СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Внеклассное мероприятие на тему: "Моелоен дын ноей, ное фыдоелты оевзаг".

Нажмите, чтобы узнать подробности

Внеклассное мероприятие в третьем классе. Тема: " Моелоен дын ноей, ное фыдоелты оевзаг".

Просмотр содержимого документа
«Внеклассное мероприятие на тему: "Моелоен дын ноей, ное фыдоелты оевзаг".»



«Мӕлӕн дын нӕй, нӕ фыдӕлты ӕвзаг»

(Хаджеты Т.)











Ахуыргоеноег: Хъалабекты А.А.





1 амонæг: Абон Ирыстоныл азæлыд цины зард,

Ногæй нæ галуан байтыгъта дуар

Фехъусут иууылдæр, фехъус , Ирыстон,

Ацы æхсызгон, фæрнæйдзаг хабар.



2 амонæг Кавказы нарæг кæмтты арфæй,

Нæ Иры цот æмбырдæй ам

Сымахæн абон æрвитынц арфæ

Æмæ бæрæгбоны (иумæ) –САЛАМ!

Музыкалон номыр.

Зарæг (зарынц сывӕллӕттӕ «Ирыстон»)

1-аг амонӕг. Ӕгас нӕм цӕут нӕ зынаргъ уазджытӕ. Абон Ирыстонӕн у стыр бӕрӕгбон. Нӕ бӕрӕгбон кӕнӕм нӕ уарзон мадӕлон ӕвзаджы кадӕн.

2-аг амонӕг. Ирыстон у махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ. Адӕймаг цы бӕстӕйы, цы зӕххыл райгуыры уыцы фыдыбӕстӕ у йӕ ныййарӕг мад.

Бакӕсут басня «Бирӕгъ ӕмӕ хърихъупп».



Цæмæй райдайы райгуырæн бæстæ? Ацы фарстæн алчи æмхуызон дзуапп нæ фæдæтты, фæлæ мæнмæ гæсгæ, æппæты растдæр у мæнæ ацы хъуыды: «Райгуырæн бæстæ райдайы авдæны зарæгæй, мадæлон æвзагыл цы авдæны зарæг вæййы, уымæй». Зæгъæн ис, Ирыстон райдайы ирон æвзагæй.

Хетӕгкаты Къоста «Цъиу ӕмӕ сывӕллӕттӕ».



1-аг амонӕг. Нӕ гыццыл Ирыстоны ӕнгомӕй цӕрынц уырыссӕгтӕ ,сомихӕгтӕ,гуырдзийӕгтӕ, дагестайнӕгтӕ, ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ.

2-аг амонӕг. Нӕ раг фыдӕлтӕ иу афтӕ дзырдтой «Кӕй уӕрдоны бадыс,уый зарӕг кӕн»

Афтӕ нӕу?

1-аг амонӕг. Афтӕ у,афтӕ.

Ирон аргъау «Паддзах ӕмӕ зондджын лӕппу».

Амонӕг: Цардис ӕмӕ уыдис иу паддзах .Иухатт ӕрӕмбырд кодта йӕ дӕлбар адӕмы се ппӕты дӕр ӕмӕ загъта…

Паддзах:

-Уе ппӕтӕй зондджындӕр чи у ,уый мын раттӕд дзуапп ацы фарстӕн: чи у дунейыл хуыздӕр, рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр?

Мӕ зӕрдӕмӕ кӕй ныхӕстӕ фӕцӕуой,уымӕн ратдзынӕн мӕ чызджы.

Амонӕг:

-Балӕууыдысты амӕй-ай зондджындӕртӕ паддзахы размӕ ӕмӕ йын зӕрдӕхалӕн ныхӕстӕ кӕнын райдыдтой.

1 лӕг:Дӕ хорздзинӕдтӕн кӕрон нӕй …Ды дӕ сеппӕтӕй хуыздӕр .

2 лӕг: Дӕ сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист чырынты нал цӕуынц… Дӕуӕй хъӕздыгдӕр чи у зӕххыл?

3 лӕг:Дӕ цӕсгом у хурау райдзаст,мӕйы рухсӕй ирддӕр… Ды дӕ тӕккӕ рӕсугъддӕр дунейыл.

Амонӕг:

Паддзахӕн ӕхсызгон уыдысты ацы ныхӕстӕ, фӕлӕ уӕддӕр бафарста…

Паддзах

(тызмӕг хуызӕй):

Х-м-м…Кӕд ма,миййаг, искӕй фӕнды зӕгъын…Ничиуал ис ӕдде?

Фӕсдзӕуин:

Дӕлӕ ма иу мӕгуыр зӕхкусӕг баззадис…

Паддзах:

-Ракӕнут-ма йӕ ардӕм.

Амонӕг:

Ӕрбакодтой мӕгуыр лӕппуйы. Паддзах ӕй фӕрсы:

-Кӕм уыдтӕ ныры онг: иууылдӕр ам куы сты, уӕд…

Лӕппу: Мӕ куыст цалынмӕ фӕдӕн,уӕдмӕ мын рацӕуӕн нӕ уыдис…

Паддзах:

Уагӕр цавӕр куыст уыдис?

Лӕппу:

-Арв фӕхуынкъ ис ӕмӕ йӕ ӕмпъызтон…

Паддзах (хинӕйдзаг каст бакодта):

-Ӕмӕ уӕдӕ цӕмӕ уары абон?

Лӕппу:

-Куы мӕм фӕдзырдтай, уӕд дзы иу гӕбаз ӕнӕмпъызтӕй аззадис.

Паддзах:

-Кӕд ахӕм дзырдарӕхст дӕ,уӕд ма мын зӕгъ: чи у дунейыл хуыздӕр, рӕсугъддӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр?

Лӕппу:

-Хорз у зӕхх,адӕмы чи дары.Рӕсугъд у уалдзӕг,зӕххӕн йӕ хуыз чи скалын кӕны алыхуызон дидинджытӕй. Хъӕздыг та у фӕззӕг, къутутӕ хорӕй чи байдзаг кӕны.

Амонӕг:

Паддзах тынг бадис кодта лӕппуйы ныхӕстыл ӕмӕ загъта…

Паддзах:

Ахӕм зондджын чи у йе рыгон бонты, уымӕн царды ницӕмӕй тас у. Мӕ чызг та ахӕм лӕджы къухы уыдзӕн амондджын.

Амонӕг:Ракуырдта лӕппу паддзахы чызджы ӕмӕ амодджынӕй цӕрынц абоны онг дӕр ма.



2-аг амонӕг. Рагӕй-ӕрӕгмӕ Хетӕкаты Къоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уд. 15- ӕм майы 1899 азы мыхуыры рацыд йӕ чиныг «Ирон фӕндыр» кӕцы сси адӕмӕн фӕндагамонӕг стъалы. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бон 2003 азӕй фӕстӕмӕ бӕрӕггонд цӕуы «Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон».

1-аг амонӕг. Нӕ рагфыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Мах дзы буц стӕм,уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады,ӕмтгӕй райсгӕ нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз. Иу ӕмӕ дыууӕ поэты нӕ загътой се мдзӕвгӕты нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй.

Ӕмдзӕвгӕ «Ме взаг».

У иу ӕвзаг дӕр а дунейӕн фаг,

Фӕлӕ нӕ ивынц мады риу ӕндӕрыл!..

Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг,

Кӕд ма ӕрбайсӕфт хоры нӕмыг мӕры?!




Ды незаманӕй ацы боны онг

Нӕ фесӕфтай дӕ уаз хъӕлӕс, дӕ намыс.

Ӕнус-ӕнус дӕ сыгъдӕг уды конд

Цырен арт ӕмӕ карды комыл бахсыст.




Тыгъд быдыры дыл дымгӕйы ныхмӕ

Лӕхурдта Скиф йӕ тызмӕджы ныхӕстӕ,

«Тох!.. Тох!..» - сӕрмӕттаг сабийы дзыхӕй

Ысхаудта дзырд – лӕг у; ӕрцыд йӕ рӕстӕг!

Фӕлӕ дӕ рӕстӕг а фарнӕй хызта,

Дӕ сыгъзӕрин ӕй ракалын нӕ фӕндыд…

Ныззарыд уӕд ирон лӕппу – Къоста –

Ӕмӕ дӕ тулдз йӕ уидӕгтӕм нызмӕлыд.




Мӕлӕн дын нӕй, мӕ фыдӕлты ӕвзаг, –

Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори,

Ӕмӕ куы сӕфай (ма зӕгъӕд ызнаг), –

Дӕуимӕ сӕфы дунейы истори!

2-аг амонӕг. Фидар нын уӕд нӕ Ирыстон. Нӕхи куыд нӕ уал дихтӕ кӕнӕм ирон, дыгурон, къуыдайраг, чысайнаг-ыл, уӕд нӕ иумӕйаг ирон мадӕлон ӕвзаг уыдзӕн ӕцӕг мадӕлон. Мадӕлон ӕвзаг дзыллӕйы ахсджиагдӕр тугдадзин. Мадӕлон ӕвзаг- фыдӕлты хӕзна.

Нӕ зынаргъ кӕсджытӕ! Абон уын мах равдисдзыстӕм хъӕлдзӕг ирон аргъау « Булкъ»

Чи загътӕ : «Ирон аргъау нӕу?!» Бӕгуыдӕр у, уымӕн ӕмӕ дзы мах сарӕзтам ирон аргъау «Булкъ!!!»

Аргъау «Булкъ»

Булкъ кафгӕйӕ рацыд сценӕмӕ ӕмӕ дзуры: -

- (Хъуысы хъӕлдзӕг цагъд.)

Булкъ зары : Ӕз Булкъ дӕн, Булкъ,

Мӕ бын у бур, мӕ сӕр та цъӕх,

Тымбыл дӕн, ставд , мӕ рон уӕрӕх…

Уыдтӕн ӕз хурӕй ӕдзух рӕвдыд,

Мӕ гуыбын – къори, мӕ ад та мыд!

(Хъуысы уӕззау бын ирон цагъд. Сценӕмӕ гуыбырӕй рацыд зӕронд лӕг, Булкъмӕ ракӕс – бакӕс кӕны. Йӕ сӕр батилы, схӕцынмӕ йыл хъавы , фӕлӕ йын дзы ницы уайы).

Зӕронд лӕг (Булкъмӕ амоны): - Ай диссаг нӕу: хуымӕтӕг Булкъ ныссагътон, ӕмӕ дзы цы рзад уый та – «бутыро» , «бутыро».

- Булкъ (йӕ былтӕ акъуырдта): Гъым «бутъро»… Бамбар сӕ адӕмы: фарон мӕнӕ уый ас (йӕ къухӕй амоны ) куы уыдтӕн , уӕд та мӕ къуызыппа схуыдтой.(йӕ сӕр иуварс азылдта)

- Ӕгӕр зондджын систут «вам не угодишь…»

Зӕронд лӕг : -Цы «гадис – фӕдис» кӕныс… Нӕ мӕ уыныс зӕронд дӕн кӕддӕры Афӕхъо нал дӕн, нал.

Зары: - Зӕронд лӕг дӕн,

Лӕмӕгъ, ӕдых

Кӕддӕр та ӕз

Уыдтӕн сӕрӕн,

Тыхджын, рӕсугъд,

Мӕ бӕхӕн та

Ӕмбалт кӕм уыд!?

(ногӕй та кафы, фӕкъӕрдз ис, йӕ астӕуыл хӕцы).

Булкъ: (худгӕйӕ) – Джигит, джигит! Мӕнӕ ма мыл фӕлтау схӕц!

Зӕронд лӕг (схӕц – схӕц кӕны. Булкъ йын йӕ къух акъуыры): -Дӕхӕдӕг ма мын уӕд та аххуыс кӕн, дӕхиуыл ма схӕц!

Булкъ: -Нал ныууагътон; «Кӕд дын Минхаузын нӕ дӕн: мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕхи фелвасдзынӕн… ӕмӕ мӕ кад та?! Мӕ кад!?

Зӕронд лӕг: (афӕзмынгӕйӕ): - Кад! …Мӕнгӕй нӕ фӕзӕгъынц: «Булкъ ӕлгъӕй мард»…

Булкъ (йӕ къухтӕ йӕ астӕуыл авӕрдта, мӕстыйӕ): - «Булкъ нӕ, фӕлӕ «зулкъ».

Зӕронд лӕг (тыхстӕй): - Булкъ…зулкъ…(йӕ сӕр аныхта) –Ныр цы кӕнон?

- Усай, у-сай..- Зӕронд, зӕ –ӕронд!

(Зӕронд ус йӕ пирын фӕуагъта ӕмӕ рауади. Йӕ къухтӕ йӕ синты сӕрыл авӕрдта)

Ус: - Зӕ- ро-онд?! Чи у зӕрондӕӕ?!

Зары : - Цӕй зӕронд дӕн:ӕхсын, мӕрзын, ӕз кафынмӕ нырма бӕззын… (Зӕронд лӕг йӕ къух, йӕ хъусмӕ сисгӕйӕ)

Зӕронд лӕг: - Цы?! Ус хъӕрӕй зары: -Зӕ-ро-онд?! Чи у зӕронд?! Зары: - Цӕй зӕронд дӕн: ӕхсын, мӕрзын, ӕз кафынмӕ нырма бӕззын…

Мӕ иу бакаст, мӕ иу бахудт,

Ныццӕвы зӕрдӕйы кӕрон,

Мӕ уӕнгтӕ рог сты мӕнӕн

Ныр дӕр ма бирӕ у мӕ бон! (мелоди «Мӕ хуры хай, рӕсугъд чызгай…»)

Зӕронд лӕг: - Ӕз кафынмӕ нӕ ракодтон…Мӕнӕ ма мын Булкъыл схӕц!

Ус: - Нӕ мӕ’вдӕлы…

Лӕг: - Цы кусыс?

Ус : - Ныртӕккӕ мӕ сериал райдайдзӕн «Кълон». Жади ӕмӕ Лукас цы баисты, уый куы нӕ базонон, уӕд ӕхсӕв бонмӕ нӕ бафынӕй уыдзӕн… Ӕллӕх!...Фондзсӕдӕ ӕстай фӕндзӕмсери райдыдта…Тӕхын…(алыгъдис сценӕйӕ)

Лӕг (хъуыр – хъуыр кӕнгӕйӕ) – Ӕнӕбайрай дзы фӕуы, дӕ «Клоунӕй»…(Булкъыл та ногӕй схӕцы, фӕлӕ ницы). – Уӕд та чызгмӕ бадзурин …- Чызгай ! Къулыбадӕг! Рауай – ма ардӕм!

Чызг ( «суперстар», йӕ уӕлӕ фыддиссӕгтӕ, афтӕмӕй кафгӕ рацыд, музыкӕ – реп): - Сӕрӕн, рӕсугъд чызг дӕн, уый зон,

Дада мӕ хоны ’дзух: «Гормон», Нана та: «Булӕмӕргъ, бӕлон», - Мӕ разы ницы у Кобзон!...

Чызг: - Дада! Цы кӕныс? Цы хабар у?...

Лӕг : - Мӕнӕ ма Булкъыл схӕц!

Чызг: - Иу уӕгъд минут дӕр мын нӕй…

Лӕг: - Ды та цы куысты сӕр лӕууыс?

Чызг:(сфӕзмыдта йӕ ) – Цы куысты? Мӕхи уӕртӕ «Стъалыты фабрикӕмӕ цӕттӕ кӕнын»… Фабрикӕ звёзд … Телевизорӕй дын иу куы ныззарон !(мотив Лондон- Париж)

- Лондон , Париж,

Ахауди хъазӕн йӕ сис,

Лондон, Париж,

Систа нӕ хъаз уӕд фӕдис…

Лӕг (йӕ алыварс разил-базил кӕны): - Диссӕгтӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ! (хъуысы цыдӕр хъӕлӕба, уасын, музыкӕ, сценӕмӕ кӕрӕдзийы тонгӕ рацыдысты Гӕды ӕмӕ Куыдз. Гӕды уасы,Куыдз рӕйы)

Зӕронд лӕг сӕ иргъӕвы: - Фӕлӕуут –ма, кӕцытӕй стут, кӕцытӕй?!!!

Куыдз :(ӕнкъардӕй зары): Куыдз хонынц мӕн, Милӕ мӕ ном.

Мӕ фыдмитӕн,

Кӕм ис кӕрон…

Нӕ уарзын гӕдыты:

Гъӕу, гъӕу,

Ӕрцахсон дӕ Гино,

Фӕлӕу!!!

(Гӕды йӕм ӕнӕрвӕссон кӕстытӕ бакодта ӕмӕ разард):

- «Гӕды мӕ хонынц бирӕтӕ,

Фӕлӕ дӕн раст…

Мӕ цӕстытӕ цӕхӕртӕ сты,

Ма хурхыл сырх бантик баст.

Фӕцӕуын дӕм, Мила : «Миау»!

Мӕ ныхтӕ дӕ ныссаддзынӕн: «Миау», «Миау»!!!

Зӕронд лӕг : - Ныууадзут – ма уӕ кӕрӕдзийы ратон – батон кӕнын. Мӕнӕ ма фӕлтау Булкъыл схӕцут!

Гӕды : (йӕ къух ауыгъта) : - Нӕ нӕ’вдӕлы… «Разборкӕтӕ» кӕнӕм… Уӕртӕ ма Мыстмӕ бадзурут.(дзуры йӕм) -–Мыст, Мы- ы – ыст! Рауай мӕ къона! (Хъуысы рог музыкӕ, Мыст кафгӕ рауади).

Гӕды: Хӕстӕгдӕр –ма рауай.

Мыст: - Нӕ уӕндун.

Гӕды : Кӕмӕй?

Мыст : Дӕуӕй…Бахуӕрдзӕнӕ мӕ…

Гӕды: Дӕ мӕтӕй мӕлын … мӕ …мыстытӕ иу дӕс азы дӕр нал бахордтон… Аллергийӕ мӕм ис (йӕ гуыбын асӕрфта).

Мыст : Нӕ. Ду мӕ сайгӕ кӕнис. Пи-пи-пи (алыгъдис сценӕйӕ)

Гӕды : Гъе – мӕ къах дӕ роны:…(йӕ къахӕй куыдзы фӕцавта, Куыдз йӕм фӕлӕбурдта, ӕмӕ та хыл кӕнын райдыдтой . Чызг сӕ иргъӕвы, сценӕйы рахыстысты).

Булкъ (дзуры лӕгӕн): Гъа, ам бамбыйыны бӕсты мӕ сау халӕттӕ бахӕрӕнт фӕлтау.

- Ай диссаг нӕу: ӕнӕхъӕн хӕдзарыдзаг бинонтӕ ӕмӕ дыл иу схӕцӕг ма уӕд …(йӕ сӕр аныхта) – Уӕд та сӕ, зӕронд, асайӕм…

Лӕг : - Уый та куыд?

Булкъ: Бавдӕл ӕмӕ сын зӕгъ; мӕ быны хӕзна ныгӕд ис, зӕгъгӕ. Кӕд мыййаг, базмӕликкой, цалынмӕ ам миты бын нӕ фӕдӕн.

Лӕг: (йӕ худ фӕхъил кодта) – Хӕзна, зӕгъыс. (хъӕр кӕны): Ус, чызг, куыдз, гӕды мыст иууылдӕр ардӕм!

(Иууылдӕр рауадысты сценӕмӕ).

Ус: - Цыта’рцыдис? Цы хабар у?

Лӕг: - «Цы» нӕ Булчъы бын хӕзна ныгӕд ис (иууылдӕр фӕдиссаг сты)

Ус: Хӕзна! Цыма цавӕр? Кӕлмӕрзӕнты чырын!

Чызг: - Доллӕрты дзӕкъул!

Куыдз: - Мӕн йӕс стӕг!

Гӕды: - Цыхты пуд. Нӕ, пуд ӕмӕ ’рдӕг!...

Лӕг: -Фӕлӕ Булкъ куы нӕ сӕппарӕм, уӕд, хӕзна уӕ цӕсты кӕронӕй дӕр нӕ федтат! Цӕйма иумӕ!

(Ныххӕцыдысты Булкъыл кӕрӕдзийы фӕдыл).

- Иу , дыууӕ, ӕртӕ! (сӕппӕрстой булкъ, цин кӕнынц).

Ус,чызг, куыдз ӕмӕ гӕды дзыхмӕ кӕсынц. (Куыдз ӕй акъах – акъах, кӕны)

Ус : - Кӕм ис хӕзна?!

Лӕг: - Хӕзна…- Ӕцӕг хӕзна уӕ рады:нӕ иудзинад

Ус: _ Куыд та нӕ асайдтай, зӕронд…

Чызг: _ Цы «крутой» дӕ дада!

Гӕды: _ Мӕ рихи та мын куыд адаудтай!

Лӕг: _ Цӕй – ма иумӕ: (иууылдӕр дзурынц): _Мах иумӕ стӕм тыхджын, ныфсхаст, ӕмбисонды хъуыды у раст.

Булкъ (дзуры дарддӕр): _Цӕй ӕмӕ куыстафон

Ма кӕнӕм ӕнцой,

Царды бынтӕ йӕфӕм,

Царды тын – фӕллой!

(Хъуысы хъӕлдзӕг ирон цагъд, архайджытӕ кафгӕ сценӕйӕ рацӕуынц.)

1 –аг амонӕг.

Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау,

Ис хъӕбулӕй - не’взаг у ӕвӕрд,

Стыр уырысӕн нал хизӕм сӕ ронӕй.

Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд.

Сценкæ «Ирон нæ жони».

Ус: Ирон нæ дæ, ацы дзæбæх лæппу?

Лæппу: Ирон нæ жони.

Ус: Мæнæ ма мын ацы гæххæттмæ æркæс. Хохæй рацыдтæн. Мæ лæппу æрбарынчын, ацы гæххæтт мын мæ къухмæ авæрдта, хостæ, дам, мын æрбахæсс. Кæм ис афтек, уый мын ацамон.

Лæппу: Я говорю «Ирон нæ жони а она опять все равно за свое».

Мад: Кæй агурыс, ацы дзæбæх ус?

Ус: Уæууа, ирон куы дæ. æмæ мæнæ ацы дзæбæх лæппу дæу нæу?

Мад: Мæн у, мæн. Йæ ном Вовычкæ хуыйны.

Ус: Æмæ мæм уæдæ куыд ницы дзуры. Æви зæронд адæймагмæ дзурын йæ сæрмæ нæ хæссы? Уæвгæ ма зæронд та кæй хъæуы?

Мад: Причем тут зæронд æмæ ног? махæн Вовæчкæ по-осетинский иу ныхас дæр не понимает. Нæ бинонтæй иронау ничи дзуры.

Ус: Худинаг нæу, ахæм гуырд æмæ йæхи æвзаг ма зонæд.

Мад: Цы дзы хъавы ирон æвзагæй, ардыгæй Елхотмæ, стæй ма кæм хъауы? Уырыссагау куы зонай, уæд алцыдæр сараздзынæ.

Ус: Уырыссагау зонын хорз у, æз мæнæ мæ кæлмæрзæны габаз раттин, уырыссагау мын иу-дыууæ ныхасы чи бацамонид , уымæн. Фæлæ фыдæлты æвзагыл къух ауигъын, уый раст нæу.

Мад: Уф, цы кадджын дæм кæсынц нæ предкæтæ. Исты мын Рим кæнæ Грецийы предкæтау стыр цивилизаци ныууагътой. Кæй ма хъæуы ирон æвзаг? Хорз у фынгыл кувын æмæ кæрæдзи æлгъитынæн.

Ус: Мæрдты 'взагæй дзурыс æви цы хабар у. Ирыстоны хор æмæ донæй схъомыл у æмæ йын йæ адæмы хъæр ма бамбар. уæдæ дæ фыртæн дæр дæхæдæг сæнад кодтой йæ мадæлон æвзаг

Мад: Цæй, ацы дзæбæх ус! Дзæгъæл ныхæстæ ницы пай-да сты. Исты æххуыс дæ хъæуы мæнæй.

Ус: Ницы ма хъæуы дæуæй, адæмы низтæ дæ хъуыры аирвæзæнт.

Мад: Не поняла! Вовочка! пошли кушать.



Сценкӕ «Ладимхан»



1-аг амонӕг. Абон не взаджы хъысмӕтыл фӕдзырдтам. Нӕ номдзыд поэтты ныхӕстӕй. Цӕмӕй нӕ Ирон ӕвзагӕн мӕлӕтӕй тас ма уа, фӕлӕ нын ирд стъалыйау ӕрттива сӕдӕгай азты, уый тыххӕй не ппӕт дӕр, кӕмӕн йӕ бон цас у ӕмӕ куыд у, афтӕ архайа, цӕмӕй махмӕ фыдӕлтӕй цы стыр хӕзна ӕрцыд ,уый дарддӕр, фидӕны фӕлтӕртӕм фӕхӕццӕ кӕнын бафӕразӕм.

2-аг амонӕг. Нӕ абоны бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрбахӕццӕ ӕмӕ нӕ фӕнды зӕгъын

Къостайы тугӕй фыст ныхӕсты

Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг

Куыд хорз,куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты

Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!