Фӕсурокты куыст ирон литературӕйӕ:
Не `взаг, нӕ хӕзна.

Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг:Коцойты А.М
1-аг амонӕг: Нӕ зынаргъ ахуыргӕнджытӕ,скъоладзаутӕ! Абон нӕ фембӕлды сӕр у ӕппӕт ирон адӕмы цины цау- Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бӕрӕгбон.
Уырны нӕ,Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон кӕй уыдзӕн адӕмы уарзон бӕрӕгбон.
Скъоладзау: Ирон ӕвзаг! Мӕ зынджы хай, мӕ арт
Ӕрттив, ӕхсид ӕнус бонтӕм ӕдасӕй
Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс ӕмӕ дӕ тафсӕй
Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард.
2-аг амонӕг: Мадӕлон ӕвзаг у удварны хӕзнадон, ӕфсармы суадон ӕмӕ зонды куырдадз. Дунеӕмбарынады хӕзнадоны дӕгъӕл дӕр у мадӕлон ӕвзаг.
Гъе,уымӕ гӕсгӕ алы адӕм, алы дзыллӕ дӕр, цӕсты гагуыйау хъахъхъӕны йӕ мадӕлон ӕвзаг. Уый фӕрцы алы адӕмы хатт дӕр тырны ӕнусон уӕвынмӕ, ӕмӕ уый у йӕ ӕрдзон бархъомыс.
Скъоладзау: Сты зондӕн уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы `взӕгтӕ.
Нӕ дзы `взарын хӕстӕг ӕмӕ дӕрттаг
Фӕлӕ ныххойыс зӕрдӕйы къӕсӕртӕ
Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг!
1-аг амонӕг: Ӕвзаг ӕмӕ адӕмӕн ӕнӕ кӕрӕдзи цӕрӕн нӕй. Сӕ иу куы фесӕфа, уӕд иннӕмӕн дӕр ӕнӕмӕлгӕ нӕй. Ӕвзаг адӕмӕн йӕ зӕрдӕ у.
Ӕвзаджы ӕвӕрд сты фыдӕлты фарн, адӕмон сфӕлдыстад ӕмӕ дзырдаивад.
Нӕ миддуне, нӕ зӕрдӕ, нӕ зонды цыдӕрддӕр хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнуъарӕнтӕ ӕвзӕры, уыдонӕн цардхъомыс хӕссы ӕрмӕстдӕр мадӕлон ӕвзаг.
Скъоладзау: Уадз, равзӕрӕд сӕдӕ `взаджы мӕ комы,
Хуыцау мын раттӕд минмырон хъӕлӕс,
Цӕмӕй дӕттон сӕдӕ нуазӕны куывды,
Цӕмӕй ныззарон булӕмаргъау ӕз.
2-аг амонӕг: Ӕвзаг у адӕмы артдзӕст, йӕ истори, йӕ фидӕн. Саби авдӕны тӕрф фынӕйӕ цы зарӕгмӕ фӕхъусы, мады былтӕй цы зӕлланг мыртӕ райхъуысынц, уыдон свӕййынц йӕ рӕзгӕ царды бындур.
Скъоладзау: Нӕртон фӕткъуы- нӕ мадӕлон ӕвзаг
Йӕ къалиутыл та мин-мин дыргъы хуртау.
Уӕрхӕджы фырттау хъахъхъӕнджытӕ-мах
Фырхъалӕй уӕд фынӕй цы кӕнӕм дуртау?
Хуыцауы лӕвар-диссаг дзырдты хуртуан
Кӕд ма нын исты баззади ӕлутон
Уӕд иунӕг ды- нӕ мадӕлон ӕвзаг!
1-аг амонӕг: Фыдӕлты фарн ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ царды уидӕгтӕ сты. Хистӕр кадджын кӕм уа, кӕстӕр ӕгъдаудӕттӕг, уым ирон фарн ӕмӕ сфӕлдыстадон хӕзнатӕн сӕфӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ сӕ фарн семӕ нӕ ахастой, махӕн ӕй ныууагътой, кӕрӕдзийы фылдӕр уарзынӕн, амондджындӕр ӕмӕ зӕххыл рӕсугъддӕр цӕрынӕн.
Скъоладзау: Цӕмӕй нӕ хӕхтӕм уазӕг-иу куы `рцӕуа,
Ӕфсымӕр ын йӕхи `взагыл зӕгъон.
Цӕмӕй фыдгӕнӕг мах бӕстӕм куы цӕуа,
Йӕ ныхмӕ кард йӕхи `взагыл цӕгъдон.
2-аг амонӕг: Мӕгуыр та уый у, ӕмӕ йӕ фыдӕлтӕ кӕмӕй ферох сты ӕмӕ йӕ стыр галуаны йӕхи дӕр чи нал ары.
Мӕгуыр уый у, йӕ хӕдонӕй йӕ кӕрц йӕхимӕ хӕстӕгдӕр чи хоны.
Ирон зӕххыл ирон дзыхӕй дзурӕг куы нӕуал уа, ирон зарӕджы хъӕлӕс нӕ нарӕг кӕмтты куы нӕуал нӕра, уӕд Ирыстон нау уыдзӕн, ӕмӕ йын саумӕр хуымты чидӕр йӕ гутон ныссаддзӕн, йӕ сапп угӕрдӕнтӕй та хъуысдзӕн кӕйдӕр зарӕг.
Цӕмӕ уыцы хабар ма `рцӕуа ууыл хъӕуы абон сагъӕс кӕнын, ирон ма йӕхи чи хоны, зонд ма йӕ сӕры кӕмӕн ис, ирон аив дзырд ма йӕ зӕрдӕйы рӕбын ӕвӕрд кӕмӕн у, уыдоны се `ппӕты дӕр.
Скъоладзау: Нӕ ӕвзагыл цӕуӕм цъыфкъахӕй-
Нӕ йыл мӕт кӕны иу дӕр махӕй,
Вӕййы нӕ бар ӕвзаргӕ хорӕй,
Уӕддӕр ӕй баивӕм фӕлхорӕй.
Кӕйдӕр дзырдтыл кӕнӕм хӕлоф,
Ӕрцахстам тепъа, суадзӕм кӕф.
1-аг амонӕг: Нацийӕн ӕвзаг у йӕ рахӕцӕн, йӕ фидар цӕджындз, ӕмӕ ууыл уӕлӕ хох чи у йӕ царды, йӕ хӕдзары, уыцы сызгъӕрины фӕсдуар чи дары, уымӕн Хуыцауӕй нӕй бар ӕмӕ йӕхи ирон хона.
Скъоладзау: У иу ӕвзаг дӕр адунейӕн фаг,
Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл
Мӕлӕт дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,
Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры нӕмыг мӕры?
2-аг амонӕг: Адӕм се `взаг, се `гъдауӕй сӕ къух куы сисой, кӕстӕр хистӕры куы нӕ уал ӕмбара, адӕмы фӕтк хӕлд куы уа, ӕфсарм ку фесӕфа, ӕууӕнк куы нӕуал уа, уӕд цард дӕр басудзы.
Скъоладзау: Дӕ норст цӕхӕрӕй равзӕрдысты нарт,
Дӕ фарны хъӕр, дӕ маст ӕмӕ дӕ уарзтӕй.
Нӕхи Къостайӕн сӕнусон йӕ цард.
1-аг амонӕг: Фыдӕлты хорз ӕгъдӕуттӕм, сӕ кад ӕмӕ намысмӕ йӕ чъылдым раздахыны зонд кӕмӕ ӕрцӕуы, уый фыццагдӕр йӕ мадӕлон ӕвзагыл ауигъы йӕ къух. Ӕмӕ иугӕр ӕвзаг нал и, уӕд цы адӕмы ӕхсӕнӕй рацыдтӕ, уымӕн йӕ иннӕ хӕзнатӕ дӕр дӕ цӕсты нал ахаддзысты.Йӕхи адӕмыл иузӕрдион чи у, ӕрмӕстдӕр уыцы адӕймагмӕ разыны ӕхсидгӕ фидар ӕнкъарӕнтӕ.
Скъоладзау: Ӕцӕгӕлон дзырдтӕ нын систы
Цӕмӕндӕр хион, цины, хисты.
Ныхасӕн нал зонӕм йӕ ад,
Фыды усы ысхуыдтам мад
Ысбадти уӕртджын хӕфсыл-маргъ
Фӕндагыл зайдзӕни нӕ уаргъ.
2-аг амонӕг: Мадӕлон ӕвзаг буары, зӕрдӕйы, сӕры хизы. Ӕрмӕст мады фӕлмӕн дзырдтӕ, уарзон ныхӕсты руаджы райхъал вӕййы сабийы зӕрдӕ, йӕ зонд хъуыды, ӕмбарындзинад, уарзондзинад.
Скъоладзау: Тӕссаг- куы баныгӕнӕм не `взаг,
Тӕссаг- куы нын бауа мӕрдрох.
Мӕлдзӕн ныл сау худӕгӕй не `знаг,
Ӕваст нӕ баййафдзӕн фыдох!
1-аг амонӕг: Адӕмы зӕрдӕ-ӕвзаг, ӕвзаджы зӕрдӕ-дзырд.
Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм ирон зӕрин дзырдтӕ- ӕмбисӕндтӕ:
Скъоладзаутӕ радыгай дзурынц ӕмбисӕндтӕ:
1.Бундур фидар куы уа, уӕд ыл сис ӕнцон амайӕн у.
2.Лӕгӕн йӕхи базыртӕ куы нӕ уа, уӕд искӕй базыртӕй базырджын не суыдзӕн.
3.Искӕй къӕхты хъӕрмӕ ма каф.
4.Райгуырӕн бӕстӕйӕн йе `взӕр дӕр адджын у.
5.Узын дӕр ма йӕхи къудзийы бынмӕ лидзы.
6.Ӕвзӕр фысымы хӕдзары уынӕффагӕнӕг уазӕг вӕййы.
7.Халоны йӕ лӕппын амард ӕмӕ йыл цӕргӕсты та кӕуын кодта.
2-аг амонӕг: Ирон ӕвзаджы ис дыууӕ ӕфсымӕры: Фарн ӕмӕ Фӕрныг (скъоладзаутӕй иу фарн фыстимӕ рахызт, иннӕ та фӕрныг).
Фарн баст у ӕгъдауыл, (рахызт ӕгъдау) ӕгъдау- рӕстдзинадыл, (рахызт рӕстдзинад) рӕстдзинад-адӕймагдзинадыл, (рахызт адӕймагдзинад), адӕймагдзинад- хъӕбатырдзинадыл (рахызт хъӕбатырдзинад).
Ӕппӕт уыдонӕй райгуыры удварн (рахызт удварн).
1-аг амонӕг: Фарн адӕймаджы уд сыгъдӕг кӕны, кадыл, намысыл ӕй ӕфтауы: хъару, ныфс ӕмӕ хъомыс ын дӕтты.
2-аг амонӕг: Фарн табуйаг дзырд у. Нымдгӕнгӕ йӕ зӕгъӕм Аргъуыц дзы кӕнӕм.
Фарн адӕймаджы бӕллиц у. Уый цард уарзын кӕны. Ӕцӕг фӕрныгад уымӕй цӕуы.
1-аг амонӕг: Табуафси, фӕндыр! Ирон аивад чи уарзы, уыдонӕн кафты бар.
2-аг амонӕг: Мадӕлон ӕвзаг мады ад кӕны, ӕмӕ йыл чи нӕ дзуры, чи нӕ йӕ зоны, ӕнӕрвӕссонтӕ йыл чи кӕны, уый йӕхи дӕр, йӕ мады дӕр, йӕ адӕмы дӕр ӕмӕ йӕ райгуырӕн зӕхх дӕр нӕ уарзы ӕмӕ сын аргъ дӕр нӕ кӕны, нӕ сӕ нымайы .
Сценкӕ ирон ӕвзаджы тыххӕй.
1-аг амонӕг: Махмӕ та ахӕм хъару разынӕд ӕмӕ фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд хӕссӕм уарзондзинад ирон ӕвзагмӕ ӕмӕ Барахъты Гино куыд загъта:
«Цӕй уӕдӕ, бӕрзонд Кавказӕй
Нарты `взагӕй дзурӕм ныр».