СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Сценарий мероприятия «Не взаг-нӕ хӕзна."

Нажмите, чтобы узнать подробности

Сценарий мероприятия «Не взаг-нӕ хӕзна."

До нач. Майя Болотаева

Нач. Р. Гаджинов, Фӕндыры зӕлтӕ

1-аг амонӕг: «Ӕрцыд,ныллӕууыд уалдзӕг

Ӕрцыд,ныллӕууыд май!»

2-аг амонӕг: -Уалдзӕджы,15(фынддӕсӕм) майы Ирыстоны адӕм бӕрӕг кӕнынц ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон.

1-аг амонӕг: -Ацы мӕйы 15-ӕм боны та йӕ уымӕн бӕрӕг кӕнынц,ӕмӕ Къостайы ӕнӕмӕлгӕ «Ирон фӕндыр» рухсмӕ рацыд 15-ӕм майы 1889 азы.

2-аг амонӕг: -Уӕ бон хорз, нӕ зынаргъ, ӕмбӕлттӕ!

1-аг амонӕг: -Уӕ бон хорз, ӕмӕ нӕм алы бон ӕгас цӕут! Фарн уӕм бадзурӕд ӕмӕ хайджын ут Къостайы ӕвзагӕй!

2-аг амонӕг: -А дунейыл адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста цӕрынӕн.Цӕрынӕн та алкӕмӕндӕр ис йӕ райгуырӕн бӕстӕ, йӕхи фыдӕлты уӕзӕг, йӕхи мадӕлон ӕвзаг.

1-аг амонӕг: -Уалдзӕг зӕххыл дидинджытӕй гауыз куыд тауы,афтӕ мад йӕ сабийы уды тауы уарзт мадӕлон ӕвзагмӕ.

Ӕмдзӕвгӕтӕ: Даурӕ «Дӕхӕдӕг дӕр цӕмӕй дӕ цӕ ирон!» Датиева А 6 «Г»

«Ирон дзырд» хосиев Э. 6 «А»

Хаджеты Т.

2-аг амонӕг: - «Уӕлдӕфау адджын сты йӕ зӕлтӕ,

Сӕууон ӕртӕхау сты сыгъдӕг,

У царды арвӕрдын кӕстӕртӕн

Нӕ уарзон мадӕлон ӕвзаг!»

1-аг амонӕг: - Мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ нын хъӕздыг кӕнынц нӕ удыхъӕд.

2-аг амонӕг: -Кӕд абон истӕмӕй сӕрыстыр стӕм, уӕд нӕ мадӕлон ӕвзаджы рӕвдауӕн хъӕлӕс ӕмӕ адӕмы сфӕлдыстадон дӕсныйадӕй.

Басня

1-аг амонӕг: -Ирон адӕмӕн ис рагон истори.Нӕ рагфыдӕлтӕ скифтӕ-алантӕн сӕ ном ӕрвнӕрӕгау хъуыст Ази ӕмӕ Европӕйы. Уыдонимӕ рӕзгӕ цыдис не взаг дӕр.

2-аг амонӕг: «Нарты кадджытӕ сты аив ӕмӕ цымыдисаг таурӕгътӕ,хъусӕн-ӕхцон,зӕрдӕйӕн-ӕхсызгон. (муз.оформ. Г. Абаев скрипка №4)

Сатанайы ӕмбисӕндтӕ

1-аг амонӕг: -Цард бӕллиццаг у уӕд,кад дын куы кӕной,цы адӕмы ӕхсӕн цӕрыс,уыдон.Кады аккаг та уыдзынӕ уӕд,ӕмӕ куы зонай,куы уарзай дӕ мадӕлон ӕвзаг!

2-аг амонӕг: -Адӕймаг амондджын уӕд у,куы базона аргъ кӕнын йӕ рагфыдӕлтӕн, йӕхицӕн,йӕ фыды зӕххӕн,йӕ мадӕлон ӕвзагӕн. Гъе уӕд ӕхсиддзӕн нӕ дадзинты ирон туг!

1-аг амонӕг: -Зарӕг у адӕмы зӕрдӕйы хъӕлӕс.Фыдӕлтӕй баззади куырыхон ӕмбисонд «Зарӕг-иронӕн ӕмбӕлццон.»

Песня

2-аг амонӕг: -Бирӕ намысджын адӕм уыдис,ис нӕ Ирыстоны. Ирон нывӕфтыд ныхас куы фӕзӕгъӕм,уӕд нӕ цӕстытыл ауайы Къоста,секъа,Брытъиаты Елбыздыхъо,Джыккайты Шамил…

Джыккайты Ш. «12 дзырды»

1-аг амонӕг: -Историйы цыды лӕгдзинад кӕм хъуыд,уым ирон адӕм фӕсте никуы лӕууыдысты. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты равдыстой стыр хъӕбатырдзинад. Сӕ уӕндон ӕмӕ фидар удыхъӕдӕй махӕн абон сты фӕзминаг.

2-аг амонӕг: -Уӕлахизы 71-ӕм азы бонмӕ сын сӕ ном мысӕм.

Муз.оформ. Героикон зарӕг.

Ӕмдз: Джелиева З. Плиты Грис «Салдаты цӕстысыгтӕ.»

Гобаев Г.

1-аг амонӕг: -Мӕ Ирыстон, диссаджы адӕм уарзонӕй цӕрынц дӕ зӕххыл. Ирон ӕвзаг ахуыр кӕнынц бирӕ адӕмтӕ,цӕмӕй хуыздӕр базоной нӕ рагон хъӕздыг культурӕ.

2-аг амонӕг: - Не взаг куы нӕ уа,уӕд нӕ уыдзыстӕм мах дӕр. Уӕдӕ бахъахъхъӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг, не стырдӕр хӕзна!

Постановка №6

1-аг амонӕг: -Ирон ӕвзаджы хъысмӕт аразгӕ у не ппӕтӕй дӕр ӕмӕ йыл иумӕ зӕрдиагӕй архайӕм.

2-аг амонӕг: -Арфӕ уын кӕнӕм, нӕ уазджытӕ! Нӕ Ирыстон, дӕ кӕстӕртӕ рӕсугъд фӕндӕгтыл цӕуӕнт!

1-аг амонӕг: -Ирыстоны зӕрин хур ӕрттивӕд ӕнустӕм ӕмӕ ирон ныхас хъуыссӕд!

2-аг амонӕг: - Зынаргъ ӕмбӕлттӕ, байхъусӕм ирон фарны куывдмӕ. Чеджемты Ӕхсары ныхӕстӕ кӕсы йӕ Хуытыгаты Хъазыбег.

Аудио запись «Ирон куывд.» Ирон кафт «Симд.»

31.10.2016 19:14


Рекомендуем курсы ПК и ПП