СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок 5къл.Тема:Уанг.Цавдон ама анацавдон уангта

Нажмите, чтобы узнать подробности

Базонгœ кœнын уœнгимœ.Цавдон œмœ œнœцавдон уœнгтœ.Бакусын дзырдты растдзурынадыл.

Просмотр содержимого документа
«Урок 5къл.Тема:Уанг.Цавдон ама анацавдон уангта»

Урок 5-ᴂм къласы



Уᴂнг.Цавдон ᴂмᴂ ᴂнᴂцавдон уᴂнгтᴂ

30-ᴂм скъолайы

ирон ᴂвзаг ᴂмᴂ

литературᴂйы

ахуыргᴂнᴂг

Фᴂданты И.В.

Темᴂ:Уᴂнг.Цавдон ᴂмᴂ ᴂнᴂцавдон уᴂнгтᴂ



Ныхасы темᴂ: Зымᴂг



Нысан:Скъоладзаутᴂн бамбарын кᴂнын,цы у уᴂнг.Цавᴂр уᴂнгтᴂ сты

цавдон ᴂмᴂ ᴂнᴂцавдон.

2. Ахуырадон нысан ᴂвᴂрын

3.Хи хъуыдытᴂ ᴂргом кᴂнын

4.Хъᴂугᴂ информаци ссарын

5.Сывᴂллᴂттᴂм рᴂзын кᴂнын уарзон цᴂстᴂнгас

ᴂрдзмᴂ,дунемᴂ.

6.Скъоладзаутᴂн сᴂ растдзурынадыл бакусын.

ᴁрмᴂг:Карточкᴂтᴂ,уᴂлᴂмхасᴂн ᴂрмᴂг,компьютерон технологи



Эпиграф: ᴁрдзы ᴂнᴂхъᴂугᴂ ницы ис

Давид Юм,англ.философ






Фᴂйнᴂгыл фыст эпиграф бакᴂсын

Фарст.

Куыд ᴂмбарут ацы рᴂнхъыты хъуыды?

Скъоладзаутᴂ дзурынц сᴂ хъуыдытᴂ.

Бакᴂсын ᴂмдзᴂвгᴂ «Зымᴂгон сонет».(Кокайты Тотрадз)



Ныхъхъус и ᴂрдз,ныссабыр бᴂстᴂ.

Хᴂххон дон ихы бын фᴂци.

ᴁгᴂрон урс-урсид кᴂрцы

Хуыссынц ныр хᴂхтᴂ ᴂмᴂ фᴂзтᴂ



Кᴂмдᴂр та атылд зᴂххыл хур,

Кᴂмдᴂр та сусᴂны тᴂвд хъазы,

Зᴂхх аскъуыдтᴂ,ныкъкъᴂй,ныддур.

ᴁнусон ᴂрдзᴂн уый- йᴂ уаг.



Фарст.

Цавᴂр афᴂдзы афонты афоны кой цᴂуы ᴂмдзᴂвгᴂйы?

Цавᴂр ᴂрдзон фᴂзындтыл дзуры автор?

Скъоладзаутᴂ дзурынц сᴂ хъуыдытᴂ. Слайдтᴂ

Фарст.

Цы рᴂнхъытᴂ бакастыстᴂм,уыдон цᴂмᴂй арᴂзт сты?

Дзуапп

ᴁмдзᴂвгᴂйы рᴂнхъытᴂ арᴂзт сты хицᴂн хъуыдыйᴂдтᴂй?

Фарст.

Хъуыдыйᴂдтᴂ та цᴂй руаджы арᴂзт цᴂуынц?

Дзуапп.

Хъуыдыйᴂдтᴂ арᴂзт цᴂуынц дзырдты руаджы.

Ахуырг .Адих ма кᴂнут дзырдтᴂ.Цᴂмᴂй арᴂзт сты уыдон та?

Абон нᴂ урочы темᴂ цы у?Цᴂуыл уыдзᴂн нᴂ ныхас?

Цавᴂр хᴂс ис нᴂ размᴂ?

Дзуапп.

Дзырдтᴂ дих кᴂнынц уᴂнгтыл.Нᴂ абоны урочы темᴂ у уᴂнг.

Базонын, цы у уᴂнг ᴂмᴂ йын цавᴂр хуызтᴂ вᴂййы?

Индивидуалон куыст

Хᴂс:Фонетикон ᴂгъдауᴂй равзарын дзырд рᴂсугъддзинад

рᴂсугъддзинад-4 уᴂнгᴂй,11 мыры,11 дамгъ..7 ᴂмхъ.,4 хъᴂл.

Р [ р] -зыл.ᴂмхъ.

ᴂ [ᴂ]--лᴂм.хъ.

с [ c]-ᴂз.ᴂмхъ.

у [ у]-тых.хъᴂл.

гъ [гъ]-зыл.ᴂмхъ.

д [ д]-зыл.ᴂмхъ.

дз [дз ]-зыл.ᴂмхъ.

и [ и]-тых.хъᴂл.

н [ н]-зыл.ᴂмхъ.

а [ а]-тых.хъᴂл.

д [ д]-зыл.ᴂмхъ.

Теоретикон ᴂрмᴂг зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын фонетикᴂйᴂ

Скъоладзаутᴂ кᴂрᴂдзимᴂ фᴂрстытᴂ дᴂттынц

  1. Цы ахуыр кᴂны фонетикᴂ?

  2. Цᴂмᴂй хицᴂн кᴂны мыр дамгъᴂйᴂ?

  3. Цы хонᴂм дамгъуат?

  4. Цал дамгъᴂйы ис ирон алфавиты?

  5. Мыртᴂ цавᴂр хуызтыл дих кᴂнынц?

  6. ᴁмхъᴂлᴂсон мыртᴂ цавᴂр дыууᴂ хуызы вᴂййынц?

  7. Ранымай тыхджын ᴂмᴂ лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсонтᴂ



Дзырдуатон куыст

Скъоладзаутᴂ кᴂрᴂдзийы куыстытᴂ бᴂрᴂг кᴂнынц ᴂмᴂ сын аргъ кᴂнынц.

ᴁнгуз,ᴂрвитын,ссарын,ᴂрвитын,змᴂнтын,ᴂртыццᴂг,не`скъола,не`ххᴂссы.



Ног ᴂрмᴂг



Фᴂйнᴂгыл ныффыссын ᴂмдзᴂвгᴂйы фыццаг дыууᴂ рᴂнхъы

Фарст.Алы дзырд дᴂр цал раулᴂфтᴂн зᴂгъᴂм,цал хъᴂлᴂсоны дзы ис?

Ны-хъхъус и ᴂрдз,ны- сса-быр бᴂс-тᴂ

Хᴂхх-он дон ихы бын фᴂ-ци

Хᴂс:Сᴂвᴂрут дзырдтыл цавд.Арᴂхдᴂр кᴂцы уᴂнгыл хауы цавд?

Фыццаг уᴂнджы лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсон куы вᴂййы,уᴂд цавд кᴂцы уᴂнгыл фᴂхауы?

Бамбарын кᴂнын ᴂрмᴂг.

Дзырд цал раулᴂфтᴂн фᴂзᴂгъᴂн ᴂмᴂ дзы цал хъᴂлᴂсоны уа,уал уᴂнгᴂй арᴂзт вᴂййы. Дзырды уᴂнгтᴂй иуыл хъᴂлᴂсы уаг фᴂтыхджындᴂр кᴂнын хонᴂм цавд.

Ирон ᴂвзаджы цавд арᴂхдᴂр хауы фыццаг кᴂнᴂ дыккаг уᴂнгыл.Цавд

фыццаг уᴂнгыл фᴂхауы,тыхджын хъᴂлᴂсон дзы куы уа,уᴂд.Фыццаг

уᴂнджы лᴂмᴂгъ хъᴂлᴂсон куы уа,уᴂд та цавд хауы дыккаг уᴂнгыл.

Бакᴂсын раиртᴂст 42-ᴂм урок,фарс 86.



Физкультминуткᴂ

Бакᴂсын 1-ᴂм фᴂлт. радзырд.Ссарын хъᴂугᴂ информаци ᴂмᴂ сбᴂрᴂг кᴂ- нын йᴂ сᴂйраг хъуыды.Сᴂххᴂст кᴂнын хᴂслᴂвᴂрд.

Хъус ᴂрдарын дзырдты растдзурынадмᴂ

Фысгᴂ куыст 3-ᴂм фᴂлт.



Рефлекси

Абон урочы цы базыдтат?

Цымыдисаг уᴂм цы фᴂкаст?

Цавᴂр куысты хуызтᴂ уᴂ зᴂрдᴂмᴂ тынгдᴂр фᴂцыд?



Скъоладзаутᴂ дзурынц сᴂ хъуыдытᴂ

Ахуырг.Орфоэпион ᴂгъдауᴂй архайут дзырдтᴂ растдзурыныл.Уа ныхас хъуамᴂ уа сыгъдᴂг ᴂмᴂ аив.

Хᴂдз.хᴂс:Хет.Къ поэзийᴂ сахуыр кᴂнут фᴂйнᴂ иу ᴂмдзᴂвгᴂйы ᴂрдзы афонты тыххᴂй.Иу строфа дзы рафыссут ᴂмᴂ йᴂ уᴂнгтыл адих кᴂнут.Сᴂвᴂрут алы дзырды дᴂр цавд.