СДЕЛАЙТЕ СВОИ УРОКИ ЕЩЁ ЭФФЕКТИВНЕЕ, А ЖИЗНЬ СВОБОДНЕЕ

Благодаря готовым учебным материалам для работы в классе и дистанционно

Скидки до 50 % на комплекты
только до

Готовые ключевые этапы урока всегда будут у вас под рукой

Организационный момент

Проверка знаний

Объяснение материала

Закрепление изученного

Итоги урока

Дзырды лексикон нысаниуæг.

Категория: Прочее

Нажмите, чтобы узнать подробности

Урок-повторение в 5 классе по теме лексика 

Просмотр содержимого документа
«Дзырды лексикон нысаниуæг.»

Темæ:Дзырды лексикон нысаниуæг.

Ныхасы темæ:Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис.

  1. Урочы нысан: 1. Скъоладзаутæ лексикæйæ цы базыдтой, уый сбæрæг кæнын.

  2. Ныхасы рæзтыл бакусын.

  3. Ирон æгъдæуттимæ сæ зонгæ кæнын.

Эпиграф: Хистæрзондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.

(Ӕмбисонд)



Урочы цыд.



  1. Организацион хай.

_Беседæ скæнын.Таурагъ сын радзурын «Амонд»

Иу бинонтæ цардысты, уыдис сæм зæронд лæг дæр, фæлæ сæм æгъдау фидар нæ уыдис. Ӕхсæвы мит рауарыд. Райсомæй зæронд лæг сыстадис, æндæр ничима сыстад, æмæ кæсы: митыл фæд. «Ай та цæй фæд у, мæн йеддæмæ куы ничима сыстад?», - хъуыды кæны лæг. Ацыди фæдыл æмæ хъæдмæ ссыди. Лæг дистæ кæны: «Ай цы хабар у?»

Уæд æм къутæртæй чидæр радзырдта; «Уый мæ фæд у, уæ хæдзары амонд дæн, æмæ уæ цы хъæуы, цы курыс, уый мын зæгъ». Зæронд лæг афтæ: «Ӕз нæхимæ афæрсон». Сæхимæ фæрсаг ауади æмæ фæрсы бинонты: «Нæ амонд нæ фæрсы, цы уæ хъæуы, зæгъгæ, æмæ цы ракурон?» Лæппутæ загътой: «Хор, зæхх!»

Уæд кæстæр чындз дуарæй æрбалæууыд æмæ загъта: «Ӕгъдау, æнувыддзинад». Зæронд лæг бацин кодта: «Гъе, уый хорз загъта: æгъдау, æнувыддзинад». Зæронд лæг аздæхти хъæдмæ, сæ амондмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ дзæбæхæй цардысты.

? Сымахмæ гæсгæ, раст хъуыдымæ æрцыдысты бинонтæ? Куыд аивта сæ цард?

Уый фæстæ рахизæм эпиграфмæ. (эпиграф бакæсын, йæ мидис ын равзарын)

--2.Цæмæй нæ урочы темæ базонæм, уый тыххæй нæ хъæуы æмбисæндтæ кæронмæ ахæццæ кæнын. Уым ис æмбæхст дзырд.

  1. Лæг йе гъдауæй …лæг у.

  2. Хорз бæхы… ехс нæ хъæуы.

  3. Ӕвзæр ныхас зæрдæ хъæдгом… кæны

  4. Хорз æмгар зын сахат … сбæрæг вæййы.

  5. Рæстдзинад иуæн цæф у, …иннæмæн та цæсты рухс.

  6. Хистæры буц дар – ды дæр зæронд …кæндзынæ.

  7. Ӕвзæр йеддæмæ йæхицæй ничи ….æппæлы.



- Цавœр дзырд œмбœхст уыдис нœ æмбисæндты? (Лексикæ)

Уæдæ абон нæ урочы темæ у «лексикæ ». Мæ урочы нысан та…

-Цы хонœм лексикœ? (Ӕвзаджы æппæт дзырдтæ иумæ хуыйнынц лексикæ. Дзырд цы амоны, цы 'вдисы, уый у йæ лексикон нысаниуæг.)

--Цы ахуыр кæны лексикæ?(Иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ, синонимтæ, омонимтæ æмæ антонимтæ)

__Абон мах нæ урочы æрлæудзыстæм синонимтæ, омонимтæ æмæ антонимтыл. Скæндзыстæм алыхуызон фæлтæрæнтæ семæ.

__Нæ тетрæдты ныффыссæм абоны нымæц æмæ дарддæр нæ урок кæнæм.

Фыццаг æрлæууæм синонимтыл.

Цы хонœм уœдœ синонимтœ? (Сæ нысаниуджытæ æмхуызон кæнæ æнгæс кæмæн вæййынц, уыцы дзырдтæ хуыйнынц синонимтæ)

1.Хœс :Лœвœрд дзырдтœн сœ синонимтœ зœгъут (дзургœйœ) Слайд.

рœсугъд-аив,зœрдœмœдзœугœ.

мœллœг-къœсхуыр

гыццыл-чысыл

стыр-егъау, дынджыр,бœрзонд

хъœздыг-бонджын,исджын

тыхджын-хъаруджын,фидар

худын-кœл-кœл кœнын,пœррœстытœ кœнын

скъоладзау-ахуырдзау

2.Хæс.Саразут дзырдбæстытæ дыууæ цæджындзы дзырдтæй, синонимон миногонтæй раст пайдагæнгæйæ. (чиныгимæ куыст, 5 фал, 103 фарс).

Зæронд, дæрдджын дзаума, ус

Къуындæг, нарæг фæндаг, дзабыр

Ставд, базджын бæлас, чиныг

Хæрзхуыз, нард чызг, карк

Мæллæг, къæсхуыр фыс, сыввæллон



3.Хæс: Фразеологон дзырдбœстытœ баивын синонимтœй. Ныффыссын хъœуы œрмœстдœр синонимтœ.(фысгœйœ)

а) Мæ фыдæбæттæ мын дон аласта.

æ) Цæсты фæныкъуылдмæ цыдæр æрбаци.

б) Мадæн йæ хъæбулмæ йæ зæрдæ æхсайдта.

в) Рувас худæгæй бакъæцæл.

(фесæфтысты, уайтагъд, тыхсти, тынг худти)

Хатдзœг: -Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы мидœг? цæмæй уыцы иу дзырд алыхуызон дзырдтæй зæгъон.


УЛæФТЫ РæСТæГ



Нæ къухтæ хæрдмæ сисæм æмæ сæ атилæм,

---Уыдон бæлæстæ сты хъæды!

Къухтæ æркъæдз кæнæм, æнгуылдзтæ бауигъæм,

---Уый дымгæ æртæхтæ згъалы!

Къухтæ фæйнæрдæм акæнæм, æнæсхъиугæ сæ атилæм

---Уый нæм дард бæстæй цъиутæ тæхынц!

Куыд æрбаддзысты уый дæр равдисæм,

Фæстæмæ нæ базыртæ æруадзæм.


---Дарддæр рахизæм омонимтæм

- Цы хонœм омонимтœ? (æмхуызон чи фæхъуысы, фæлæ бынтон алыхуызон нысаниуджытæ кæмæн вæййы, ахæм дзырдтæ хуыйнынц омонимтæ)

1.Хœс :Бирœстъœлфыты бœсты зœгъут цухгонд омонимтœ. Слайд

Ӕгадæй чи цæра нæ хъæуы,

Мах ахæм хæлæрттæ …. ( нæ хъæуы.)



Фæндаг куы алæгъз кæна къахæн,

Уæд ыл æнцон цæуæн у …. (къахæн.)



Зилы, зилы дымгæ комы,

Фæлæ быдырмæ … (нæ комы.)



Бирæ уарзын æз æрыскъæф,

Ехх æмæ та дзы … (æрыскъæф.)


Хатдзœг: -Цœмœн нœ хъœуынц уыдон та? раст сæ куы нæ пайда кæнай, уæд æфсæрмыйы  аныгъуылдзынæ.

«Базон-базон,уый та циу?» СЛАЙД

Зымаг – мæгуыр, сæрд та- хъæздыг. (Бæлас)

Миты бын ракалы дидинæг,

Уалдзæгыл сæмбæлы фыццаг. (Малусæг)


Бон æм батавæм нæхи

Хатгай акæлы нæ хид

Стæвд кæнынц йæ тынтæ зæхх

Быдыр уый хъармæй фæцъæх.

Базыдтай йæ? Уæдæ дзур.

Уый нæ царддæттæг у … (хур)


Зиллаккыл дыууæ бæлццоны,

Зон, цæуынц æхсæвæй – бонæй,

Иу – цыбырдæр, иннæ – даргъдæр,

Иу – сындæгдæр, иннæ – тагъддæр

Уыдон фæрцы зоны лæг

Куыстæн, улæфтæн рæстæг (сахат)



--Кæцы базон-базоны тексты ис антонимтæ? (зымæг-сæрд)

-Цы хонœм антонимтœ? (сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд цы дзырдтæн вæййынц, уыдон хуыйнынц «антонимтæ»)

1. Хœс :Нывтœм гœсгœ ныффыссут антонимтœ. Антонимтимæ та хъуыдыйæдтæ. (къордты куыст)



2. Хœс : Æмбисœндтœ ахœццœ кœнут дарддœр .Бамбарын кœнут œмбисœндты нысаниуœг. Зœгъут антонимтœ.

1.Ӕвзæрæн бын ма ныууадз, …. (хорзæн бын ма скœн).

2. Дон адæмы сыгъдæг кæны, адæм та … (йæ чъизы кæнынц)

3. Хъæздыг цы нæ кæны, …. (мæгуыр цы нæ бары)

4. Куыстœн йœ сœр сындз,… (йæ бын та сой).

Хатдзœг : -Цœмœ нœ хъœуынц œвзаджы? (уыдоны фæрцы нæ бон у алыхуызон ныхмæвæрд æнкъарæнтæ œмœ архœйдтытœ равдисынœн.)

--Ӕркæсæм ма нæ эпиграфмæ. ( Хистæрзондамонæг, кæстæр – æгъдаухæссæг.)

--Зæгъут ма, цавæр антонимтæ дзы ис?

____ Чи нын радзурдзæн æмдзæвгæ хистæр æмæ кæстæры тыххæй.

Хистæрæн кæстæр куы дæттæ æгъдау,

Кæстæрмæ ничи æрхæсдзæн уæд фау.

Хистæрæн кæстæр куы райса йа уаргъ,

Кæстæрæн алкæм уыдзæни уæд аргъ.


Хистæрæн кæстæр куы ратта бынат,

Кæстæр уыдзæни уæд хорзыл нымад.

Кæстæр куы фæрса йæ хистæры зондæй,

Кæстæр уæд никуы фæрæдидзæн сонтæй.



(Стихи о вежливости)

Мы все научились когда-то

Ходить, рисовать, говорить.

Давайте-ка вспомним, ребята,

Как добрым и вежливым быть.

 

Встречая друзей и знакомых,

С улыбкой в глаза им гляжу,

Быть вежливым очень легко мне,

Я »здравствуйте » первым скажу.

 

Придумалось кем-то красиво-

За помощь поблагодарить,

Обычное слово »спасибо»

Нельзя забывать говорить.

 

Прощаясь, мы все »до свидания»

Друг другу всегда говорим,

»Пожалуйста»-если желанье

Иль просьбу исполнить хотим.

 

Как много на свете полезных,

Красивых и ласковых слов.

Пожалуйста, только будь вежлив,

Ведь это-основа основ.

 

А вежливым быть очень просто:

Будь добрым- обычный совет,

Не важно, какого ты роста

И сколько тебе уже лет.



Текстимæ куыст. Таурæгъ

Иу хъæуы царди бирæ хистæртæ. Уыдон сæ куырыхон зондæй хъæуы æппæт цæрджыты дæр ахæм раст фæндагыл арæзтой, æмæ хъæубæстæ цардæй тъæпп хаудтой.

Фæлæ, дам, æгæргæнæг æгæр кæны. Хъæубæсты фæсивæд сæ цардæй фæбухъхъ сты, куыстмæ сæ хъус нал дардтой, æнæгъдау митæ кæнын райдыдтой. Хистæртæ , уыдæттæ уынгæйæ, стыр мæты бацыдысты, сагъæс кодтой, сæ кæстæрты раст фæндагмæ куыд раздахой.

Фæлæ кæстæртæм хистæрты уайдзæфтæ нал хъардтой. Уыдон дзырдтой: «Хъыгдарыны хос сты. Нæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг цард нын се нæкæрон уайдзæфтæй æнæзæрдæмæдзæугæ кæнынц».

«Кæдмæ сын хъуамæ быхсæм? Цæй æмæ кæрон скæнæм ацы хъуыддагæн. Алкæмæн дæр йæ хæдзары цы хистæртæ ис, уыдоны хъуамæ фесафа», - загъта сæ налатдæр.

Дыууæ боны фæстæ хъæуы фæсивæд сæххæст кодтой сæ иумæйаг уынаффæ. Иу лæппуйæ фæстæмæ. Уымæн уыдис куырм, зæронд фыд, фæлæ стыр куырыхон зонды хицау. Лæппуйæн йæ зæрдæ нæ бакуымдта уый фесафын.

Сæ цæхæрадоны кæрон ныккæнд скъахта æмæ йæ фыды бамбæхста. Уырдæм ын хаста хæринаг æмæ дон.


?1. Цавæр хистæртæ царди хъæуы?

2.Цы сфæнд кодтой хъæуы кæстæртæ? Цæмæн?

3. Чи нæ сæххæст кодта иумæйаг уынаффæ? Цæуылнæ?

4.Тексты ссарын хъ-д комкоммæ ныхасимæ. Схемæ скæнын.

6. Текстæй рафыссын дзырдттæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ.


Криптограммœ

Хœс:Нымœцтœ баивын дамгъœтœй œмœ базонын, цы фыст ис фыстœджы.

Дзуапп: «Дунейыл æгъдауæй хистæр ницы ис»


7

28

20

10

15

39

18


2

6

7

1

28

2

15


30

14

25

26

2

24

20

14

32

39


14

25

Ӕгъдауджын ут кæддæриддæр.


---Хатдзæг скæнæм нæ урокæн.


Абон мах нæ урочы куыстам лексиæйыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, лексикæйœ пайда кæнын хъуамæ алы адæймаг дæр зона… Уымæн æмæ дзырд тыхджын у. Алы дзырдæй дæр хъæуы пайда кæнын тынг арæхстджынæй. Дзырдæн йæ бон бирæ у: бафхæрын, . зæрдæ фæриссын кæнын, . ныфс бауадзын, зæрдæ бахъæлдзæг кæнын.  Ӕмæ уæздан, фендджын адæймаджы ныхасы кæддæриддæр хъуамæ разына ахæм дзырдтæ.


Сценкæ

-Фæтæригъæд кæнын… Амарын… Хуыздæр уыдзæн, куы ныффыссон «амарын» - уый цыбырдæр у.

-Дæ бæрзонддзинад,уый цы ныффыстай?

-Ӕвæццæгæн та дзы исты рæдыд ссардтай! Раст фыст нæу?

-Раст фыст бæргæ у, фæлæ уæддæр стыр рæдыд кæныс.

-Цавæр?

-Адæймагæн йæ цард скъуыныс, хъуыды дæр ыл нæ акодтай, афтæмæй.

-Уый та цы диссаг у! Уыцы иу рæстæг фыссын æмæ хъуыды кæнын мæ бон нæу!

-Ӕмæ нæ хъæуы, дæ бæрзонддзинад. Фыццаг ахъуыды кæнын хъæуы, стæй та ныффыссын!


Синквейн скæнын дзырд «Лексикæ»


1. Лексикœ.

2. Хъœздыг,рœсугъд

3. Ахуыр кœнын,уарзын,зонын.

4. Лексикœ-œвзаджы œппœт дзырдтœ.

5.Зонындзинœдтœ.


____РЕФЛЕКСИ


  • Урок уыд …


  • Урочы мæхи æнкъардтон …


  • Æз разы дæн мæ куыстæй урочы…



___Хæдзармæ куыст…