« Сылгоймаг зœд у»!
«…Мœн дœхи барœнœй ма бар, œз
сылгоймаг дœн…»
Цœуы видеоравдыст – сылгоймаг – мад, хо, чындз, œфсин, нана, файнуст, œмкусœг.



1.Амонœг. 8 – Мартъи у уалдзœджы фыццаг бœрœгбон. Уыцы бон сывœллœттœ арфœ кœнынц сœ мадœлтœн, сœ хотœн œмœ сœ нанатœн. Лœвар сын кœнынц дидинджытœ: уардитœ, малусœгтœ, джыджынатœ.

2. Амонœг.« Хуыцау œрбайста худгœ хуры тынтœй цалдœр, œрттиваг мœйы сонт œнкъарддзинад, мœлхъы сœрыстыр уœздандзинад œмœ уарди дидинœджы œмбисонды тœфаг. Цœмœй œгœр œлутон ма фœуа, уый тыххœй ма йœм бафтыдта ноджы уаддымгœйы œнœсœрфат зилдухœнтœ, рувасы хиндзинад, тœрхъусы тœппуддзинад, мигъты цœссыгкалындзинад уарыны агъоммœ œмœ гœркъœраджы талф – тулфдзинад дзургœйœ, чысыл ахъуыдыты фœстœ ма йœм бафтыдта ноджы хъаймœты œппœт бœллœхтœ: арт, зœй, œрвœрттывд, œрвнœрд, тымыгъ, тœрккъœвда. Æмœ œппœт уыдœттœй сарœзта сылгоймаг. Радтœ йœ саумœйœ нœлгоймагœн œмœ загъта: « Ауыд ыл, уымœн œмœ дыккаг ахœм скœнœн нал ис… Стœй йœ дзагъœлы œндœр хуызы рацаразыныл дœр ма архай – сылгоймаг у!»
Æмдзœвгœ « Сылгоймаг».
Æз – сылгоймаг, цардаразœг фарн дœн,
Кувут, лœгтœ, иууылдœр мœнœн.
Æз бœллиц дœн, дидинœджы тау дœн,
Æз цъœх уалдзœг, цины зарœг дœн.
Æз œфсарм дœн, нуазœн дœн уœ къухы
Æз – хœдзары минбœркады фынг
Æз œдзухдœр – уе мдзу царды дугъы,
Фарн – мœ дзырд, ныххуыссын кœнын зынг.
Сисут, лœгтœ, баназут мœ кадœн,
Æз уœ раттœг, уе стыр мœт, уœ хур.
Æз уœ къухы бахъуаджы бон кард дœн,
Æз – уœ фидœн, уе нхъœлцау бындур.
(Хостыхъоты Зинœ)
2. Амонœг. Сылгоймагыл фыстой зарджытœ, поэмœтœ, йœ аив сурœт ын ныв кодтой алыхуызон нывгœнджытœ, суанг ма зœды хуызы дœр. Хетœгкаты Къоста, Рафаель.
Хъуысы зарœг. «».
Æмдзœвгœ « Мадмœ».
Бирœ фœрœвдыдтай,
О гыцци, мœн.
Арœх – иу аргъœуттœ
Кодтай мœнœн.

Хъарм – иу мœ бамбœрзтай,
Авдœн уызтай,
« Ахуысс мын, айрœз мын!»
Заргœ дзырдтай…
( Плиты Х.)
Чызджыты кафт.

Æмдзœвгœ « Мады ном œнусон».
Зœххыл ис иунœг хœзна царды
Æмœ уый мад у, мœ хур, мад.
Йœ равдыд сау дуртœм дœр хъары.
Фœсуры зœрдœйы фœллад.
О мад, сыгъзœрин мад, дœ хœрзтœй,
Ды кœныс кœстœрты œнгом.
Тœхуды, зарœджы ныхœстœй,
Æнусон чи скœны дœ ном.
Дœ къахфœд агурын нœ хœхты,
Дœу œнхъœл уардитœм кœсын.
Куырттаты стыр комы уœрœхы
Дœ хуыз мœ цœстыты хœссын.
Мœ зарœг сарœзтон дœ мœтœй,
Йœ зœлты бавœрдтон мœ уарзт.
Дœ зынаргъ Къадаты бœрзœндтœй
Мœ удмœ хур цыма œркаст
Цы хорз у, чи сбуц кодта мады
Æмœ йын чи радта œгъдау,
Зœххыл уый дзыллœты нымады
Йœ фарнœй батавдзœн Хуыцау.
Хуыцау та бœрзœндтœй фœлгœсы
Хœрзудтœн риссынœй тœрсы
Хуыцау… Уый цœсгоммœ нœ кœсы.
Хуыцау… Уый зœрдœмœ кœсы.
(Чеджемты Æ.)