Урок – викторинæ
( 6–æм кълас)
Темæ: « Коцойты Арсен – ирон аив дзырды зæрингуырд».
( Коцойты А. цард æмæ сфæлдыстадыл афæлгæст).
4 – æм астæуккаг скъолайы
ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг Бæцæзаты Л.Д.
Урочы хæстæ:
1) Сбæрæг кæнын ахуырдзауты зонындзинæдтæ Коцойты Арсены цард
æмæ сфæлдыстадæй;
2) Сывæллæтты ахуыр кæнын раст хатдзæгтæ кæнын, анализ кæнын,
сæ хъуыдытæ раст цæмæй дзурой, уацмысты архайджытæн æмбæлон
характеристикæтæ дæттой;
3)Ирон аив прозæмæ цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад гуырын
кæнын, ирон классикты уацмыстæ кæсынмæ сæ амидин кæнын.
Урочы æрмæг: фыссæджы портрет, фотоальбом, чингуыты равдыст, фонохрестоматитæ, сывæллæтты конд иллюстрацитæ уацмыстæм, гæххæттæй арæзт зæрдæтæ: урсытæ, сырхытæ æмæ буртæ: иттæг хорз дзуаппæн- сырх, хорз дзуаппæн – бур, лæмæгъ дзуаппæн – урс.
Эпиграф: «Коцойты Арсены сфæлдыстад у ирон
литературæйæн йæ кад æмæ йæ
сæрыстырдзинад.»
Джыккайты Ш.
Урочы цыд.
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
II. Ахуыргæнæджы цыбыр разныхас абоны урочы тыххæй, темæ, хæстæ, куысты хуыз. ( Зæгъы эпиграфы ныхæстæ.)
( Скъоладзаутæ адих кæнын 2 къордыл. Жюрийы уæнгтæ сбадынц сæ бынæтты. Ахуыргæнæг амоны, хъазт куыд цæудзæн, уый.)
III. Викторинæйы цыд.
1. Арсены царды хабæрттæ куыд зонæм:
А) - Кæд æмæ кæм райгуырд Коцойты Арсен?
( 16 – æм январы, 1872 азы, Джызæлы.)
Æ) - Кæмыты ахуыр кодта Арсен?
( Джызæлы скъолайы, Æрыдоны семинары.)
А) - Кæд æмæ кæмыты куыста Арсен ахуыргæнæгæй?
( 1897 – 1904 азмæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны.)
Æ) - Кæм ма куыста ноджы Арсен?
( Бетъырбухы, паддзахадон банчы, архивты – 1905 – 1908 азмæ.)
А) - Куыд фембæлд Арсен Къостайыл?
( Фистæгæй ссыд цалдæр ахуыргæнинагимæ Æрыдонæй Дзæуджыхъæумæ Къостайы фенынмæ.)
Æ) - Цавæр радзырдæй сарæзта Арсен пьесæ, арвыста йæ Мæскумæ, æмæ
йын преми лæвæрд æрцыдис?
( Радзырд «Гигойы куадзæн».)
А) - Цавæр журналы редактор уыд Арсен æмæ кæцы аз?
( 1910 аз. журнал «Æфсир».)
Æ) - Цы хуынд Арсены фыд? ( Бибо)
А) - Цавæр газеты редакцийы ма куыста Арсен æмæ кæд?
( газет «Правдæ», 1912 аз.)
Æ) - Кæд амард Арсен? ( 4 февралы, 1944 азы.)
2. Коцойты Арсены сфæлдыстад:
А) - Цавæр уацмыстæ зонут Арсенæн?
( «Хъусой», «Гигойы куадзæн», «Цуанонтæ», «Саломи», «Цæукъа æмæ
фыркъа»)
Æ) - Цавæр уацмысты æвдыст цæуынц хæдзарон цæрæгойтæ æмæ мæргътæ?
( «Цуанонтæ» - карк æмæ бабыз; «Хъусой» - куыдз; «Гигойы куадзæн»-
хъыбыл; «Цæукъа æмæ фыркъа»- цæукъа, фыркъа.)
А) - Цавæр уацмысты архайджытæ сты æрмæст лæгтæ?
( «Цуанонтæ», «Цæукъа æмæ фыркъа».)
Æ) - Куыд хуындысты Саломийы чызджытæ æмæ сыл цалгай æзтæ цыдис?
( Мелани – 12 азы, Сопи – 8 азы.)
А) - Тедо æмæ Симон арæх цы æлдары кой кодтой, уый куыд хуындис?
( Гарсеван)
Æ) - Гигойæн йæ куадзæн чи фехæлдта? ( Сауджын Иосеб.)
А) - Цæмæн алыгъд Цæукъа йæ хицауæй?
( Сæрибардзинадмæ тырныдта, фæндыд æй цæрын сæрибарæй.)
Æ) - Цавæр бæрæгбонтæм хастой Тедо æмæ Симон сæ мæргътæ?
( Симон хаста карк Джеоргуыбамæ, Тедо та бабыз – Куадзæнмæ).
А) - Цавæр рæстæг æвдыст цæуы радзырд «Саломи» - йы?
( 1920 – æм азы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Иры адæмы куыд мардтой, сæ хæдзæрттæ сын куыд сыгътой, сылгоймæгтæй куыд хынджылæг кодтой, æмæ ирон адæм куыд лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.)
Æ) - Цæмæй хицæн кæнынц цæукъа æмæ фыркъа? Цавæр адæмы нын равдыста Арсен уыдоны хуызы?
( Цæукъа у сæрибар цардмæ тырнаг, рæсугъддзинад уарзаг, ныфсхаст,
хъæбатыр, Фыркъа та – сабыр, нæуæндаг, æнæныфсхаст, тæрсы фыдæбонæй, алцы дæр æй хъæуы цæттæйæ.)
А) - Раст бакодта Саломи, сымахмæ гæсгæ? Цæмæн ?
Æ) - Цæмæн хуыйны радзырд «Цуанонтæ»?
3. Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?
А) – « Сæ хицау сæ дардта æдзух кæрты, кæнæ скъæты мидæг, уыдон та сæ хъус дардтой кæртæй æддæмæ, фæндыди сæ сæрибарæй цæрын.»
( « Цæукъа æмæ фыркъа»)
Æ) - « Уыди ахæм бинонтæ, кæцытæ æрмæст сæ уæлæйы дзаумæттылидзæг фесты, ныууагътой сæ ис, сæ бон».
( «Саломи»)
А) - « Уыцы хуызæнæй дыууæ зæрондмæ ног хъуыдытæ, ног мæт, ног цин фæзындис».
( « Цуанонтæ»)
Æ) - « Афæлдæхти бирæгъ, йæ гæндзæхтæ бацагъта æмæ æнæзмæлгæйæ баззади».
( «Цæукъа æмæ фыркъа»)
А) - «Куыддæр пæлæз æрытыдтой æмæ æрбадынмæ хъавыдысты, афтæ топы гæрæхтæ фехъуыстысты».
( «Саломи»)
Æ) - «Цæмæн афтæ бур сты дæ рихитæ? Фæздæгмæ ауыгъд дын вæййынц?»
(«Цуанонтæ»)
4. Саразын кроссворд:
1) Коцойты Арсены радзырд? ( «Цуанонтæ»)
2) Бабыз чи нард кодта, , уыцы зæронд лæджы ном?( Тедо)
3) Хæдзарæй кæцы цæрæгой алыгъд? ( Цæукъа)
4) Арсены райгуырæн хъæу? ( Джызæл)
5) Арсены радзырд? ( «Саломи»)
6) Кънйазы фырты ном? ( Миха)
7) Саломийы хистæр чызг? ( Мелани)
8) Арсен фистæгæй кæцæй ссыд Къостайы фенынмæ? ( Æрыдон)
9) Дыууæ зæрондæй чи уыди кæстæр? ( Симон)
10) Сауджыны ном куыд хуынди? ( Иосеб)
5. Конкурс « Мах – сымахæн, сымах – махæн»
( Командæтæ кæрæдзимæ дæттынц фæйнæ 1- 2 фарсты.)
6. Равдисын сценкæ.
( Арсены уацмыстæй искæцыйæ сценкæйы хуызы равдисын скъуыддзаг.Иннæ командæ хъуамæ базона, цавæр уацмысæй у сценкæ, уый).)
7. Урокæн хатдзæгтæ скæнын: ( Ахуыргæнæг аргъ кæны иумæйагæй абоны хъазтæн, зæгъы йæ фиппаинæгтæ. Жюри нымайынц сæ бæрæггæнæнтæ æмæ бæстон хатдзæгтæ кæнынц. Чи рамбылдта, уыдонæн раттын лæвар æмæ Кады Гæххæтт, чи фембылд, уыдонæн дæр исты гыццыл приз.)
( Хъуысы музыкæ, æмæ сывæллæттæ ацæуынц.)