СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Урок в 5 классе "Боны фатк".

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Нысан:

1. Фæсæвæрдтæй раст пайда кæныныл архайын..

         2. Ныхасы рæзтыл бакусын.

         3. Рæстæг раст хардз кæныныл ахуыр кæнын.

Просмотр содержимого документа
«урок в 5 классе "Боны фатк".»

17.02.2016.

Ирон æвзаджы урок 5-æм къласы

Урочы темæ: «Дæ боны фæтк.»

Грамматикон темæ: Фæсæвæрдтæ фæстæ, æхсæн, размæ –йæ раст пайда кæнын.

Урочы нысантæ: 1.Сывæллæтты бацамонын, фæсæвæрдтæ фæстæ, æхсæн, размæ-йæ раст пайда кæнын куыд хъæуы, уый.

2. Бакусын дзургæ æмæ фысгæ ныхасы рæзтыл.

3. Ахуыр кæнын рæстæгæн аргъ кæнын æмæ раст дзы пайда кæнын.



Урочы цыд:

I. Бацæттæгæнæн рæстæг.

1. Мотивацион уавæр.

Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз! Диссаджы расугъд бон скодта, æмæ нæ зæрдæ дæр афтæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæй цæмæй байдзаг уа, ууыл бацархайæм.

Нæ урочы темæйыл æрдзурынæн нын феххуыс уыдзæн презентаци Бакæсæм æм.

Ахуыргæнæг: Цæуыл дзурæм абоны урочы?

(боны фæткыл).

II. Ног æрмæгыл куыст.

1. Ахуыргæнæг:

- Ахъуыды кæнут, куыд хъуамæ архайæм, цавæр ныхасы хæйттæй хъуамæ спайда кæнæм, цæмæй нæ урочы темæйыл æрдзурæм?

(номдар, мивдисæг, нымæцон, фæсæвæрд)

- хъæудзæн мА нæ ног дзырдтæ сахуыр кæнын. Цы пайда нын вæййы алы урочы ног лексикæ ахуыр кæнын?

(фылдæр, хуыздæр зонæм ирон æвзаг).

- Нæ размæ ис хæс: фæстаг слайды æрмæгæй пайдагæнгæйæ æрхъуыды кæнут дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ. Фæлтæрæн № 2,3,4.,5.





2. Ног лексикæйыл куыст.

Фæлтæрæн 6-æм. Байхъус. Бакæс. Радгай кæсынц.

Фæлтæрæн 7-æм. Нывтимæ куыст.

3. Текстимæ куыст.

Фæлтæрæн 12-æм. Ног лекикæмæ цæст æрдарын.

3. Ахуыргæнæджы беседæ сывæллæттимæ:

- Сымах дæр Сергейы хуызæн хардз кæнут уæ рæстæг?

(Скъоладзауты дзуæппытæ).

4. Къордты куыст. Фæлтæрæн 12-æм.

5. 15-æм фæлтæрæн.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.


Урочы эпиграфæн равзарын æмбисонды хъуыды:

Алцыдæр йæ рæстæгыл у хорз.

- Куыд баст у ацы æмбисонд нæ урочы темæимæ?



V. Урочы кæронбæттæн.

Беседæ:

- Цавæр темæйыл куыстам абон урочы?

(сфæлхат кодтам фæсæвæрд)

- Нæ ныхасы темæ та цавæр уыд?

( Боны фæтк).

Ахуыргæнæг: Цы базыдтат урочы, æмæ уæ уыцы зонындзинæдтæ цæмæн хъæудзысты, уый ныффыссут мæнæ ацы таблицæйы.

Урочы базыдтон …

Фæнды ма мæ базонын…

Ацы зонындзинæдтæ мын пайда сты …







Ахуыргæнæг: Уæ куыстæн уæхæдæг аргъ скæнут. Уый тыххæй та уæ хъæуы мæнæ ацы таблицæ баххæст кæнын:

Урочы куыд кустон, уымæй

разы дæн


бынтон разы нæ дæн

разы нæ дæн

уымæн æмæ…


уымæн æмæ…

уымæн æмæ…



VI. Хæдзармæ куыст.

Ф. 121, № 6 ног дз-тæ сахуыр к-н, № 15 ныффыссын.