слайдтимᴂ куыст..
Рефлекси.Урочы ᴂз архайдтон……..(активон. пассивон)
Мᴂ куыстᴂй урочы ᴂз дᴂн… (.разы..нᴂ дᴂн разы.)
Урок мᴂм фᴂкаст….. (цыбыр….даргъ)
Урочы ᴂз…. (базыдтон.бамбᴂрстон)
Мᴂ зᴂрдᴂйы уаг…. (?????????)
Урочы ᴂрмᴂг………………….(??????????)
Синквейн ᴂрхъуыды кᴂнын.
Бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ кᴂрᴂдзийᴂн ᴂвᴂрᴂм.
Хᴂдзармᴂ куыст.Мивдисджытимᴂ ᴂрхъуыды кᴂнын хъуыдыйᴂдтᴂ ᴂмᴂ сᴂ равзарын хъуыдыйады уᴂнгтᴂм гᴂсгᴂ